Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уарзондзинады «ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл» цӕуыс?

Уарзондзинады «ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл» цӕуыс?

Уарзондзинады «ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл» цӕуыс?

«ХУЫЦАУ у уарзондзинад». Апостол Иоанн ацы ныхӕстӕй ӕргом здахы Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуӕгмӕ (1 Иоан. 4:8). Хуыцау адӕмы бирӕ уарзы. Растдӕр нын уыцы уарзондзинад дӕтты фадат, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕнӕм ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ суӕм. Хуыцауы уарзондзинад ма нӕ царды куыд ахады? Иу чидӕр загъта: «Мах цы уарзӕм, уый нӕ удыхъӕдыл тынг фӕзыны». Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ ма ныл уымӕй уӕлдай ӕндавынц, кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ чи уарзы, уыдон дӕр. Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уый фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы уарзондзинад фӕзмын (Райд. 1:27). Апостол Иоанн фыста, зӕгъгӕ, мах Хуыцауы уымӕн уарзӕм, ӕмӕ нӕ раздӕр уый бауарзта (1 Иоан. 4:19).

Уарзондзинадмӕ чи амоны, цыппар ахӕм дзырды

Апостол Павел уарзондзинад схуыдта «ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг» (1 Кор. 12:31). Уарзондзинады тыххӕй афтӕ цӕмӕн загъта? Цавӕр уарзондзинады кой кодта Павел? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм, дзырд «уарзондзинад» цы нысан кӕны, уымӕ.

Рагон грекъаг ӕвзаджы уарзондзинад афыссынӕн пайда кодтой цыппар дзырдӕй: сторге́, э́рос, фили́а ӕмӕ ага́пе. Хуыцау уарзондзинад кӕй у, дзырд ууыл куы фӕцӕуы, уӕд фӕпайда кӕнынц дзырд ага́пе-йӕ *. Профессор Уильям Баркли ахӕм уарзондзинады тыххӕй йӕ чиныджы ныффыста: «Ага́пе баст у зондимӕ: уый нӕу, нӕ зӕрдӕты ӕнӕнхъӕлӕджы чи фӕзыны, ахӕм ӕнкъарӕн; уый у, нӕ цард зонгӕ-зонын кӕмӕ гӕсгӕ аразӕм, ахӕм уагӕвӕрд. Ага́пе ӕнгом баст у фӕндонимӕ» («New Testament Word»). Ацы контексты ага́пе у, уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм уарзондзинад, фӕлӕ ма арӕх равдисы тыхджын ӕнкъарӕнтӕ дӕр. Царды хорз ӕмӕ ӕвзӕр уагӕвӕрдтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ архайой хорз уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ – Йегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг Библийы кӕй ныффыссын кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Дзырд ага́пе иннӕ дзырдтимӕ – Библийы уарзондзинадмӕ чи амоны, уыцы дзырдтимӕ – куы абарӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, цавӕр уарзондзинад хъуамӕ ӕвдисӕм, уый.

Уарзондзинад бинонты ’хсӕн

Царды адджын, ӕмуд бинонтӕй хуыздӕр ницы ис! Бинонтӕ кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ фӕдарынц, уый равдисынӕн-иу грекъӕгтӕ арӕх пайда кодтой дзырд сторге́-йӕ. Чырыстӕттӕ архайынц сӕ бинонты уарзыныл. Павел загъта, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» * (2 Тим. 3:1, 3).

Бинонтӕ кӕрӕдзи цы уарзтӕй хъуамӕ уарзой, уый абон, хъыгагӕн, нал ис. Уыйбӕрц сылгоймӕгтӕ аборт цӕмӕн скӕнынц? Уыйбӕрц адӕм сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм сӕ хъус цӕуылнӕ дарынц? Уыйбӕрц адӕмӕн сӕ бинонты цард цӕмӕн хӕлы? Ӕппӕт уыдӕттӕ цӕуынц, бинонты ’хсӕн уарзондзинад кӕй нал ис, уый аххосӕй.

Уымӕй уӕлдай ма Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр... ницы ис» (Йер. 17:9). Бинонты хъӕуы уарзын, зӕрдӕйы хъармӕй сӕ тавын. Фӕлӕ банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ Павел, лӕг йӕ усы цы уарзтӕй хъуамӕ уарза, уый кой кӕнгӕйӕ кӕй спайда кодта дзырд ага́пе-йӕ. Павел уыцы уарзондзинад абарста, Чырысти ӕмбырд цы уарзтӕй уарзы, уыимӕ (Еф. 5:28, 29). Уыцы уарзондзинад ӕнцайы, Йегъовӕ, бинонты Бындурӕвӕрӕг, цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдоныл.

Нӕ бинонты сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм нӕ хъус дарӕм ӕмӕ ныл нӕ сывӕллӕтты раз цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнӕм. Уыцы уарзондзинад ма ныййарджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной, ӕмӕ куы хъӕуа, уӕд сӕ ӕфхӕргӕ дӕр кӕной. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахӕм уарзтӕй кӕй уарзынц, уый фӕрцы сӕ сывӕллӕтты ӕгӕр нӕ буц кӕнынц ӕмӕ сын «ма кӕн» дӕр фӕзӕгъынц (Еф. 6:1–4).

Монцуарзт ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ

Ӕмкъайады чи ис, ахӕм лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы, уый ӕцӕгдӕр у Хуыцауы лӕвар (Ӕмб. 5:15–17). Фӕлӕ Хуыцауы фӕндӕй Библи чи фыста, уыдон не спайда кодтой дзырд эрос-ӕй, монцуарзтмӕ чи амоны, уыцы дзырдӕй. Цӕуылнӕ? Цалдӕр азы размӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фыст уыди: «Зӕгъӕн ис, ӕмӕ абон ӕнӕхъӕн дуне дӕр цӕуы рагон грекъӕгты фӕндагыл ӕмӕ уыдонау рӕдийы. Уыдонӕн Эрос сси, нывондхӕссӕны раз кӕмӕ куывтой ӕмӕ нывӕндтӕ кӕмӕн хастой, ахӕм хуыцау. [...] Фӕлӕ рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй адӕмы искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны йеддӕмӕ куы ницыуал фендавы, уӕд ӕгъдаухӕлд фӕвӕййынц, чъизи митыл бафтынц ӕмӕ бынтондӕр фесӕфынц. Ӕмӕ, Библи чи фыста, уыдон дӕр, чи зоны, уый тыххӕй не спайда кодтой дзырд „эрос“-ӕй». Цӕмӕй нын искӕй рӕсугъддзинад нӕ сӕр ма разилын кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ монцуарзты рохтыл фидар хӕцӕм. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн: «Ацы адӕймаджы сонтуарзт кӕнын ӕви йӕ ӕцӕгдӕр уарзын?»

Ӕрыгӕттӕн сӕ буары монцтӕ тынг тыхджын куы вӕййынц, уыцы рӕстӕг чырыстон чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд се ’фсарм нӕ фӕчъизи кӕндзысты (Кол. 3:5). Мах ӕмкъайд нымайӕм Йегъовӕйы стыр лӕварыл. Йесо лӕгтӕ ӕмӕ устыты тыххӕй загъта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6). Чырыстон лӕг ӕмӕ ус, афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, иумӕ уыдзыстӕм, цалынмӕ кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ цӕуӕм, уӕдмӕ. Уыдон кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый никуы фӕсайынц. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл нӕ фӕархайынц. Фӕлӕ ӕппӕт тыхтӕй фӕархайынц, цӕмӕй, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытӕ ӕвдисой ӕмӕ сӕ бинонтӕ амондджын уой. Афтӕ куы кӕной, уӕд ӕцӕгдӕр амондджын уыдзысты (Еф. 5:33; Дзут. 13:4).

Уарзондзинад ӕмбӕлтты ’хсӕн

Ӕнӕ ӕмбӕлттӕй цард царды ад нӕ кӕнид! Библийы иу ӕмбисонд дзуры: «Иуӕй-иу ӕмбал ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр вӕййы» (Ӕмб. 18:24). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын уа ӕцӕг ӕмбӕлттӕ. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Давид ӕмӕ Ионафан кӕрӕдзийы цӕрайӕ цардысты (1 Сам. 18:1). Библи ма зӕгъы, зӕгъгӕ, апостол Иоанн уыд, «Йесо кӕй уарзта», уыцы ахуыргӕнинаг (Иоан. 20:2). Дзырд «уарзын»-ӕй тӕлмац ӕрцыд грекъаг дзырд фили́а, ӕмӕ ма уый нысан кӕны «хӕлардзинад» дӕр. Ӕмбырды дын ӕввахс ӕмбал куы уа, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ 2 Петры 1:7 стих нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «не ’фсымӕртыл ӕнувыд кӕй стӕм» (филаделфи́а), уый баххӕст кӕнӕм «уарзондзинадӕй» (ага́пе). Дзырд филаделфи́а арӕзт у дыууӕ хайӕ: фи́лос («ӕмбал») ӕмӕ аделфо́с («ӕфсымӕр»). Уӕдӕ нын хорз ӕмбал уа, уый тыххӕй хъуамӕ ацы уынаффӕмӕ хъусӕм. Хорз уаид нӕхи куы бафӕрсиккам: «Ме ’мбӕлттӕм цы зӕрдӕ дарын, уый, Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоны ныхмӕ нӕу?»

Хуыцауы Ныхас нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй не ’мбӕлттӕй макӕй хъулон кӕнӕм. Мах нӕ фӕнды, ӕмӕ иутӕм иу цӕстӕй кӕсӕм, иннӕтӕм та – ӕндӕр, ома не ’мбӕлттӕн алцыдӕр хатыр кӕнӕм, иннӕтӕй та ӕгӕр бирӕ домӕм. Стӕй зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ дӕр никӕмӕн фӕкӕнӕм. Ӕмӕ иуыл ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хӕлӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм, хорз ӕгъдӕуттӕ чи халы, ахӕм ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй (1 Кор. 15:33).

Уарзондзинады фидар тӕгтӕ!

Чырыстӕттӕ кӕрӕдзийыл цы уарзондзинады тӕгтӕй баст сты, уыдон ницӕимӕ ис абарӕн! Апостол Павел фыста: «Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин. [...] Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй» (Ром. 12:9, 10). Чырыстӕттӕн сӕ уарзт (ага́пе) ӕцӕгдӕр у ӕнӕхин. Уыцы уарзондзинад, нӕ зӕрдӕйы цы ’нкъарӕнтӕ сӕвзӕры, ӕрмӕст уый нӕу. Уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнцайы Библийы уагӕвӕрдтыл. Фӕлӕ ма Павел дзуры, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ «уарзӕм ӕфсымӕртау» (филаделфи́а), стӕй ма «фӕлмӕн уарзтӕй» дӕр (фило́сторгос – дыууӕ хайӕ конд дзырд фи́лос ӕмӕ сторге́). Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ «ӕфсымӕртау уарзын» нысан кӕны «кӕйдӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзын, хорз зӕрдӕ йӕм дарын ӕмӕ йын ӕнӕзивӕгӕй ӕххуыс кӕнын». Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзи ахӕм уарзтӕй кӕй уарзынц, стӕй ма сӕм ага́пе дӕр кӕй ис, уый фӕрцы цӕрынц ӕмвӕнд-ӕмзондӕй (1 Фес. 4:9, 10). Иннӕ дзырд фило́сторгос – «фӕлмӕн уарзтӕй» тӕлмац дзырд – Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу хатт, ӕмӕ амоны ’ввахс, ӕнгом ахастытӕм, зӕгъӕм, бинонты ’хсӕн чи вӕййы, ахӕм ахастытӕм *.

Ӕцӕг чырыстӕтты кӕрӕдзийыл цы уарзондзинады тӕгтӕ бӕттынц, уыдон иууылдӕр ӕнцайынц Библийы уагӕвӕрдтыл. Ӕмӕ уыцы уарзондзинадмӕ хауы, бинонтӕ кӕрӕдзи цы уарзтӕй фӕуарзынц, уый дӕр, стӕй ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд вӕййынц, уый дӕр. Чырыстон ӕмбырд нӕу цавӕрдӕр хиирхӕфсӕн клуб, йе та ӕндӕр ахӕм исты организаци. Уый у, Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм бинонтӕ. Мах не ’мчырыстӕтты хонӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ сӕм ахӕм ахаст дӕр уымӕн дарӕм. Семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уарзӕм сӕ ’мбӕлттау, стӕй семӕ цӕрӕм, Библи чырыстӕттӕн цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр фидар кӕнӕм ӕцӕг чырыстӕтты чи бӕтты ӕмӕ чырыстон ӕмбырд бӕрӕг кӕмӕй дары, уыцы тӕгтӕ (Иоан. 13:35).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Дзырд ага́пе-йӕ ма фӕпайда кӕнынц, ныхас исты ӕнӕраст хъуыддӕгтыл куы фӕцӕуы, уӕд дӕр (Иоан. 3:19; 12:43; 2 Тим. 4:10; 1 Иоан. 2:15–17).

^ 7 абз. Дзырдбастӕй «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» (а́ сторгои) тӕлмац ӕрцыд грекъаг дзырд сторге́-йы иу формӕ ӕппӕрццаг разӕфтуан а-имӕ, нысан кӕны «ӕнӕ». Кӕс ма Ромӕгтӕм 1:31.

^ 18 абз. «Ног дунейы тӕлмац»-ы ма ӕндӕр грекъаг дзырдтӕ дӕр ивд ӕрцыдысты дзырдбаст «фӕлмӕн уарзтӕй». Уымӕ гӕсгӕ ацы дзырдбаст ӕрмӕст Ромӕгтӕм 12:10 не ’мбӕлы, фӕлӕ ма Филиппӕгтӕм 1:8 дӕр.

[Хицӕнгонд текст 12 фарсыл]

Цы уарзондзинады тӕгтӕ нӕ бӕттынц, уыдон фидар кӕнынӕн цы аразыс?