Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бузныгзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у

Бузныгзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у

Бузныгзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у

ЙЕГЪОВӔ, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд, не ’ппӕтыл дӕр ауды. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, уый йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕуылдӕр тынг кӕй тыхсы (1 Пет. 5:7). Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у, бирӕ хъуыддӕгты нын кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕй – афтӕмӕй йын нӕ бон у иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын (Ис. 48:17). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йе ’ххуысӕй пайда кӕнӕм, уӕлдайдӕр та зын уавӕрты бахаугӕйӕ. Уыцы хъуыддаг хорз зыны Моисейы Закъонӕй.

Закъоны фӕрцы Йегъовӕ Хуыцау тыхсти «мӕгуыртыл», зӕгъӕм, сидзӕртӕ, идӕдзтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтыл (Лев. 19:9, 10; Дык. з. 14:29). Уый зоны, йӕ лӕггадгӕнджыты кӕрӕдзийы ӕххуыс кӕй фӕхъӕуы (Иак. 1:27). Уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕна, Йегъовӕ кӕй разӕнгард кӕны, уыдоны ӕххуысыл сразы уа ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ нын хорзы куы бацӕуынц, уӕд нын уымӕ хъуамӕ уа раст ахаст.

Фыстад ма нын ӕмбарын кӕны, Хуыцауы адӕмӕн дӕр сӕ бон кӕй у, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕной. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо Иерусалимы кувӕндоны цы мӕгуыр идӕдз усы федта, уый (Лук. 21:1–4). Ӕвӕццӕгӕн, идӕдз усӕн дӕр ӕххуыс кодта, Йегъовӕ йе стыр уарзтӕй Закъоны цы ныффыссын кодта, уый. Уым фыст уыди, идӕдзтыл кӕй хъӕуы аудын, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд уыцы идӕдз ус йӕхӕдӕг фӕкӕсинаг уыди, уӕддӕр ӕй мах бахъуыды кодтам, исгӕ чи кодта, ахӕм адӕймагӕй нӕ, фӕлӕ дӕтгӕ чи кодта, ахӕм адӕймагӕй. Рӕдау кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уыд амондджын, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Ап. хъ. 20:35). Цымӕ дӕуӕн та дӕ бон куыд у, цӕмӕй уай рӕдау ӕмӕ амондджын? (Лук. 6:38).

Йегъовӕйы «хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?»

Псаломзарӕггӕнӕг хъуыды кодта: «Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (Пс. 116:12). Цавӕр хорздзинӕдты кой кодта? Йегъовӕ йын ӕххуыс кодта, «бӕллӕхтӕ ӕмӕ мӕстытӕ» куы ӕвзӕрста, уӕд. Уымӕй уӕлдай ма йын Йегъовӕ йӕ «уд мӕлӕтӕй» бахызта. Ӕмӕ йӕ ныр фӕндыд Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ истӕмӕй бафидын. Уый йӕ бон куыд уыди бакӕнын? Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Йегъовӕйӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн» (Пс. 116:3, 4, 8, 10–14). Уый аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйӕн цы загъта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ разы цы хӕстӕ ис, уыдон дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн.

Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ архайын. Куыд? Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕргӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕг у, цӕмӕй дын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Стӕй ма дӕ хъус дар, цӕмӕй дын алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы сыгъдӕг уд разамынд дӕтта (Еккл. 12:13; Гал. 5:16–18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон никуы суыдзӕн Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ иууылдӕр бафидын. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон у, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕныс, уый (Ӕмб. 27:11). Цӕй стыр кад у Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ афтӕмӕй рухс кӕнын!

Ӕххуыс кӕн ӕмбырды хӕрзӕбонӕн

Чырыстон ӕмбырд нӕ пайдайӕн бирӕ цыдӕртӕ кӕй аразы, ууыл не ’ппӕт дӕр сразы уыдзыстӕм. Йегъовӕ ӕмбырды уылты дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Ды базыдтай рӕстдзинад, ӕмӕ дӕ уый ссӕрибар кодта мӕнг уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ «талынгдзинадӕй» (Иоан. 8:32). «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» бацӕттӕ кӕны конгресстӕ ӕмӕ фембӕлдтӕ. Уым цы зонындзинӕдтӕ райсыс, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕхи цӕстӕй фенай, рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ кӕм нӕ уыдзӕн, уыцы ӕнусон цард (Матф. 24:45–47). Цымӕ, Хуыцауы ӕмбырды уылты цы арфӕдзинӕдтӕ райстай, стӕй нырма кӕй райсдзынӕ, уыдон банымайӕн ис? Дӕуӕн та дӕ бон цы у ӕмбырды хӕрзӕбонӕн аразын?

Апостол Павел ныффыста: «Фӕлӕ кӕрӕдзийӕн дзурӕм, раст цы у, уый, уарзондзинады куыд рӕзӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр буарӕн йӕ сӕр Чырыстийы хуызӕн куыд суӕм. Дарддӕр уымӕй рӕзы ӕгас буар дӕр: буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл хӕцынц ӕмӕ иумӕ сӕ куыст кӕнынц алыхуызон нуӕртты фӕрцы; уыцы нуӕрттӕй алкӕцыдӕр кӕны йӕхи куыст, буары алы уӕнг дӕр куыд архайы, уымӕ гӕсгӕ – ӕмӕ афтӕмӕй буар ӕгасӕй дӕр рӕзы ӕмӕ фидар кӕны уарзондзинады» (Еф. 4:15, 16). Кӕд ацы стихтӕ сӕйраджыдӕр сӕрст чырыстӕттӕм хауынц, уӕддӕр, цы уагӕвӕрдыл ӕнцайынц, уый ахӕссӕн ис ӕппӕт чырыстӕттӕм дӕр. О, алы чырыстонӕн дӕр йӕ бон у ӕххуыс кӕнын ӕмбырды хӕрзӕбонӕн ӕмӕ йӕ рӕзтӕн. Куыд?

Зӕгъӕм, мах фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн алкӕддӕр ныфсы хос уӕм ӕмӕ сын удӕнцой хӕссӕм (Ром. 14:19). «Буары» рӕзтӕн ма ахъаз кӕндзыстӕм, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм ӕмӕ сӕ куы ӕвдисӕм, уӕд (Гал. 5:22, 23). Уымӕй уӕлдай ма архайдзыстӕм, цӕмӕй «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтау кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Гал. 6:10; Дзут. 13:16). Ӕмбырды чидӕриддӕр ис, уыдонӕй алкӕмӕндӕр – хотӕн дӕр ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр, ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр – сӕ бон у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй «буар» рӕза ӕмӕ фидар кӕна уарзондзинады.

Нӕ бон ма у нӕ курдиӕттӕ, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй, ӕмбырд цы цард ирвӕзынгӕнӕн куыст кӕны, уый размӕ цӕуа. «Лӕвар райстат»,– загъта Йесо Чырысти. Уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм? «Лӕвар дӕттут»,– загъта уый (Матф. 10:8). Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы (Матф. 24:14; 28:19, 20). Ӕмӕ кӕд дӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕд та? Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Йесо кӕй кой кодта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы. Йӕ бон бирӕ нӕ уыд, фӕлӕ Йесо загъта, уый алкӕмӕй дӕр фылдӕр кӕй радта. Йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ уый радта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый (2 Кор. 8:1–5, 12).

Раст зӕрдӕйы уаг дын уӕд

Гӕнӕн ис, дӕхи дӕр бахъӕуа ӕмбырды ӕххуыс. Абон цард бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны, ӕмӕ дӕм ӕмбырд тыхст рӕстӕг йе ’ххуысы къух куы бадара, уӕд-иу ма фефсӕрмы кӕн уыцы ӕххуыс райсын. Йегъовӕ бацархайдта, цӕмӕй фӕлтӕрд ӕмӕ ӕнувыд нӕлгоймӕгтӕ «хизой Хуыцауы ӕмбырд» ӕмӕ дын ӕххуыс кӕной дӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ фӕразынӕн (Ап. хъ. 20:28). Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты фӕнды, цӕмӕй дын зын уавӕрты баххуыс кӕной, ныфс дӕ бауадзой ӕмӕ дӕ бахъахъхъӕной (Гал. 6:2; 1 Фес. 5:14).

Фӕлӕ дын ӕмбырд куы ӕххуыс кӕна, уӕд уыцы хъуыддагмӕ хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсай. Де ’мчырыстӕттӕй исчи дӕ фарсмӕ куы балӕууа, уӕд дзы алкӕддӕр бузныг у. Йӕ рӕдаудзинад ын банымай Хуыцауы стыр хорзӕхыл (1 Пет. 4:10). Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы адӕмӕй бирӕтау ӕбузныг уӕм.

Ӕмбаргӕ у

Павел Филиппты ӕмбырдмӕ фысгӕйӕ Тимофейы тыххӕй загъта: «Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса». Фӕлӕ ма стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Иннӕтӕ иууылдӕр, сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кӕнынц, Йесо Чырыстийыл нӕ, фӕлӕ» (Фил. 2:20, 21). Уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнӕм?

Исты зындзинадыл сӕмбӕлгӕйӕ де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс куы фӕкурыс, уӕд сӕ фӕхъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй дӕм лӕмбынӕг байхъусой. Ӕрмӕст хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсай, дӕ курдиат дын ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзысты. Цӕуылнӕ? Бахъуаджы сахат нын не ’фсымӕртӕй исчи ӕхцайӕ кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй куы баххуыс кӕна, уӕд дзы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бузныг уыдзыстӕм. Фӕлӕ цымӕ ахӕм ӕххуыс домын хъӕуы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Хъуамӕ ма ӕмбаргӕ уӕм ӕндӕр хъуыддаджы дӕр: нӕ уарзӕгой ӕфсымӕртӕ нын кӕд алкӕддӕр ӕхсызгонӕй баххуыс кӕнынц, уӕддӕр сӕхи бар у, цас рӕстӕг нын рахицӕн кӕндзысты, уый, ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕгӕр бирӕ ма домӕм. Уымӕн ӕмӕ мах фӕнды, цӕмӕй нын не ’мчырыстӕттӕ нӕ тыхст рӕстӕг ӕвӕндонӕй ма ӕххуыс кӕной, фӕлӕ зӕрдӕйӕ.

Дзырд дӕр ыл нӕй, дӕ хотӕ ӕмӕ дӕ де ’фсымӕртӕ ӕвӕгӕссӕгӕй кӕй никуы ныууадздзысты. Фӕлӕ уыдонӕн алы хатт сӕ бон не суыдзӕн дӕ курдиӕттӕ сӕххӕст кӕнын. Хабар афтӕ куы рауайа, уӕд дӕ фидар ныфс уӕд, цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлай, Йегъовӕ дӕ кӕй никуы ныууадздзӕн, псаломзарӕггӕнӕджы куыд нӕ ныууагъта, афтӕ (Пс. 116:1, 2; Фил. 4:10–13).

Уӕдӕ дын Йегъовӕ цы ’ххуыс дӕтты, уый бузныгзӕрдӕйӕ ис, уӕлдайдӕр та уӕззау ӕмӕ тыхст рӕстӕджыты (Пс. 55:22). Уый фӕнды, цӕмӕй афтӕ кӕнай. Фӕлӕ ма йӕ уый дӕр фӕнды, ӕмӕ «зӕрдиагӕй дӕттай», рӕдау уай. Уымӕ гӕсгӕ дӕхицӕн дӕ «зӕрдӕйы... зӕгъ», дӕ уавӕрты дӕ бон цас у, уыйас кӕй архайдзынӕ, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаг размӕ цӕуа (2 Кор. 9:6, 7, фип.). Афтӕмӕй бузныгзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау уыдзынӕ.

[Рамкӕ/Нывтӕ 31 фарсыл]

«Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (Пс. 116:12).

▪ Архай «алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразыныл»

▪ Иннӕтӕн алкӕддӕр ныфсы хос у ӕмӕ сын удӕнцой хӕсс

▪ Дӕ бон цы у, уый араз ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы