Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут»

«Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут»

«Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут»

«Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕмӕ ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (ИУД. 21).

1, 2. а) Йегъовӕ нӕм йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ йӕ уарзтӕй цыфӕндыйӕ дӕр кӕй нӕ хайджын кӕндзӕн?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ нӕм йӕ уарзондзинад равдыста бирӕ хъуыддӕгтӕй. Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр Йегъовӕйы уарзондзинад рабӕрӕг, ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уымӕй. Хуыцау адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ уарзон Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид (Иоан. 3:16). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм ӕмӕ йӕ уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм!

2 Фӕлӕ цымӕ цыфӕнды хъуыддӕгтӕ дӕр куы аразӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ йӕ уарзтӕй хайджын кӕндзӕн? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Иудӕйы 21 стихы кӕсӕм ахӕм фӕдзӕхст: «Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕмӕ ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут». Ныхӕстӕ, «Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕхи дӕр цыдӕр аразын кӕй хъӕуы. Уӕдӕ нӕ цы хъӕуы кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы уарзондзинадыл фидар хӕцӕм?

Куыд у нӕ бон Хуыцауы уарзондзинадыл фидар хӕцын?

3. Йесойы цы хъуыди кӕнын, цӕмӕй йӕ Фыды уарзондзинадыл фидар хӕцыдаид?

3 Ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕн ис, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв кӕй загъта, уыцы ныхӕсты: «Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадыл фидар куыд хӕцын, афтӕ сымах дӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд фидар хӕцдзыстут мӕ уарзондзинадыл» (Иоан. 15:10). Ацы стихӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йесо зыдта, цӕмӕй дзы йӕ Фыд райгонд уыдаид, уый тыххӕй йӕ кӕй хъуыд йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Уӕдӕ кӕд Хуыцауы ӕххӕст Фырты афтӕ кӕнын хъуыди, уӕд цымӕ мах нӕ хъӕуы афтӕ кӕнын?

4, 5. а) Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый фыццаджыдӕр нӕ бон куыд у ӕвдисын? ӕ) Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕуылнӕ хъуамӕ зивӕг кӕнӕм?

4 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый фыццаджыдӕр ӕвдисӕм, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоан. 5:3). Дзырд дӕр ыл нӕй, абон искӕй коммӕ кӕсын кадджын хъуыддагыл нымад кӕй нӕу. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн ацы ныхӕстыл: «Йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты». Йегъовӕ нӕ нӕ домы, цӕмӕй, нӕ бон цы нӕу, уый аразӕм.

5 Зӕгъӕм, де ’ввахс ӕмбалӕн, кӕй не сфӕраза, ахӕм исты ахӕссын кӕндзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Йегъовӕ та махӕй бирӕ хӕларзӕрдӕдӕр у ӕмӕ нын нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нӕхицӕй бирӕ хуыздӕр зоны. Библи нын дзуры, Йегъовӕйӕ рох кӕй нӕу, «сыджыт кӕй стӕм, уый» (Пс. 103:14). Нӕ бон цы нӕу, уый нын никуы аразын кӕндзӕн. Уӕдӕ макуы хъуамӕ зивӕг кӕнӕм Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Мах ӕмбарӕм, Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уымӕй кӕй равдисдзыстӕм, нӕ уӕларвон Фыды ӕцӕгдӕр кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды йӕ уарзондзинадыл фидар хӕцын.

Йегъовӕйы диссаджы лӕвар

6, 7. а) Цы у ӕфсарм? ӕ) Ӕрхӕсс цӕвиттон, не ’фсарм нын Хуыцауы уарзондзинадыл фидар хӕцынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕн.

6 Мах цӕрӕм тынг тыхст заманы. Ӕмӕ цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдонӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсӕм. Куыд базонӕм, уыцы уынаффӕтӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ кӕй не сты? Коммӕ кӕсыны хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс у, Йегъовӕ нын цы лӕвар радта, уый. Уыцы лӕвар у ӕфсарм. Цы у ӕфсарм? Уый у, нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм миниуӕг. Ӕфсарм у тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн: ӕххуыс нын кӕны уынаффӕтӕ хӕссынӕн, стӕй, цы равзӕрстам кӕнӕ цы сарӕзтам, уый хорз у ӕви ӕвзӕр, раст у ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕнынӕн. (Бакӕс Ромӕгтӕм 2:14, 15.)

7 Куыд нын ӕххуыс кӕны ӕфсарм? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Адӕймаг ӕхсӕвы тарф фынӕй кӕны. Ӕвиппайды йӕ куыдз цыдӕр уынӕр айхъуыста ӕмӕ рӕйын райдыдта. Лӕг йӕ хуыссӕнӕй фӕгӕпп кодта ӕмӕ ӕддӕмӕ акаст, фӕлӕ дзы никӕйуал федта. Куыдзы рӕйынмӕ давӕг алыгъд. Лӕг ӕхсызгонӕй сулӕфыд. Уыцы лӕгӕн куыдз куы нӕ уыдаид, уӕд фыдбылызы бахаудаид. Раст афтӕ адӕймагӕн дӕр ӕфсарм куы нӕ уаид, уӕд бирӕ хъуыддӕгты нӕ зонид, раст бакӕнын ӕй куыд хъӕуы, уый.

8, 9. а) Не ’фсармӕн алцы йӕ бон кӕй нӕу, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? ӕ) Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй не ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын сахуыр уа?

8 Фӕлӕ куыдзӕн йӕ бон алцы куыд нӕу, афтӕ ӕфсармӕн дӕр йӕ бон алцы нӕу. Куыдз къӕрцхъус куы нӕ уа, уӕд ницы пайда у. Уӕдӕ мах дӕр къӕрцхъус куы нӕ уӕм, фӕлӕ нӕ мӕнгард зӕрдӕйы фӕдыл куы цӕуӕм, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Нӕ хиуарзон фӕндты аххосӕй нӕ не ’фсарм гӕнӕн ис ӕвзӕр фӕндагыл дӕр акӕна. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр ницы ис» (Йер. 17:9; Ӕмб. 4:23). Уымӕй уӕлдай ма, хицау йӕ куыдзы рӕйын куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд ыл исты бӕллӕх дӕр ӕрцыдаид. Хуыцауы Ныхас, Библи, у раст ӕмӕ нӕ ивы, ӕмӕ йын йӕ разамындыл нӕ ныфс куы нӕ дарӕм, уӕд нын не ’фсарм дӕр нал ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 119:105). Хъыгагӕн, ацы дунейы бирӕтӕн сӕйрагдӕр систы сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы фӕдзӕхстытӕм фӕхъусынц искуы иу хатт, йе та сӕ ӕппындӕр ницӕмӕ фӕдарынц. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:17–19.) Раст уый тыххӕй тынг бирӕтӕ алы фыдхъуыддӕгтӕ фӕаразынц, кӕд сын ӕфсарм ис, уӕддӕр (1 Тим. 4:2).

9 Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ахӕм адӕмы хуызӕн уӕм! Уый бӕсты Хуыцауы Ныхасӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нын не ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын ахуыр кӕна. Мах хъуамӕ нӕ хиуарзон фӕндтӕм ма хъусӕм, фӕлӕ нӕ чырыстон ӕфсарммӕ. Стӕй ма хъуамӕ аргъ кӕнӕм нӕ уарзон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕфсармӕн дӕр. Мах нӕ тых нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй сын къуылымпыйы хос мацӕмӕй суӕм. Нӕ зӕрдыл ма уый дӕр дарӕм, ӕмӕ нын кӕд нӕ цӕсгом цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразынӕн бар дӕтты, уӕд не ’фсымӕртӕн та гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ цӕсгом уыцы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар ма дӕтта (1 Кор. 8:12; 2 Кор. 4:2; 1 Пет. 3:16).

10. Цавӕр ӕртӕ хъуыддагыл аныхас кӕндзыстӕм?

10 Ӕркӕсӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы у нӕ бон ӕвдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ уый тыххӕй йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый. Уыцы хъуыддӕгтӕй алкӕцыйы дӕр ӕфсармӕн ис ахсджиаг бынат. Фӕлӕ нӕ цӕмӕй не ’фсарм раст зондыл араза, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, Библи уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы дзуры, уый. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн мӕнӕ ацы ӕртӕ хъуыддагӕй: 1) мах уарзӕм, Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны, 2) аргъ кӕнӕм, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн, ӕмӕ 3) архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм.

Уарзӕм, Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны

11. Цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны?

11 Фыццаг, мах хъуамӕ уарзӕм, Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны. Адӕймаг губкӕйӕ уӕлдай нӕу. Тынг ыл фӕзыны, цы уыны ӕмӕ цы хъусы, уый. Не Сфӕлдисӕг хорз зоны, ӕнӕххӕст адӕм кӕрӕдзийыл тынг кӕй ӕндавынц – хорзырдӕм дӕр ӕмӕ ӕвзӕрырдӕм дӕр. Уымӕ гӕсгӕ нын дӕтты хорз уынаффӕ: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:33). Махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй «фыдбылызы бахауа». Алкӕйдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй «зондджын суа». Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал нӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цы у, уымӕй зондджындӕр суа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Уӕдӕ йыл ӕвзӕрырдӕм дӕр никуы ничи бандавдзӕн. Фӕлӕ нын уӕддӕр Йегъовӕ у фӕзминаг, ӕмбӕлттӕ ӕвзарын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы. Цымӕ Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй йе ’мбал кӕй хоны?

12. Йегъовӕ цавӕр хӕлӕрттӕ ’взары йӕхицӕн?

12 Йегъовӕ Авраамы схуыдта йӕ хӕлар (Ис. 41:8). Уый уыди Хуыцауыл иузӕрдион, рӕстаг ӕмӕ коммӕгӕс адӕймаг, иудзырдӕй – фидар уырнындзинады хицау (Иак. 2:21–23). Ахӕм хӕлӕрттӕ ’взары Йегъовӕ йӕхицӕн абоны онг дӕр. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ йӕхицӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ ’взары, уӕд цымӕ мах дӕр хъуамӕ лӕмбынӕг ма уӕм, цӕмӕй зондджынтимӕ цӕуӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр зондджын суӕм?

13. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн хорз ӕмбӕлттӕ ’взарынӕн?

13 Цы дын баххуыс кӕндзӕн хорз хӕлӕрттӕ ’взарынӕн? Библи кӕй кой кӕны, уыцы адӕмы цӕвиттонтӕ. Ӕркӕсӕм Руф ӕмӕ йе ’фсин Ноемины, Давид ӕмӕ Ионафаны, Тимофей ӕмӕ Павелы хӕлардзинадмӕ (Руф 1:16, 17; 1 Сам. 23:16–18; Фил. 2:19–22). Уыцы адӕм хорз ӕмбӕлттӕ, сӕйраджыдӕр, уый тыххӕй уыдысты, ӕмӕ сӕ алчидӕр Йегъовӕйы зӕрдиагӕй уарзта. Ды Йегъовӕйы куыд уарзыс, афтӕ йӕ чи уарзы, ахӕм ӕмбӕлттӕ дӕ бон ссарын у? Дызӕрдыг дӕр ыл ма кӕн, чырыстон ӕмбырды ахӕм адӕм бирӕ кӕй ис. Уыдон дӕ Йегъовӕйы раз нӕ рӕдийын кӕндзысты. Уый нӕ, фӕлӕ дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсай, ӕнгомдӕр ӕм кӕнай ӕмӕ, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый тауай. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:7, 8.) Ӕххуыс ма дын кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуай, фидар ыл хӕцай.

Аргъ кӕнӕм, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн

14. Бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн аргъ кӕнын зын цӕмӕн вӕййы?

14 Дыккаг, мах хъуамӕ аргъ кӕнӕм бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн. Афтӕмӕй дӕр ма нӕ бон равдисын у, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый. Фӕлӕ нын цымӕ иуӕй-иу хатт зын цӕмӕн вӕййы, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн аргъ кӕнын? Иуӕй уый, ӕмӕ уыдон сты ӕнӕххӕст. Иннӕмӕй та, нӕхӕдӕг стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нӕ туджы цы ӕгоммӕгӕсдзинад рахастам, уыимӕ ӕдзух тох кӕнӕм.

15, 16. а) Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм? ӕ) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, израилӕгтӕ Моисейы ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй?

15 Уымӕ гӕсгӕ чи зоны ахъуыды кӕнай: кӕд, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн аргъ кӕнын тынг зын у, уӕд нӕ афтӕ кӕнын цӕмӕ хъӕуы? Уый баст у, Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау чи у, уый фӕдыл цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уыимӕ. Дӕхицӕн хицауӕй кӕй равзардзынӕ? Кӕд нӕ хицауыл Дунедарӕг Йегъовӕйы нымайӕм, уӕд ын хъуамӕ аргъ дӕр кӕнӕм. Кӕд ын нӕ аргъ кӕнӕм, уӕд ӕй цымӕ нӕ Хицау схондзыстӕм? Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ разамынд дӕтты ӕнӕххӕст адӕмы уылты ӕмӕ сын бахӕс кӕны, цӕмӕй йын йӕ адӕммӕ сӕ хъус дарой. Уыцы разамонджыты ныхмӕ куы цӕуиккам, уӕд нӕм цымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсид? (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12, 13.)

16 Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Моисейыл куы хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд Йегъовӕ уыцы хъуыддаг нымадта, раст ын цыма йӕхи ныхмӕ цыдысты, афтӕ (Нымӕц. 14:26, 27). Хуыцау нӕ фӕивта. Разамонджытӕй нын кӕй сӕвӕрдта, уыдоны ныхмӕ куы дзуриккам, уӕд афтӕ рауаид, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕхи ныхмӕ дзурӕм!

17. Цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, чырыстон ӕмбырды бартӕ кӕмӕ ис, уыдонмӕ?

17 Апостол Павел бамбарын кодта, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, чырыстон ӕмбырды бартӕ кӕмӕ ис, уыдонмӕ: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдӕрухсӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу» (Дзут. 13:17). Раст у, цӕмӕй сӕм хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын. Фӕлӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, афтӕ уымӕн кӕй архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм, фидар ыл хӕцӕм. Цымӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ нӕу?

Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг уӕм

18. Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй сыгъдӕг уӕм?

18 Ӕртыккаг, Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг куы уӕм, уӕд уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Ныййарджытӕ бирӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сыгъдӕг уой. Цымӕ цӕмӕн? Иу уый, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ахъаз у сывӕллӕтты ӕнӕниздзинадӕн. Уымӕй уӕлдай ма афтӕмӕй сӕ ныййарджытӕн кад фӕхӕссынц, стӕй ма уымӕй бӕрӕг вӕййы, сӕ ныййарджытӕ сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сӕм сӕ хъус кӕй дарынц. Йегъовӕйы растдӕр уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр сыгъдӕг уӕм. Зоны йӕ, сыгъдӕг куы уӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр пайда кӕй у. Стӕй ма нӕ уӕларвон Фыд зоны, сыгъдӕг кӕй стӕм, уымӕй йын кад кӕй хӕссӕм. Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ адӕм куы уыной, ацы чъизи дунейӕ куыд тынг хицӕн кӕнӕм, уый, уӕд сӕ чи зоны бафӕнда Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

19. Сыгъдӕгдзинад ахсджиаг кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

19 Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм сыгъдӕг? Алы хъуыддаджы дӕр. Рагзаманты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бӕлвырд бамбарын кодта, сыгъдӕгдзинад куыд ахсджиаг у, уый (Лев. 15:31). Моисейы Закъоны фыст уыди, кӕй сӕ хъӕуы ныгӕнын сӕ чъизитӕ, сыгъдӕг кӕнын сӕ мигӕнӕнтӕ, ӕхсын сӕ къухтӕ, сӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ дзаумӕттӕ (Рац. 30:17–21; Лев. 11:32; Нымӕц. 19:17–20; Дык. з. 23:13, 14). Моисейы Закъон израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕй у сыгъдӕг, ома ӕнӕфау, кадджын ӕмӕ табуйаг. Уӕдӕ сыгъдӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уой сыгъдӕг. (Бакӕс Левит 11:44, 45.)

20. Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм сыгъдӕг?

20 Уӕдӕ хъуамӕ сыгъдӕг уӕм мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр. Мах архайӕм, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ уой сыгъдӕг. Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдоныл фидар хӕцӕм, кӕд нӕ алыварс дуне цыфӕнды хӕлд у, уӕддӕр. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, кӕй архайӕм, цӕмӕй мӕнг дины хъуыддӕгтӕй нӕхи ма фӕчъизи кӕнӕм. Ӕппынӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм Исайы 52:11 фыст ныхӕстӕ: «Рацӕут, рацӕут! Рацӕут уырдыгӕй, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕ бавналут. Рацӕут уырдыгӕй, уӕхи ма фӕчъизи кӕнут». Абон мах дины хъуыддӕгты стӕм сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, нӕ уӕларвон Фыд чъизийыл цы нымайы, уымӕ ӕмгӕрондӕр цӕуын. Раст уый тыххӕй хизӕм нӕхи, мӕнг динимӕ баст чи у ӕмӕ адӕмы цӕсты кадджын чи у, уыцы бӕрӕгбӕттӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕу сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм ууыл сӕ тых сӕ бонӕй архайынц, уымӕн ӕмӕ сын уый ӕххуыс кӕны Хуыцауы уарзондзинадыл фидар хӕцынӕн.

21. Нӕ бон фидарӕй зӕгъын цӕмӕн у, ӕмӕ Хуыцауы уарзондзинадӕй ӕнӕхай кӕй нӕ фӕуыдзыстӕм?

21 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзондзинадӕй ӕнустӕм хайджын уӕм. Фӕлӕ нӕ алчи дӕр хъуамӕ фидарӕй зона, йӕ бон цы у, уый кӕй аразы, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуа, фидар ыл хӕца. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, Йесойы куы фӕзмӕм, стӕй Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй нӕ уарзондзинад куы ӕвдисӕм, уӕд. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, «Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» нӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39).

Бахъуыды кодтай?

• Не ’фсарм нын куыд ӕххуыс кӕны Хуыцауы уарзондзинадыл фидар хӕцынӕн?

• Цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, Йегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны?

• Бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

• Хуыцауы адӕм сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уой?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 20 фарсыл]

НОГ ЧИНЫГ ӔХХУЫС КӔНЫ РАСТ АРХАЙЫНӔН

2008 азы облӕстон конгрессы фехъусын кодтой, кӕй рацыд 224-фарсон чиныг англисаг ӕвзагыл ӕмӕ ма ноджы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр. Чиныг хуыйны «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн». Цӕй тыххӕй йӕ рауагътой? Цӕмӕй чырыстӕттӕ хуыздӕр базоной ӕмӕ бауарзой Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ. Сӕйраджыдӕр та дзы дзырд цӕуы чырыстон уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Ацы чиныг лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд фидарӕй зондзыстӕм, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын абон кӕй у ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг, ӕмӕ нӕ фидӕны та кӕй ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ.

Ацы чиныгӕй ма базондзыстӕм, Йегъовӕмӕ хъусын уӕззау уаргъ кӕй нӕу, фӕлӕ кӕй у хорз фадат, куыд тынг ӕй уарзӕм, уый равдисынӕн. Уымӕ гӕсгӕ, ацы чиныг куы кӕсӕм, уӕд ӕнӕмӕнгдӕр ахъуыды кӕндзыстӕм: «Ӕз та Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕ кӕсын?»

Иуӕй-иутӕ Хуыцауы уарзтӕй сӕхи ӕнӕхай куы фӕкӕнынц, уӕд фылдӕр хатт уый, ахуырӕдтӕ хорз кӕй не ’мбарынц, уый аххосӕй нӕ вӕййы, фӕлӕ цыдӕр раст кӕй нӕ саразынц, уый аххосӕй. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, алы бон дӕр нын разамынд чи дӕтты, уыцы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ уарзын ӕмӕ сын аргъ кӕнын! Ныфс нӕ ис, ацы ног чиныг Йегъовӕйы адӕмӕн ӕгас дунейы дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, раст цы у, уый фарс лӕууынӕн, Сайтан сайӕгой кӕй у, уый бӕлвырд кӕнынӕн ӕмӕ, ӕппӕты ахсджиагдӕр та, Хуыцауы уарзондзинадыл фидар хӕцынӕн! (Иудӕ 21).

[Ныв 18 фарсыл]

«Ӕз мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадыл фидар куыд хӕцын, афтӕ сымах дӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд фидар хӕцдзыстут мӕ уарзондзинадыл»