Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы цӕсгомы рухс сӕм кӕлы

Йегъовӕйы цӕсгомы рухс сӕм кӕлы

Йегъовӕйы цӕсгомы рухс сӕм кӕлы

АДӔЙМАДЖЫ цӕсгомыл ис 30 хӕцъӕфӕй фылдӕр. Куы бахудӕм, уӕд нӕ цӕсгомы хӕцъӕфтӕй сӕзмӕлы 14! Ахъуыды-ма кӕн, дӕ цӕсгомы хӕцъӕфтӕ куы нӕ змӕлыдаиккой, уӕд дӕ ныхас зӕрдӕмӕдзӕугӕ уыдаид? Уый зын зӕгъӕн у. Фӕлӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны сӕ цӕсгомы хӕцъӕфтӕ ӕрмӕст уымӕн нӕ хъӕуынц, ӕмӕ сӕ ныхас рӕсугъд уа. Сӕ цӕсгомы хӕцъӕфтӕ ӕмӕ сын сӕ буары уӕнгты змӕлд стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ бамбарын кӕной. Бирӕты дисы ӕфтауы, къухӕй амонгӕ ӕвзагыл кӕй ис радӕттӕн вазыгджын хъуыдытӕ, суанг лыстӕг хабӕртты онг дӕр.

Ӕрӕджы ӕппӕт дунейы дӕр, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон уынын райдыдтой адӕймаджы цӕсгомӕй бирӕ рӕсугъддӕр цӕсгом. Фӕсномыгӕй дзургӕйӕ, уыдон уынынц «Йегъовӕйы цӕсгом» (Йер. хъ. 2:19). Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы нӕу. Йегъовӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмы тынг кӕй уарзы, уый бӕрӕг уыди рагон Израилы рӕстӕджы дӕр (Лев. 19:14). Абон дӕр ирдӕй зыны, ахӕм адӕмы кӕй уарзы, уый. «[Хуыцауы] фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр, ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ куы райстой, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы цӕсгом федтой. Уый сын куыд бантыст, кӕд ӕмӕ хъусӕй нӕ хъусынц, уӕд? Фыццаг уал ӕркӕсӕм, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн къухӕй амонгӕ ’взаг ахсджиаг цӕмӕн у, уымӕ.

Уынын ӕмӕ афтӕмӕй хъусын

Бирӕтӕ бӕлвырд нӕ зонынц, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон цавӕр адӕм сты ӕмӕ къухӕй амонгӕ ӕвзаг иннӕ ӕвзӕгтӕй кӕй хицӕн кӕны, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм иу цалдӕр хъуыддагмӕ. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн сӕ бон у машинӕ скъӕрын. Иннӕтӕ семӕ куы фӕдзурынц ӕмӕ сӕ былтӕ куы фезмӕлын кӕнынц, уӕд сӕ зынтӕй бамбарынц. Къухӕй амонгӕ ’взаг ӕмӕ Брайлы шрифт иу не сты. Стӕй уыцы ӕвзаг ӕнӕуи пантомимӕ дӕр нӕу, ома буары ӕмӕ цӕсгомы змӕлдӕй истытӕ куы фембарын кӕнынц, уый. Къухӕй амонгӕ ӕвзаг иу нӕу – алы бӕстӕйы дӕр ис йӕхи ӕвзаг. Уый нӕ, фӕлӕ ма къухӕй амонгӕ ӕвзаг иу бӕстӕйы дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ хицӕн кӕна иу ранӕй иннӕ ранмӕ дӕр.

Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕм кӕсын зонынц? Чидӕртӕ сӕ хорз кӕсынц, фӕлӕ сӕ фылдӕрӕн уый тынг зын у. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ фыст цы вӕййы, уый ныффыссынц, хъусгӕ дӕр ӕмӕ дзургӕ дӕр чи кӕны, ахӕм адӕм. Ӕркӕсӕм, чи хъусы, ахӕм сывӕллон дзурын куыд базоны, уымӕ. Уый йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хъусы йӕ мадӕлон ӕвзаг. Цасдӕры фӕстӕ сахуыр вӕййы дзырдтӕ кӕрӕдзийыл бӕттын ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ аразын. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ, йӕ алыварс адӕм куыд дзурынц, уый хъусы. Уымӕ гӕсгӕ, хъусгӕ чи кӕны, ахӕм сывӕллӕттӕ кӕсын куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд фыст дзырдтӕ бӕттын райдайынц, кӕй зонынц, уыцы мыртӕ ӕмӕ дзырдтимӕ.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ӕндӕр бӕстӕмӕ бахаудтӕ ӕмӕ, йӕ къултӕ авгӕй конд кӕмӕн сты, стӕй иу мыр, иу зӕл кӕдӕм нӕ хъуысы, ахӕм уаты фестадтӕ. Уыцы бӕстӕйы адӕм цы ӕвзагыл дзурынц, уый ды никуы фехъуыстай. Алы бон дӕр дӕм бынӕттон цӕрджытӕ цӕуынц ӕмӕ дын авджы уылты цыдӕртӕ дзурынц. Хъусгӕ сӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уыныс, сӕ былтӕ куыд змӕлынц, уый. Уыдон уынынц, кӕй сӕ не ’мбарыс, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ гӕххӕттыл фыссынц ӕмӕ дын сӕ ӕвдисынц. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сӕ ныр ӕнӕмӕнгдӕр бамбардзынӕ. Куыд хатдзынӕ дӕхи? Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕндзынӕ, ахӕм уавӕры уӕ кӕрӕдзийӕн уӕ хъуыдытӕ бамбарын кӕнын ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ фыст ныхӕстӕ сты, ды хъусгӕ дӕр кӕй никуы фӕкодтай, уыцы ӕвзагыл. Раст ахӕм уавӕры сты, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр.

Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн кӕрӕдзи ӕмбарынӕн иууыл хуыздӕр мадзал у къухӕй амонгӕ ӕвзаг. Адӕймаг йӕ хъуыдытӕ радӕттынӕн фӕпайда кӕны нысӕнттӕй ӕмӕ сӕ йӕ къухтӕй афтӕ фӕамоны, раст цыма йӕ алыварс ныв скӕны. Йӕ сӕр, йӕ къухтӕ, йӕ буары иннӕ уӕнгтӕ ӕмӕ йӕ цӕсгом куы базмӕлын кӕны, уӕд уый фӕкӕны къухӕй амонгӕ ӕвзаджы грамматикӕмӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй ӕвзӕры, цӕстӕй фенӕн кӕй ис ӕмӕ хъуыдытӕ радӕттӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм ӕвзаг.

Хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕймаг исты куы фӕамоны, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ къухтӕ, йӕ буар ӕмӕ йӕ цӕсгомы алы фезмӕлдӕн дӕр вӕййы цавӕрдӕр нысаниуӕг. Цӕсгомы фезмӕлдӕй ӕрмӕст ӕнкъарӕнтӕ нӕ радӕттынц. Къухӕй амонгӕ ӕвзаджы грамматикӕйы цӕсгомы фезмӕлдӕн ис ахсджиаг бынат. Зӕгъӕм, адӕймаг фарст дӕтгӕйӕ йе ’рфгуытыл хӕрдмӕ куы схӕцы, уӕд уый фӕнысан кӕны, йӕ ныхасмӕхъусӕг кӕй хъуамӕ ахъуыды кӕна, фӕлӕ дзы дзуапп кӕй нӕ домдӕуы, кӕнӕ та – фарстӕн кӕй хъӕуы радтын дзуапп «о» йе та «нӕ». Адӕймаг ӕлхынцъ ӕрфыгӕй куы фӕкӕсы, уӕд уый та фӕнысан кӕны фарстатӕ «чи?», «цы?», «кӕм?», «кӕд?», «цӕмӕн?» йе та «куыд?». Адӕймаг йӕ былтӕ куыд базмӕлын кӕны, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ амона цӕмӕндӕр йӕ асмӕ кӕнӕ, цавӕрдӕр архайад тагъд цӕуы ӕви сындӕг, уымӕ. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕймаг йӕ сӕр куыд фезмӕлын кӕны, йе уӕхсджытыл куыд схӕцы, йӕ рустӕ куыд базмӕлын кӕны, йӕ цӕстытӕ куыд сӕхгӕны ӕмӕ сӕ куыд бакӕны, уый йын ӕххуыс кӕны йӕ хъуыдытӕ лыстӕг хабӕртты онг радӕттынӕн.

Адӕймагӕн ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы йӕ бон вӕййы йӕ хъуыдытӕ рӕсугъд ӕмӕ аив бамбарын кӕнын. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕй къухӕй амонгӕ ӕвзаг хорз чи зоны, уыдонӕн сӕ бон вӕййы радӕттын алыхуызон хъуыдытӕ, зӕгъӕм, поэзи ӕмӕ техникӕимӕ баст хъуыдытӕ, цӕстӕй фенӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй, уыдӕттӕ, стӕй ма ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъазӕн ныхӕстӕ дӕр.

Адӕмы цард ивынц къухӕй амонгӕ ӕвзагыл уагъд публикацитӕ

Хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕймагӕн къухӕй амонгӕ ӕвзагыл Йегъовӕйы тыххӕй куы «фӕдзурынц», уӕд йӕ бон вӕййы уыцы хабар «фехъусын» ӕмӕ баууӕндын, уыцы хабар кӕмӕй цӕуы, ууыл, ома Хуыцауыл. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй ӕгас зӕххы къорийыл дӕр ахӕм адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕной ӕмӕ сын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм публикацитӕ уадзой (Ром. 10:14). Абон ӕппӕт дунейы дӕр ис 58 тӕлмацгӕнӕн къорды къухӕй амонгӕ ӕвзӕгтыл. Публикацитӕ та DVD-йыл ис 40 къухӕй амонгӕ ӕвзагыл. Цымӕ уыцы ӕрмӕг исты пайда у?

Джеремийӕн йӕ ныййарджытӕ хъусӕй нӕ хъусынц. Уый дзуры: «Ӕз хъуыды кӕнын, иухатт мӕ фыд йӕ уаты цалдӕр сахаты куыд фӕбадти, цӕмӕй „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“-ӕй иу цалдӕр абзацӕн сӕ хъуыды бамбӕрстаид. Ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ уатӕй рауад ӕмӕ мын фырцинӕй йӕ къухтӕй амонын райдыдта: „Бамбӕрстон ӕй! Бамбӕрстон ӕй!“. Стӕй мын ӕмбарын кӕнын райдыдта, цы базыдта, уый. Уӕд мыл 12 азы йеддӕмӕ нӕ цыди. Ӕз уыцы абзацтыл мӕ цӕст ахастон ӕмӕ йын загътон: „Па, мӕнмӕ гӕсгӕ сӕ хъуыды ӕндӕр цыдӕр у. Уым фыст ис...“. Къухӕй мын ацамыдта, мацыуал дзур, зӕгъгӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ уатмӕ бацыд, цӕмӕй раиртӕстаид, журналы цы фыст уыди, уый. Никуы мӕ ферох уыдзӕн, мӕ фыд куыд ӕрӕнкъард, ӕмӕ мын куыд тынг ӕхсызгон уыди, йӕ къухтӕ кӕй не ’руагъта, фӕлӕ дарддӕр дӕр хъӕддыхӕй кӕй архайдта. Фӕлӕ абон ӕрмӕг DVD-йыл кӕй цӕуы, уый фӕрцы йын бирӕ ӕнцондӕр сси, нӕ публикациты цы фыст ис, уый ӕмбарын. Йегъовӕйы куыд уарзы, уый тыххӕй куы „фӕдзуры“, уӕд йӕ цӕсгом фырцинӕй ныррухс вӕййы, ӕмӕ уымӕн та аргъ дӕр нӕй».

Ӕркӕсӕм-ма ноджы иу цӕвиттонмӕ. Чилийы иу лӕг ӕмӕ ус, Ӕвдисӕнтӕ, ныхас кодтой, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм чызгимӕ. Йӕ ном хуыйны Хессения. Йӕ мадӕй йын бар ракуырдтой, цӕмӕй йын равдыстаиккой чилиаг къухӕй амонгӕ ӕвзагыл «Мӕ библион радзырдты чиныг» (DVD-йыл). Дарддӕр хабар куыд рауад, уый тыххӕй Ӕвдисӕнтӕ ныффыстой: «Хессения дискмӕ кӕсын куы райдыдта, уӕд нырма бахудти, стӕй йӕ цӕссыгтӕ фемӕхстысты. Йӕ мад ӕй куы бафарста, зӕгъгӕ, цӕуыл кӕуыс, уӕд ын загъта, радзырдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй цӕуынц. Уӕд ӕй мад фӕхатыд, дискыл цыдӕриддӕр ис, уый йӕ чызг кӕй ӕмбары».

Венесуэлӕйы иу хъӕуы, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм усӕн уыдис иу сывӕллон, ӕмӕ та дыккагӕй йӕхи бар нӕ уыди. Бинонтӕ тынг мӕгуыр уыдысты, ӕмӕ сын дыккаг сывӕллон схӕссын зын уыдаид. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус аскъуыддзаг кодтой, ус аборт кӕй скӕндзӕн. Иу бон сӕм бацыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон сын сӕ хабӕрттӕн ӕппындӕр ницы зыдтой, афтӕмӕй сын венесуэлайаг къухӕй амонгӕ ӕвзагыл равдыстой брошюрӕйӕ «Хуыцау нӕ цы домы?» 12-ӕм урок (DVD-йыл). Уыцы урочы дзырд цӕуы, Хуыцау аборт кӕнынмӕ ӕмӕ марынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг Ӕвдисӕнтӕн загъта, куыд сӕ фӕбузныг ис, уыцы урок кӕй сахуыр кодтой, уый тыххӕй. Сӕ ацыды фӕстӕ йӕ лӕгимӕ аскъуыддзаг кодтой, аборт кӕй не скӕндзӕн. Къухӕй амонгӕ ӕвзагыл уагъд публикацийы фӕрцы сывӕллон удӕгасӕй баззад!

Хо Лоррейн, хъусӕй нӕ хъусы, уый дзуры: «Библи ахуыр кӕнын у, адӕймаг хицӕн хӕйттӕй ныв куыд ӕмбырд кӕна, уый хуызӕн. Раздӕр Библийы хабӕрттӕ хорз не ’мбӕрстон, раст цыма „нывы“ кӕцыдӕр хӕйттӕ цух уыдысты, уыйау. Фӕлӕ Ӕхсӕнад къухӕй амонгӕ ӕвзагыл ӕрмӕг уадзын куы райдыдта, уӕд уыцы цух хӕйттӕ баххӕст сты, ӕмӕ рӕстдзинад хуыздӕр бамбӕрстон». Джордж (хъусӕй нӕ хъусы) 38 азы у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Мӕнӕ цы зӕгъы: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕхи бон цыдӕр бамбарын куы вӕййы, уӕд дӕхицӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕныс ӕмӕ дӕ ныфс дӕр бацӕуы. Ӕз уый зӕгъдзынӕн, ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй баввахс дӕн, уымӕн мын стыр ӕххуыс фесты DVD-тӕ къухӕй амонгӕ ӕвзагыл».

«Ӕмбырд мӕхи ӕвзагыл!»

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма къухӕй амонгӕ ӕвзагыл аразынц ӕмбырдтӕ дӕр, ӕмӕ фембӕлдты программӕ иууылдӕр вӕййы уыцы ӕвзагыл. Зӕгъӕм, ӕппӕт дунейы дӕр къухӕй амонгӕ ӕвзагыл ис 1 100 ӕмбырдӕй фылдӕр. Фембӕлдты, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонимӕ фӕныхас кӕнынц къухӕй амонгӕ ӕвзагыл ӕмӕ Библийы фыст хабӕрттӕ афтӕ фӕамонынц, цӕмӕй сӕ бамбарой – сӕхи ӕвзагыл. Афтӕмӕй ахӕм адӕм хатынц, се ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ культурӕйӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый.

Къухӕй амонгӕ ӕвзагыл ӕмбырдтӕ кӕй фӕзынд, уый исты пайда фӕци? Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Сирилы хабармӕ. Уый донаргъуыд райста 1955 азы. Бирӕ азты дӕргъы, йӕ бон куыд уыди, афтӕ ахуыр кодта мыхуыр публикацитӕ ӕмӕ ӕнӕсцухӕй цыди чырыстон фембӕлдтӕм. Хатт-иу сӕм ӕмбырдмӕ ӕрбацыдысты, къухӕй амонгӕ ӕвзагмӕ чи тӕлмац кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ, хатт та-иу не ’рбацыдысты. Тӕлмацгӕнджытӕ-иу сӕм куы нӕ уыди, уӕд-иу ын уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ гӕххӕттыл ныффыстой, сценӕйӕ цы дзырдтой, уый. Ӕмӕ афтӕ уыди 34 азы дӕргъы. Иугонд Штатты къухӕй амонгӕ ӕвзагыл фыццаг ӕмбырд фӕзынд ӕрмӕстдӕр 1989 азы Нью-Йоркы. Сирил уыцы ’мбырдмӕ цӕуын кӕй райдыдта, уый тыххӕй цы хъуыды кӕны? «Цыма тархъӕдӕй, талынг тъунелӕй рухсмӕ рахызтӕн, мӕхи афтӕ хатын. Ӕрцыд диссагӕн зӕгъинаг хабар, мӕхи ӕвзагыл фӕзынд ӕмбырд!»

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ къухӕй амонгӕ ӕвзагыл сты, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕм ӕдзух иумӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ кӕм базонынц ӕмӕ йын кӕм кувынц, ахӕм бынӕттӕ. Уырдӕм ӕрбацӕугӕйӕ Хуыцауы адӕмӕн сӕ циныл цин бафты, сӕ ныфсыл та ныфс. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон ацы дунейы ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ хорз кӕй не ’мбарынц, уымӕ гӕсгӕ дзы ӕцӕгӕлӕттӕй уӕлдай не сты, ӕмӕ ’мбырдты та сӕхи фӕхатынц, раст цыма сӕхи хӕдзары вӕййынц, афтӕ. Ӕмбырдты уыцы адӕмӕн сӕ бон у ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын, уырнындзинады рӕзын ӕмӕ сӕ разы хорз нысӕнттӕ ӕвӕрын. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕтӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц. Чидӕртӕ та сӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр ацыд, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн ӕххуыс кӕной Йегъовӕйы базонынӕн. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы ӕфсымӕртӕ сахуыр вӕййынц, Хуыцауы Ныхас раст амонын, ӕмбырды хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын ӕмӕ хъусынгӕнджытӕм сӕ хъус дарын, ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр бирӕтӕ уый аккаг свӕййынц, ӕмӕ сын ӕмбырды сӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакӕнынц.

Иугонд Штатты къухӕй амонгӕ ӕвзагыл ис 100 ӕмбырдӕй фылдӕр ӕмӕ иу-80 къорды. Бразилийы та ис 300 ӕмбырды бӕрц ӕмӕ 400 къордӕй фылдӕр. Мексикӕйы та къухӕй амонгӕ ӕвзагыл ис иу-300 ӕмбырды. Уӕрӕсейы ис 30 ӕмбырдӕй фылдӕр ӕмӕ 113 къорды. Адон сты ӕрмӕстдӕр цалдӕр цӕвиттоны, ӕппӕт дунейы дӕр къухӕй амонгӕ ӕвзагыл ӕмбырдтӕ куыд рӕзынц, уымӕн.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма къухӕй амонгӕ ӕвзагыл уадзынц конгресстӕ дӕр. Фарон ӕгас дунейы дӕр алыхуызон къухӕй амонгӕ ӕвзӕгтыл ацыд 120 конгрессӕй фылдӕр. Уый, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы Ӕвдисӕнтӕн фадат дӕтты, цӕмӕй ӕмбарой, уыдон дӕр кӕй хауынц, афоныл уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг чи исы, уыцы ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрадмӕ.

Ленард, хъусӕй нӕ хъусы, 25 азӕй фылдӕр у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый дзуры: «Ӕз никуы дызӕрдыг кодтон, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у, ууыл. Фӕлӕ кӕронмӕ никуы ӕмбӕрстон, адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы, уый. Хатт-иу ӕм мӕсты дӕр сдӕн. Фӕлӕ къухӕй амонгӕ ӕвзагыл облӕстон конгрессы раныхӕстӕй иумӕ куы байхъуыстон, уӕд уыцы хабар хорз бамбӕрстон. Раныхас куы фӕци, уӕд мӕ мӕ ус йӕ рӕмбыныкъӕдзӕй бакъуырдта ӕмӕ мӕ бафарста: „Цӕй цы, дӕ фарстӕн дзуапп ссардтай?“ Ӕз ын фидарӕй загътон „о“. Ӕз тынг цин кӕнын, 25 азы дӕргъы Йегъовӕйыл фидар кӕй хӕцыдтӕн ӕмӕ йӕ кӕй нӕ ныууагътон. Ӕз ӕй алкӕддӕр уарзтон, кӕд ӕй кӕронмӕ не ’мбӕрстон, уӕддӕр. Абон та йӕ ӕмбарын!»

Зӕрдӕйӕ бузныг сты

Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон Йегъовӕйы тыххӕй куы базонынц, уӕд йӕ «цӕсгомыл цы фенынц»? Уарзондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, рӕстдзинад, иузӕрдиондзинад, ӕнувыд уарзт ӕмӕ ма ноджы бирӕ цыдӕртӕ.

Ӕгас дунейы дӕр, Ӕвдисӕнтӕй хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон уынынц Йегъовӕйы цӕсгом ӕмӕ ма йӕ ноджы ирддӕрӕй уындзысты. Йегъовӕ сӕ зӕрдӕбынӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ сӕм «йӕ цӕсгомы рухс кӕлы» (Нымӕц. 6:25). Куыд бузныг сты уыцы адӕм, Йегъовӕйы кӕй базыдтой, уый тыххӕй!

[Нывтӕ 24, 25 фарсыл]

Ӕппӕт дунейы дӕр къухӕй амонгӕ ӕвзӕгтыл ис 1 100 ӕмбырдӕй фылдӕр

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Йегъовӕйы цӕсгомы рухс кӕлы, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕммӕ