Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстытӕн дзуапп раттын дӕ бон бауаид.

Йӕ мады гуыбыны чи амард, уыцы сывӕллон райгас уыдзӕн?

Адӕймаджы цард райдайы, сывӕллон йӕ мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕд. Йегъовӕйӕн йӕ бон у адӕймаджы райгас кӕнын, цыфӕнды кары куы амӕла, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн «алцыдӕр у йӕ бон» (Марчы 10:27). Фӕлӕ Библийы комкоммӕ никуы ис фыст, йӕ мады гуыбыны чи амард, уыцы сывӕллоны Хуыцау райгас кӕндзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй (15.4., 12, 13 фӕрстӕ).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм мӕлдзыгӕй, хӕххон даманӕй, мӕтыхӕй ӕмӕ гекконӕй?

Цыппар дӕр сты ӕрдзӕй зондджын, ӕмӕ кадджын кӕнынц Хуыцауы йе стыр зонды тыххӕй (Ӕмб. 30:24–28). (15.4., 16–19 фӕрстӕ).

Йесо Чырысти Хуыцау у?

Павел нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Кор. 11:3). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, фидӕны Хуыцау «ӕппӕт дӕр куы бакӕна йӕ [Чырыстийы] бар, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ къӕхты бын чи ӕрӕвӕрдта, уый бар, цӕмӕй Хуыцау уа алкӕмӕн дӕр алцыдӕр» (1 Кор. 15:28). Бӕрӕг у, Чырысти Хуыцау кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ йӕ Фыдӕй дзырдта, «мӕ Хуыцау», зӕгъгӕ (Рарг. 3:2, 12; 2 Кор. 1:3, 4). (июль–сентябрь, 7 фарс).

Ӕнӕдзургӕйӕ лӕууын Библи хорз цӕмӕн хоны?

Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй адӕймаг ӕнӕдзургӕйӕ куы лӕууа, уӕд уымӕй иннӕтӕн аргъ кӕны. Уымӕй ма ӕвдисы, ӕмбаргӕ ӕмӕ арфуынӕг кӕй у. Ӕнӕдзургӕйӕ лӕууын ма ӕххуыс кӕны хъуыды кӕнынӕн дӕр (Пс. 37:7; 63:6; Ӕмб. 11:12). (15.5., 3–5 фӕрстӕ).

Адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм?

Уымӕн ис бирӕ аххосӕгтӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ у Дунесфӕлдисӕг Хуыцау. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн. Стӕй ма Хуыцау уарзы, чи йӕ уарзы, уыдоны. Мах аргъ кӕнӕм, Хуыцау нын цыдӕриддӕр радта, уымӕн (Иак. 1:17; Пс. 40:5). Хуыцауы тынг куы уарзӕм ӕмӕ йӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр куы кадджын кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон аивой (1 Тим. 1:13). (апрель–июнь, 22, 23 фӕрстӕ)

Иудӕйы паддзӕхтӕй Хуыцауы хӕдзарыл ӕнувыд чи уыд, уыдон цал уыдысты?

Хуссар паддзахад Иудӕйы уыдис 19 паддзахы ӕмӕ дзы раст диныл тынг ӕнувыд уыдысты ӕрмӕстдӕр цыппар: Асӕ, Иосафат, Езеки ӕмӕ Иоси (15.6., 7–11 фӕрстӕ).

Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон «хӕринаг» уарыны хъуыддаджы хайад се ’ппӕт дӕр исынц?

Нӕ. Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр хауынц ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къордмӕ, фӕлӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттыны хъуыддагмӕ йӕ хъус дары Разамонӕг совет (15.6., 22–24 фӕрстӕ).

Ныййарджытӕн куыд у сӕ бон сӕ сывӕллӕтты царды зындзинӕдтӕм бацӕттӕ кӕнын?

Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ царды фӕндагыл цӕуын сахуыр уой, уый тыххӕй сын хъӕуы баххуыс кӕнын, ӕмӕ уӕд уыдзысты «ӕмбаргӕ» ӕмӕ сӕхи бон уыдзӕн уынаффӕтӕ хӕссын (Ром. 12:1, 2). Библийы уагӕвӕрдтӕй куы пайда кӕнат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй ӕмбаргӕйӕ архайой, сӕ рӕзгӕ кары хорз уынаффӕтӕ хӕссой ӕмӕ сын зиан чи ӕрхӕсса, ахӕм хъуыддӕгтӕй сӕхи хизой (Фил. 4:5; Гал. 6:7; Кол. 3:21). Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайат, уӕд уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын уыдзыстут (июль–сентябрь, 10 фарс).

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо дины разамонджытӕй сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хицӕн кодта, ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта?

Уӕды заманы дины разамонджытӕ хуымӕтӕг адӕмы нӕ уарзтой ӕмӕ сыл ӕлгъ кодтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр нӕ уарзтой. Йесо та йӕ Фыды уарзта ӕмӕ адӕмӕн тӕригъӕд кодта (Матф. 9:36). Йесо уыд фӕлмӕн, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ (15.7., 15 фарс).