Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнусон цард зӕххыл – ногӕй та йӕ кой кӕнынц

Ӕнусон цард зӕххыл – ногӕй та йӕ кой кӕнынц

Ӕнусон цард зӕххыл – ногӕй та йӕ кой кӕнынц

«Ды та, о Данел, ацы ныхӕстӕ басусӕг кӕн... кӕроны рӕстӕгмӕ. Бирӕтӕ агурдзысты ӕмӕ раст зонындзинӕдтӕ суыдзысты парахат» (ДАН. 12:4).

1, 2. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм?

АБОН милуангай адӕймӕгтӕ хорз ӕмбарынц, ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрыны ныфсы тыххӕй Библи бӕлвырд кӕй дзуры, уый (Рарг. 7:9, 17). Ӕппӕты райдианы Хуыцау раргом кодта, адӕймаджы уый тыххӕй кӕй не сфӕлдыста, цӕмӕй иугыццыл ацӕра ӕмӕ стӕй амӕла, фӕлӕ цӕмӕй ӕнустӕм цӕра (Райд. 1:26–28).

2 Фыццаг адӕймаг Адам цы ӕххӕстдзинад фесӕфта, адӕм та фӕстӕмӕ ахӕм ӕххӕст уавӕрмӕ кӕй ӕрцӕудзысты, уый уыди, израилӕгтӕ цы хабӕрттӕм ’нхъӕлмӕ кастысты, уыдонӕй сӕ иу. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ ’мбарын кӕнынц, Хуыцау цӕй фӕрцы скӕндзӕн ӕнусон цард зӕххыл Дзӕнӕты. Уӕдӕ ма уӕд уыцы ныфсы тыххӕй ногӕй дзурын цӕмӕн бахъуыд? Уыцы хабар куыд раргом ис ӕмӕ йӕ милуантӕ куыд базыдтой?

Адӕм сӕ ныфсӕй ӕнӕхай фесты

3. Диссаг цӕуылнӕ у, адӕм ӕнусон царды ныфсӕй ӕнӕхай кӕй фесты, уый?

3 Йесо развӕлгъау загъта, мӕнг пехуымпартӕ йын йӕ ахуырӕдтӕ кӕй сзыгъуыммӕ кӕндзысты ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры кӕй фӕсайдзысты (Матф. 24:11). Апостол Петр чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ» (2 Пет. 2:1). Апостол Павел дӕр дзырдта, зӕгъгӕ, «ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ [адӕм] раст ахуырадӕн нал быхсдзысты, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ахуыргӕнджытӕй ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕмты» (2 Тим. 4:3, 4). Сайтан адӕмы сайы ӕмӕ, чырыстӕтты ном ӕрмӕст хӕсгӕ чи кӕны, уыцы динтӕй пайда кӕны, цӕмӕй басусӕг кӕна, Хуыцаумӕ адӕм ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы диссаджы фӕнд ис, уый. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4.)

4. Раст динӕй чи аздӕхт, уыцы зындгонд дины разамонджытӕ цавӕр ныфсы ныхмӕ уыдысты?

4 Фыстад куыд дзуры, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн адӕмы хицауӕдтӕ иууылдӕр (Дан. 2:44). Чырысти мин азы дӕргъы паддзах куы уа, уӕд Сайтан дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн, мӕрдтӕ райгас уыдзысты ӕмӕ адӕм сындӕггай ӕххӕстдзинадмӕ ӕрцӕудзысты (Рарг. 20:1–3, 6, 12; 21:1–4). Фӕлӕ, раст динӕй чи аздӕхт, уыцы зындгонд дины разамонджытӕ райстой ӕндӕр ахуырӕдтӕ. Зӕгъӕм, ӕртыккӕгӕм ӕнусы Аргъуаны фыд Ориген ӕфхӕрдта, Миназон паддзахад адӕмӕн зӕххыл арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, ууыл чи ӕууӕндыд, уыдоны. Католикон энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, католикон динамонӕг Августин (354–430 азтӕ) «фидарӕй дзырдта, миназон хицаудзинад кӕй нӕ уыдзӕн» («The Catholic Encyclopedia») *.

5, 6. Ориген ӕмӕ Августин Миназон паддзахады ныхмӕ цӕмӕн дзырдтой?

5 Ориген ӕмӕ Августин Миназон паддзахады ныхмӕ цӕмӕн дзырдтой? Ориген грекъаг философийӕ райста, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уыцы ахуырад. Динамонӕг Вернер Йегер куыд фыссы, афтӕмӕй Оригеныл тынг бандӕвта, Платон уды тыххӕй цы дзырдта, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ориген «чырыстон ахуырӕдтӕм бафтыдта, Платонӕй ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй цы ахуырад райста, уый». Уӕдӕ Ориген амыдта, Миназон паддзахады арфӕдзинӕдтӕ зӕххыл кӕй нӕ уыдзысты, фӕлӕ уӕлӕрвты.

6 Августин «чырыстон дин» райста 33-аздзыдӕй. Фӕлӕ уый размӕ сси неоплатонист, ома хӕцыд, Плотин 3 ӕнусы Платоны филосифийӕ цы ахуырад ӕрымысыд, ууыл. Кӕд Августин йӕ дин фӕивта, уӕддӕр неоплатонизмы ахуырӕдтыл дарддӕр хӕцыд. Ног Бритайнаг энциклопедийы ис фыст: «Августин стыр куыст бакодта, цӕмӕй Ног Фӕдзӕхсты дин сӕмхӕццӕ уыдаид Платоны ахуырӕдтимӕ» («The New Encyclopædia Britannica»). Католикон энциклопедийы та дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Августины хъуыдымӕ гӕсгӕ, Раргомады чиныджы 20 сӕры Миназон паддзахады тыххӕй цы фыст ис, уыдон сты «ӕрмӕстдӕр рӕсугъд ныхӕстӕ». Уыцы энциклопедийы дарддӕр бакӕсӕн ис: «Ацы ахуырад... фӕстӕдӕр райстой ныгуылӕн бӕстӕты динамонджытӕ ӕмӕ, Миназон паддзахад ӕцӕгдӕр цы у, уый раст ничиуал амыдта».

7. Адӕймаг зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн, уыцы ныфсӕн цавӕр мӕнгахуырад разиан кодта ӕмӕ куыд?

7 Адӕм ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уыцы ныфсӕн стыр зиан ӕрхаста, рагон Вавилоны кӕуыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ уырдыгӕй ӕппӕт дунейыл дӕр чи апарахат, уыцы ахуырад – адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд ӕмӕ буары мидӕг цӕры рӕстӕгмӕ. Чырыстон аргъуантӕ ацы ахуырад куы райстой, уӕд динамонджытӕ Фыстад сзыгъуыммӕ кодтой, цӕмӕй, уӕларвон ныфсы тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, уыцы стихтӕ афтӕ ӕмбӕрст цыдаиккой, цыма хорз адӕм се ’ппӕт дӕр уӕларвмӕ цӕуынц. Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ адӕймаг зӕххыл фӕцӕры рӕстӕгмӕ, цӕмӕй фӕлвӕрд ӕрцӕуа, уӕларвон царды аккаг у ӕви нӕ, уый базонынӕн. Йӕ хабар афтӕ рауад дзуттӕгты ныфсӕн дӕр – ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсӕн дӕр. Дзуттӕгтӕ грекъӕгтӕй сындӕггай райстой, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уыцы ахуырад. Ӕмӕ рагӕй фӕстӕмӕ кӕуыл ӕууӕндыдысты, уыцы ныфсӕй – зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй – ӕнӕхай фесты. Куыд тынг хицӕн кӕны уыцы ахуырад, Библийы адӕймаджы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй! Адӕймаг у туг ӕмӕ стӕг, ӕнӕуынгӕ удгоймаг нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ фыццаг адӕймагӕн загъта: «Сыджыт дӕ» (Райд. 3:19). Хуыцау адӕймагӕн ӕнустӕм цӕрынӕн уӕлӕрвтӕ нӕ, фӕлӕ зӕхх радта. (Бакӕс Псалом 104:5; 115:16.)

Рӕстдзинад талынджы сӕрттывта

8. 17 ӕнусы иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ адӕмы ныфсы тыххӕй цы дзырдтой?

8 Йӕхи чырыстон чи хоны, уыцы динтӕ кӕд адӕмӕн ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсы тыххӕй нӕ дзурынц, уӕддӕр Сайтанӕн рӕстдзинад бынтондӕр басусӕг кӕнын нӕ бантыст. Ӕнусты дӕргъы, Библи лӕмбынӕг чи иртӕста, уыдонӕй-иу кӕмӕндӕрты рӕстдзинад раргом – Хуыцау адӕмы фӕстӕмӕ ӕххӕстдзинадмӕ куыд ӕркӕндзӕн, уыцы хабарӕй-иу цыдӕртӕ хуыздӕр бамбӕрстой (Пс. 97:11; Матф. 7:13, 14; 13:37–39). 17 ӕнусмӕ, Библи ӕндӕр ӕвзӕгтӕм кӕй тӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ кӕй мыхуыр кодтой, уый фӕрцы Сыгъдӕг Фыстад тынг апарахат. 1651 азы иу ахуыргонд ныффыста, зӕгъгӕ, Адамы аххосӕй адӕм «фесӕфтой Дзӕнӕт ӕмӕ ӕнусон цард зӕххыл», фӕлӕ Чырыстийы фӕрцы та «адӕм иууылдӕр цӕрдзысты зӕххыл». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22.) Зындгонд англисаг поэт Джон Мильтон ныффыста поэмӕ «Дзӕнӕт куыд фесӕфт». Цасдӕры фӕстӕ та йын ныффыста йӕ иннӕ хай «Дзӕнӕт ногӕй куыд ралӕууыд». Мильтон йӕ уацмысты кодта, рӕстгӕнджытӕ зӕххыл дзӕнӕты цы хӕрзиуӕг райсдзысты, уый кой. Кӕд йӕ царды бонтӕн сӕ фылдӕр Фыстад иртасгӕйӕ арвыста, уӕддӕр зыдта, Библийы фыст хабӕрттӕ кӕронмӕ бамбарӕн кӕй нӕй, цалынмӕ Чырысти не ’рцӕуа, уӕдмӕ.

9, 10. а) Исаак Ньютон адӕмы ныфсы тыххӕй цы ныффыста? ӕ) Ньютонмӕ афтӕ цӕмӕн каст, ӕмӕ Чырыстийы ’рцыд тагъд нӕма уыдзӕн?

9 Зындгонд математик Исаак Ньютоны дӕр (1642–1727) тынг цымыдис кодта Библи. Уый бамбӕрста, сыгъдӕджытӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты кӕй хицауиуӕг кӕндзысты (Рарг. 5:9, 10). Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдоны тыххӕй та ныффыста: «Тӕрхоны боны фӕстӕ дӕр зӕххыл адӕм цӕрдзысты, ӕмӕ ӕрмӕст иу мин азы дӕргъы нӕ, фӕлӕ мыггагӕй-мыггагмӕ».

10 Ньютон бамбӕрста, Чырыстийы ’рцыдмӕ нырма ӕнустӕ кӕй хъӕуы. «Ньютон афтӕ кӕй хъуыды кодта, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы кӕй не ’рцӕудзӕн, уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ уыди. Уый уыдта, адӕмӕн сӕ фылдӕр „куырм кӕй уыдысты“ ӕмӕ Ӕртӕиууоныл кӕй ӕууӕндыдысты, ӕмӕ йӕ ацы хъуыддаг мӕты ӕфтыдта»,– дзуры историк Стивен Снобелен. Хорз хабар нырма ӕмбӕхст уыди. Ӕмӕ Ньютон уыдта, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыцы динты ’хсӕн иу дӕр ахӕм кӕй нӕ уыд, ӕмӕ хорз хабар чи хъусын кодтаид. Уый ныффыста: «Данелы пехуымпарад ӕмӕ Иоанны пехуымпарӕдтӕ [Раргомады чиныджы фыст чи ’рцыд, уыдон] кӕроны рӕстӕгмӕ бамбарӕн нӕ уыдзӕн». Ньютон бамбарын кодта: «„Уый фӕстӕ,– дзуры Данел – бирӕтӕ дыууӕрдӕм рацу-бацу кӕндзысты ӕмӕ зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты“. Уымӕн ӕмӕ, цалынмӕ стыр бӕллӕх ӕмӕ дунейы кӕрон не ’рцӕуой, уӕдмӕ Евангели хъуамӕ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа. Евангели хъуыстгонд куы нӕ цӕуа, уӕд нӕй ӕрӕмбырд кӕнӕн, сӕ къухы пальмӕйы къалиутӕ кӕмӕн ис ӕмӕ стыр бӕллӕхы сӕрты чи хизы, уыцы тынг бирӕ адӕмы ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр» (Дан. 12:4; Матф. 24:14; Рарг. 7:9, 10).

11. Мильтон ӕмӕ Ньютоны заманты ӕнусон царды ныфсы тыххӕй адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуылнӕ зыдтой?

11 Мильтон ӕмӕ Ньютоны заманты, католикон аргъуан куыд амыдта, афтӕ чи нӕ хъуыды кодта, уый йӕ цард тӕссаг уавӕры ’ппӕрста. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм адӕм Библи иртасгӕйӕ цы хатдзӕгтӕ скодтой, уыдонӕн сӕ фылдӕр мыхуыр ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ. 16 ӕнусы чидӕртӕ Католикон аргъуан ныууагътой ӕмӕ йын йӕ ахуырӕдтӕй иуӕй-иуты ныхмӕ рацыдысты. Уыцы адӕмы схуыдтой протестанттӕ. Фӕлӕ уыдон дӕр амыдтой, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уый. Стӕй фидар хӕцыдысты, Августин Миназон паддзахады тыххӕй цы дзырдта, ууыл, ома уыцы паддзахад ныридӕгӕн дӕр ӕрцыд, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕм нал хъӕуы. Цымӕ кӕроны рӕстӕджы зонындзинӕдтӕ сбирӕ сты?

«Раст зонындзинӕдтӕ суыдзысты парахат»

12. Раст зонындзинӕдтӕ кӕд хъуамӕ апарахат уыдаиккой?

12 Данел «кӕроны рӕстӕджы» тыххӕй загъта, уавӕртӕ хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивдзысты. (Бакӕс Данелы 12:3, 4, 9, 10.) Йесо дӕр кӕроны рӕстӕджы тыххӕй загъта: «Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты» (Матф. 13:43). Кӕроны рӕстӕджы раст зонындзинӕдтӕ куыд апарахат сты? Кӕроны рӕстӕг райдыдта 1914 азы. Уӕдӕ ’ркӕсӕм, уыцы азӕй цалдӕр дӕсазы размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.

13. Чарлз Тейз Рассел куы раиртӕста, адӕм фӕстӕмӕ ӕххӕст уавӕрмӕ куыд ӕрцӕудзысты, уыцы фарста, уӕд цы ныффыста?

13 Нудӕсӕм ӕнусы кӕрон сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм архайдтой «раст ныхӕсты хуызӕг» бамбарыныл (2 Тим. 1:13). Уыдонӕй иу уыди Чарлз Тейз Рассел. 1870 азы уый ӕмӕ ма, рӕстдзинад чи агуырдта, цалдӕр ахӕм адӕймаджы скодтой къорд, цӕмӕй Библи иртӕстаиккой. 1872 азы уыдон раиртӕстой, адӕм фӕстӕмӕ ӕххӕст уавӕрмӕ куыд ӕрцӕудзысты, уый. Фӕстӕдӕр Рассел ныффыста: «Уӕдмӕ йӕ мах бӕлвырдӕй не ’мбӕрстам, ныртӕккӕ фӕлвӕрд чи цӕуы, уыцы сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд цы хӕрзиуӕг райсдзӕн, уый куыд тынг хицӕн кӕны, зӕххыл ма уыдонӕй уӕлдай цы иузӕрдион адӕм ис, уыдоны хӕрзиуӕгӕй». Зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон «суыдзысты, кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны сӕ рагфыдӕл ӕмӕ сӕ хистӕр Адам куыд ӕххӕст адӕймаг уыди, ахӕм ӕххӕст адӕймӕгтӕ». Рассел дзырдта, Библи ахуыр кӕнынӕн ын иннӕтӕ дӕр кӕй ӕххуыс кодтой, уый. Чи уыдысты уыдон?

14. а) Генри Данн куыд бамбӕрста Хъуыддӕгты 3:21? ӕ) Данны ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн?

14 Сӕ иу уыд Генри Данн. Уый раздӕр фыста, «Хуыцау раджы заманты йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй цы рӕстӕджы кой кодта, уый [тыххӕй], ома ӕппӕт дӕр йӕ къахыл слӕууын кӕныны рӕстӕджы» тыххӕй (Ап. хъ. 3:21). Данн зыдта, ӕппӕт дӕр йӕ къахыл слӕууын кӕнынмӕ кӕй хаудта, Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы адӕм зӕххыл алцӕмӕй ӕххӕст кӕй суыдзысты, уый. Данн ма раиртӕста, бирӕты чи тыхсын кодта, иу ахӕм фарста: чи цӕрдзӕн зӕххыл ӕнустӕм? Уый бамбарын кодта, милуантӕ кӕй райгас уыдзысты, рӕстдзинад кӕй базондзысты ӕмӕ сын кӕй уыдзӕн фадат Чырыстийыл баууӕндынӕн.

15. Джордж Сторрз райгасдзинады тыххӕй цы бамбӕрста?

15 1870 азы Джордж Сторрз дӕр Фыстад иртасгӕйӕ ’рцыд ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, фыдгӕнджытӕ райгас уыдзысты, ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Сторрз ма бамбӕрста, чи райгас уа, уыдонӕй уыцы фадатӕн чи нӕ саргъ кӕна, уый кӕй «амӕлдзӕн, уыцы „тӕригъӕдджын адӕймагыл сӕдӕ азы дӕр куы цӕуа, уӕддӕр“» (Ис. 65:20). Сторрз царди Нью-Йоркы, Бруклины ӕмӕ уыди журнал «Библииртасӕг»-ы редактор («Bible Examiner»).

16. Библииртасджыты чырыстон аргъуантӕй цы хицӕн кодта?

16 Рассел Библийӕ бамбӕрста, кӕй ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй алчидӕр хорз хабар фехъуса. 1879 азы уый райдыдта уадзын журнал «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыды фидиуӕг», абон та хуыйны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад». Адӕммӕ ӕцӕгдӕр цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый райдианты тынг стӕмтӕ ’мбӕрстой, фӕлӕ ныр та Библииртасджыты къордтӕ бирӕ бӕстӕты райдыдтой исын журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын. Библииртасджытӕ ӕууӕндыдысты, уӕлӕрвтӕм ӕрмӕстдӕр гыццыл къорд кӕй ацӕудзӕн, милуантӕ та зӕххыл кӕй цӕрдзысты ӕмӕ ӕххӕст уавӕрмӕ кӕй ӕрцӕудзысты, ууыл. Ӕмӕ уымӕй хицӕн кодтой чырыстон аргъуантӕн сӕ фылдӕрӕй.

17. Раст зонындзинӕдтӕ куыд апарахат сты?

17 Библи цы «кӕроны рӕстӕджы» кой кодта, уый райдыдта 1914 азы. Адӕмы ныфсы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ ӕцӕгдӕр апарахат сты? (Дан. 12:4). 1913 азмӕ Расселы уацамындтӕ мыхуыр цыдысты 2 000 газеты ӕмӕ сӕ кӕсгӕ та ӕдӕппӕтӕй кодтой иу-15 милуан адӕймаджы. 1914 азы кӕронмӕ бирӕ бӕстӕты 9 милуан адӕймагӕй фылдӕр бакастысты «Сфӕлдыстады фото-драмӕ»-мӕ. Уыцы драмӕ конд уыди кинокадртӕ ӕмӕ слайдтӕй, дзырд та дзы цыди Чырыстийы Миназон хицаудзинады тыххӕй. 1918 азӕй 1925 азы онг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас дунейы дӕр сӕ фембӕлдты дзырдтой раныхас «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты». Уыцы раныхас радзырдтой 30 ӕвзагӕй фылдӕрыл ӕмӕ ӕмбарын кодта, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс цы у, уый. 1934 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕлвырд базыдтой, ӕнустӕм зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдоны донаргъуыд райсын кӕй хъӕуы. Ӕнустӕм зӕххыл цӕрын цы нысан кӕны, уый кӕй бамбӕрстой, уый фӕрцы ноджы зӕрдиагӕйдӕр бавнӕлдтой Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Уыцы ныфсы тыххӕй абон милуантӕ тынг бузныг сты Йегъовӕйӕ.

Ӕнхъӕлмӕ нӕм кӕсы «диссаджы сӕрибардзинад»!

18, 19. Цавӕр царды кой цӕуы Исайы 65:21–25?

18 Пехуымпар Исай ныффыста, зӕххыл Хуыцауы адӕм цавӕр уавӕрты цӕрдзысты, уый тыххӕй. (Бакӕс Исай 65:21–25.) Исай ацы ныхӕстӕ ныффыста иу-2700 размӕ. Ӕмӕ уӕд зӕххыл цы бӕлӕстӕ уыди, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ абон дӕр сты. Дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ды дӕр уыйбӕрц кӕй цӕрыс, ӕмӕ ма уыимӕ хъаруджын дӕр ӕмӕ ӕнӕниз дӕр кӕй дӕ, уый?

19 Ног дунейы цард цыбыр – авдӕнӕй ингӕнмӕ – нал уыдзӕн. Фӕзындзӕн нын бирӕ фадӕттӕ аразынӕн, садзынӕн ӕмӕ ног цыдӕртӕ базонынӕн. Цас ӕмбӕлттӕ нын фӕзындзӕн! Нӕ бон уыдзӕн семӕ ӕнустӕм хӕларӕй цӕрын. Цӕй диссаджы сӕрибардзинад уыдзӕн «Хуыцауы хъӕбултӕн» зӕххыл! (Ром. 8:21).

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Августин загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахады Миназон хицаудзинад фидӕны нӕ уыдзӕн, фӕлӕ райдыдта, [католикон] аргъуан куы фӕзынд, уӕд.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Адӕм сӕ ныфсӕй ӕнӕхай куыд фесты?

• 17 ӕнусы, Библи чи касти, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цы бамбӕрстой?

• 1914 аз куы ӕрӕввахс, уӕд адӕмы ӕцӕг ныфс куыд фӕбӕлвырддӕр ис?

• Зӕххон ныфсы тыххӕй зонындзинӕдтӕ куыд апарахат сты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Поэт Джон Мильтон (галиуырдыгӕй) ӕмӕ математик Исаак Ньютон (рахизырдыгӕй) зыдтой, адӕм зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Фыццаг Библииртасджытӕ Фыстадӕй бамбӕрстой, кӕй ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй ӕгас дуне дӕр базона адӕмы ӕцӕг ныфсы тыххӕй