Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Раст дин ахуыр кӕны хӕрзӕгъдаудзинадыл

Раст дин ахуыр кӕны хӕрзӕгъдаудзинадыл

Раст дин ахуыр кӕны хӕрзӕгъдаудзинадыл

РАСТ дин адӕймаджы разӕнгард кӕны, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтыл хъуыды кӕна ӕмӕ йын амоны, хорзырдӕм куыд фӕива, уый. Ӕххуыс ын кӕны, цӕмӕй раст цы у, уый араза ӕмӕ цӕмӕй йӕ хорз миниуджытӕ ноджы тынгдӕр рабӕрӕг уой. Афтӕ кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, н. э. фыццаг ӕнусы апостол Павел Коринфы (Греци) чырыстӕттӕм цы ныффыста, уымӕ. Уыцы рагон горӕт зындгонд уыди йе ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕй. Павел ныффыста: «Нӕдӕр хӕтаг адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ; нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр зыд адӕймӕгтӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ; нӕдӕр, иннӕты чи ӕлгъиты ӕмӕ адӕмы чи стигъы, уыдон – Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты». Стӕй ма ныффыста: «Ӕмӕ сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты. Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг стут ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы» (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Куыд уынӕм, афтӕмӕй, раздӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон раст дины фӕрцы сӕ цард фӕивтой ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын райдыдтой.

Фӕлӕ Библи фӕдзӕхсы: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ раст ахуырадӕн нал быхсдзысты, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ахуыргӕнджытӕй ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕмты» (2 Тимофеймӕ 4:3).

Ды цы динтӕ зоныс, уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Библи хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ архайынц? Ӕви Хуыцауы Ныхас хорз ӕмӕ ’взӕрыл цы нымайы, уый ницӕмӕ дарынц, ӕмӕ адӕмӕн дзурынц, «сӕ хъустӕн ӕхсызгон» чи сты, ахӕм ныхӕстӕ?

Цавӕрдӕр дин хорз «дыргътӕ» хӕссы ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй ахъуыды кӕн, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

Бинонты цард.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Йӕ бинонты цард сымахӕй алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон» (Дзуттӕгтӕм 13:4).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдон дӕр афтӕ дзурынц, лӕг ӕмӕ усӕн ӕнӕмӕнг загс кӕй хъуамӕ уа?

Хицӕн кӕнын.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: Чырыстийы куы бафарстой, хицӕн кӕнӕн цӕй тыххӕй ис, уӕд загъта: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:9).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдон дӕр Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ хицӕн кӕнын ӕмӕ ног бинонтӕ скӕныны бар ӕрмӕстдӕр хӕтындзинады тыххӕй дӕттынц?

Ӕнӕгъдаудзинад.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Дард лидзут хӕтындзинадӕй. Адӕймаг цыфӕнды тӕригъӕд ма ракӕна, уый йӕ буармӕ ницы бар дары, фӕлӕ хӕтгӕ чи кӕны, уый та йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы» (1 Коринфӕгтӕм 6:18).

«Сӕ сылгоймӕгтӕ ныууагътой, ӕрдзӕй сын лӕвӕрд цы у, уый – нӕлгоймагимӕ цӕрыны ӕгъдау, ӕмӕ амӕй-ай хӕлддӕр митыл бафтыдысты. Афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр ныууагътой, ӕрдзӕй сын лӕвӕрд цы у, уый – сылгоймагимӕ цӕрыны ӕгъдау, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ монцӕй судзынц – нӕлгоймаг нӕлгоймагмӕ, ӕмӕ кӕнынц алы хӕлд митӕ, ӕмӕ сӕм сӕ тӕригъӕдты тыххӕй цы ’мбӕлы, сӕ сӕр уый баййафы» (Ромӕгтӕм 1:26, 27).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдон дӕр афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, гомосексуалисттӕ ӕмӕ хӕтгӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд аразынц?

Библийы закъӕттӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнын.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: «Иумӕйагӕй уын мацы уӕд, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй хӕтаг кӕнӕ зыд адӕймаг чи у, кӕнӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, иннӕты чи ӕфхӕры, расыггӕнаг чи у кӕнӕ адӕмы чи стигъы, уыимӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр ма бадут» (1 Коринфӕгтӕм 5:11). Йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл чи нымайы, фӕлӕ тӕригъӕдтӕ чи аразы ӕмӕ сыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны хабар та куыд хъуамӕ уа? Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Ӕвзӕргӕнӕджы уе ’хсӕнӕй фӕсурут» (1 Коринфӕгтӕм 5:13).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдон дӕр се ’хсӕнӕй ацух кӕнынц, Библийы закъӕттӕ чи халы ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны?

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Кӕцы диныл хӕст адӕм ӕххӕст кӕнынц, Библи хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон?