Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн хъӕуы Чырыстийы фӕдыл цӕуын?

Цӕмӕн хъӕуы Чырыстийы фӕдыл цӕуын?

Цӕмӕн хъӕуы Чырыстийы фӕдыл цӕуын?

«Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд... ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (ЛУК. 9:23).

1, 2. Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм, уымӕ ’ркӕсын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

ЙЕГЪОВӔЙӔН, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕхсызгон у, зӕххыл ын чи кувы, уыдоны ’хсӕн кӕй уыны сымах дӕр – ногты дӕр ӕмӕ ӕрыгӕтты дӕр! Кӕд Библи ахуыр кӕныс, ӕмбырды фембӕлдтӕм иудадзыг цӕуыс ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы цардирвӕзынгӕнӕн хабар ис, уый тыххӕй дӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕныс, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кӕн Йесойы ныхӕстыл: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд, алы бон дӕр ӕй хӕссӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (Лук. 9:23). Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ дӕхи тыххӕй мауал цӕрай ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг суай. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм, ууыл (Матф. 16:13–16).

2 Цы зӕгъӕн ис махӕй та, ныридӕгӕн дӕр Йесо Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕй? Мах уыцы хъуыддаг хъуамӕ «кӕнӕм ноджы зӕрдиагдӕрӕй» (1 Фес. 4:1, 2). Рӕстдзинад ӕрӕджы базыдтам ӕви бирӕ азты размӕ, Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн цӕуӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Павелы уынаффӕмӕ хъусдзыстӕм ӕмӕ бонӕй-бонмӕ Йесойы фӕдыл ноджы зӕрдиагдӕрӕй цӕудзыстӕм. Цӕй ӕмӕ ’ркӕсӕм, Чырыстийы фӕдыл цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм, фондз ахӕм аххосагмӕ.

Цӕмӕй Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс уӕм

3. Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы у нӕ бон Йегъовӕйы базонын?

3 Апостол Павел Ареопаджы астӕу куы лӕууыд ӕмӕ афинӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын загъта: «[Хуыцау] снысан... кодта рӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕвӕрдта арӕнтӕ, [адӕм] кӕм цӕрой, уымӕн, цӕмӕй агурой Хуыцауы,– агурой йӕ зӕрдиагӕй,– ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой, уӕвгӕ та уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Ап. хъ. 17:22, 26, 27). Махӕн нӕ бон у Хуыцауы агурын ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр базонын. Зӕгъӕм, ӕрдз хорз «чиныг» у Хуыцауы миниуджытӕ ӕмӕ курдиӕтты тыххӕй базонынӕн. Сфӕлдыстадыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм не Сфӕлдисӕджы тыххӕй (Ром. 1:20). Йегъовӕ ма йӕхи тыххӕй дзуры йӕ Ныхас Библийы дӕр (2 Тим. 3:16, 17). Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл цас фылдӕр ӕмӕ арфдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас ӕй хуыздӕр зондзыстӕм (Пс. 77:12).

4. Чырыстийы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд Йегъовӕмӕ куыд баввахсдӕр уыдзыстӕм?

4 Цӕмӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уӕм, уый тыххӕй ӕппӕты хуыздӕр у Чырыстийы фӕдыл цӕуын. Ахъуыды-ма кӕн, дунейы фӕзынды размӕ Йесойӕн цӕй стыр кад уыд, йӕ Фыды фарсмӕ куы уыди, уӕд! (Иоан. 17:5). Йесо у, «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Рарг. 3:14). Йӕ Фыд Йегъовӕимӕ уӕлӕрвты царди бирӕ ӕнусты дӕргъы, уымӕн ӕмӕ уыди, Хуыцау «цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг». Йесо йӕ Фыдимӕ ӕрмӕст йӕ рӕстӕг не ’рвыста, фӕлӕ уыди йе ’ввахс ӕмбал. Уый Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ зӕрдӕрухсӕй куыста, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ зынаргъ ӕмӕ адджын систы. Йесо йӕ Фыды хъуыддӕгтӕм ӕрмӕст кӕсгӕ нӕ кодта, стӕй йын йӕ миниуджытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ ӕрмӕст фиппайгӕ нӕ кодта, фӕлӕ Хуыцауы тыххӕй цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕйы арф нывӕрдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ царди. Афтӕмӕй коммӕгӕс Фырт йӕ Фыды хуызӕн афтӕ тынг сси, ӕмӕ Библийы дӕр ис фыст: «Уый у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» (Кол. 1:15). Чырыстийы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм.

Цӕмӕй Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр фӕзмӕм

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр фӕзмын ӕмӕ цӕмӕн?

5 Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕхи хуызӕн кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у йӕ миниуджытӕ фӕзмын (Райд. 1:26). Апостол Павел чырыстӕттӕн загъта, цӕмӕй «уарзон хъӕбултау фӕзмой Хуыцауы» (Еф. 5:1). Чырыстийы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыды фӕзмдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Йесойӕ хуыздӕр ничи равдыста, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, цы ’нкъары ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау у, уый ӕмӕ Йесойӕ бӕстондӕр адӕмӕн ничи радзырдта Йегъовӕйы тыххӕй. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн Йегъовӕйы ном ӕрмӕст хъусын нӕ кодта, фӕлӕ ма ӕмбарын кодта, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, уый дӕр. (Бакӕс Матфейы 11:27.) Уыцы хабар бӕрӕг уыди, Йесо цы дзырдта, цы арӕзта, йӕхи куыд дардта ӕмӕ, адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй.

6. Йесойы ахуырӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам?

6 Йесойы ахуырӕдтӕй бӕлвырд зынди, Хуыцау махӕй цы домы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый (Матф. 22:36–40; Лук. 12:6, 7; 15:4–7). Зӕгъӕм, иухатт Йесо Дӕс фӕдзӕхстӕй цӕвиттонӕн ӕрхаста иу фӕдзӕхст, «ма хӕт», зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ бамбарын кодта, Хуыцау кӕй уыны, уыцы хъуыддаг бакӕныны размӕ адӕймаджы зӕрдӕйы цы фӕцӕуы, уый. Йесо загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Рац. 20:14; Матф. 5:27, 28). Стӕй Йесо ской кодта, фарисейтӕ Закъонӕй иу фӕдзӕхст, «уарз дӕ хионы, де знагӕй та де сӕфт уын», зӕгъгӕ, куыд ӕмбарын кодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ Йегъовӕ уый фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый загъта: «Уарзут уе знӕгты дӕр ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матф. 5:43, 44; Рац. 23:4; Лев. 19:18). Мах Хуыцауы ноджы тынгдӕр уӕд фӕзмдзыстӕм, куыд хъуыды кӕны, цы ’нкъары ӕмӕ махмӕ цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый куы зонӕм.

7, 8. Йесомӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм?

7 Йесо хъуыддагӕй ӕвдыста, йӕ Фыд цавӕр Хуыцау у, уый. Евангелиты куы фӕкӕсӕм, Йесо, ӕххуысхъуаг чи уыд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ чи ’взӕрста, уыдонӕн кӕй тӕригъӕд кодта, стӕй йӕм сывӕллӕтты кӕй нӕ уагътой, уый фӕдыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй бауайдзӕф кодта, уый тыххӕй, уӕд цымӕ фембарӕм, йӕ Фыд дӕр адӕммӕ ахӕм зӕрдӕ кӕй дардта? (Марчы 1:40–42; 10:13, 14; Иоан. 11:32–35). Ахъуыды-ма кӕн, Йесойы хъуыддӕгтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы сӕйраг миниуджытӕ бамбарынӕн. Чырысти цы стыр тыхы хицау уыд, уый цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕрӕг у? Фӕлӕ уый йӕ тыхӕй никуы пайда кодта йӕхицӕн исты хорздзинад саразынӕн, йе та иннӕтӕн разиан кӕнынӕн (Лук. 4:1–4). Рӕстдзинад кӕй уарзта, уый куыд хорз зыны, ӕнӕфсис уӕйгӕнджыты кувӕндонӕй кӕй ратардта, уыцы хабарӕй! (Марчы 11:15–17; Иоан. 2:13–16). Йесо йӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ йӕ «ӕхсызгон ныхӕстӕй» адӕмы зӕрдӕтӕ ссарыныл кӕй архайдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Соломонӕй зондджындӕр кӕй уыди (Матф. 12:42). Йесо йӕ уд адӕмы сӕрвӕлтау кӕй радта ӕмӕ афтӕмӕй цы уарзондзинад равдыста, уымӕй цы ис зӕгъӕн? «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад» ма цы хъуамӕ уа! (Иоан. 15:13).

8 Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый Йесо йӕ алы ныхасӕй дӕр ӕмӕ йӕ алы хъуыддагӕй дӕр афтӕ хорз равдыста, ӕмӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта мӕ Фыды дӕр». (Бакӕс Иоанны 14:9–11.) Чырыстийы фӕдыл цӕуын нысан кӕны Йегъовӕйы фӕзмын.

Йесо у Йегъовӕйы Сӕрст лӕггадгӕнӕг

9. Йесо Хуыцауы Сӕрст лӕггадгӕнӕг кӕд ӕмӕ куыд сси?

9 Ӕркӕсӕм, н. э. 29 азы, фӕззӕджы, 30-аздзыд Йесо Аргъауӕг Иоаннмӕ куы бацыд, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. «Йесо куыддӕр аргъуыд райста, афтӕ донӕй рахызт, ӕмӕ мӕнӕ диссаг: арв фегом, ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг уд бӕлоны хуызы ӕрцӕйцӕугӕ». Уӕд Йесо сси Чырысти, кӕнӕ Мессийӕ. Раст уыцы рӕстӕг Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, Йесо йӕ Сӕрст лӕггадгӕнӕг кӕй у, уый: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:13–17). Уыдӕттӕ зонгӕйӕ Чырыстийы фӕдыл куыннӕ хъуамӕ цӕуӕм!

10, 11. а) Йесойы «Чырысти» куы фӕхонынц, уӕд уый цӕмӕ фӕамоны? ӕ) Йесо Чырыстийы фӕдыл ӕппынӕдзух цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм?

10 Библийы дзырд «Чырысти» Йесомӕ амоны алыхуызӕтты: Йесо Чырысти, Чырысти Йесо ӕмӕ Чырысти. Фыццаг хатт Йесо йӕхӕдӕг загъта, «Йесо Чырысти», зӕгъгӕ – нырма загъта йӕхи ном, стӕй та йӕ кады ном. Зӕгъӕм, йӕ Фыдмӕ куывта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоан. 17:3). Ацы ран Йесо йӕхи ном йӕ кады номы размӕ кӕй загъта, уый ууыл дзурӕг у, Йесойы Хуыцау кӕй рарвыста ӕмӕ йӕ Сӕрст лӕггадгӕнӕг кӕй сси. Йӕ кады ном йӕхи номы разӕй куы вӕййы, «Чырысти Йесо», зӕгъгӕ, уӕд уый сӕйраджыдӕр фӕамоны, Йесойӕн цы бартӕ ис, уымӕ (1 Фес. 2:14, фип.). Ӕрмӕст дзырд «Чырысти» кӕм ӕмбӕлы, уый ма у ноджыдӕр иу мадзал, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый равдисынӕн (Иоан. 4:29).

11 Дзырд «Чырысти» Йесомӕ куыдфӕнды ма амона, бӕлвырд у иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕд Хуыцауы Фырт зӕхмӕ ’рцыд ӕмӕ адӕймаг сси, стӕй йӕ Фыды фӕндон иннӕтӕн ӕргом кодта, уӕддӕр ӕнӕуи адӕймаг кӕнӕ ӕнӕуи пехуымпар нӕ уыди – уый ӕрцыд, цӕмӕй суыдаид Йегъовӕйы Сӕрст лӕггадгӕнӕг. Мах хъуамӕ ӕппынӕдзух йӕ фӕдыл цӕуӕм.

Ӕрмӕстдӕр Йесойы фӕрцы ис фервӕзӕн

12. Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ апостол Фомайӕн цы бамбарын кодта?

12 Мессийӕйы фӕдыл ма цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм, уый зыны, Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ иузӕрдион апостолтӕн цы загъта, уымӕй. Йесо сын загъта, кӕй хъуамӕ ацӕуа ӕмӕ сын бынат кӕй хъуамӕ ӕрцӕттӕ кӕна. Ӕмӕ йӕ Фома куы бафарста, кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ, уӕд Йесо дзуапп радта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоан. 14:1–6). Уӕд Йесо ныхас кодта йӕ 11 апостолимӕ. Зӕрдӕ сын бавӕрдта, уӕлӕрвты сын бынат кӕй ӕрцӕттӕ кӕндзӕн, фӕлӕ ма йӕ ныхӕстӕ хауынц зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр (Рарг. 7:9, 10; 21:1–4). Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

13. Йесо у «фӕндаг», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

13 Йесо Чырысти у «фӕндаг». Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы баввахс уыдзыстӕм Хуыцаумӕ. Уый хауы кувыны хъуыддагмӕ. Мах ӕй бӕлвырд зонӕм, Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм, ӕрмӕстдӕр нын ӕй уӕд ратдзӕн, Йесойы уылты йӕм куы кувӕм (Иоан. 15:16). Фӕлӕ ма Йесо «фӕндаг» у ӕндӕр хуызы дӕр. Адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, Хуыцауӕй дӕр уымӕн адард сты (Ис. 59:2). Йесо «йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Уымӕ гӕсгӕ Библи дзуры: «Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоан. 1:7). Уӕдӕ Фырт йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы адӕмӕн фӕзынд фадат Хуыцауимӕ бафидауынӕн (Ром. 5:8–10). Йесойыл куы ’ууӕндӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд Хуыцаумӕ баввахс уыдзыстӕм (Иоан. 3:36).

14. Йесо у «ӕцӕгдзинад», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

14 Йесо у «ӕцӕгдзинад». Ӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ алкӕддӕр ӕцӕгдзинады тыххӕй кӕй дзырдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй цард, фӕлӕ ма, Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыди, уыдонӕй бирӕтӕ ууыл кӕй сӕххӕст сты. Апостол Павел фыста: «Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон цасфӕнды ма уой,– уый фӕрцы систы „о“» (2 Кор. 1:20). «Фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон» чи уыд, уый тыххӕй Моисейы Закъоны цы уыди фыст, уый дӕр Чырысти Йесойыл сӕххӕст (Дзут. 10:1; Кол. 2:17). Пехуымпарӕдтӕ се ’ппӕт дӕр амонынц Йесомӕ, стӕй йын Йегъовӕйы фӕндтӕ ӕххӕст кӕныны сӕйраг бынат кӕй ис, уымӕ дӕр (Рарг. 19:10). Хуыцау нын цы хорздзинӕдтӕ ’рцӕттӕ кодта, цӕмӕй уыдонӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Мессийӕйы фӕдыл цӕуӕм.

15. Йесо у «цард», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

15 Йесо у «цард», уымӕн ӕмӕ адӕмы балхӕдта йӕ тугӕй. Ӕнусон цард та у лӕвар, ӕмӕ нын ӕй Хуыцау дӕтты «нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ром. 6:23). Йесо ма у «цард», чи амард, уыдонӕн дӕр (Иоан. 5:28, 29). Стӕй-ма ахъуыды кӕн, Йесо, куыд Хистӕр сауджын, афтӕ цас цыдӕртӕ сараздзӕн, мин азы дӕргъы паддзах куы уа, уӕд! Зӕххыл чи цӕра, уыдоны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ӕнустӕм фервӕзын кӕндзӕн (Дзут. 9:11, 12, 28).

16. Цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм Йесойы фӕдыл?

16 Уӕдӕ Йесо Фомайӕн цы загъта, уый махӕн дӕр хъуыдыйаг у. Йесо у фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард. Хуыцау ӕй дунемӕ рарвыста, цӕмӕй дуне уый фӕрцы фервӕза (Иоан. 3:17). Ӕмӕ Фыдмӕ дӕр уый уылты йеддӕмӕ ’рцӕуӕн никӕуылты ис. Библи бӕлвырд дзуры: «Фервӕзӕн ӕндӕр никӕй фӕрцы ис, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном – ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фервӕздзыстӕм» (Ап. хъ. 4:12). Уӕдӕ раздӕр цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уыдаиккам, зондыл дзурӕг уаид Йесойыл ӕууӕндын ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуын, уымӕн ӕмӕ уый у фӕндаг ӕнусон цардмӕ (Иоан. 20:31).

Хъуамӕ Чырыстимӕ хъусӕм

17. Цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм Хуыцауы Фыртмӕ?

17 Петр, Иоанн ӕмӕ Иаков сӕхи цӕстӕй федтой, Йесо йӕ хуыз кӕй аивта, уый. Уыцы рӕстӕг уӕлӕрвтӕй фехъуыстой хъӕлӕс: «Ай у мӕ Фырт, ӕз кӕй равзӕрстон, уый. Хъусут ӕм» (Лук. 9:28, 29, 35). Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ Мессийӕмӕ хъусӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгты 3:22, 23.)

18. Йесо Чырыстимӕ нӕ бон куыд у хъусын?

18 Йесомӕ хъусын нысан кӕны лӕмбынӕг ӕм кӕсын ӕмӕ йӕ цардыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын (Дзут. 12:2, 3). Уӕдӕ хъуамӕ «нӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дарӕм», Йесойы тыххӕй Библийы ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы цы фӕкӕсӕм, стӕй ма уый тыххӕй фембӕлдты цы фехъусӕм, уымӕ (Дзут. 2:1; Матф. 24:45). Цӕй, ӕмӕ нӕ Фыййау Йесомӕ зӕрдиагӕй хъусӕм ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуӕм (Иоан. 10:27).

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл ӕппынӕдзух цӕуӕм?

19 Цымӕ зындзинӕдтӕ куы ’взарӕм, уӕддӕр нӕ бон суыдзӕн Чырыстийы фӕдыл ӕппынӕдзух цӕуын? О, суыдзӕн, «раст ныхӕсты хуызӕгыл» фидар куы хӕцӕм ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады кӕй стӕм, уый фӕрцы нын «цы уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад ис», уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм (2 Тим. 1:13).

Цы базыдтай?

• Чырыстийы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд Йегъовӕмӕ куыд баввахсдӕр уыдзыстӕм?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Чырыстийы куы фӕзмӕм, уӕд фӕзмӕм Йегъовӕйы?

• Йесо у «фӕндаг, ӕцӕгдзинад ӕмӕ цард», зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

• Цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм Йегъовӕйы Сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Йесойы ахуырӕдтӕй бӕрӕг уыдысты Йегъовӕйы диссаджы зонд ӕмӕ хъуыдытӕ

[Ныв 30 фарсыл]

Йегъовӕйы Сӕрст лӕггадгӕнӕджы фӕдыл хъуамӕ иузӕрдионӕй цӕуӕм

[Ныв 32 фарсыл]

Йегъовӕ загъта: «Ай у мӕ Фырт... Хъусут ӕм»