Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсивӕд, уе ’нтыстдзинад уын алчидӕр уынӕд

Фӕсивӕд, уе ’нтыстдзинад уын алчидӕр уынӕд

Фӕсивӕд, уе ’нтыстдзинад уын алчидӕр уынӕд

«Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 ТИМ. 4:15).

1. Хуыцауы зӕрдӕ ӕрыгӕттӕн цы зӕгъы?

«ЛӔППУ, цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ уды дзӕбӕхӕн цӕр! Де ’рыгон бонты дӕ зӕрдӕ цинӕй райӕд» (Еккл. 11:9, «Танах» Д. Йосифон). Афтӕ ныффыста рагон Израилы паддзах Соломон. Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты Йегъовӕ Хуыцауы фӕндӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сымах, ӕрыгӕттӕ, амондджын ӕрмӕст уе ’рыгон бонты ма уат, фӕлӕ куы сыстыр уат, уӕд дӕр. Фӕлӕ ӕрыгон бонты адӕймаг, гӕнӕн ис, ахӕм рӕдыдтытӕ ’руадза, ӕмӕ йын йӕ фидӕны амондджын цард фӕкъахыр кӕной. Ӕгӕрыстӕмӕй иузӕрдион Иов дӕр мӕт кодта «йе ’рыгон бонты рӕдыдтытыл» (Иов 13:26). Чырыстоны рӕзгӕ кары дӕр ӕмӕ йе ’взонджы бонты дӕр арӕх фӕхъӕуы ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссын. Рӕдыд къахдзӕф куы сараза, уӕд ын уый, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕйы ныууадза хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ йын йӕ дарддӕры цардыл тынг фӕзына (Еккл. 11:10).

2. Ӕрыгӕттӕн Библийӕ цавӕр уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕхи стыр рӕдыдтытӕй бахизой?

2 Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ ӕрыгӕтты хъӕуы ӕмбаргӕйӕ архайын. Ӕркӕсӕм, апостол Павел Коринфы чырыстӕттӕн цы загъта, уымӕ: «Сывӕллӕттау ӕнӕмбаргӕ ма ут... Ӕмбаргӕдзинадӕй та – стыр адӕймӕгты хуызӕн [ут]» (1 Кор. 14:20). Ӕрыгӕттӕ Павелы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф куы айсой ӕмӕ стыр адӕймӕгты хуызӕн раст хъуыды кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын куы сахуыр уой, уӕд сӕхи бахиздзысты стыр рӕдыдтытӕй.

3. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбаргӕ суай?

3 Ӕрыгӕттӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой иу хъуыддаг: цӕмӕй ӕмбаргӕ суой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой. Павел Тимофейӕн загъта: «Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон мачи кӕнӕд. Фӕлӕ дӕ дзыхыныхасӕй, дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдауӕй, дӕ уарзондзинад, дӕ уырнындзинад ӕмӕ дӕ сыгъдӕгдзинадӕй фӕзминаг у... ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай. [...] Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тим. 4:12–15). Ӕрыгон чырыстӕттӕ хъуамӕ уырнындзинады рӕзой ӕмӕ архайой, цӕмӕй сын се ’нтыстдзинад алчидӕр уына.

Цы у ӕнтыстдзинад?

4. Адӕймаг чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджын уа, уый цы нысан кӕны?

4 Ӕнтыстдзинад у «размӕ цӕуын, хуыздӕрырдӕм ивын». Павел Тимофейы разӕнгард кодта, цӕмӕй ӕдзух йӕхиуыл куыстаид ӕмӕ хуыздӕр кодтаид дзыхыныхасӕй, уаг ӕмӕ ’гъдауӕй, сыгъдӕгдзинадӕй, уарзондзинады ӕмӕ уырнындзинады, стӕй ма йӕ лӕггады дӕр. Тимофей архайдта, цӕмӕй йӕ цард фӕзминаг уыдаид алцӕмӕйдӕр. Уый тыххӕй та хъуамӕ чырыстон фӕндагыл дарддӕр дӕр ӕнтыстджын уыдаид.

5, 6. а) Тимофей ӕнтыстджын чырыстон кӕй уыд, уый кӕд рабӕрӕг? ӕ) Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у Тимофейы уыцы хъуыддаджы фӕзмын?

5 Павел Тимофейӕн ацы уынаффӕ радта нӕ эрӕйы 61–64 азты. Уӕд Тимофей рӕстдзинады фыццаг къахдзӕфтӕ нӕ кодта, фӕлӕ уыди фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймаг. Тимофейыл 20 азы бӕрц куы цыди (нӕ эрӕйы 49–50 азты), уӕд дзы Листрӕ ӕмӕ Иконийы ӕфсымӕртӕ тынг ӕппӕлыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдтой, чырыстон фӕндагыл куыд фидар лӕууы, уый (Ап. хъ. 16:1–5). Уыцы рӕстӕг Павел Тимофейы йемӕ акодта уацамындон балцы. Павел уыдта, Тимофей уырнындзинады куыд фидар уыди, уый ӕмӕ йӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ арвыста Фессалоникӕмӕ, цӕмӕй уыцы горӕты ӕфсымӕрты ныфс бауагътаид ӕмӕ сӕ бафидар кодтаид. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 3:1–3, 6.) Уӕдӕ Тимофейы ӕнтыстытӕ иннӕтӕ уыдтой, ӕрыгон ма куы уыди, уӕд.

6 Ӕрыгӕттӕ, ныридӕгӕн дӕр чырыстон миниуджытыл кусут, цӕмӕй уе ’нтыстытӕ бӕрӕг уой, куыд цӕрут ӕмӕ Библи иннӕтӕн куыд амонут, уымӕй. Фӕзмут Йесойы, уымӕн ӕмӕ йыл 12 азы куы цыд, уӕд дӕр бӕрӕг уыди, зондджын сывӕллон кӕй уыд, уый (Лук. 2:52). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, цы у уӕ бон аразын, цӕмӕй ӕнтыстджын уат: 1) зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ; 2) бинонты цардмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ; 3) «фӕзминаг лӕггадгӕнджытӕ» суат, ууыл архайгӕйӕ (1 Тим. 4:6).

Зындзинӕдты «уӕззау зондӕй» архайут

7. Зын уавӕртӕ ӕрыгӕттыл куыд фӕзынынц?

7 Ӕвддӕсаздзыд хо Кэрол * загъта: «Хатт-иу ахӕм ныфссаст, уӕнгмард ӕмӕ ӕрхӕндӕг уыдтӕн, ӕмӕ-иу мӕм райсомӕй стын дӕр нӕ цыди». Йӕхи афтӕ цӕмӕн хатыд? Кэролыл 10 азы куы цыд, уӕд йӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты ӕмӕ уый йӕ мадимӕ баззад. Йӕ мад та Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цард. Чи зоны, дӕу дӕр Кэролау цард йӕ дӕрзӕг дзӕмбыты ӕууӕрды, ӕмӕ дӕ уый ныфс дӕр нӕй, дӕ уавӕр кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн.

8. Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд Тимофей?

8 Тимофей чырыстон фӕндагыл ӕнтысджынӕй размӕ куы цыди, уӕд уый дӕр зындзинӕдтӕй цух нӕ уыд. Зӕгъӕм, арӕх-иу рынчын уыди, йӕ ахсӕн кӕй рысти, уый тыххӕй (1 Тим. 5:23). Иу хатт Павел Тимофейы Коринфмӕ арвыста, апостолты бартӕ чи дзырддаг кодта, уыдонимӕ аныхас кӕнынмӕ. Павел уыцы ӕмбырды чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй Тимофеимӕ ӕмгуыст кӕной ӕмӕ бацархайой, йӕ ныфс куыд нӕ асӕтта, ууыл (1 Кор. 4:17; 16:10, 11). Куыд зыны, афтӕмӕй Тимофей уыд нӕуӕндаг, кӕнӕ та ӕфсӕрмыгӕнаг.

9. а) Цы нысан кӕны, адӕймаг уӕззау зонды хицау уа, уый? ӕ) Уӕззау зондыл хӕст адӕймаг тӕппуд адӕймагӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

9 Павелы фӕндыд Тимофейӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йын фӕстӕдӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Хуыцау нын цы сыгъдӕг уд радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы, фӕлӕ нӕ уадзы тых, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд» (2 Тим. 1:7). Адӕймаг «уӕззау зонды» хицау уа, уый нысан кӕны ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнгӕйӕ архайын. Ахӕм адӕймаг цыфӕнды уӕззау уавӕры дӕр вӕййы ӕвронг зонд, никуы фӕтагъд кӕны. Ӕвӕлтӕрд чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ тӕппуд разынынц ӕмӕ сӕхи зын уавӕртӕй бахизыны тыххӕй бирӕ фӕфынӕй кӕнынц кӕнӕ телевизормӕ фӕкӕсынц, нозтыл кӕнӕ наркотиктыл бафтынц, ӕдзух хъазтизӕртӕм фӕцӕуынц кӕнӕ ӕнӕгъдау митӕ фӕкӕнынц. Хуыцауы Ныхас ма чырыстӕтты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзой ӕмӕ ацы цардӕвӕрды уой ӕмбаргӕ, цӕрой рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:12).

10, 11. Уӕззау зондӕй куы архайӕм, уӕд нӕ уырнындзинад куыд сфидардӕр уыдзӕн?

10 Библи ӕрыгӕттӕн дзуры, «цӕмӕй уой ӕмбаргӕ» (Тит. 2:6). Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ Хуыцауӕй ӕххуыс курдзынӕ ӕмӕ, цы тых дӕтты, ууыл дӕ ныфс дардзынӕ. (Бакӕс 1 Петры 4:7.) Афтӕмӕй «Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны, ууыл» ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ (1 Пет. 4:11).

11 Кэролӕн сӕйраджыдӕр баххуыс кодта, уӕззау зондӕй кӕй архайдта ӕмӕ Хуыцаумӕ кӕй куывта, уый. «Ӕз ӕппӕт тыхтӕй архайдтон, цӕмӕй мӕхи бахызтаин, мӕ мад цы ’нӕгъдау митӕ кодта, уыдонӕй. Царды мын уымӕй зындӕр никуы ницы уыд,– загъта уый.– Фӕлӕ ӕдзух Хуыцаумӕ кӕй куывтон, уый мын ӕххуыс кодта. Ныр ӕй фидарӕй зонын, Йегъовӕ мемӕ кӕй ис, ӕмӕ ӕппындӕр ницӕмӕйуал тӕрсын». Рох дӕ ма уӕд, зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ кӕй сфӕлтӕрдзынӕ ӕмӕ дӕ уырнындзинад кӕй фӕфидардӕр уыдзӕн (Пс. 105:17–19; Йер. хъ. 3:27). Цыфӕнды зын уавӕры ма бахауай, уӕддӕр дӕ Хуыцау никуы ныууадздзӕн. Уый «дын баххуыс кӕндзӕн» (Ис. 41:10).

Амондджын бинонтӕ куыд ис скӕнӕн

12. Ус ракурын кӕнӕ чындзы ацӕуын чи хъавы, уыцы чырыстон цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕна, Ӕмбисӕндты 20:25 цы уагӕвӕрд ис, ууыл?

12 Арӕх ӕрыгӕттӕ фӕтагъд кӕнынц ус ракурыныл кӕнӕ та чындзы ацӕуыныл. Уыдон фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, афтӕмӕй мӕхи ӕнамонд ӕмӕ иунӕг нал хатдзынӕн, ӕнкъард нал кӕндзынӕн ӕмӕ мын хӕдзары цы зындзинӕдтӕ ис, уыдонӕй фервӕздзынӕн. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Рагзаманты дӕр-иу чидӕртӕ фӕтагъд кодтой табуйаг йе та сыгъдӕг хъуыддӕгты фӕдыл дзырд радтыныл ӕмӕ-иу стӕй фӕфӕсмон кодтой. (Бакӕс Ӕмбисӕндты 20:25.) Хатт ӕрыгӕттӕ хъуыды дӕр нӕ акӕнынц, бинонты цард цы у, ууыл. Ӕмӕ фӕстӕдӕр бамбарынц, цӕмӕй амондджынӕй цӕрой, уый тыххӕй сӕ бирӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы.

13. Лӕппу кӕнӕ чызг искӕимӕ ӕмбӕлыныл куы хъуыды кӕной, уӕд цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕной ӕмӕ сын цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты?

13 Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын райдайай, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕн: «Мӕ цард мӕ искӕимӕ баиу кӕнын цӕмӕн фӕнды? Бинонты цардӕй цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын? Чи мӕ бамбардзӕн, ахӕм адӕймаг у? Мӕ цардӕмбалы раз мыл цы хӕстӕ уа, уыдон ӕххӕст кӕнын мӕ бон бауыдзӕн?» Цӕмӕй ахӕм фарстатӕн дзуапп базонай, уый тыххӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» рауагъта бирӕ статьятӕ * (Матф. 24:45–47). Уыцы статьятӕ нымай Йегъовӕйы разамындыл. Цы бакӕсай, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ӕмӕ-иу дзы дӕ царды спайда кӕн. Дӕхи афтӕ макуы дар, цӕмӕй суай «ӕнӕмбаргӕ бӕхы кӕнӕ хӕргӕфсы хуызӕн» (Пс. 32:8, 9). Фӕлтӕрд адӕймаг бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ды дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕс. Кӕд искӕимӕ ӕмбӕлынмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд макуы рох кӕн, «сыгъдӕгдзинадӕй фӕзминаг» кӕй хъуамӕ уай (1 Тим. 4:12).

14. Чырыстон фӕлтӕрддзинад дын куыд баххуыс кӕндзӕн, дӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕнай, уӕд?

14 Чырыстон фӕлтӕрддзинад ма адӕймагӕн ӕххуыс кӕны, йӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕны, уый фӕстӕ дӕр. Фӕлтӕрд чырыстон архайы, цӕмӕй «алцӕмӕй дӕр Чырыстийау... сырӕза» (Еф. 4:11–14). Уый бирӕ фыдӕбон кӕны, цӕмӕй йӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ сфидар уой. Мах хъуамӕ фӕзмӕм Чырыстийы, уымӕн ӕмӕ уый нӕ хъуыды кодта, «йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл» (Ром. 15:3). Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр ӕрмӕст сӕхиуыл куы нӕ хъуыды кӕной, фӕлӕ сӕ кӕрӕдзийыл, уӕд «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрдзысты (1 Кор. 10:24). Дыууӕ уды адджынӕй куы цӕрой, уӕд лӕг йӕ усы удуӕлдай уарзт кӕндзӕн ӕмӕ ус та йӕ лӕджы коммӕ кӕсдзӕн, Йесо йӕ Хицауы коммӕ куыд кӕсы, раст афтӕ (1 Кор. 11:3; Еф. 5:25).

«Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз»

15, 16. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын иннӕтӕ де ’нтыстытӕ уыной?

15 Тимофейӕн йӕ бӕрны цы ахсджиаг хъуыддаг уыди, уый тыххӕй Павел ныффыста: «Хуыцауы ӕмӕ дын Йесо Чырыстийы раз... фӕдзӕхсын: хъусын кӕн дзырд, уыцы хъуыддаг кӕн зынгзӕрдӕйӕ». Стӕй ма йӕм бафтыдта: «Хорз хабар хъусын кӕн, дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз» (2 Тим. 4:1, 2, 5). Цӕмӕй Тимофей уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй хъуамӕ «йӕ зонд ӕфсӕстаид уырнындзинады ныхӕстӕй». (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:6.)

16 Дӕ бон куыд у дӕ зонд уырнындзинады ныхӕстӕй ӕфсадын? Павел фыста: «Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай. Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт уыцы хъуыддӕгтыл» (1 Тим. 4:13, 15). Цӕмӕй куыд чырыстон, афтӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕхӕдӕг Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнай. Ахуыр кӕнын уарзыс? Ӕдзухдӕр «Хуыцауы арф хъуыддӕгтыл» фӕхъуыды кӕныс? (1 Кор. 2:10). Ӕви сыл уӕлӕнгӕйтты дӕ цӕст ахӕссыс? Цы ахуыр кӕныс, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый дӕ зӕрдӕ бацагайдзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндты 2:1–5.)

17, 18. а) Цавӕр миниуджытыл хъуамӕ кусай? ӕ) Тимофейы зондахаст дын куы уа, уӕд дын уый дӕ лӕггады куыд баххуыс кӕндзӕн?

17 Ӕрыгон хо Мишель лӕггад кӕны пионерӕй. Уый загъта: «Цӕмӕй мӕ лӕггады ӕнтыстджын уон, уый тыххӕй мӕхицӕн Библи ахуыр кӕнынӕн скодтон график, стыр ӕххуыс ма мын у, ӕмбырды фембӕлдтӕ кӕй нӕ цух кӕнын, уый дӕр. Уыдӕтты фӕрцы мӕ уырнындзинад фидар кӕны». Пионерӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд уацамынды Библийӕ хуыздӕр пайда кӕндзынӕ ӕмӕ ӕнтыстджындӕр кӕндзынӕ. Архай, цӕмӕй цы кӕсай, ууыл хъуыды кӕнай ӕмӕ чырыстон фембӕлдты хорз дзуаппытӕ дӕттай. Фӕлтӕрд чырыстон кӕй дӕ, уый бӕрӕг уыдзӕн, Хъусынгӕнджыты скъолайы дын цы хӕслӕвӕрдтӕ уа, уыдон амынд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд.

18 Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ лӕггады ӕнтысджындӕр кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм ирвӕзындзинадмӕ фӕндаг ссарынӕн. Уый тыххӕй та хъуамӕ адӕмы «арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм» (2 Тим. 4:2). Фӕлтӕрд хъусынгӕнджытимӕ уацамынды куы цӕуай, уӕд уыдонӕй ахуыр кӕндзынӕ, адӕмимӕ куыд ис ныхас кӕнӕн, ууыл, Тимофей Павелӕй куыд ахуыр кодта, афтӕ (1 Кор. 4:17). Павел кӕмӕн ӕххуыс кодта, уыдоны тыххӕй загъта, зӕгъгӕ ма сын хорз хабар хъусын кӕнынӕй дарддӕр радтон мӕ уд дӕр, ома йӕхиуыл ӕппындӕр нӕ ауӕрста, уымӕн ӕмӕ йын уыцы адӕм йӕ зӕрдӕйӕн систы адджын (1 Фес. 2:8). Цӕмӕй Павелы фӕзмай, уый тыххӕй дӕуӕн дӕр хъуамӕ уа Тимофейы зондахаст. Уый иннӕтыл зӕрдӕйӕ тыхсти ӕмӕ цагъарау лӕггад кодта хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:19–23.) Ды дӕр афтӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕныс?

Ӕнтыстдзинад хӕссы ӕцӕг удӕнцой

19, 20. Чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджын куы уай, уӕд уымӕй дӕ зӕрдӕ цӕмӕн рухс кӕндзӕн?

19 Цӕмӕй ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Фӕлӕ, хорз ахуыргӕнӕг суай, ууыл фӕразонӕй куы архайай, уӕд дӕм ахӕм кад ӕрхаудзӕн, ӕмӕ «бирӕты схъӕздыг кӕндзынӕ», ома сын баххуыс кӕндзынӕ рӕстдзинад базонынӕн, ӕмӕ уыдон «дӕ цин, дӕ кад» суыдзысты (2 Кор. 6:10; 1 Фес. 2:19). «Адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн абон цас рӕстӕг рахицӕн кӕнын, уыйбӕрц никуы,– зӕгъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕг Фред.– Ӕцӕгдӕр, райсынӕй радтын бирӕ амондджындӕр хъуыддаг у».

20 Дафни, ӕрыгон хо, пионер, стыр циндзинад ӕмӕ удӕнцой исы, йӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны, уымӕй. Уый дзуры: «Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс стӕм. Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй мӕ бон цы у, уый куы фӕаразын, уӕд мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы, мӕхи ахӕм амондджын фӕхатын, ӕмӕ диссаг!» Нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны, уый адӕм гӕнӕн ис, ӕмӕ ма фиппайой, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ та уыны ӕмӕ йын аргъ кӕны (Дзут. 4:13). Дзырд дӕр ыл нӕй, сымахӕн, ӕрыгон чырыстӕттӕн, уӕ бон кӕй у нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕнын. Дарддӕр дӕр ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнут ӕмӕ архайут, цӕмӕй уын уе ’нтыстдзинад алчидӕр уына (Ӕмб. 27:11).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 13 абз. Кӕс чиныг «Вопросы молодежи. Практические советы», сӕр «Подходим ли мы друг другу?», 2 том; 2001 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статья «Хуыцауы амындтӕ, цардӕмбал чи агуры, уыдонӕн» ӕмӕ 1983 азы 22 сентябры «Райхъал ут!»-ы статья «Рӕзгӕ кары ус курын кӕнӕ чындзы цӕуын раст у?» (англ.)

Цы базыдтай?

• Ӕнтыстджын уай, уый цы нысан кӕны?

• Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕтӕ уыной, ӕнтыстджын кӕй дӕ...

зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ?

бинонты цардмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ?

лӕггад кӕнгӕйӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дын зындзинӕдты ӕххуыс кӕндзӕн

[Ныв 16 фарсыл]

Ӕрыгон хъусынгӕнджытӕн сӕ бон куыд у адӕмы хуыздӕр ахуыр кӕнын?