Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст цы у, уый дзур

Раст цы у, уый дзур

Раст цы у, уый дзур

«Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый» (ЕФ. 4:25).

1, 2. Ӕцӕгдзинад, йе та раст цы у, уый бирӕтӕ куыд ӕмбарынц?

ӔНУСТЫ дӕргъы дзырддаг у ӕцӕгдзинад, йе та раст цы у, уый. Нӕ эрӕйы размӕ ’хсӕзӕм ӕнусы грекъаг поэт Алкей загъта: «Рӕстдзинад ӕмбӕхст ис сӕны». Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ рӕстдзинад раргом вӕййы, адӕймаг йӕхи сӕнӕй дзӕбӕх куы фены ӕмӕ йе ’взаг куы райхӕлы, уӕд. Фыццаг ӕнусы ромаг хицау Понти Пилат дӕр ацы хабар раст кӕй не ’мбӕрста, уый рабӕрӕг, Йесойы былысчъилӕй куы бафарста: «Ӕцӕгдзинад та цы у?» (Иоан. 18:38).

2 Ӕцӕгдзинады, йе та раст цы у, уый фӕдыл абон дӕр адӕм иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ алы адӕймагӕн дӕр ис йӕхи рӕстдзинад. Иннӕтӕ та, раст цы у, уый фӕдзурынц, сӕхицӕн пайда куы вӕййы, йе та сын зиан кӕй не ’рхӕсдзӕн, уый куы фӕзонынц, уӕд. Иу чиныджы фыст ис: «Адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт уа, уый чи зоны, ӕмӕ тынг хорз у, фӕлӕ цардамӕлттӕ кӕныны сӕраппонд цы хъазуатон тохы бацӕуы, уымӕн ын ницы пайда у. Сайгӕ куы нӕ кӕна, уӕд бирӕ нӕ фӕцӕрдзӕн» («The Importance of Lying»).

3. Йесо, раст цы у, уый куыд дзырдта, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?

3 Куыд тынг хицӕн кӕны Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты зондахаст ахӕм зондахастӕй! Йесо ӕцӕгдзинадмӕ, йе та раст цы у, уымӕ адӕмы цӕстӕй нӕ касти. Йесо алкӕддӕр дзырдта, раст цы у, уый. Уыцы хабар суанг йе знӕгтӕ дӕр бафиппайдтой ӕмӕ уый бӕрӕг у сӕ ныхӕстӕй: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды сайгӕ нӕ кӕныс ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг раст амоныс» (Матф. 22:16). Абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ фӕзмынц Йесойы. Уыдон, раст цы у, уый никуы басусӕг кӕнынц ӕмӕ, апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн цы бафӕдзӕхста, уыимӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ разы кӕнынц. Уый та загъта: «Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый» (Еф. 4:25). Уӕдӕ ’ркӕсӕм, Павелы ныхӕстӕ цы ӕртӕ фарстайы ӕвзӕрын кӕнынц, уыдонмӕ. Фыццаг, кӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, раст цы у, уый? Дыккаг, цы нысан кӕны, раст цы у, уый дзурын? Ӕмӕ ӕртыккаг, нӕ бон куыд у ӕппӕт уыдӕттӕй царды пайда кӕнын?

Кӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, раст цы у, уый?

4. Хионыл кӕй хъуамӕ нымайӕм, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый Йесо, фыццаг ӕнусы дзуттаг дины разамонджытӕй уӕлдай, куыд равдыста?

4 Ныхӕсты, зӕгъгӕ «уӕ алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый», дзырд «иннӕмӕн»-ӕй тӕлмац у грекъаг дзырд плеси́он ӕмӕ комкоммӕ нысан кӕны «хион». Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы дзуттаг дины разамонджытӕй чидӕртӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ плеси́он, йе та хион, схонӕн ис ӕрмӕстдӕр дзуттаджы кӕнӕ та ӕввахс хӕлары. Фӕлӕ Йесо алы хъуыддаджы дӕр фӕзмыдта йӕ Фыды ӕмӕ алцӕмӕдӕр касти уый цӕстӕй (Иоан. 14:9). Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хорз бацамыдта, Хуыцау иу адӕмы иннӕ адӕмӕй уӕлдӕр кӕй не ’вӕры (Иоан. 4:5–26). Уымӕй уӕлдай ма, сыгъдӕг уд апостол Петрӕн раргом кодта иу хъуыддаг: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у» (Ап. хъ. 10:28, 34, 35). Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ ӕппӕт адӕмы дӕр нымайӕм нӕ хиуӕттыл, ӕмӕ нӕм суанг знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны дӕр уарзӕм (Матф. 5:43–45).

5. Цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ, зӕгъгӕ «уӕ алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый»?

5 Фӕлӕ Павелы цы зӕгъын фӕндыд, куы загъта, зӕгъгӕ «уӕ алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый»? Уыцы ныхӕстӕ нысан кӕнынц, хабӕрттӕ ӕцӕгдӕр куыд сты, афтӕ сӕ дзурын, ӕнӕ иу мӕнг ныхасӕй дӕр. Ӕцӕг чырыстӕттӕ хабӕрттӕ нӕ зыгъуыммӕ кӕнынц кӕнӕ сӕ афтӕ нӕ дзурынц, цӕмӕй иннӕты мӕнг хъуыдытыл бафтауой. Уыдон «ӕвзӕрдзинадӕй се сӕфт уынынц», «хорз цы у, ууыл та фидар хӕцынц» (Ром. 12:9). Цӕмӕй «ӕцӕгдзинады Хуыцауы» фӕзмӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм нӕ алы ныхасы дӕр ӕмӕ нӕ алы хъуыддаджы дӕр (Пс. 15:1, 2; 31:5). Зын уавӕры куы бахауӕм кӕнӕ искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕддӕр, нӕ ныхӕстыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон бауыдзӕн хъуыддаг афтӕ банывыл кӕнын, ӕмӕ макӕй фӕсайӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:9, 10.)

6, 7. а) Цымӕ раст, ӕнӕсайд уӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ чифӕнды ма бафӕрса, хъуамӕ йын алцыдӕр радзурӕм? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Чи у ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ кӕмӕн у нӕ бон алцыдӕр дзурын?

6 Цымӕ раст, ӕнӕсайд уӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ чифӕнды ма бафӕрса, хъуамӕ йын алцыдӕр радзурӕм? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд равдыста, чидӕртӕ уый аккаг кӕй не сты, цӕмӕй сын дзуапп радтой йе та сын цыдӕр радзурой. Цӕстмӕхъус дины разамонджытӕ йӕ куы бафарстой, зӕгъгӕ дӕм диссӕгтӕ кӕныны бар кӕцӕй ис, уӕд сын Йесо загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Кӕд мын дзуапп раттат, уӕд уын ӕй ӕз дӕр зӕгъдзынӕн, кӕцӕй мӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар». Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгты дзуапп дӕттын куы нӕ бафӕндыд, уӕд сын Йесо дӕр афтӕ бакодта: «Гъемӕ уын ӕй ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар мӕм кӕцӕй ис, уый» (Марчы 11:27–33). Ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ кӕй кодтой ӕмӕ сӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй йӕхи сӕ разы хӕсджыныл нӕ банымадта ӕмӕ сын сӕ фарстайӕн дзуапп нӕ радта (Матф. 12:10–13; 23:27, 28). Афтӕ абон дӕр, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕхи хизой, раст дин чи ныууагъта, уыдонӕй, стӕй ма, йӕ хиуарзон фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй хин ӕмӕ кӕлӕнӕй чи архайы, уыцы адӕмӕй дӕр (Матф. 10:16; Еф. 4:14).

7 Павел дӕр бамбарын кодта, ахӕм адӕм кӕй ис, ӕмӕ сын сӕ алы фарстайӕн дзуапп дӕттын кӕй нӕ фӕхъӕуы. Уый загъта, зӕгъгӕ, уыдон «сӕхи адӕмы хъуыддӕгты тъыссынц ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ дзурынц» (1 Тим. 5:13). Йӕхи иннӕты хъуыддӕгты чи тъыссы кӕнӕ йӕ дзыхы чи ницы уромы, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайынц, иннӕты сӕ цуры исты дзурын кӕй нӕ фӕфӕнды. Хуыздӕр нӕ уаид Павелы уынаффӕмӕ хъусын: «Уӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрут, ӕмӕ уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ сабырӕй цӕрут, алчидӕр уӕ йӕхи хъуыддаг кӕнӕд» (1 Фес. 4:11). Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгты, ’мбырды сыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнгӕйӕ, хатт бахъӕуы кӕйдӕрты сӕ царды хабӕрттӕй бафӕрсын. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн стыр ӕххуыс уыдзӕн, истӕмӕй нӕ куы фӕрсой, уӕд сын, раст цы у, уый куы дзурӕм (1 Пет. 5:2).

Раст цы у, уый уӕ бинонты раз дзурут

8. Бинонтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый куы дзурой, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнгом уой?

8 Адӕймаг ӕппӕты ӕнгомдӕр вӕййы йӕ бинонтимӕ. Цӕмӕй адджынӕй цӕрой, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ иу иннӕйӕн, раст цы у, уый дзура. Нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм ӕмӕ нӕ хӕдзаронтимӕ нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, семӕ ӕргом, хӕларзӕрдӕ ныхас куы кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы нӕ сайӕм, уӕд. Зӕгъӕм, куы фӕрӕдийӕм, уӕд цымӕ фӕрахъуыды-бахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ мӕ цардӕмбал, мӕ сывӕллӕттӕ йе та мӕ бинонтӕй ӕндӕр искӕмӕн мӕ рӕдыд зӕгъон ӕви нӕ, ууыл? Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ хатыр куы курӕм, уӕд уый фӕрцы фӕрнӕй ӕмӕ ӕмудӕй цӕрдзыстӕм. (Бакӕс 1 Петры 3:8–10.)

9. Кӕд раст цы у, уый дзурӕм, уӕддӕр ӕлхыскъ ӕмӕ гуырымыхъхъ ныхас цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм?

9 Раст цы у, уый дзурын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ хъуамӕ ӕлхыскъ, ӕнӕхсӕст ныхас кӕнӕм кӕнӕ та алцыдӕр комкоммӕ дзурӕм. Адӕймаг гуырымыхъхъ ныхас куы кӕна, уӕд ын уый йӕ ныхас кадджындӕр нӕ фӕкӕндзӕн. Павел загъта: «Фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныууадзут. Ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ уын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:31, 32). Уӕзданӕй куы фӕдзурӕм, уӕд кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдон нын нӕ ныхӕстӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц, стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, кӕй сӕ нымайӕм, уый (Матф. 23:12).

Раст цы у, уый ӕмбырды дзурут

10. Раст цы у, уый дзурын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

10 Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы дзырдта, уӕд-иу кодта хуымӕтӕг ӕмӕ ’ргом ныхас. Исты-иу сын куы амыдта, уӕд-иу уый алыхатт дӕр арӕзта уарзгӕйӕ. Фӕлӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ балхӕныны тыххӕй мӕнг ныхас никуы загъта, алкӕддӕр дзырдта, раст цы у, уый (Иоан. 15:9–12). Зӕгъӕм, йӕ апостолтӕ арӕх быцӕу кодтой, стырдӕр сӕ чи у, ууыл. Ӕмӕ сын Йесо дӕр фидарӕй, фӕлӕ фӕлмӕнӕй ӕмбарын кодта, кӕй хъуамӕ уой сӕрныллӕг (Марчы 9:33–37; Лук. 9:46–48; 22:24–27; Иоан. 13:14). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр абон кӕд рӕстдзинадыл фидар хӕцынц, уӕддӕр «Хуыцауы дзугӕн» сӕхи хицӕуттӕ нӕ кӕнынц (Марчы 10:42–44). Уыдон Чырыстийы фӕзмынц, ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц мӕнӕ ацы уынаффӕ: «Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут».

11. Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’взагӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм?

11 Ӕфсымӕртимӕ зӕрдӕргом ныхас кӕнгӕйӕ семӕ ӕгӕр комкоммӕ куы нӕ дзурӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ хъуыдытӕ дӕр дзурын, ӕмӕ хъыг дӕр никӕй фӕкӕндзыстӕм. Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй «не ’взаг сӕрдасӕнау цыргъ» макуы уа ӕмӕ иннӕты зӕрдӕтыл хъӕдгӕмттӕ макуы уадзӕм гуырымыхъхъ ӕмӕ ӕнӕхсӕст ныхӕстӕ кӕнгӕйӕ (Пс. 52:2; Ӕмб. 12:18). Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ «нӕхи хъахъхъӕндзыстӕм, нӕ дзыхӕй ӕвзӕрдзинад куыд нӕ цӕуа ӕмӕ не ’взагыл мӕнг ныхас куыд нӕ уа» (Пс. 34:13). Цы дзурӕм, ууыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уымӕй кад хӕссӕм Хуыцауӕн ӕмӕ ахъаз кӕнӕм ӕмбырды иудзинадӕн.

12. Исчи мӕнг ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд ӕмбырды комитеты уыцы хъуыддаг кӕд фӕхъӕуы ӕвзарын? Бамбарын ӕй кӕн.

12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй ӕмбырд бахъахъхъӕной, мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, ахӕм адӕмӕй. (Бакӕс Иаковы 3:14–16.) Ахӕм адӕмы фӕфӕнды иннӕтӕн исты разиан кӕнын, мӕты сӕ бафтауын, йе та сын сӕ ныфс асӕттын. Фӕлӕ ам дзырд ууыл нӕ цӕуы, ӕмӕ цыдӕр раст нӕ загътой кӕнӕ хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕнг ныхас кӕнын ӕвзӕр у. Фӕлӕ исчи мӕнг ныхас куы фӕзӕгъы, уӕд уыцы хъуыддаг алы хатт ӕмбырды комитеты ӕвзарын нӕ фӕхъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой арфуынӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ, стӕй уӕззау зондӕй архайой, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, мӕнг ныхас чи загъта, уыцы адӕймаг афтӕ арӕх ӕмӕ барӕй фӕкӕны ӕви нӕ. Хъуамӕ ма базоной, цымӕ уыцы хъуыддагмӕ ӕмбырды комитеты хъӕуы ’ркӕсын ӕви фаг уыдзӕн, уыцы адӕймагӕн Фыстадӕй фидарӕй, фӕлӕ уарзгӕйӕ уынаффӕ раттын?

Раст цы у, уый куыстимӕ баст хъуыддӕгты дзурут

13, 14. а) Иуӕй-иутӕ сӕ куысты хицӕутты куыд асайынц? ӕ) Адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг куы уа, уӕд уый цӕмӕн фӕахъаз уыдзӕн?

13 Мах цӕрӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр мӕнгард ӕмӕ сайӕгой куы сты, уыцы рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ хатт ӕнцон нӕ вӕййы куысты хицауӕн раст цы у, уый дзурын. Бирӕтӕ куыстагурӕг куы бацӕуынц, уӕд арӕх гӕдыныхӕстӕ дӕр ракӕнынц. Зӕгъӕм, анкетӕ байдзаг кӕнын сӕ куы фӕхъӕуы, уӕд асайынц ӕмӕ раст нӕ ныффыссынц, цас фӕкуыстой ӕмӕ сӕм цавӕр ахуырад ис, уый тыххӕй. Афтӕ та уымӕн бакӕнынц, цӕмӕй сын хуыздӕр бынат радтой кӕнӕ та сын фылдӕр мызд фидой. Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ кусджытӕй бирӕтӕ куысты афон сӕхи хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, кӕд уый куыстуаты ӕгъдӕутты ныхмӕ вӕййы, уӕддӕр. Уыдон, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ куыстмӕ чи нӕ хауы, ахӕм ӕрмӕг кӕсой, сӕхи хъуыддӕгты фӕдыл телефонӕй ныхас кӕной, компьютерӕй фыстӕджытӕ ӕрвитой йе та Интернеты истытӕ агурой.

14 Адӕймаг раст, ӕнӕсайд уа, уый ӕцӕг чырыстӕттӕ, ӕрмӕст сӕхимӕ чи хауы, ахӕм хъуыддагыл нӕ нымайынц. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19.) Павел загъта: «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзут. 13:18). Уӕдӕ кӕд хицау мызд ӕнӕхъӕн куысты бонӕн фиды, уӕд чырыстӕттӕ дӕр фӕкусынц ӕнӕхъӕн бон (Еф. 6:5–8). Ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй кусӕм, уымӕй кад хӕссӕм нӕ уӕларвон Фыдӕн (1 Пет. 2:12). Ӕркӕсӕм Робертойы цӕвиттонмӕ, цӕры Испанийы. Йӕ куысты хицау дзы райгонд у, ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕмӕ зӕрдӕргъӕвдӕй кӕй кусы, уый тыххӕй. Роберто ахӕм хорз кусӕг кӕй у, уый тыххӕй ма хицау куыстмӕ ӕндӕр Ӕвдисӕнты дӕр райста. Уыдон дӕр сӕхи хорз равдыстой. Цалдӕр азмӕ Роберто куыст ссардта 23 ӕфсымӕр ӕмӕ, Библи чи ахуыр кодта, 8 ахӕм адӕймагӕн.

15. Чырыстон ӕхцайы куыст куы кӕна, уӕд раст цы у, уый куыд хъуамӕ дзура?

15 Кӕд ӕхцайы куыст кӕнӕм, уӕд нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Цымӕ нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй фӕкӕнӕм ӕви хатт, хабӕрттӕ ӕцӕгдӕр куыд сты, уый иннӕтӕн не схъӕр кӕнӕм?» Чырыстон ахӕм куыст куы кӕна, уӕд ӕфтиаг райсыны тыххӕй хъуамӕ йӕ товарӕй кӕнӕ цы лӕггӕдтӕ кӕны, уыдонӕй ма ’ппӕла, йе та дзы кӕд исты зӕрдӕхсаинаг у, уӕд ӕй ма сусӕг кӕна. Чырыстонӕн уый бар нӕй, цӕмӕй искӕмӕн гӕртам дӕтта ӕмӕ йӕ хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр ма иса. Нӕхицӕн нӕ цы фӕнды, уый нӕ хъуамӕ фӕнда иннӕтӕн дӕр (Ӕмб. 11:1; Лук. 6:31).

Раст цы у, уый хицӕуттӕн дзурут

16. Цӕмӕй бӕрӕг у чырыстӕттӕ коммӕгӕс кӕй сты: а) хицӕуттӕн? ӕ) Йегъовӕйӕн?

16 Йесо загъта: «Кесӕры цы у, уый кесӕрӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матф. 22:21). Кесӕрӕн, йе та хицӕуттӕн, цы хъуамӕ дӕттӕм? Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд дзырд цыди хъалонтӕ фидыныл. Чырыстӕттӕ ацы хабар сӕ зӕрдыл дарынц ӕмӕ ’ххӕст кӕнынц сӕ бӕстӕйы закъӕттӕ, уыимӕ хъалонтӕ фидынмӕ чи хауы, уыдон дӕр,– афтӕмӕй Хуыцау ӕмӕ адӕмы раз сӕ цӕсгом у сыгъдӕг (Ром. 13:5, 6). Фӕлӕ Йегъовӕ Дунедарӕг ӕмӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый мах нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзӕм (Марчы 12:30; Рарг. 4:11). Уымӕ гӕсгӕ мах нӕхи ӕгасӕй дӕр радтам Йегъовӕ Хуыцауӕн. (Бакӕс Псалом 86:11, 12.)

17. Йегъовӕйы адӕм хицауадӕй исты ӕххуыс райсынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

17 Бирӕ бӕстӕты хицауад ӕхцайӕ йе та ӕндӕр истӕмӕй фӕкӕсы, мӕгуыр кӕнӕ ӕххуысхъуаг чи у, уыцы адӕммӕ. Ӕмӕ чырыстон дӕр ахӕм ӕххуыс райса, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, ӕцӕг ӕм кӕд ӕмбӕлы, уӕд. Раст цы у, уый дзурын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ исты ӕххуыс райсыны тыххӕй мах хицӕутты раз мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм.

Ӕнӕзӕрдӕхудт чи у, уый арфӕгонд уыдзӕн

18–20. Ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уый нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

18 Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Афтӕмӕй нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг, нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы та ӕрӕнцайдзӕн фарн (Ӕмб. 14:30; Фил. 4:6, 7). Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг цӕсгомӕн ис стыр аргъ. Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд нӕ тӕрсдзыстӕм, исчи нын нӕ хъуыддӕгтӕ кӕй базондзӕн, уымӕй (1 Тим. 5:24).

19 Ӕркӕсӕм-ма ӕндӕр арфӕдзинадмӕ дӕр. Павел загъта: «Алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый: [...] ӕцӕг цы у, уый дзурӕм» (2 Кор. 6:4, 7). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый зыны иу Ӕвдисӕны хабарӕй, цӕры Британийы. Не ’фсымӕры фӕндыд йӕ машинӕ ауӕй кӕнын. Ӕлхӕнӕг ӕм куы бацыд, уӕд ын машинӕйы тыххӕй алцыдӕр радзырдта: хорз цӕмӕй у ӕмӕ дзы цы хъӕндзинӕдтӕ ис, уый, суанг зынгӕ чи нӕ кодта, уыдоны тыххӕй дӕр. Машинӕйыл иу гыццыл куы арацу-бацу кодтой, уӕд ӕлхӕнӕг не ’фсымӕры бафарста, мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Афтӕ йӕ цӕмӕн бафарста? Уымӕн ӕмӕ федта, не ’фсымӕр раст цы у, уый кӕй дзырдта, ӕмӕ йӕ конд дӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй уыди. Ныхас сын бацайдагъ ӕмӕ йын не ’фсымӕр дӕр Йегъовӕйы тыххӕй радзырдта.

20 Цымӕ мах дӕр, хӕрзӕгъдау, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уымӕй не Сфӕлдисӕгӕн кад хӕссӕм? Павел загъта: «Мах ныууагътам, сусӕгӕй цы худинаджы хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, уыдон, ӕмӕ хинӕй нӕ архайӕм» (2 Кор. 4:2). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, ӕмӕ иннӕтӕн, раст цы у, уый дзурӕм. Афтӕмӕй кадджын кӕндзыстӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕ адӕмы.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Кӕмӕн хъуамӕ дзурӕм, раст цы у, уый?

• Цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ, зӕгъгӕ «уӕ алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, раст цы у, уый»?

• Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд Хуыцауы куыд кадджын кӕндзыстӕм?

• Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ нын ӕрхӕссы, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм, уый?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Гыццыл рӕдыдыл дӕр басӕттыс?

[Ныв 18 фарсыл]

Куыстагурӕг бацӕугӕйӕ, раст цы у, уый фӕдзурыс?