Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз хъуыддӕгтыл дӕ уд хъар!

Хорз хъуыддӕгтыл дӕ уд хъар!

Хорз хъуыддӕгтыл дӕ уд хъар!

«[Йесо] йӕхи радта мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ӕппӕт фыдхъуыддӕгты уацарӕй ӕмӕ йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм» (ТИТ. 2:14).

1. Н. э. 33 азы 10 нисаны Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд цы ’рцыд?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 аз, 10 нисан. Куадзӕнмӕ ма хъӕуы цалдӕр боны. Иерусалимы кувӕндонмӕ ӕрӕмбырд дуне адӕм ӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсынц. Цы ’рцӕудзӕн, Йесо кувӕндонмӕ куы ’рбацӕуа, уӕд? Евангелиты фысджытӕ Матфей, Марк ӕмӕ Лука куыд ныффыстой, афтӕмӕй Йесо кувӕндонмӕ куы ’рбацыд, уӕд дзы уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр дыккаг хатт ратардта. Ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта се стъӕлттӕ, бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та – сӕ бандӕттӕ (Матф. 21:12; Марчы 11:15; Лук. 19:45). Йесо ма афтӕ бакодта ӕртӕ азы размӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ лӕггадыл уӕд куыд ӕнувыд уыди, афтӕ ӕнувыд ыл уыди ныр дӕр (Иоан. 2:13–17).

2, 3. Йесойӕн йӕ ӕнувыддзинад, кувӕндон кӕй ссыгъдӕг кодта, ӕрмӕст уымӕй кӕй нӕу бӕрӕг, уый кӕцӕй зонӕм?

2 Матфей куыд фыссы, афтӕмӕй уыцы рӕстӕг Йесойӕн йӕ ӕнувыддзинад ӕрмӕст уымӕй нӕ рабӕрӕг, ӕмӕ кувӕндон кӕй ссыгъдӕг кодта. Уый ма-иу дзӕбӕх кодта, чи йӕм цыди, уыцы куырмыты ӕмӕ къуылыхты (Матф. 21:14). Лука та дзуры Йесойы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй. «[Йесо] алы бон дӕр кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта» (Лук. 19:47; 20:1). Уӕдӕ Йесо ӕнувыд кӕй уыд, уый хорз зынди, адӕмӕн кӕй хъусын кодта, уымӕй.

3 Фӕстӕдӕр апостол Павел ныффыста Титмӕ ӕмӕ йын бамбарын кодта, Йесо «йӕхи [кӕй] радта мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ӕппӕт фыдхъуыддӕгты уацарӕй ӕмӕ йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм» (Тит. 2:14). Махӕн та нӕ бон куыд у «хорз хъуыддӕгтыл нӕ уд хъарын»? Ӕмӕ нӕ Иудӕйы хорз паддзӕхты цӕвиттонтӕ куыд бафидар кӕндзысты?

Зӕрдиагӕй хъусын кӕн ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕн

4, 5. Иудӕйы цыппар паддзахы хорз хъуыддӕгтыл сӕ уд куыд хъардтой?

4 Асӕ, Иосафат, Езеки ӕмӕ Иоси ӕппӕт тыхтӕй архайдтой Иудӕйы зӕххӕй мӕнгхуыцӕуттӕ фесафыныл. Асӕ «фехӕлдта ӕндӕрбӕстаг нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ кувӕн бынӕттӕ, ныппырх кодта цы дуртӕн куывтой, уыдон ӕмӕ афӕлдӕхта, кӕмӕн куывтой, уыцы цӕджындзтӕ» (2 Аз. 14:3). Иосафат йӕ уд хъардта раст диныл ӕмӕ «Иудӕйы зӕххы кувӕн бынӕттӕ ӕмӕ, кӕмӕн куывтой, уыцы цӕджындзтӕ фехӕлдта» (2 Аз. 17:6; 19:3) *.

5 Езеки Иерусалимы тынг бирӕ адӕмы Куадзӕнмӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ йӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кодтой. Уый фӕстӕ «уым чи уыди, уыцы израилӕгтӕ ацыдысты Иудӕйы горӕттӕм. Уыдон Иудӕ, Вениамин, Ефрем ӕмӕ Манассийы зӕххыты ныппырх кодтой, цы дуртӕн куывтой, уыдон, ракалдтой кӕмӕн куывтой, уыцы цӕджындзтӕ, ӕмӕ фехӕлдтой нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ кувӕн бынӕттӕ, ӕмӕ дзы ӕппындӕр ницыуал ныууагътой» (2 Аз. 31:1). Иоси паддзах сси, аст азы йеддӕмӕ йыл куы нӕ цыди, уӕд. Фыстад дзуры: «Ӕстӕм аз паддзах куы уыди, уӕд, хӕрз ӕрыгонӕй, агурын райдыдта йӕ фыд Давиды Хуыцауы. Дыууадӕсӕм азы та бавнӕлдта, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Иерусалим ссыгъдӕг кодтаид кувӕн бынӕттӕ, дуртӕ, къухӕй конд хуыцӕуттӕ ӕмӕ згъӕрӕй конд цыртсурӕттӕй» (2 Аз. 34:3). Уӕдӕ уыцы цыппар паддзахы хорз хъуыддӕгтыл сӕ уд хъардтой.

6. Нӕ лӕггад цӕмӕн ис абарӕн, Иудӕйы иузӕрдион паддзӕхтӕ цы арӕзтой, уыимӕ?

6 Абон мах дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ссӕрибар уой мӕнг динты ахуырӕдтӕй, стӕй ма мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй дӕр. Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ мах сӕмбӕлӕм алыхуызон адӕмыл (1 Тим. 2:4). Иу чызг, Азийӕ, арӕх ӕрхъуыды кӕны, йӕ мад-иу сӕ хӕдзары тынг бирӕ дзуӕртты нывтӕн куыд куывта, уый. Ацы чызг бамбӕрста, уыцы нывтӕ иууылдӕр ӕцӕг Хуыцаумӕ амоной, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ-иу арӕх куывта, цӕмӕй базыдтаид, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый. Иу бон сын сӕ дуар чидӕр ӕрбахоста. Куы ракаст, уӕд федта дыууӕ Ӕвдисӕны. Уыдон ын загътой, ӕцӕг Хуыцауы кадджын ном Йегъовӕ кӕй у. Куыд тынг бацин кодта, мӕнгхуыцӕуттӕ ӕцӕгдӕр цы сты, уый куы базыдта! Ныр уыцы чызг хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕны ӕмӕ адӕмӕн амоны, Йегъовӕ чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый (Пс. 83:18; 115:4–8; 1 Иоан. 5:21).

7. Иосафаты бонты Иудӕйы зӕххыл чи зылди, уыцы ахуыргӕнджыты нӕ бон бафӕзмын куыд у?

7 Цымӕ хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ фӕархайӕм, цӕмӕй нӕ участокы алы адӕймагимӕ дӕр аныхас кӕнӕм? Иосафат ӕртыккаг аз паддзах куы уыд, уӕд фондз кънйазы, фараст левиты ӕмӕ дыууӕ сауджыны арвыста, цӕмӕй горӕттыл зылдаиккой ӕмӕ адӕмы Йегъовӕйы закъӕттыл ахуыр кодтаиккой. Уыдон сӕ куыст афтӕ бӕстон бакодтой, ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмыхӕттытӕ Йегъовӕйӕ тӕрсын райдыдтой. (Бакӕс 2 Азфыст 17:9, 10.) Мах дӕр нӕ участокты адӕммӕ уыциу бон ӕмӕ уыциу сахат куы нӕ цӕуӕм, уӕд нын фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн, цӕмӕй цӕрджытӕй алкӕимӕ дӕр аныхас кӕнӕм.

8. Куыд у нӕ бон фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнын?

8 Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ныууадзынц сӕ цӕрӕнбынӕттӕ ӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуынц. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ бакӕнын? Ӕндӕр ранмӕ хъусын кӕнынмӕ йӕ бон ацӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн сӕ бон у, нӕ территорийы чи цӕры ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн хъусын кӕнын. Рон арӕх фембӕлы алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмыл. Уый сахуыр кодта салам дӕттын 32 ӕвзагыл! Цӕугӕ та йыл кӕны 81 азы. Иу бон уынджы фембӕлд иу лӕг ӕмӕ иу усыл Африкӕйӕ ӕмӕ сын салам радта сӕ мадӕлон ӕвзаг йорубӕйыл. Уыдон ӕй афарстой, зӕгъгӕ, искуы Африкӕйы уыдтӕ. «Нӕ» сын куы загъта, уӕд та йӕ бафарстой, се ’взагыл дзурын куыд базыдта, уымӕй. Афтӕмӕй Ронӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кодтаид. Лӕг ӕмӕ ус ӕхсызгонӕй райстой цалдӕр журналы ӕмӕ йын сӕ адрис радтой. Рон та сын сӕ адрис радта бынӕттон ӕмбырдтӕй иумӕ, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой.

9. Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй уацамынды Библийӕ стихтӕ кӕсӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Иосафаты бардзырдмӕ гӕсгӕ Иудӕйы зӕххыл чи зылд, уыцы ахуыргӕнджытӕ семӕ ахастой «Йегъовӕйы закъоны чиныг». Ӕгас дунейы дӕр мах адӕмы ахуыр кӕнӕм Библийӕ, уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы Ныхас. Мах фӕархайӕм, цӕмӕй сын ӕвдисӕм, уыцы чиныджы цы фыст ис, уый, ӕмӕ сын афтӕмӕй Библимӕ се ’ргом здахӕм. Иу сылгоймаг нӕ хо Линдӕйӕн загъта, йӕ лӕгӕн кӕй уыди инсульт, ӕмӕ йӕ ныр иунӕгӕй уадзӕн кӕй нал ис. Ус катайгӕнгӕ бафарста: «Ӕз ӕй не ’мбарын, Хуыцау мӕм цӕуыл смӕсты?» Линдӕ йын дзуапп радта: «Иу ахсджиаг хабар дын хъуамӕ зӕгъон». Уый фӕстӕ йын бакаст Иаковы 1:13 ӕмӕ йын загъта: «Нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ хиуӕттыл дӕр исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ Хуыцауы азар баййӕфта». Уыцы ныхӕстӕ сылгоймаджы зӕрдӕмӕ тынг бахъардтой ӕмӕ Линдӕйы йӕ хъӕбысы акодта. Линдӕ зӕгъы: «Уыцы сылгоймаджы ныфс бацыд, Библийӕ йын стих кӕй бакастӕн, уый фӕрцы. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ адӕймагӕн Библийӕ цы стихтӕ бакӕсӕм, уыдон фехъусы фыццаг хатт». Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сылгоймаг райдыдта Библи ахуыр кӕнын.

Зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕрыгӕттӕ

10. Иоси ӕрыгӕттӕн фӕзминаг куыд у?

10 Нӕ зӕрдыл та ӕрлӕууын кӕнӕм паддзах Иосийы цӕвиттон. Уый раст диныл хӕст уыд хӕрз ӕрыгонӕй дӕр, ӕмӕ йыл 20 азы бӕрц куы цыди, уӕд та райдыдта архайын, цӕмӕй Иудӕйӕ мӕнгхуыцӕутты фесӕфтаид. (Бакӕс 2 Азфыст 34:1–3.) Абон дӕр тынг бирӕ ӕрыгӕттӕ афтӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц.

11–13. Абон Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Ханнӕ цӕры Англисы. Скъолайы ахуыр кодта французаг ӕвзаг. 13 азы йыл куы цыди, уӕд фехъуыста, хӕстӕг сӕм цы горӕт ис, уым кӕй фӕзынд къорд французаг ӕвзагыл. Йӕ фыды дӕр бафӕндыд йемӕ уыцы горӕтмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Ныр Ханнӕйыл цӕуы 18 азы. Уый лӕггад кӕны пионерӕй ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕны французаг ӕвзагыл. Дӕуӕн дӕр дӕ бон суаид ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнын?

12 Рейчелы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд видеофильм «Стремись к целям, которые принесут честь Богу». 1995 азы Рейчел Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд куыд хъуыды кодта, уый тыххӕй дзуры: «Мӕнмӕ афтӕ каст, ӕмӕ рӕстдзинад мӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ ауагъта. Фӕлӕ уыцы киномӕ куы бакастӕн, уӕд ӕй бамбӕрстон, бирӕ азты дӕргъы йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй кастӕн. Ӕз хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайон, цӕмӕй рӕстдзинадыл фидар хӕцон, стӕй куыд лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕхӕдӕг Библи куыд ахуыр кӕнын, уымӕ лӕмбынӕгдӕр мӕ хъус дарон». Ныр Рейчел Йегъовӕйӕн ноджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕны. Уый фӕрцы йын цы бантыст? Рейчел дзуры: «Йегъовӕмӕ тынгдӕр баввахс дӕн. Ныр кувынӕн фылдӕр рӕстӕг арын ӕмӕ Хуыцауимӕ ноджы ӕргомдӕр фӕныхас кӕнын. Библи куы фӕахуыр кӕнын, уӕд арфдӕр кӕй фӕхъуыды кӕнын, уымӕ гӕсгӕ мын уый фылдӕр ӕнцойдзинад хӕссы. Библийы цы хабӕртты тыххӕй фӕкӕсын, уыдон мӕ цӕстытыл афтӕ ауайын кӕнын, раст цыма мӕхӕдӕг дӕр уым вӕййын. Афтӕмӕй мӕ лӕггадӕй мӕ зӕрдӕ тынг райы. Стыр удӕнцой мын хӕссы, Йегъовӕйы ныхас адӕмы ныфс кӕй бауадзы, уый».

13 Льюк дӕр у ӕрыгон. Уый та бафидар кодта видеофильм «Вопросы молодежи. Чему посвятить свою жизнь?». Куы йӕм бакаст, уӕд уый фӕстӕ ныффыста: «Мӕ цардыл ныхъхъуыды кодтон. Иннӕты хъуыды мыл раздӕр тынг кӕй ӕндӕвта, уымӕ гӕсгӕ мӕ нырма фӕндыд уӕлдӕр ахуырад райсын ӕмӕ хорз куыст ссарын, стӕй уый фӕстӕ та Хуыцауы хъуыддаджы исты нысӕнттӕ сӕвӕрын. Ахӕм зондахаст адӕймаджы Йегъовӕмӕ ’ввахс нӕ кӕны, фӕлӕ йын йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕны». Ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, уӕ бон нӕ уаид, скъолайы цы базыдтат, уымӕй Ханнӕйау спайда кӕнын ӕмӕ фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнын? Кӕнӕ уӕ бон нӕ уаид Рейчелы бафӕзмын ӕмӕ зӕрдиагӕй тырнын, Хуыцауы ӕцӕгдӕр чи кадджын кӕны, ахӕм нысӕнттӕм? Льюк куыд бакодта, афтӕ кӕнут ӕмӕ уӕхи хизут, ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ цы къӕппӕджыты бахаудысты, уыдонӕй.

Хуыцау нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ зӕрдиагӕй хъус

14. а) Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цавӕр лӕггад цӕуы? ӕ) Абон хӕрзӕгъдау цард кӕнын зын цӕмӕн у?

14 Цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы лӕггад йӕ зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг уой. Пехуымпар Исай фӕдзӕхсы: «Ацӕут, ацӕут! Рацӕут уырдыгӕй ӕмӕ ма бавналут, сыгъдӕг цы нӕу, уымӕ. Йӕ [Вавилоны] астӕуӕй рацӕут, уӕхи мацӕмӕй фӕчъизи кӕнут, сымах, Йегъовӕйы хӕдзары дзаумӕттӕ чи хӕссы, уыдон» (Ис. 52:11). Исай ацы ныхӕстӕ куы ныффыста, уымӕй бирӕ раздӕр хорз паддзах Асӕ хъӕбатырӕй архайдта Иудӕйӕ ӕнӕгъдаудзинад фесафыныл. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 15:11–13.) Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ апостол Павел Титӕн загъта, зӕгъгӕ, Йесо йӕ цард радта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты ссыгъдӕг кодтаид ӕмӕ сӕ скодтаид, «хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъардтаид, ахӕм адӕм» (Тит. 2:14). Абоны сӕфт дунейы ӕнцон нӕу хӕрзӕгъдау цард кӕнын, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн. Уӕдӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр – хъуамӕ къӕрцхъус уой ӕмӕ сӕхи ма фӕчъизи кӕной рекламӕйы, телевизоры, кинонывты ӕмӕ уӕлдайдӕр та Интернеты цы хӕлд нывтӕ вӕййы, уыдонӕй.

15. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт фенӕм?

15 Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уындзыстӕм (Пс. 97:10; Ром. 12:9). Мах хъуамӕ хӕлд нывтӕй не сӕфт уынӕм, цӕмӕй, иу ӕфсымӕр куыд загъта, афтӕмӕй нӕ «сӕхимӕ ма ӕрбалвасой, цы стыр тых сӕм ис, уымӕй». Магнит ӕфсӕйнаг йӕхимӕ цы тыхӕй ӕрбалвасы, уый у стыр тых. Фӕлӕ ноджы стырдӕр тых та хъӕуы ӕфсӕйнаг магнитӕй ахицӕн кӕнынӕн. Уӕдӕ адӕймаг дӕр хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайа, цӕмӕй йӕ хӕлд нывтӕ сӕхимӕ ма ӕрбалвасой. Хӕлд нывтӕм кӕсын цы стыр зиан хӕссы, уый куы ’мбарӕм, уӕд нын ӕцӕгдӕр суыдзысты ӕлгъаг. Иу ӕфсымӕр йӕ тых йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй Интернеты хӕлд нывтӕм мауал кастаид. Уый йӕ компьютер сӕвӕрдта ахӕм ран, йӕ бинонтӕ йӕ куыд уыдтаиккой. Уымӕй уӕлдай ма фидарӕй аскъуыддзаг кодта, кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ зонд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд кӕй хъардзӕн. Фӕлӕ ӕрмӕст ууыл не ’рлӕууыд. Интернеты йӕ йӕ куысты тыххӕй цыдӕртӕ агурын кӕй фӕхъӕуы, уымӕ гӕсгӕ загъта, амӕй фӕстӕмӕ дзы кӕй пайда кӕндзӕн, йӕ ус йӕ цуры куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд.

Цы пайда у хорз уагахаст

16, 17. Нӕ хорз уагахаст нын чи бафиппайы, уыдоныл уый куыд бандавы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Куыд хӕрзӕгъдау сты, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ! Ӕмӕ иннӕты зӕрдӕмӕ уый куыд тынг цӕуы! (Бакӕс 1 Петры 2:12.) Иу нӕлгоймаджы фӕхуыдтой Лондоны Вефилмӕ, цӕмӕй сын сӕ мыхуыргӕнӕн машинӕ сцалцӕг кодтаид. Иу бон йеддӕмӕ дзы нӕ фӕкуыста, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй йӕ цӕстӕнгас бынтондӕр фӕивта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм йӕ ахаст кӕй фӕивта, уый йӕ ус бафиппайдта. Усимӕ та Ӕвдисӕнтӕ ахуыр кодтой Библи. Раздӕр уыцы лӕджы нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕм Ӕвдисӕнтӕ цыдаиккой. Фӕлӕ Вефилӕй куы ’рбацыд, уӕд сӕ ӕппӕлын райдыдта. Уый загъта, зӕгъгӕ, дзы иу адӕймаджы дӕр ӕвзӕр дзыхӕй дзургӕ нӕ федтон. Иууылдӕр уыцы уӕздан ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уыдысты. Уӕлдай тынгдӕр та бадис кодта, ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ куыд зӕрдиагӕй кусынц, ууыл. Стӕй ма йӕм диссаг фӕкаст, мызд дӕр кӕй нӕ исынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ кӕй не ’вгъау кӕнынц, цӕмӕй хорз хабар парахат кӕна.

17 Ӕнӕуи куыстыты дӕр не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты зонынц, зӕрдӕбынӕй чи кусы, ахӕм кусджытӕй (Кол. 3:23, 24). Арӕх сын уый баххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ куыст ма фесафой, уымӕн ӕмӕ сын сӕ хицӕуттӕ фӕаргъ кӕнынц, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уый тыххӕй, ӕмӕ сӕ ахӕм кусджыты фесафын нӕ фӕфӕнды.

18. Хорз хъуыддӕгтыл нӕ уд куыд хъардзыстӕм?

18 Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, йӕ фӕдзӕхстытӕм ын кӕй хъусӕм ӕмӕ, кӕм ӕмбырд кӕнӕм, уыцы бынӕттӕм кӕй зилӕм, уымӕй дӕр ӕвдисӕм, Йегъовӕйы хӕдзарыл ӕнувыд кӕй стӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕнды, гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Ӕрыгӕттӕ стӕм ӕви ацӕргӕтӕ, уӕддӕр, Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ иууылдӕр зондзысты, «хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъары, ахӕм адӕмӕй» (Тит. 2:14).

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Гӕнӕн ис, Асӕ ныппырх кодта, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм куывтой, ӕрмӕст уыцы кувӕн бынӕттӕ, Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыдонмӕ та нӕ бавнӕлдта. Кӕнӕ та сӕ, гӕнӕн ис, Асӕйы хицаудзинады фӕстаг азты ногӕй самадтой, ӕмӕ уыцы кувӕн бынӕттӕ фехӕлдта йӕ фырт Иосафат (1 Пад. 15:14; 2 Аз. 15:17).

Цы базыдтай Библийӕ ӕмӕ абоны цӕвиттонтӕй...

• зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын дӕ бон куыд у, уый тыххӕй?

• ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у хорз хъуыддӕгтыл сӕ уд хъарын, уый тыххӕй?

• ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй дӕ бон фервӕзын куыд у, уый тыххӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Уацамынды Библийӕ арӕх фӕпайда кӕныс?

[Ныв 15 фарсыл]

Скъолайы ӕндӕр ӕвзаг куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнын