Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы хӕдзарыл ӕнувыд у!

Йегъовӕйы хӕдзарыл ӕнувыд у!

Йегъовӕйы хӕдзарыл ӕнувыд у!

«Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕрдзӕни» (ИОАН. 2:17).

1, 2. Н. э. 30 азы Йесо кувӕндоны цы сарӕзта ӕмӕ цӕмӕн?

ӔРӔВВАХС н. э. 30 азы Куадзӕн. Ӕхсӕз мӕйы размӕ Йесо райдыдта йӕ лӕггад ӕмӕ ныр фӕцӕуы Иерусалиммӕ. Дӕ цӕстӕтыл-ма ауайын кӕн ахӕм ныв. Йесо кувӕндоны, ӕндӕр адӕмыхӕттыты кӕрты, федта, галтӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыцы адӕмы, стӕй ма дзы федта ӕхцаивджыты дӕр. Уый бӕндӕнтӕй ацарӕзта ехс ӕмӕ кувӕндонӕй ратардта фос дӕр ӕмӕ сӕ чи уӕй кодта, уыдоны дӕр. Йесо ма ӕхцаивджытӕн се ’хцатӕ дӕр ныппырх кодта ӕмӕ сын се стъӕлттӕ дӕр сфӕлдӕхта. Бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та карзӕй загъта, цӕмӕй сӕ бӕлӕтты ахӕссой ӕмӕ кувӕндонӕй ацӕуой (Иоан. 2:13–16).

2 Йесо афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ кувӕндоныл тынг тыхсти. Уый загъта: «Мӕ Фыды хӕдзарӕй мын базаргӕнӕн мауал аразут!» Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, цалдӕр ӕнусы размӕ псаломзарӕггӕнӕг Давид цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕрдзӕни» (Иоан. 2:16, 17; Пс. 69:9).

3. а) Цы нысан кӕны ӕнувыддзинад? ӕ) Алкӕмӕндӕр нӕ йӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

3 Йесо Хуыцауы хӕдзарыл кӕй мӕт кодта, кӕнӕ йыл ӕнувыд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ бакодта афтӕ. Ӕнувыддзинад нысан кӕны «истӕуыл зӕрдиагӕй архайын кӕнӕ йыл мӕт кӕнын». Абон, 21 ӕнусы, 7 милуан чырыстонӕй фылдӕр тыхсынц, кӕнӕ ӕнувыд сты Хуыцауы хӕдзарыл. Алкӕмӕндӕр нӕ йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цы у мӕ бон аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзарыл ноджы ӕнувыддӕр уон?» Ацы фарстӕн дзуапп ссарыны тыххӕй уал фыццаг базонӕм, цы у Хуыцауы хӕдзар абон. Уый фӕстӕ та аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцауы хӕдзарыл ӕнувыд чи уыд, цалдӕр ахӕм адӕймаджы цӕвиттоныл Библийӕ. Уыцы цӕвиттонтӕ «фыст ӕрцыдысты махӕн зонд бацамонынӕн» ӕмӕ нӕ сразӕнгард кӕндзысты, цӕмӕй ноджы ӕнувыддӕр уӕм (Ром. 15:4).

Хуыцауы хӕдзар рагзаманты ӕмӕ абон

4. Соломон кӕй сарӕзта, уыцы кувӕндон цӕй тыххӕй уыд арӕзт?

4 Рагон Израилы Иерусалимы кувӕндон нымад цыд Хуыцауы хӕдзарыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ уыцы хӕдзары цӕргӕ нӕ кодта. Уый йӕхӕдӕг загъта: «Уӕлӕрвтӕ сты мӕ паддзахбадӕн, зӕхх та у мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар мын хъуамӕ саразат сымах ӕмӕ кӕм ис, ӕз кӕм цӕрон, ахӕм бынат?» (Ис. 66:1). Фӕлӕ уӕддӕр, паддзах Соломоны рӕстӕджы цы кувӕндон ӕрцыд арӕзт, уый уыди, Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ кӕм хастой ӕмӕ йӕм кӕм куывтой, уыцы бынат (1 Пад. 8:27–30).

5. Соломоны кувӕндоны Хуыцауӕн кӕй куывтой, уый абон цӕмӕ амоны?

5 Абон Йегъовӕйы хӕдзар нӕу дурӕй амад бӕстыхай Иерусалимы кӕнӕ ӕндӕр искуы. Йегъовӕ сарӕзта ӕндӕр цыдӕр: уый бацархайдта, цӕмӕй йӕм Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ бон уа ӕввахс кӕнын ӕмӕ кувын. Уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынц ӕгас зӕххыл дӕр (Ис. 60:4, 8, 13; Ап. хъ. 17:24; Дзут. 8:5; 9:24).

6. Иудӕйы паддзӕхтӕй раст диныл ӕнувыд чи уыд?

6 Н. э. размӕ 997 азы Израилы паддзахад дыууӕ паддзахадыл адих. Ӕмӕ уый фӕстӕ хуссар паддзахад Иудӕйы цы 19 паддзахы уыди, уыдонӕй цыппар – Асӕ, Иосафат, Езеки ӕмӕ Иоси – раст диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Цӕуыл сӕ сахуыр уыдзыстӕм?

Ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд арфӕгонд уыдзыстӕм

7, 8. а) Йегъовӕ цавӕр лӕггадӕн арфӕ кӕны? ӕ) Паддзах Асӕйы цӕвиттон нын зондзонӕн куыд у?

7 Асӕ паддзах куы уыди, уӕд Йегъовӕ йӕ адӕммӕ ’рвыста пехуымпарты, цӕмӕй сӕ раст фӕндагыл арӕзтаиккой ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой. Зӕгъӕм, Библи дзуры, Асӕ кӕй байхъуыста пехуымпар Азаримӕ, Одеды фыртмӕ. (Бакӕс 2 Азфыст 15:1–8.) Асӕ бирӕ ивындзинӕдтӕ скодта, ӕмӕ уый фӕрцы Иудӕйы цӕрджытӕ ӕмзондӕй архайын райдыдтой. Иерусалиммӕ стыр ӕмбырдмӕ Израилы паддзахадӕй цы бирӕ адӕм ӕрцыд, уыдон дӕр сӕм баиу сты. Утӕппӕт адӕм ӕмхъӕлӕсӕй загътой, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзысты. Библийы кӕсӕм: «Уыдон уадындзты ӕмӕ сыкъаты уастмӕ Йегъовӕйӕн хъӕрӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ дзырд радтой. Иудӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр цин кодтой, ахӕм дзырд кӕй радтой, ууыл, уымӕн ӕмӕ йӕ радтой ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ Хуыцауы агуырдтой ӕппӕт удӕй, ӕмӕ сӕ уый дӕр йӕхи нӕ бамбӕхста. Ӕмӕ сын Йегъовӕ алырдыгӕй дӕр лӕвӕрдта сабырдзинад» (2 Аз. 15:9–15). Йегъовӕ махӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй арфӕ кӕндзӕн, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд (Марчы 12:30).

8 Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр Асӕ смӕсты пехуымпар Ананимӕ, зонд ын кӕй амыдта, уый тыххӕй (2 Аз. 16:7–10). Йегъовӕ махӕн дӕр хистӕр нӕлгоймӕгты уылты уынаффӕ куы фӕдӕтты кӕнӕ нын зонд куы фӕамоны, уӕд уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй ракӕсӕм? Фыстадӕй нын уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд ӕй нӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айсӕм? Ӕви фӕтӕргай вӕййӕм ӕмӕ маст хӕссын райдайӕм?

9. Цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты Иосафат ӕмӕ Иудӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ куыд бакодтой?

9 Иосафат Иудӕйы паддзах уыд н. э. размӕ дӕсӕм ӕнусы. Иосафат ӕмӕ Иудӕйы паддзахады ныхмӕ рацыдысты Аммон, Моав ӕмӕ Сеиры хохы цӕрджыты ’фсӕдтӕ. Куыд бакодта паддзах, кӕд тарсти, уӕддӕр? Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ӕппӕт Иудӕйы нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ устытимӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрӕмбырд сты Йегъовӕйы хӕдзары, цӕмӕй йӕм скуывтаиккой. (Бакӕс 2 Азфыст 20:3–6.) Иосафат йӕ зӕрдыл дардта, Соломон Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодта, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдон, ӕмӕ Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта: «Нӕ Хуыцау, ау, нӕ сын стӕрхон кӕндзынӕ? Махмӕ уыйбӕрц хъарутӕ куы нӕй, цӕмӕй, нӕ ныхмӕ цы бирӕ адӕм ӕрбацӕуы, уыдонимӕ схӕцӕм. Куыд бакӕнӕм, уый нӕ зонӕм, не скаст дӕумӕ у» (2 Аз. 20:12, 13). Иосафат куы скуывта, уӕд левит Иахазиил Йегъовӕйы сыгъдӕг удӕй схайджын ӕмӕ загъта, адӕмы ныфс чи бауагъта, ахӕм ныхӕстӕ. (Бакӕс 2 Азфыст 20:14–17.)

10. а) Иосафат ӕмӕ Иудӕйы адӕм разамынд куыд райстой? ӕ) Нӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕ абон махӕн цы разамынд дӕтты, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

10 Уыцы рӕстӕджы Иосафат ӕмӕ Иудӕйы адӕм Йегъовӕйӕ разамынд райстой Иахазиилы уылты. Абон мах та ӕххуыс ӕмӕ разамынд исӕм ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах алкӕддӕр хъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ’мгуыст кӕнын ӕмӕ сын аргъ кӕнын. Уымӕн ӕмӕ уыдон бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы дзугмӕ сӕ хъус дарой ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» амындтӕм хъусой (Матф. 24:45; 1 Фес. 5:12, 13).

11, 12. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Иосафат ӕмӕ Иудӕйы адӕмы хабарӕй?

11 Иосафат ӕмӕ йӕ адӕм иумӕ куыд ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йегъовӕйӕ разамынд куыд агуырдтой, цӕй ӕмӕ мах дӕр афтӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ не ’мбырды фембӕлдтӕм ӕнӕсцухӕй цӕуӕм. Исты уӕззау уавӕры куы бахауӕм ӕмӕ куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ зонӕм, уӕд ӕппӕты хуыздӕр уаид Иосафат ӕмӕ Иудӕйы адӕмы бафӕзмын – Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йыл нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕвӕрын (Ӕмб. 3:5, 6; Фил. 4:6, 7). Кӕд не ’мчырыстӕттӕ нӕ цуры нӕ вӕййынц, уӕддӕр Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ фӕзонӕм, иунӕг кӕй не стӕм ӕмӕ нын «ӕгас дунейы дӕр» кӕй ис хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (1 Пет. 5:9).

12 Иосафат ӕмӕ йӕ адӕм байхъуыстой, Хуыцау Иахазиилы уылты цы разамынд радта, уымӕ. Ӕмӕ сын цы бантыст? Уыдон уыцы тохы фӕуӕлахиз сты. Ӕмӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд цингӕнгӕйӕ бацыдысты «Йегъовӕйы хӕдзармӕ хъисфӕндыртимӕ, дыууадӕстӕнон фӕндыртимӕ ӕмӕ уадындзтимӕ» (2 Аз. 20:27, 28). Мах дӕр, Йегъовӕ нын ӕууӕнкджын цагъары уылты кӕй дӕтты, уыцы разамындӕн аргъ кӕнӕм, ӕмӕ йӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кадджын кӕнӕм.

Хорз кӕсут, кӕм ӕмбырд кӕнӕм, уыцы бынӕттӕм

13. Езеки паддзах куы сси, уӕд фыццаг цы сарӕзта?

13 Езеки иу мӕйы йеддӕмӕ паддзах нӕ уыд, афтӕмӕй равдыста, раст диныл ӕнувыд кӕй у. Уый Йегъовӕйы кувӕндоны дуӕрттӕ бакодта ӕмӕ йӕ цалцӕг кӕнынмӕ бавнӕлдта. Езеки сауджынтӕн ӕмӕ левиттӕн бахӕс кодта Хуыцауы хӕдзар бафснайын, ӕмӕ 16 бонмӕ фесты. (Бакӕс 2 Азфыст 29:16–18.) Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, кӕм ӕмбырд кӕнӕм, уыцы бынӕттӕм кӕй зилӕм ӕмӕ сӕ кӕй цалцӕг кӕнӕм. Ӕмӕ сӕм хорз кӕй зилӕм, уымӕй зыны, раст диныл ӕнувыд кӕй стӕм. Уыцы хъуыддаджы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕархайынц ӕмӕ уый иннӕтыл кӕй бандавы, ахӕм цаутӕ куыннӕ фехъуыстаис? Ӕцӕгдӕр, уыдон сӕ зӕрдӕбын куыстӕй стыр кад хӕссынц Йегъовӕйӕн.

14, 15. Абон Йегъовӕйӕн кад цавӕр хъуыддаг хӕссы? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

14 Англисы иу горӕты ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой Паддзахады зал бацалцӕг кӕнын. Фӕлӕ Залы фарсмӕ чи цард, уыцы нӕлгоймаджы уый нӕ фӕндыд. Бынӕттон ӕфсымӕртӕ та йӕм хорз цӕстӕй кастысты. Паддзахады зал ӕмӕ сӕ сыхаджы ’хсӕн цы къул уыди, уый цалцӕг кӕнинаг кӕй у, уый куы федтой, уӕд уыцы лӕгӕн загътой, лӕвар ӕй кӕй бацалцӕг кӕндзысты. Ӕфсымӕртӕ зӕрдӕбынӕй бафыдӕбон кодтой ӕмӕ, зӕгъӕн ис, къулӕн йӕ фылдӕр хай ногӕй самадтой. Ацы хъуыддаг афтӕ кӕй аскъуыддзаг кодтой, уымӕ гӕсгӕ сыхаг Ӕвдисӕнтӕм йӕ ахаст бынтондӕр фӕивта. Ныр уый Паддзахады залмӕ йӕ хъус дары, ӕмӕ афтӕмӕй ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕны.

15 Йегъовӕйы адӕм ӕппӕт дунейы дӕр архайынц арӕзтадон куыстыты. Бынӕттон ӕфсымӕртӕ ӕххӕстрӕстӕг аразджытимӕ ӕнӕзивӕгӕй фӕкусынц, ӕрмӕст Паддзахады залтӕ нӕ, фӕлӕ ма Конгрессты залтӕ ӕмӕ Вефилты бӕстыхӕйттӕ куы фӕаразынц, уӕд. Сэм у инженер. Уый хорз зоны вентиляци, кондиционертӕ ӕмӕ хъармгӕнӕн системӕты куыстытӕ. Йӕ цардӕмбал Рутимӕ уыдысты Европӕ ӕмӕ Африкӕйы цалдӕр бӕстӕйы, цӕмӕй арӕзтадон куыстыты ӕххуыс кодтаиккой. Ӕмӕ-иу кӕмфӕнды ма уыдаиккой, алкуыдӕр-иу бынӕттон хъусынгӕнджытимӕ уацамынды цыдысты. Сэм дзуры, ӕхсӕнадӕмон арӕзтадон куыстыты архайын ӕй цӕмӕн бафӕндыд, уый тыххӕй: «Уымӕ мӕ сразӕнгард кодта, нӕ бӕстӕйы ӕмӕ иннӕ бӕстӕты Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдоны цӕвиттон. Куыд зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ сын уый цы циндзинад хӕссы, уый куы федтон, уӕд мӕн дӕр бафӕндыд Хуыцауӕн афтӕ лӕггад кӕнын».

Хъусут Хуыцауы амындтӕм

16, 17. Хуыцауы адӕм зӕрдиагӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы архайынц ӕмӕ сын цы бантысы?

16 Езеки ӕрмӕст кувӕндон не сцалцӕг кодта, фӕлӕ ма бацархайдта, цӕмӕй адӕм ногӕй райдыдтаиккой Куадзӕн бӕрӕг кӕнын. Израилӕгтӕ та уыцы бӕрӕгбон хъуамӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ бӕрӕг кодтаиккой алы аз дӕр. (Бакӕс 2 Азфыст 30:1, 4, 5.) Езеки ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ Куадзӕнмӕ фӕхуыдтой алкӕйдӕр, цӕгат паддзахады чи цард, суанг уыдоны дӕр. Паддзах йӕ лӕггадгӕнджыты хуынды фыстӕджытимӕ арвыста Израилы алы къуымтӕм (2 Аз. 30:6–9).

17 Мах дӕр фӕстаг азты фӕкӕнӕм ахӕм куыст. Фӕуарӕм рӕсугъд хуынды гӕххӕттытӕ ӕмӕ нӕ территорийы цӕрӕг адӕмы фӕхонӕм Хицауы ӕхсӕвӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ. Уыцы бон бӕрӕг кӕнын та нын бафӕдзӕхста Йесо (Лук. 22:19, 20). Уыцы хъуыддаг куыд кӕнын хъӕуы, уый нын Хъусын кӕныны фембӕлды бацамонынц, ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй бавналӕм. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй цух нӕ ныууадзы. Фарон апарахат кодтам 7 милуаны бӕрц хуынды гӕххӕтты ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ та ӕдӕппӕтӕй ӕрбацыд 17 790 631 адӕймаджы!

18. Алчи дӕр нӕ раст диныл ӕнувыд цӕмӕн хъуамӕ уа?

18 Библийы Езекийы тыххӕй ис фыст: «Уый йӕ ныфс дардта Израилы Хуыцау Йегъовӕйыл; ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхтӕй уый хуызӕн, йӕ размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр, иу дӕр нӕ уыд. Уый Йегъовӕйыл фидар хӕцыд, нӕ дзы аздӕхт, фӕлӕ дарддӕр дӕр ӕххӕст кодта, Йегъовӕ Моисейӕн кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ» (2 Пад. 18:5, 6). Цӕй ӕмӕ мах дӕр афтӕ кӕнӕм. Хуыцауы хӕдзарыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд Йегъовӕйыл фидар хӕцдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм (Дык. з. 30:16).

Ӕвӕстиатӕй архай

19. Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕджы ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй цы бакӕнынц?

19 Иоси паддзах куы уыди, уӕд уый дӕр бацархайдта, цӕмӕй адӕм Куадзӕн сбӕрӕг кодтаиккой ӕмӕ уый тыххӕй алцыдӕр дзӕбӕх бацӕттӕ кодта (2 Пад. 23:21–23; 2 Аз. 35:1–19). Мах дӕр нӕхи рагацау фӕцӕттӕ кӕнӕм облӕстон, районон ӕмӕ иубонон конгресстӕм, стӕй ма Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕр. Иуӕй-иу бӕстӕты ’фсымӕртӕ сӕ цард тӕссаг уавӕры дӕр баппарынц, цӕмӕй Чырыстийы мӕлӕт сбӕрӕг кӕныны тыххӕй иумӕ ӕрӕмбырд уой. Уыцы рӕстӕг ӕнувыд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕппӕтдӕр саразынц, цӕмӕй ӕмбырдӕй рохуаты мачи баззайа. Ацӕргӕтӕ ӕмӕ рынчынтӕн дӕр баххуыс кӕнынц бӕрӕгбонмӕ ’рбацӕуынӕн.

20. а) Паддзах Иосийы рӕстӕджы цы ’рцыд ӕмӕ уый цы бакодта? ӕ) Нӕ зӕрдӕмӕ арф цы хъуамӕ айсӕм?

20 Паддзах Иосийы бардзырдмӕ гӕсгӕ кувӕндоны цалцӕггӕнӕн куыстытӕ куы цыдысты, уӕд хистӕр сауджын Хелки «ссардта, Йегъовӕ Моисейы уылты кӕй радта, уыцы закъоны чиныг». Уый йӕ радта паддзахы писыр Шафанмӕ, Шафан та йӕ бакаст Иосийӕн. (Бакӕс 2 Азфыст 34:14–18.) Иосийыл уый куыд бандӕвта? Уый фырмӕтӕй йӕ уӕлӕдарӕс йӕхиуыл ныскъуыдтӕ кодта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста, цӕмӕй Йегъовӕйы бафарстаиккой, цы сӕ кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Ус-пехуымпар Олдамӕйы уылты Хуыцау фехъусын кодта, Иудӕйы адӕмы дины ӕгъдӕуттӕй йӕ зӕрдӕмӕ кӕцыдӕртӕ кӕй нӕ цыдысты. Фӕлӕ Иоси мӕнгхуыцӕуттӕ фесафыныл кӕй архайдта, уый Йегъовӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕци. Ӕмӕ кӕд ӕппӕт адӕммӕ дӕр стыр бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр Иоси Йегъовӕйы хорзӕх нӕ фесӕфта (2 Аз. 34:19–28). Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах дӕр Иосийау фӕнды Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй архайын. Стӕй ма нӕ ацы цӕвиттон хъӕуы ӕдзух нӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ хорз ӕвдисы, раст динӕй куы аздӕхӕм ӕмӕ Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ куы сивӕм, уӕд нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Иосийау раст диныл ӕнувыд куы уӕм, уӕд махӕй дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзӕн.

21, 22. а) Йегъовӕйы хӕдзарыл ӕнувыд цӕмӕн хъуамӕ уӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм?

21 Иудӕйы цыппар паддзахы – Асӕ, Иосафат, Езеки ӕмӕ Иоси – махӕн хорз цӕвиттон сты, Хуыцауы хӕдзар ӕмӕ раст динмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм, уымӕн. Йегъовӕйыл ӕнувыд кӕй стӕм, уый мах дӕр хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй йыл нӕ ныфс дарӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Зондыл дзурӕг уыдзӕн ӕмӕ амондджын уыдзыстӕм, Хуыцауы амындтӕм куы хъусӕм, стӕй ныл ӕмбырд ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты куыд тыхсы ӕмӕ нын зонд куыд амоны, уымӕн аргъ куы кӕнӕм, уӕд.

22 Иннӕ статьяйы ӕрныхас кӕндзыстӕм, зынгзӕрдӕйӕ куыд хъуамӕ хъусын кӕнӕм, ууыл. Уыцы статья ӕрыгӕттӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уарзӕгой Фыдӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕной. Базондзыстӕм-ма, Сайтаны ӕндӕвдадӕй нӕхи куыд бахизӕм. Йегъовӕйы амындтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр зӕрдӕбынӕй куы хъусӕм, уӕд йӕ Фырт Йесойау зондджынӕй архайдзыстӕм. Библи та уый тыххӕй дзуры: «Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕры» (Пс. 69:9; 119:111, 129; 1 Пет. 2:21).

Бахъуыды кодтай?

• Йегъовӕ цавӕр лӕггадӕн арфӕ кӕны ӕмӕ цӕмӕн?

• Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у?

• Ӕнувыд куы уӕм, уӕд Хуыцауы амындтӕм куыд хъусдзыстӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Асӕ, Иосафат, Езеки ӕмӕ Иоси куыд ӕвдыстой, Йегъовӕйы хӕдзарыл ӕнувыд кӕй уыдысты?