Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнусон цард зӕххыл – Хуыцауӕй лӕвӕрд ныфс

Ӕнусон цард зӕххыл – Хуыцауӕй лӕвӕрд ныфс

Ӕнусон цард зӕххыл – Хуыцауӕй лӕвӕрд ныфс

«Хуыцауы сконд дуне ӕгасӕй дӕр баци ницӕйаг царды хай... ныфсимӕ» (РОМ. 8:20).

1, 2. а) Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс махӕн ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Бирӕты цӕуылнӕ уырны, адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты?

ӔВӔЦЦӔГӔН ӕй хъуыды кӕныс, фидӕны нӕм цы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыстай, уӕд куыд бацин кодтай, уый. Ды базыдтай, тагъд рӕстӕджы зӕронд дӕр кӕй ничиуал кӕндзӕн ӕмӕ мӕлгӕ дӕр, стӕй адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты (Иоан. 17:3; Рарг. 21:3, 4). Ӕвӕццӕгӕн дын ӕхсызгон уыди Библийӕ уыцы ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дзурын. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны ныфс у, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн йӕ ахсджиаг хӕйттӕй иу. Уыцы ныфс ӕндавы, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, нӕ цард куыд аразӕм ӕмӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ куыд фӕархайӕм, ууыл.

2 Чырыстон динтӕн сӕ фылдӕр ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс ӕппындӕр ницӕмӕ дарынц. Библийы фыст ис, уд кӕй амӕлы, аргъуантӕ та дзурынц бынтон ӕндӕрхуызон, зӕгъгӕ, дам, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд, ӕмӕ буары мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы (Иез. 18:20). Уымӕ гӕсгӕ бирӕты нӕ уырны, адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты. Уый фӕдыл ӕвзӕры фарста: Библийы уыцы ныфсы тыххӕй ӕцӕгдӕр исты фыст ис? Кӕд о, уӕд ӕй Хуыцау адӕмӕн фыццаг хатт кӕд раргом кодта?

«Баци ницӕйаг царды хай... ныфсимӕ»

3. Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыди, уый куыд рабӕрӕг, фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы сфӕлдыста, уӕд?

3 Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыди, уый рабӕрӕг, фыццаг лӕг ӕмӕ усы куы сфӕлдыста, уӕд. Хуыцау бӕлвырд бамбарын кодта, Адам ӕнустӕм кӕй цардаид, йӕ коммӕ куы кастаид, уӕд (Райд. 2:9, 17; 3:22). Бӕгуыдӕр, Адамы фыццаг байзӕддӕгтӕ базыдтой, адӕм се ’ххӕстдзинад кӕй фесӕфтой, уый. Уыцы хабар цӕстӕй дӕр уыди фенӕн: Едемы цӕхӕрадонмӕ бахизӕн нал уыд, адӕм та райдыдтой зӕронд кӕнын ӕмӕ мӕлын (Райд. 3:23, 24). Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ адӕмӕн сӕ цард цыбырӕй-цыбырдӕр кодта. Адам фӕцард 930 азы. Доны хъаймӕты чи фервӕзт, уыдонӕй иу, Сим, фӕцард ӕрмӕстдӕр 600 азы, йӕ фырт Арфаксад та – 438 азы. Авраамы фыд Фаррӕ рацард 205 азы. Авраам йӕхӕдӕг фӕцард 175 азы, йӕ фырт Исахъ – 180 азы, Иаков та – 147 азы (Райд. 5:5; 11:10–13, 32; 25:7; 35:28; 47:28). Бирӕтӕ бамбӕрстаиккой, адӕм къаддӕр цӕрын кӕй райдыдтой, уыцы хабар цӕуыл дзурӕг уыди, уый – ӕнусон царды ныфс фесӕфт! Цымӕ ма сӕ бон ӕууӕндын уыди, искуы та ногӕй ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, ууыл?

4. Рагзаманты цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕн ӕууӕндыдысты, Адам цы арфӕдзинӕдтӕ фесӕфта, уыдонӕй та сӕ Хуыцау фӕстӕмӕ кӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл?

4 Хуыцауы Ныхас дзуры: «Хуыцауы сконд дуне ӕгасӕй дӕр [адӕм] баци ницӕйаг царды хай... ныфсимӕ» (Ром. 8:20). Цавӕр ныфсы кой цӕуы ам? Библийы фыццаг пехуымпарады фыст ис, калмы сӕр чи ныцъцъӕл кӕндзӕн, уыцы «байзӕддаджы» тыххӕй. (Бакӕс Райдиан 3:1–5, 15.) Байзӕддаг кӕй фӕзындзӕн, уый иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ныфс лӕвӕрдта, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй нӕ фӕивдзӕн. Уый фӕрцы Авел, Ной ӕмӕ ма иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕууӕндыдысты, Адам цы арфӕдзинӕдтӕ фесӕфта, уыдонӕй та сӕ Хуыцау фӕстӕмӕ кӕй схайджын кӕндзӕн. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрстой: Байзӕддаджы зӕвӕтыл калм кӕй фӕхӕцдзӕн, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ туг кӕй хъуамӕ ныккӕла (Райд. 4:4; 8:20; Дзут. 11:4).

5. Авраам райгасдзинадыл кӕй ӕууӕндыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

5 Ӕркӕсӕм-ма Авраамы цӕвиттонмӕ. Фӕлвӕрд куы цыди, уӕд «зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исахъы... йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхаста» (Дзут. 11:17). Авраам уыцы хъуыддагыл цӕмӕн сразы? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:19.) Уымӕн ӕмӕ ӕууӕндыд райгасдзинадыл! Ӕмӕ Авраам ууыл куыннӕ хъуамӕ ӕууӕндыдаид! Йегъовӕ йын ногӕй ахӕм хъомыс радта, цӕмӕй та йын цот рацыдаид, ӕмӕ сын йӕ ус Саррӕимӕ зӕрондӕй фырт райгуырд (Райд. 18:10–14; 21:1–3; Ром. 4:19–21). Стӕй ма Авраамӕй рох нӕ уыд, Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕр: «Дӕ байзӕддаг кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн» (Райд. 21:12). Уымӕ гӕсгӕ Авраам ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ Исахъы кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл.

6, 7. а) Йегъовӕ Авраамимӕ цавӕр бадзырд сарӕзта? ӕ) Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый адӕмӕн ныфс куыд дӕтты?

6 Авраам фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йемӕ бадзырд сарӕзта, ӕмӕ уыцы бадзырд баст уыди йӕ «байзӕддагимӕ», йе та йӕ цотимӕ. (Бакӕс Райдиан 22:18.) Фӕстагмӕ рабӕрӕг, «байзӕддаг» сӕйраджыдӕр Йесо Чырысти кӕй у (Гал. 3:16). Йегъовӕ Авраамӕн загъта, йӕ цот кӕй сбирӕ уыдзысты, раст «арвыл стъалытӕ ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ», ома йӕ Авраам нӕ зыдта, цас уыдзысты, уый (Райд. 22:17). Фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕ нымӕц раргом. «Байзӕддагмӕ» хауынц Йесо Чырысти ӕмӕ, йемӕ йӕ Паддзахады чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы 144 мин адӕймаджы (Гал. 3:29; Рарг. 7:4; 14:1). Растдӕр Мессийӕйы Паддзахады фӕрцы «арфӕгонд уыдзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр».

7 Авраамӕн йӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕ уыд, Йегъовӕ йемӕ цы бадзырд сарӕзта, уымӕн йӕ нысаниуӕг. Фӕлӕ уӕддӕр, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, уый «ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис,... уыцы сахармӕ» (Дзут. 11:10). Уыцы сахар у Хуыцауы Паддзахад. Цӕмӕй Авраам Паддзахады арфӕдзинӕдтӕй схайджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ ногӕй цӕра. Ӕмӕ зӕххыл та ӕнустӕм цӕрдзӕн райгасдзинады фӕрцы. Ӕнустӕм цӕрыны фадат ма уыдзӕн, Армагеддоны сӕрты чи ахиза ӕмӕ, Хуыцау кӕй райгас кӕна, уыдонӕн дӕр (Рарг. 7:9, 14; 20:12–14).

«Хуыцауы тых мын дзурын кӕны»

8, 9. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иовы чиныг, цавӕрдӕр адӕймаджы зындзинӕдты кой чи кӕны, ӕрмӕст ахӕм радзырд нӕу?

8 Иов царди, Авраамы фырты фырт Иосиф куы амард ӕмӕ Моисей пехуымпар куы нӕма сси, уыцы рӕстӕг. Иовы чиныг, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста Моисей. Уым фыст ис, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй Иов хъизӕмар кодтаид ӕмӕ, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн, уый тыххӕй. Фӕлӕ Иовы чиныг, цавӕрдӕр адӕймаджы зындзинӕдты кой чи кӕны, ӕрмӕст ахӕм радзырд нӕу. Уым дзырд цӕуы, зӕдтӕм дӕр ӕмӕ адӕммӕ дӕр чи хауы, уыцы дзырддаг фарстайыл. Уыцы чиныджы ма фыст ис, Йегъовӕ йӕ бартӕй раст кӕй пайда кӕны ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй архайы, уый. Стӕй ма ӕмбарын кӕны, Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты ӕнаипдзинад ӕмӕ сӕ ӕнусон царды ныфс баст кӕй у, Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уыимӕ. Кӕд Иов ацы дзырддаг фарстайы тыххӕй ӕппындӕр ницы зыдта, уӕддӕр йе ’ртӕ ӕмбалимӕ не сразы, афтӕ йын куы загътой, зӕгъгӕ, де ’наипдзинад нӕ бахъахъхъӕдтай (Иов 27:5). Ацы хабар нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, нӕ бон кӕй у не ’наипдзинад хъахъхъӕнын ӕмӕ Хуыцауы хицаудзинады фарс лӕууын.

9 Иовы ӕртӕ «ныфсӕвӕрӕджы» дзырд куы фесты, уӕд «дзурын райдыдта Вузы байзӕддаг Варахиилы фырт Елиуй». Цы йӕ сразӕнгард кодта? «Мӕ зӕгъинӕгтӕ ӕрӕмбырд сты,– загъта уый,– Хуыцауы тых мын дзурын кӕны, мӕ мидӕг цы ис, уый» (Иов 32:5, 6, 18). Елиуй Хуыцауы фӕндӕй цы загъта, уый сӕххӕст, Иов йӕ бӕллӕхтӕй куы фервӕзт, уӕд. Фӕлӕ ма йӕ ныхӕстӕ хауынц иннӕ адӕммӕ дӕр, ӕмӕ ныфс уадзынц, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, уыдонӕй алкӕйдӕр.

10. Цӕмӕй у бӕрӕг, хатт Йегъовӕ иу адӕймагӕн цы фехъусын кӕны, уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр кӕй фӕхауы?

10 Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ Йегъовӕ иу адӕймагӕн цы фехъусын кӕны, уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр фӕхауы. Уый хорз зыны Данелы пехуымпарадӕй. Данел дзуры, зӕгъгӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор фыны федта, стыр бӕлас куыд акалдтой, уый (Дан. 4:10–27). Кӕд уыцы фын Навуходоносорыл сӕххӕст, уӕддӕр ма амыдта ноджы стырдӕр хъуыддагмӕ. Уый амыдта, Хуыцау зӕххыл ногӕй кӕй паддзахиуӕг кӕндзӕн, н. э. размӕ 607 азӕй куы рацӕуа 2 520 азы, уӕд *. Хуыцау та уӕдмӕ зӕххыл хицауиуӕг кодта, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй цы паддзӕхтӕ уыд, уыдоны уылты. Хуыцау зӕххы хицау кӕй у, уый та ногӕй сбӕлвырд, 1914 азы Йесо Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд. Ахъуыды-ма кӕн, коммӕгӕс адӕм цӕмӕ бӕллынц, уый тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад куыд сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл!

«Фервӕзын ӕй кӕн, ма йӕ бауадз ингӕнмӕ ныххизын!»

11. Елиуйы ныхӕстӕй Хуыцауы тыххӕй цы базыдтам?

11 Елиуй Иовимӕ ныхас кӕнгӕйӕ скодта «минӕвар, ӕхсӕны лӕг, минӕй иу, адӕймагӕн, раст цы у, уый чи зӕгъа», уый кой. Цымӕ ацы минӕвар Хуыцауӕн куы балӕгъстӕ кӕна ӕмӕ дзы йӕ хорзӕх куы ракура, уӕд цы уыдзӕн? Елиуй дзуры: «Уӕд ӕм уый [Хуыцау] хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Фервӕзын ӕй кӕн, ма йӕ бауадз ингӕнмӕ ныххизын! Ӕз ссардтон, цӕмӕй йӕ балхӕнон, уый [ахӕсты аргъ]! Уадз йӕ буар суӕд, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр, уадз йе ’взонджы бонтӕм раздӕхӕд“» (Иов 33:23–26). Ацы ныхӕстӕй зыны, Хуыцау цӕттӕ кӕй у ахӕсты аргъ райсынмӕ. Уый фӕрцы хатыргонд цӕуынц, чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ (Иов 33:24).

12. Елиуйы ныхӕстӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр цавӕр ныфс дӕттынц?

12 Елиуй, ӕвӕццӕгӕн, кӕронмӕ не ’мбӕрста, ахӕсты аргъы тыххӕй цы загъта, уый, раст пехуымпар Данел цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдон кӕронмӕ куыд не ’мбӕрста, афтӕ (Дан. 12:8; 1 Пет. 1:10–12). Фӕлӕ уӕддӕр Елиуйы ныхӕстӕ ӕргом кӕнынц, иубон Хуыцау ахӕсты аргъыл кӕй батыхсдзӕн, ӕмӕ адӕм кӕй нал зӕронд кӕндзысты ӕмӕ кӕй нал мӕлдзысты. Елиуйы ныхӕстӕй зыны, адӕммӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн – ӕнусон цард. Иовы чиныджы ма фыст ис, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй дӕр (Иов 14:14, 15).

13. Елиуйы ныхӕстӕ чырыстӕттӕм куыд хауынц?

13 Елиуйы ныхӕстӕ ма хауынц, Хуыцау ацы цардӕвӕрд куы сафа, уӕд удӕгасӕй кӕй баззайдзысты, ууыл йӕ ныфс чи дары, уыцы чырыстӕттӕй милуантӕм дӕр. Чи фервӕза, уыцы адӕмы ’хсӕн цы ацӕргӕ адӕймӕгтӕ уа, уыдон фӕстӕмӕ се ’взонджы бонтӕм раздӕхдзысты (Рарг. 7:9, 10, 14–17). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цин кӕнынц, кӕй фендзысты, чи райгас уа, уыдон бонӕй-бонмӕ куыд ӕрыгондӕр кӕндзысты, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕрст чырыстӕтты ӕнӕмӕлгӕ цард уӕларвыл ӕмӕ «ӕндӕр фысты» ӕнусон цард зӕххыл кӕнгӕ у, Чырыстийы нывондыл ӕууӕндынц ӕви нӕ, уымӕй (Иоан. 10:16; Ром. 6:23).

Мӕлӕт зӕххӕй фесӕфдзӕн

14. Цӕмӕй израилӕгтӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс уыдаид, уый тыххӕй сӕ Моисейы Закъоны тӕрхонӕй ссӕрибар кӕнын кӕй хъуыди, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

14 Йегъовӕ Хуыцау Авраамы байзӕддӕгтимӕ бадзырд куы скодта, уӕд уыдон систы хӕдбар адӕм. Йегъовӕ сын Закъон куы лӕвӕрдта, уӕд сын загъта: «Мӕ закъӕттӕ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕймаг куы ’ххӕст кӕна, уӕд цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы» (Лев. 18:5). Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ бон Закъоны ӕххӕст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ Закъон амыдта сӕ тӕригъӕдтӕм ӕмӕ сын тӕрхон кодта. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы тӕрхонӕй ссӕрибар уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди, Моисейы Закъонӕй стырдӕр тых кӕмӕн уыди, ахӕм цыдӕр. (Бакӕс Галатӕгтӕм 3:13.)

15. Хуыцауы фӕндӕй Давид цавӕр арфӕдзинады тыххӕй ныффыста?

15 Йегъовӕ ма Моисейӕ уӕлдай ӕнусон царды ныфсы тыххӕй ныффыссын кодта Библийы иннӕ фысджытӕн дӕр (Пс. 21:4; 37:29). Зӕгъӕм, псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста псалом, ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ Сионы хохыл ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй цӕрынц, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй уым уа арфӕдзинад ӕмӕ цард ӕнустӕм» (Пс. 133:3).

16. «Ӕгас зӕхмӕ» дӕр цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Йегъовӕ Исайы уылты цы загъта?

16 Йегъовӕ Исайӕн дӕр бахӕс кодта, цӕмӕй, зӕххыл ӕнусон цард кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй ныффыстаид. (Бакӕс Исай 25:7, 8.) Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт адӕмӕн сты уӕззау уаргъау, сулӕфын сӕ чи нӕ уадзы, ахӕм «ӕмбӕрзӕнау», кӕнӕ къуымбил хъӕццулау. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ’вӕры, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт «ӕгас зӕххӕй» дӕр кӕй фесафдзӕн.

17. Цы хъуамӕ сарӕзтаид Мессийӕ, цӕмӕй ӕнусон цардмӕ фӕндаг бакодтаид?

17 Ӕркӕсӕм-ма, Моисейы Закъоны азазелы сӕгъы тыххӕй цы фыст уыд, уымӕ дӕр. Хистӕр сауджын-иу афӕдз иу хатт, Сыгъдӕггӕнӕн боны рӕстӕджы йӕ дыууӕ къухы дӕр ӕрӕвӕрдта удӕгас сӕгъы сӕрыл ӕмӕ-иу радзырдта Израилы фыртты ӕппӕт рӕдыдтыты тыххӕй, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Ӕмӕ-иу ӕппӕт уыцы тӕригъӕдтӕ сӕвӕрдта сӕгъы сӕрыл ӕмӕ-иу сын уыцы сӕгъ сӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр йемӕ ахаста ӕдзӕрӕг быдырмӕ (Лев. 16:7–10, 21, 22). Исай загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн Мессийӕ ӕмӕ уый дӕр ахӕм хӕс кӕй сӕххӕст кӕндзӕн – ахӕсдзӕн бирӕты «низтӕ», «рыст» ӕмӕ «тӕригъӕдтӕ», ӕмӕ афтӕмӕй ӕнусон цардмӕ фӕндаг бакӕндзӕн. (Бакӕс Исай 53:4–6, 12.)

18, 19. Цавӕр ныфсы тыххӕй дзырдӕуы Исайы 26:19 ӕмӕ Данелы 12:13?

18 Йегъовӕ Исайы уылты Израилы адӕмӕн загъта: «Чи дын амард, уыдон цӕрдзысты. Мард мын чи у, уыдон сыстдзысты. Райхъал ут ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕнут, сыджыты чи ис, уыдон! Де ’ртӕх у, бӕгъайыл цы ӕртӕх вӕййы, уый хуызӕн, ӕмӕ зӕхх йӕ хуылфӕй раппардзӕн, йӕ мидӕг чи ис, уыцы мӕрдты» (Ис. 26:19). Дзуттаг Фыстытӕй ирдӕй зыны, райгасдзинад ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уый. Зӕгъӕм, Данелыл 100 азы бӕрц куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Ды... ӕрӕнцайдзынӕ, фӕлӕ фӕстаг бонты дӕ хал райсынмӕ рабаддзынӕ» (Дан. 12:13).

19 Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл Марфӕ дӕр ӕууӕндыд. Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йе ’фсымӕры тыххӕй загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд» (Иоан. 11:24). Цымӕ райгасдзинады ныфс Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй ныффыстой, уыцы ныхӕстӕ фӕивтой? Цымӕ Йегъовӕ абон дӕр адӕмӕн ӕнусон цардӕй зӕрдӕ ӕвӕры? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм иннӕ статъяйӕ.

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. Кӕс чиныг «Внимайте пророчеству Даниила!», 6 сӕр.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цавӕр ныфс ис адӕмы – «ницӕйаг царды хай» чи бацис, уыдоны?

• Авраам райгасдзинадыл кӕй ӕууӕндыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

• Елиуй Иовӕн цы загъта, уый адӕмӕн цавӕр ныфс дӕтты?

• Дзуттаг Фыстыты ирдӕй куыд зыны райгасдзинад ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 5 фарсыл]

Елиуй Иовӕн цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, адӕм кӕй нал зӕронд кӕндзысты ӕмӕ кӕй нал мӕлдзысты

[Ныв 6 фарсыл]

Йегъовӕ Данелӕн зӕрдӕ бавӕрдта, фӕстаг бонты йӕ хал райсынмӕ кӕй рабаддзӕн