Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау йӕ фӕндтӕ ивы?

Хуыцау йӕ фӕндтӕ ивы?

ХУЫЦАУЫ тыххӕй Библийы фыст ис: «Аууонау... нӕ ивы». Хуыцау йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын» (Иаковы 1:17; Малахи 3:6). Абон бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ ницы цӕуы ӕмӕ сыл ӕууӕнк нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕдзух сӕ фӕндтӕ раив-баив кӕнынц. Куыд тынг хицӕн кӕны ахӕм адӕмӕй Йегъовӕ Хуыцау!

Фӕлӕ Библи чи кӕсы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Хуыцау йӕ хъуыды кӕй аивы. Зӕгъӕм, раджы заманты Йегъовӕ Хуыцау чырыстӕттӕн ахӕм хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ абон афтӕ нал у. Раджы заманты бирӕ устытӕ кӕныны бар лӕвӕрдта, абон та нӕ. Моисейы уылты цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ сабаты кусӕн нӕ уыд, абон та уыцы закъон ӕххӕст кӕнын нал хъӕуы. Цымӕ ацы цӕвиттонӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцау йӕ хъуыды ивы?

Мах фидар ныфс ис, Хуыцау уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кодта, уыдон кӕй никуы аивдзӕн. Стӕй нӕ ивы йӕ «ӕнусон фӕнд» – адӕмы йӕ Паддзахады фӕрцы бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кӕнын (Ефесӕгтӕм 3:11). Фӕлӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕива, йӕ фӕндон цы мадзалӕй ӕххӕст кӕндзӕн, уый, раст мах нӕ хъуыды куыд фӕивӕм, ӕдзухдӕр нӕ чи фӕфыдӕнхъӕл кӕны, уыцы адӕймаджы тыххӕй, афтӕ.

Хуыцау ма йӕ амындтӕ фӕивы йӕ адӕмы уавӕртӕм гӕсгӕ ӕмӕ сыл кӕй тыхсы, уый тыххӕй. Ӕмӕ нӕм уый диссаг хъуамӕ ма кӕса. Зӕгъӕм, фӕндӕгтӕ хорз чи зоны, ахӕм адӕймаг иннӕты разӕй цӕуы ӕмӕ сын ӕрдзы рӕсугъд бынӕттӕ ӕвдисы. Фӕлӕ ӕвиппайды бамбӕрста, дарддӕр цӕуын тӕссаг кӕй уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, адӕмӕн зӕгъдзӕн, ӕндӕр фӕндагыл кӕй ацӕудзысты, цӕмӕй фыдбылызы ма бахауой. Цымӕ сӕ фӕндаг кӕй фӕивтой, уый тыххӕй, кӕдӕм цыдысты, уырдӕм сӕ нал акӕндзӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, уӕлдӕр цы ӕртӕ цӕвиттоны ӕрхастам, уыдоныл.

Хуыцау диссӕгтӕ цӕуылнӕуал аразы?

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн Хуыцау диссӕгтӕ аразыны тых цӕмӕн радта? Ӕвӕццӕгӕн, зоныс, израилӕгтӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты, ӕмӕ-иу сын диссӕгтӕ кӕй ӕвдыста, цӕмӕй зыдтаиккой, кӕй сын ӕххуыс кӕны, уый. Моисейы уылты Хуыцау йе стыр хъаруйӕ израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ ӕдзӕрӕг быдырыл акодта, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Фӕлӕ-иу израилӕгтӕ Хуыцауы закъӕттӕ арӕх фехӕлдтой. Ӕппынфӕстаг сыл Йегъовӕ йӕ къух систа ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдта чырыстон ӕмбырдӕн, ӕмӕ апостолтӕ ӕмӕ иннӕтӕн радта диссӕгтӕ аразыны тых. Зӕгъӕм, апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоанн сдзӕбӕх кодтой, къуылыхӕй чи райгуырд, ахӕм лӕджы, апостол Павел та марды райгас кодта (Хъуыддӕгтӕ 3:2–8; 20:9–11). Диссӕгтӕ кӕй арӕзтой, уый фӕрцы бирӕ бӕстӕты чырыстон дин райстой. Уӕдӕ абон диссӕгтӕ цӕуылнӕуал ис?

Уый бамбарын кодта апостол Павел: «Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд сабийы ныхӕстӕ кодтон, мӕ зонд дӕр уыди сабийы зонд, мӕ хъуыдытӕ дӕр уыдысты сабийы хъуыдытӕ, фӕлӕ куы слӕг дӕн, уӕд сывӕллоны митӕ ныууагътон» (1 Коринфӕгтӕм 13:11). Сывӕллон куы сыстыр вӕййы, уӕд йӕ ныййарджытӕ йемӕ сӕхи ӕндӕрхуызон дарын райдайынц. Чырыстон ӕмбырд «сывӕллоны» хуызӕн куы нал уыд, ома куы сфидар, уӕд Йегъовӕ чырыстӕттӕн диссӕгтӕ аразыны тых нал лӕвӕрдта. Уый тыххӕй загъта апостол Павел, зӕгъгӕ, ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат кӕнӕ пехуымпар-ныхас кӕныны курдиат «фесӕфдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:8).

Бирӕ устытӕ кӕныны бар цӕуылнӕуал ис?

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, бинонты цард цы закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ уа, уый Хуыцау кӕй радта. Йегъовӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн загъта: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Матфейы 19:5). Лӕг ӕмӕ ус иумӕ хъуамӕ цӕрой цӕрӕнбонты. Фӕлӕ цалынмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм нӕ систы ӕмӕ сын Закъон нӕ радта, уӕдмӕ дӕр бирӕ устытӕ хастой. Уӕдӕ уыцы ӕгъдау Йегъовӕ не ’рӕвӕрдта ӕмӕ афтӕ дӕр никуы загъта, бирӕ устытӕ хӕссут, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ адӕмӕн уый фӕдыл радта бӕлвырд амындтӕ. Фӕстӕдӕр чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд Хуыцауы Ныхас Библийы бӕлвырд фыст ӕрцыд, бирӕ устытӕ кӕныны бар кӕй нал ис (1 Тимофеймӕ 3:2).

Йегъовӕ Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕн рӕстӕгмӕ фӕфӕразы (Ромӕгтӕм 9:22–24). Чырысти загъта, израилӕгтӕм бинонты цардимӕ баст цы ӕгъдӕуттӕ уыд, уыдон кӕд раст нӕ уыдысты, уӕддӕр сын Йегъовӕ кӕрон уайтагъд уый тыххӕй не скодта, ӕмӕ «хъӕбӕрзӕрдӕ» уыдысты (Матфейы 19:8; Ӕмбисӕндтӕ 4:18).

Сабаты тыххӕй закъон ӕххӕст кӕнын цӕуылнӕуал хъӕуы?

Хуыцау израилӕгты Египетӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй сабаты мацы куыстаиккой. Фӕстӕдӕр уыцы ӕгъдау сӕ закъоны фыст ӕрцыд (Рацыд 16:22–30; 20:8–10). Апостол Павел бамбарын кодта, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уымӕй «кӕрон скодта... фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ кӕм уыди, уыцы Закъонӕн» ӕмӕ «къухфысты ныхӕстӕ сыхӕлдта» (Ефесӕгтӕм 2:15; Колоссӕгтӕм 2:14). Кӕрон кӕмӕн скодта ӕмӕ кӕй «сыхӕлдта», уыцы фӕдзӕхстытӕм хауд сабаты тыххӕй закъон дӕр, уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис: «Ӕмӕ уын уӕдӕ мачи мацы дзурӕд хӕрд ӕмӕ нозт, кӕнӕ бӕрӕгбон, кӕнӕ ног мӕй, кӕнӕ сабат бӕрӕг кӕныны тыххӕй» (Колоссӕгтӕм 2:16). Уӕдӕ Хуыцау цӕмӕн радта сабаты тыххӕй закъон?

Апостол Павел ныффыста: «Афтӕмӕй нын Закъон сси сывӕллонгӕсы хуызӕн ӕмӕ нӕ кодта Чырыстимӕ». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ ныр, уырнындзинад куы фӕзынд, уӕд‚ сывӕллонгӕсы бар нал стӕм» (Галатӕгтӕм 3:24, 25). Уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцау йӕ хъуыды аивта. Сабаты тыххӕй закъон рӕстӕгмӕ радта: хъуамӕ йӕ адӕм сахуыр уыдаиккой рӕстӕг хицӕн кӕнын, цӕмӕй йӕ закъӕттыл хъуыды кодтаиккой. Кӕд сабаты тыххӕй закъон рӕстӕгмӕ уыд, уӕддӕр сын ӕмбарын кодта, фидӕны адӕм сӕ хъизӕмӕрттӕй бынтондӕр кӕй фервӕздзысты ӕмӕ Хуыцаумӕ кӕй баввахс уыдзысты (Дзуттӕгтӕм 4:10; Раргомад 21:1–4).

Хуыцау адӕмы уарзы ӕмӕ йӕ ныхас нӕ ивы

Библийӕ цы ӕртӕ хъуыддагыл аныхас кодтам, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ Хуыцау уавӕртӕм гӕсгӕ алыхуызон уынаффӕтӕ ӕмӕ амындтӕ кӕй лӕвӕрдта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ-иу йӕ хъуыды фӕивта. Алыхуызон уынаффӕтӕ-иу рахаста, йӕ адӕм цы уавӕрты уыдысты, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сыл кӕй тыхсти, уый тыххӕй. Афтӕ у абон дӕр.

Йегъовӕ йӕ закъӕттӕ кӕй нӕ ивы, уымӕ гӕсгӕ кӕддӕриддӕр фӕзонӕм, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссарӕм. Стӕй нӕ фидар ныфс ис, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Йегъовӕ загъта: «Цыдӕриддӕр мӕ фӕнды, уый сараздзынӕн» (Исай 46:10, 11).

[Хицӕнгонд текст 29 фарсыл]

Уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй Хуыцау цы уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кодта, уыдон никуы аивдзӕн

[Хицӕнгонд текст 30 фарсыл]

Апостол Павел бамбарын кодта, Хуыцау диссӕгтӕ аразыны тых кӕй нал дӕтдзӕн

[Хицӕнгонд текст 31 фарсыл]

Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ иумӕ уой цӕрӕнбонтӕм