Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнусон цард зӕххыл – Чырысти уый тыххӕй дзырдта?

Ӕнусон цард зӕххыл – Чырысти уый тыххӕй дзырдта?

Ӕнусон цард зӕххыл – Чырысти уый тыххӕй дзырдта?

«[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн... мӕлӕт» (РАРГ. 21:4).

1, 2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕн ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕй уыди, уый?

Ӕ РЫГОН хъӕздыг нӕлгоймаг Йесомӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй мын ӕнусон цард уа?» (Марчы 10:17). Ӕрыгон нӕлгоймаджы фӕндыд, цӕмӕй йын уыдаид ӕнусон цард, фӕлӕ кӕм – зӕххыл ӕви уӕлӕрвты? Фыццаг статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй бирӕ ӕнусты размӕ Хуыцау дзуттӕгтӕн ныфс бавӕрдта райгасдзинад ӕмӕ ӕнусон цардӕй зӕххыл. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕн уыди уыцы ныфс.

2 Йесойы хӕлар Марфӕйӕн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы уыдис ногӕй зӕххыл цӕрыны ныфс, йе ’фсымӕры тыххӕй куы загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд» (Иоан. 11:24). Ӕцӕг, уӕды заманы саддукейтӕ райгасдзинадыл не ’ууӕндыдысты (Марчы 12:18). Фӕлӕ Джордж Фут Мур йӕ чиныджы ныффыста: «Нӕ эрӕйы размӕ дыккаг ӕмӕ фыццаг ӕнусты фыстытӕм гӕсгӕ бирӕты уырныдта, ахӕм рӕстӕг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ рагзаманты чи амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ та ногӕй зӕххыл кӕй цӕрдзысты» («Judaism in the First Centuries of the Christian Era»). Йесомӕ цы ӕрыгон нӕлгоймаг бацыд, уый фӕндыд ӕнустӕм зӕххыл цӕрын.

3. Цӕуыл цӕудзӕн дзырд ацы статьяйы?

3 Абон бирӕ динтӕ ӕмӕ библииртасджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Йесо адӕмы нӕ ахуыр кодта ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны тыххӕй. Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕнхъӕлынц, мӕлӕты фӕстӕ ӕнӕуынгӕ дунейы кӕй цӕрдзысты. Уымӕ гӕсгӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ чи фӕкӕсы, уыдонӕй бирӕтӕ дзырдбаст «ӕнусон цард» куы фенынц, уӕд фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый алкӕддӕр уӕларвон цардмӕ фӕамоны. Цымӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Йесо-иу ӕнусон царды кой куы кодта, уӕд-иу йӕ хъуыдыйы цы уыди? Цӕуыл ӕууӕндыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ? Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны тыххӕй исты фыст ис?

Ӕнусон цард, Йесо «ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд»

4. Йесо «ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд» цавӕр хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн?

4 Библийы фыст ис, сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты, цӕмӕй зӕххыл уӕларвӕй хицауиуӕг кӕной (Лук. 12:32; Рарг. 5:9, 10; 14:1–3). Фӕлӕ-иу Йесо ӕнусон царды тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу йӕ хъуыдыйы ӕрмӕст уыцы къорд нӕ уыд. Ӕркӕсӕм-ма, йӕ мулк ауӕй кӕнын ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл ацӕуын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймаг ӕнкъардӕй куы ацыд, уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уымӕ. (Бакӕс Матфейы 19:28, 29.) Йесо йӕ апостолтӕн загъта, уыдон дӕр кӕй уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ «Израилы дыууадӕс мыггагӕн», ома уӕларвон хицауадмӕ чи нӕ хауы, уыцы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр (1 Кор. 6:2). Уый ма дзырдта, йӕ фӕдыл чи цӕуы, уыдоны хӕрзиуӕджы тыххӕй дӕр. Ахӕм адӕмӕн дӕр «уыдзӕн ӕнусон цард». Ацы хабӕрттӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты, Йесо «ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза, уӕд».

5. Куыд бамбарын кӕнис ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, ӕппӕт дӕр ногӕй арӕзт цӕудзӕн?

5 Йесойы хъуыдыйы цы уыди, куы загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕт дӕр ногӕй арӕзт цӕудзӕн? Ацы ныхӕстӕ 2004 азы уагъд «Ног Фӕдзӕхсты» тӕлмац сты куыд «ног дуне». 1994 азы уагъд «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ы та – куыд «ног цард». Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дзырдта, дзуттӕгты рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ныфс цӕмӕй уыди, уый тыххӕй – зӕххыл та ногӕй хъуамӕ уа, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы нӕма ракодтой, уӕдмӕ Едемы цӕхӕрадоны цы уавӕртӕ уыди, раст ахӕм уавӕртӕ. Ӕппӕт дӕр ногӕй арӕзт куы цӕуа, уӕд сӕххӕст уыдзӕн, Хуыцау «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» саразыны тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд радта, уый (Ис. 65:17).

6. Йесо фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй ӕнусон царды ныфсы тыххӕй цы базыдтам?

6 Йесо та ногӕй ӕнусон царды кой скодта, ацы цардӕвӕрды кӕроны тыххӕй куы дзырдта, уӕд (Матф. 24:1–3). Уый загъта: «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл. Уӕд ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы». Фыдтӕрхон хаст кӕмӕн ӕрцӕуа, уыдон «ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та ӕнустӕм цӕрдзысты». Ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыцы «рӕстгӕнджытӕ» сты, Чырыстийы сӕрст «ӕфсымӕртӕн» зӕрдӕбынӕй чи ӕххуыс кӕны, уыдон (Матф. 25:31–34, 40, 41, 45, 46). Кӕд сӕрстытӕ уӕларвон Паддзахады паддзӕхтӕй ӕрцыдысты ӕвзӕрст, уӕд «рӕстгӕнджытӕ» та хъуамӕ уой, уыцы Паддзахады дӕлбар зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон. Библийы фыст ис: «[Йегъовӕйы Паддзахӕн] уыдзӕн дӕлбар адӕм иу денджызӕй иннӕ денджызы онг ӕмӕ стыр цӕугӕдонӕй зӕххы кӕрӕтты онг» (Пс. 72:8). Уыцы адӕм цӕрдзысты ӕнустӕм зӕххыл.

Иоанны Евангели цы дзуры?

7, 8. Йесо Никодимӕн цавӕр дыууӕ ныфсы кой кодта?

7 Матфейы, Марчы ӕмӕ Лукайы Евангелиты куыд фыст ис, афтӕмӕй, уӕлдӕр цы цауты кой кодтам, уым Йесо пайда кодта дзырдбаст «ӕнусон цард»-ӕй. Йесо ӕнусон царды тыххӕй кӕй дзырдта, уый тыххӕй Иоанны Евангелийы фыст ис иу-17 хатты. Уӕдӕ уыцы цаутӕй иуӕй-иутыл аныхас кӕнӕм ӕмӕ фенӕм, Йесо ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны тыххӕй цы загъта, уый.

8 Иоанн куыд фыссы, афтӕмӕй Йесо ӕнусон царды тыххӕй фыццаг хатт ской кодта, иу фарисеимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Уыцы фарисейӕн йӕ ном хуынди Никодим. Йесо йын загъта: «Адӕймаг донӕй ӕмӕ сыгъдӕг удӕй куы нӕ райгуыра, уӕд йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуын». Цӕмӕй адӕймаг уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ ногӕй райгуыра (Иоан. 3:3–5). Фӕлӕ Йесо йӕ ныхас ууыл нӕ фӕци. Дарддӕр загъта, иннӕ адӕмӕн цавӕр ныфс ис, уый тыххӕй. (Бакӕс Иоанны 3:16.) Йесо дзырдта, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ ӕнустӕм уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, уый тыххӕй, стӕй ма, иннӕ адӕмӕн зӕххыл ӕнусон цард кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй дӕр.

9. Йесо самариаг сылгоймагӕн цавӕр ныфсы тыххӕй дзырдта?

9 Йесо Иерусалимы Никодимимӕ куы ныхас кодта, уӕд цасдӕры фӕстӕ ацыд цӕгатырдӕм, Галилеймӕ. Фӕндагыл самариаг горӕт Сихары цур Иаковы цъайы раз сӕмбӕлд иу сылгоймагыл. Йесо йын загъта: «Ӕз... цы дон раттон, уымӕй чи бануаза, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн, фӕлӕ йын цы дон раттон, уый йӕ мидӕг фестдзӕн, гуылфӕй чи кӕлы ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, ахӕм суадон» (Иоан. 4:5, 6, 14). Уыцы дон амоны, Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр – уыимӕ зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕн дӕр – фӕстӕмӕ ӕнусон цард раттыны тыххӕй цыдӕриддӕр аразы, уымӕ. Раргомады чиныджы Хуыцау йӕхӕдӕг дзуры: «Дойны кӕмӕн у, уымӕн лӕвар ратдзынӕн дон царды суадонӕй» (Рарг. 21:5, 6; 22:17). Уӕдӕ Йесо самариаг сылгоймагимӕ ӕнусон царды тыххӕй куы дзырдта, уӕд ӕрмӕст Паддзахады сӕрст бындарты ӕнусон царды кой нӕ кодта, фӕлӕ ма, Хуыцау ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл чи ӕууӕнды, уыцы адӕм зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уый кой дӕр.

10. Йесо, Вифездӕйы найӕн бынаты иу нӕлгоймаджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд йе ’фхӕрджытӕн ӕнусон царды тыххӕй цы загъта?

10 Иннӕ аз дӕр та Йесо ’рцыд Иерусалиммӕ. Уым Вифездӕйы найӕн бынаты сдзӕбӕх кодта иу рынчын нӕлгоймаджы. Ацы хъуыддаджы тыххӕй йын чи уайдзӕф кодта, уыцы дзуттӕгтӕн загъта: «Фыртӕн иу хъуыддаг дӕр йӕхи фӕндӕй йӕ бон нӕу саразын, фӕлӕ Фыды цы аразгӕ уыны, уый дӕр уый аразы». Ӕмӕ Фыд «тӕрхоны бартӕ иууылдӕр... йӕ Фырты къухмӕ» кӕй радта, уый кой сын куы скодта, уӕд загъта: «Мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис ӕнусон цард». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон фехъусдзысты [Адӕймаджы Фыртӕн] йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты: хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон та – тӕрхон баййафынӕн» (Иоан. 5:1–9, 19, 22, 24–29). Йесо йе ’фхӕрджытӕн загъта, Хуыцау уымӕн кӕй бахӕс кодта, дзуттӕгтӕ цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты, уый сӕххӕст кӕнын – зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат сын раттын. Стӕй ма сын бамбарын кодта, уыцы хъуыддаг кӕй сараздзӕн, мӕрдты куы райгас кӕна, уӕд.

11. Иоанны 6:48–51 фыст Йесойы ныхӕстӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсмӕ дӕр кӕй амонынц, уый кӕцӕй зонӕм?

11 Галилейы Йесойы фӕдыл рацыд цалдӕр мин адӕймаджы. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй та сын диссаджы хуызы дзул радтаид. Фӕлӕ сын Йесо радзырдта ӕндӕр дзулы тыххӕй – «царддӕттӕг дзулы» тыххӕй. (Бакӕс Иоанны 6:40, 48–51.) «Ӕз... цы дзул ратдзынӕн, уый у мӕ буар»,– загъта уый. Йесо йӕ цард, йемӕ уӕларвон Паддзахады чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ радта, фӕлӕ ма «дунейы царды тыххӕй» дӕр, ома, тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй хъуыди, уыцы адӕмы тыххӕй дӕр. «Ацы дзулӕй чи хӕра», ома Йесойы нывондӕн йӕ бон тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй у, ууыл чи ’ууӕнда, уымӕн уыдзӕн ӕнусон царды ныфс. Уӕдӕ дзырдбаст «ӕнустӕм цӕрдзӕн» амыдта, дзуттӕгтӕ цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты, уымӕ дӕр – Мессийӕйы хицаудзинады рӕстӕджы зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадатмӕ дӕр.

12. Йесо йӕ ныхмӕдзӕуджытӕн куы загъта, зӕгъгӕ мӕ фыстӕн ӕнусон цард ратдзынӕн, уӕд цавӕр ныфсы кой кодта?

12 Фӕстӕдӕр Йесо Иерусалимы Кувӕндон нывонд кӕныны бӕрӕгбоны куы уыди, уӕд йӕ ныхмӕдзӕуджытӕн загъта: «Сымах [мыл] не ’ууӕндут, уымӕн ӕмӕ мӕ фыстӕй не стут. Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ сӕ ӕз зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц мӕ фӕдыл. Ӕмӕ сын ӕз дӕттын ӕнусон цард» (Иоан. 10:26–28). Цымӕ Йесо ӕрмӕст уӕларвон царды кой кодта? Ӕви ма йӕ хъуыдыйы уыди ӕнусон цард дзӕнӕты зӕххыл дӕр? Гыццыл раздӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лук. 12:32). Фӕлӕ ма уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕджы Йесо загъта: «Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр. Уыдон ацы кӕртӕй не сты. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы» (Иоан. 10:16). Уӕдӕ Йесо йӕ ныхмӕдзӕуджытимӕ куы дзырдта, уӕд ӕрмӕст «гыццыл дзуджы» уӕларвон ныфсы кой нӕ кодта, фӕлӕ ма, «ӕндӕр фыстӕй» милуантӕ ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уыцы ныфсы кой дӕр.

Ӕмбарын кӕнын кӕй нӕ хъуыд, ахӕм ныфс

13. Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, афтӕ куы загъта: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты»?

13 Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл куы марди, уӕд сбӕлвырд кодта, адӕмӕн ныфс кӕй ис, уый. Йӕ фарсмӕ хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕг ын балӕгъстӕ кодта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Йесо йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лук. 23:42, 43). Ацы лӕг, ӕвӕццӕгӕн, дзуттаг уыд, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ, Дзӕнӕт цы у, уый ӕмбарын кӕнын нӕ хъуыди. Уый зыдта, адӕммӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард зӕххыл.

14. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, апостолтӕ кӕй нӕ бамбӕрстой, уӕларвон ныфс цы у, уый? ӕ) Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕд бамбӕрстой, уӕларвон ныфс цы у, уый?

14 Фӕлӕ ӕмбарын кӕнын хъуыди, Йесо уӕларвон ныфсы тыххӕй цы дзырдта, уый. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, уӕлӕрвтӕм кӕй цӕуы, цӕмӕй сын бынат ’рцӕттӕ кӕна, уӕд ын уыдон йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. (Бакӕс Иоанны 14:2–5.) «Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг,– загъта сын фӕстӕдӕр,– фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн. Уыцы ӕххуысгӕнӕг – ӕцӕгдзинады сыгъдӕг уд куы ’рцӕуа, уӕд уын уый уыдзӕн фӕндагамонӕг, ӕххуыс уын кӕндзӕн ӕцӕгдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн» (Иоан. 16:12, 13). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцауы сыгъдӕг удӕй куы схайджын сты ӕмӕ фидӕны паддзӕхтӕй ӕвзӕрст куы ’рцыдысты, ӕрмӕстдӕр уӕд бамбӕрстой, сӕ паддзахбадӕнтӕ уӕлӕрвты кӕй хъуамӕ уой (1 Кор. 15:49; Кол. 1:5; 1 Пет. 1:3, 4). Чидӕртӕ уӕлӕрвты бынтӕ кӕй райсдзысты, уый уыди ног хабар, ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты сӕйраг хъуыды дӕр уый сси. Фӕлӕ цымӕ уыцы фыстӕджытӕ, адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уый бӕлвырд кӕнынц?

Хуыцауы фӕндӕй фыст фыстӕджытӕ цы дзурынц?

15, 16. Дзуттӕгтӕм фыстӕг ӕмӕ Петры ныхӕстӕ, адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уымӕ куыд амонынц?

15 Апостол Павел дзуттӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым йе ’мчырыстӕтты схуыдта йӕ «сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕларвмӕ хуынд чи у, уыдон». Фӕлӕ ма загъта, Хуыцау «фидӕны зӕхх» Йесойы бар кӕй бакодта (Дзут. 2:3, 5; 3:1, фип.). Чырыстон Грекъаг Фыстыты «фидӕны зӕхх»-ӕй цы дзырд ратӕлмац кодтой, уый алкӕддӕр фӕамоны, адӕм кӕуыл цӕрынц, ахӕм зӕхмӕ. Уӕдӕ «фидӕны зӕхх» у, Йесо Чырысти хицау кӕм уыдзӕн, уыцы ног цардӕвӕрд зӕххыл. Уыцы рӕстӕг Йесо сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы зӕрдӕвӕрд: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:29).

16 Апостол Петр дӕр Хуыцауы фӕндӕй адӕмы фидӕны тыххӕй ныффыста: «Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ ӕмӕ лӕууынц тӕрхоны бонмӕ ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмы фесафыны бонмӕ» (2 Пет. 3:7). Абоны арв, ома хицӕуттӕ, ӕмӕ фыдзӕрдӕ адӕм ивд цӕмӕй ӕрцӕудзысты? (Бакӕс 2 Петры 3:13.) Уыдон ивд ӕрцӕудзысты «ног арвӕй» – Хуыцауы Мессийӕйы Паддзахадӕй – ӕмӕ «ног зӕххӕй» – ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм рӕстаг адӕмӕй.

17. Адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Раргомады 21:1–4 цы фыст ис?

17 Библийы фӕстаг чиныджы ис, нӕ зӕрдӕтӕ нын чи тавы, ахӕм цӕстылуайӕн, адӕм фӕстӕмӕ ӕххӕст уавӕрмӕ кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй. (Бакӕс Раргомад 21:1–4.) Хуыцау ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл чи ӕууӕнды, уыдон ӕнусон цардмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсынц, Едемы цӕхӕрӕдоны фыццаг лӕг ӕмӕ ус тӕригъӕд куы ракодтой, суанг уӕдӕй нырмӕ. Рӕстгӕнджытӕ ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрдзысты, ӕмӕ зӕронд кӕнын цы у, уый нӕ зондзысты. Хуыцау зӕрдӕ ӕнусон цардӕй кӕй бавӕрдта, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис Дзуттаг Фыстыты дӕр ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр. Уыцы ныфс абоны онг дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕны (Рарг. 22:1, 2).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕт дӕр ногӕй арӕзт цӕудзӕн, уӕд йӕ хъуыдыйы цы уыд?

• Йесо Никодимӕн цӕй кой кодта?

• Йесойӕн йӕ фарсмӕ хъӕдыл цы фыдгӕнӕджы байтыгътой, уымӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

• Дзуттӕгтӕм фыстӕг ӕмӕ Петры ныхӕстӕ, адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уый куыд бӕлвырд кӕнынц?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Фысау сабыр адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты зӕххыл

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Йесо иннӕтӕн дзырдта ӕнусон царды тыххӕй