Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕхи хиз ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй ныр – «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон»

Дӕхи хиз ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй ныр – «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон»

Дӕхи хиз ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй ныр – «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон»

ЦЫППАР хъотырджын лӕджы хъуыды кодтой, куыд бакӕной, ууыл. Самарийы кулдуары раз бадтысты, фӕлӕ сын ничи ницы лӕвӕрдта. Сириӕгты ӕфсад горӕтыл кӕй ӕртыхст, уый тыххӕй адӕм сыдӕй мардысты. Хъотырджынтӕн горӕтмӕ бацӕуынӕй ницы пайда уыдис, уымӕн ӕмӕ дзы хойраг тынг зынаргъ уыди. Горӕты цӕрджытыл ахӕм мӕгуыры бон акодта, ӕмӕ ма суанг сӕ сывӕллӕтты дӕр райдыдтой хӕрын (2 Пад. 6:24–29).

«Уӕд та сириӕгтӕм фӕцӕуиккам?– ахъуыды кодтой хъотырджынтӕ.– Уӕддӕр дзы куы ницы сафӕм». Ӕмӕ куыддӕр ӕрталынг, афтӕ, сириӕгтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уырдӕм араст сты. Куы сӕм бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ дзы ничи. Бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ бастӕй лӕууынц, фӕлӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕй. Ацы цыппар лӕджы цатырмӕ бакастысты, ӕмӕ та уым дӕр ничи, хӕринаг ӕмӕ нозт та – парахат. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕхи дзӕбӕх федтой. Ссардтой ма дзы сызгъӕрин, ӕвзист, уӕлӕдарӕс ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дзауматӕ. Куы сӕ рахастой ӕмӕ сӕ куы бамбӕхстой, уӕд та фӕстӕмӕ баздӕхтысты, цӕмӕй ма дзы ноджыдӕр истытӕ рахастаиккой. Сириӕгтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уыцы цатырты цъиуызмӕлӕг дӕр нӕ уыди. Йегъовӕ диссаджы хуызы афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ хъустыл ауад стыр ӕфсады хъӕлӕба. Сириӕгтӕ фенхъӕлдтой, чидӕр сӕм ӕрбабырста, ӕмӕ лидзынмӕ фесты. Цыдӕриддӕр сӕм уыдис, уыдон та уым ныууагътой.

Хъотырджынтӕ зынаргъ дзауматӕ хӕссын ӕмӕ ӕмбӕхсыныл фесты. Фӕлӕ стӕй фӕхъуыды кодтой, Самарийы цӕрджытӕ сыдӕй кӕй мӕлынц, ӕмӕ сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудти. Уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: «Раст нӕ кӕнӕм. Абон у хорз хабӕрттӕ дзурыны бон!» Хъотырджынтӕ уайтагъд Самаримӕ ацыдысты ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, сириӕгтӕ кӕм ӕрбынат кодтой, уым ничи ис (2 Пад. 7:1–11).

Мах дӕр цӕрӕм, «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон» схонӕн кӕй ис, уыцы рӕстӕджы. «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн», уый кой кӕнгӕйӕ, Йесо загъта: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:3, 14). Ацы ныхӕстӕ ныл куыд хъуамӕ ӕндавой?

Царды сагъӕстӕн дӕ зӕрдӕ ӕруӕззау кӕнын ма бауадз

Хъотырджынтӕ, цы ссардтой, ууыл афтӕ тынг цин кодтой, ӕмӕ сӕ Самари ӕрбайрох. Хӕринаг ӕмӕ сӕ зынаргъ дзауматӕ акуырм кодтой. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ махыл дӕр ахӕм хабар ӕрцӕуа? Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цы хабӕрттӕй бӕрӕг кӕны, уыдонӕн сӕ иу у, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц (Лук. 21:7, 11). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой» (Лук. 21:34). Мах хъуамӕ нӕ царды сагъӕстыл афтӕ ма суӕм, ӕмӕ нӕ ферох уа, «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон» кӕй цӕрӕм, уый.

Хо Блессинг йӕ царды сагъӕстӕн йӕ зӕрдӕ ӕруӕззау кӕнын нӕ бауагъта. Скъола каст куы фӕци, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр йӕ цард баиу кодта, Вефилы чи лӕггад кодта, ахӕм ӕфсымӕримӕ ӕмӕ йын йӕхи дӕр фӕхуыдтой Бенины Вефилмӕ. Блессинг дзуры: «Ӕз ӕфснайын Вефилы къомнӕттӕ, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ мӕ лӕггадӕй райы». Блессинг райгонд у, 12 азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгӕйӕ кӕй никуы рох кодта, «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон» кӕй цӕры, уый.

Дӕ рӕстӕг дын чи исы, ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕхи хиз

Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын загъта: «Кӕрдинаг, бӕгуыдӕр, бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Лук. 10:2). Тыллӕг ӕфснайыны рӕстӕджы зӕхкусӕг цырд куы нӕ февнала, уӕд йӕ тыллӕг фесӕфдзӕн. Раст афтӕ, чырыстӕттӕ дӕр хъусын кӕныны хъуыддагмӕ уазал цӕстӕй куы кӕсой, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ исчи йӕ цард дӕр фесафа. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Фӕндагыл салам дӕтгӕйӕ хъӕбыстыл ма схӕцут» (Лук. 10:4). Дзырдбаст «салам дӕттын»-ӕй цы дзырд у тӕлмац, уымӕн йӕ нысаниуӕг ӕрмӕст «салам» кӕнӕ «дӕ бон хорз» нӕ уыд. Уыцы дзырдбаст ма нысан кодта, адӕймаг йӕ хорз ӕмбалыл куы фембӕла, уӕд ын хъӕбыстӕ кӕнын ӕмӕ йемӕ дзурыныл куы схӕца, уый дӕр. Уӕдӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы хъуыддӕгтыл ма хардз кодтаиккой, фӕлӕ ӕмбаргӕйӕ архайдтаиккой. Цы хабар хъусын кодтой, ууыл фӕстиат кӕнӕн нӕ уыд.

Ахъуыды-ма кӕн, цас рӕстӕг ацӕуы ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл. Фӕстаг азты бирӕ бӕстӕты адӕм сӕ сӕрибар рӕстӕг фервитынц телевизоры раз. Цымӕ дзыппыхӕсгӕ телефонтӕ ӕмӕ компьютертӕ та цас рӕстӕг байсынц? Стыр Британийы иу мин адӕймаджы бафарстой, ӕмӕ рабӕрӕг, «алы бритайнаг дӕр бон рӕстӕмбис нымадӕй 88 минуты кӕй фӕдзуры ӕнӕуи телефонӕй, 62 минуты та – дзыппыхӕсгӕ телефонӕй, 53 минуты йын кӕй ацӕуы Интернеты фыстӕджытӕ кӕсыныл ӕмӕ сын дзуапп дӕттыныл, 22 минуты та – СМС-хъусинӕгтыл». Ацы минуттӕ иумӕ куы бафтауӕм, уӕд дзы рауайдзӕн, ӕххуысгӕнӕг пионер бон цас рӕстӕг фӕхъусын кӕны, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр! Дӕуӕн та ахӕм хъуыддӕгтыл цас рӕстӕг ацӕуы?

Эрнст ӕмӕ Хильдегард Зелигер сӕ рӕстӕгӕн аргъ кодтой. Нацистты ӕмӕ коммунистты рӕстӕг концлагертӕ ӕмӕ ахӕстӕтты дыууӕйӕ иумӕ фӕбадтысты 40 азӕй фылдӕр. Куы ссӕрибар сты, уӕд суанг сӕ зӕххон царды кӕронмӕ лӕггад кодтой пионертӕй.

Бирӕты фӕндыд Эрнст ӕмӕ Хильдегардмӕ писмотӕ фыссын. Фӕлӕ уӕд сӕ рӕстӕг цыдаид ӕрмӕстдӕр уыцы писмотӕ кӕсыныл ӕмӕ сын дзуапп дӕттыныл. Уыдонӕн та сӕ царды сӕйрагдӕр уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй уарзӕм, уыдонимӕ нын ӕхсызгон у нӕ рӕстӕг ӕрвитын ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Адӕймаг йе ’рвылбоны хъуыддӕгтӕй сфӕлмӕцы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хи ирхӕфсын дӕр фӕхъӕуы. Фӕлӕ абон хорз хабар хъусын кӕныны рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй нӕ рӕстӕг ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл ма цӕуа.

Хорз хабар бӕстон хъусын кӕн

Цӕй стыр арфӕдзинад у «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон» цӕрын! Уӕдӕ, цыппар хъотырджыныл райдианы цы рӕдыд ӕрцыд, ахӕм рӕдыд ныл макуы ’рцӕуӕд. Дӕ зӕрдыл дар, цы хатдзӕгмӕ ’рцыдысты, уый: «Раст нӕ кӕнӕм». Афтӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕн ӕмӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕн уый бар ма дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ рӕстӕг исой ӕмӕ нӕ бӕстон хъусын кӕнын хъыгдарой.

Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у апостол Павел. Уый йӕ лӕггады фыццаг 20 азы кой кӕнгӕйӕ, ныффыста: «Чырыстийы тыххӕй хорз хабар бӕстон кӕм нӕ фехъусын кодтон, ахӕм бынат нал баззад» (Ром. 15:19). Павел ницӕмӕн лӕвӕрдта бар йӕ зӕрдӕйы зынг ахуыссын кӕнынӕн. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Павелау «хорз хабӕрттӕ дзурыны бон» Паддзахады хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм!

[Ныв 28 фарсыл]

Блессингы ницы бахъыгдардта ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын

[Ныв 29 фарсыл]

Эрнст ӕмӕ Хильдегард Зелигер сӕ рӕстӕгӕн аргъ кодтой