Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны...

Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны...

БИРӔТӔМ афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ маст куы райсой, уӕд сын фенцондӕр уыдзӕн. Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ исчи куы фӕхъыг кӕны кӕнӕ йын исты зиан куы ’рхӕссы, уӕд фӕмӕсты кӕны. Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зонын нӕ туджы кӕй рахастам, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕфӕнды хъуыддаг сраст кӕнын. Фӕлӕ куыд?

Адӕймаджы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй фӕфӕнды йӕ маст райсын. Зӕгъӕм, ныццавтой йӕ, атъӕпп ӕй кодтой, ныхасӕй йӕ бафхӕрдтой, фӕнадтой йӕ, исты дзы адавтой ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Цы дӕ фӕфӕнды саразын, ахӕм хабар дыл куы ’рцӕуы, уӕд? Абон бирӕтӕ фӕзӕгъынц: «Ӕз ын фенын кӕндзынӕн!»

Америкӕйы астӕуккаг кълӕсты ахуырдзаутӕй иуӕй-иутӕ сӕ ахуыргӕнджытӕй сӕ маст райсынц, кӕй сын бауайдзӕф кодтой кӕнӕ сын ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн кӕй сӕвӕрдтой, уый тыххӕй: ӕрымысынц сыл, бафхӕрдта мӕ, зӕгъгӕ. Ног Орлеаны ахуыргӕнджыты профсоюзы хицау Бренда Митчелл зӕгъта: «Ахуыргӕнӕгыл иу хатт дӕр куы бахъаст кӕной, уӕд йӕ хорз ном фесӕфт». Уый фӕстӕ куы сбӕрӕг вӕййы, уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уӕддӕр ын йӕ хорз ном кӕй фӕчъизи кодтой, уый тагъд нӕ ферох вӕййы.

Фылдӕр кӕнынц, сӕ куысты хицауадӕй райгонд чи нӕу ӕмӕ уый тыххӕй йӕ маст райсын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы нымӕц. Уый тыххӕй барӕй фӕивынц кӕнӕ фесафынц, компьютеры цы информаци вӕййы, уый. Иннӕтӕ та сӕ куысты ахсджиаг информаци адавынц ӕмӕ йӕ ауӕй кӕнынц кӕнӕ йӕ рахъӕр кӕнынц. Иу газеты фыстой, зӕгъгӕ, компьютерӕй информаци давынӕй уӕлдай ма, «адӕм сӕ маст райсыны тыххӕй пайда кӕнынц зӕронд мадзалӕй – исты адавынц» («The New York Times»). Цӕмӕй куысты хицауад ахӕм хабӕрттӕй сӕхи бахизой, уый тыххӕй бирӕтӕ афтӕ кӕнынц: куыстӕй кӕй систой, уыцы адӕймагимӕ хъахъхъӕнӕг йӕ кусӕн бынатмӕ бацӕуы ӕмӕ йӕ разы фӕлӕууы, цалынмӕ йӕ дзаумӕттӕ фембырд кӕны, уӕдмӕ ӕмӕ йӕ стӕй ахизын кӕны.

Фӕлӕ арӕхдӕр адӕм сӕ маст фӕисынц се ’мбӕлттӕй, ӕмкусджытӕй ӕмӕ бинонтӕй искӕмӕй. Ныхасӕй кӕнӕ сӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда сӕ маст райсын. Де ’мбал дӕм карзӕй куы сдзуры, уӕд ын ды дӕр ахӕм дзуапп раттыс? Бинонтӕй дӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд дӕ маст райсыныл фӕархайыс? Чи нӕ фӕхъыг кодта, уый кӕд не ’мбал у кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй исчи, уӕд маст райсын ӕнцон у!

Маст исын ӕнӕзонд ми у

Арӕхдӕр адӕмы сӕ маст райсын фӕфӕнды, цӕмӕй сын фенцондӕр уа, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, дзуттӕгты кадджын хистӕр Иаковы фырттӕ куы базыдтой, ханаайнаг Сихем сын сӕ хо Динӕйы кӕй фӕхудинаг кодта, уӕд «уыцы хъуыддаг сӕхицӕн стыр ӕфхӕрдыл банымадтой ӕмӕ мӕстӕй рафыхтысты» (Райдиан 34:1–7). Иаковы фырттӕ сфӕнд кодтой Сихемӕй ӕмӕ йӕ бинонтӕй сӕ маст райсын. Симеон ӕмӕ Леви ханаайнӕгтыл хинӕй рацыдысты, горӕтмӕ бацыдысты ӕмӕ Сихемы ӕмӕ нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр амардтой (Райдиан 34:13–27).

Сӕ маст кӕй райстой, уый исты пайда уыд? Иаков куы базыдта, йӕ фырттӕ цы сарӕзтой, уый, уӕд сын бауайдзӕф кодта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат. Сымах тыххӕй ацы бӕстӕйы адӕмӕн... се знаг фестадтӕн... уыдон иумӕ мӕ ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ хӕдзар дӕр бабын кӕндзысты» (Райдиан 34:30). Сӕ фыдми хорзӕй ницӕмӕ ’ркодта: Иаков ӕмӕ йӕ бинонтӕн тӕссаг уыд, сӕ сыхӕгтӕ сӕ сӕ маст куы райсой, уымӕй. Цӕмӕй сӕхи фыдбылызӕй бахызтаиккой, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау Иаковӕн загъта, цӕмӕй йӕ бинонтимӕ ацыдаид ӕндӕр бынатмӕ, Вефилмӕ (Райдиан 35:1, 5).

Иаковы фырттӕ сӕ маст кӕй райстой, уыцы хабарӕй зондӕн райсӕн ис иу хъуыддаг: йӕ маст чи исы, уымӕй иннӕтӕ дӕр сӕ маст райсынц, ӕмӕ уыцы хъуыддагӕн кӕрон дӕр нал вӕййы. Иу немыцаг ӕмбисонд афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, тугисӕг туджджын кӕны.

Мастисӕгӕй дӕр сӕ маст райсынц

Нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъарутӕ уымӕ куы саразӕм, цӕмӕй кӕйдӕр бафхӕрӕм, уӕд нӕхицӕн дӕр зиан хӕссӕм. Иу чиныджы фыст ис: «Маст адӕймагӕн йӕхи сафы. Чи нӕ фӕхъыг кодта, уый нӕхи мидӕг куы фелгъитӕм ӕмӕ дзы нӕ маст куыд райсдзыстӕм, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ уыл ацӕуынц» («Forgiveness​—How to Make Peace With Your Past and Get On With Your Life»). Уымӕ гӕсгӕ Библи бӕлвырд ӕмбарын кӕны, «хӕлӕг та у стӕгниз», зӕгъгӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:30).

Адӕймаг мӕстӕй куы фыца, уӕд хъӕлдзӕг куыд уыдзӕн? Иу журналист загъта: «Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ маст куы райсай, уӕд дын фенцондӕр уыдзӕн, уӕд ма бакӕс, цалдӕргай азты дӕргъы йӕ маст райсыныл чи хъуыды кӕны, уыдонмӕ».

Ахъуыды-ма кӕн, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй сты ӕмӕ ӕндӕр диныл хӕст кӕй сты, уый тыххӕй адӕм кӕм нӕ фидауынц, уым цытӕ цӕуы, ууыл. Иу иннӕйы кӕй амары, уый ӕркӕны фылдӕр тыхми ӕмӕ ног лӕгмӕрдтӕм. Зӕгъӕм, террористы бомбӕйӕ 18 сывӕллоны куы фӕмард, уӕд иу зӕрдӕрыст сылгоймаг хъӕр кодта: «Хъуамӕ сӕ нӕ маст мин хатты райсӕм!» Афтӕмӕй фыддзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны ӕмӕ фылдӕр адӕм хъизӕмар кӕны.

«Цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт»

Йӕ маст чи фӕисы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕхи фӕраст кӕнынц, зӕгъгӕ, Библийы дӕр афтӕ фыст ис, «цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст» (Левит 24:20). Чи зоны, фыццаг афтӕ фӕкӕса, уыцы закъон маст исынмӕ кӕй разӕнгард кӕны. Фӕлӕ уыцы закъон уый тыххӕй уыд, цӕмӕй адӕм сӕ масты фӕдыл ма цыдаккой.

Зӕгъӕм, иу израилаг иннӕимӕ фӕхыл ӕмӕ йын йӕ цӕст ныццавта, уӕд ӕй Закъонмӕ гӕсгӕ бафхӕрын хъуыд. Фӕлӕ йӕ бафхӕрыны бар нӕ уыд, кӕй ныццавта, уымӕн кӕнӕ йӕ бинонтӕн. Закъонмӕ гӕсгӕ йын йӕ хъуыддаг ӕвзӕрстой тӕрхонгӕнджытӕ. Адӕймаг барӕй цы фыдракӕнд сарӕзта кӕнӕ фыдбылыз ракодта, уый тыххӕй йын йӕхи дӕр афтӕ кӕй бафхӕрдзысты, уый кӕй зыдта, уый дӕр ӕй маст исынӕй хызта. Фӕлӕ ма уыд уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг.

Уӕлдӕр цы закъоны кой кодтам, уый раттыны размӕ Йегъовӕ Хуыцау израилӕгтӕн Моисейы уылты загъта: «Де ’фсымӕрмӕ дӕ зӕрдӕйы фыдӕх ма хӕсс... Дӕ маст ма ис» (Левит 19:17, 18). Афтӕ загъд цӕмӕн уыд, «цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст», зӕгъгӕ, уый бамбарынӕн зӕрдыл дарын хъӕуы ӕнӕхъӕн закон. Йесо Чырысти йын йӕ хъуыды бамбарын кодта дыууӕ фӕдзӕхстӕй: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» ӕмӕ «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр» (Матфейы 22:37–40). Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ куыд хъуамӕ кӕной, ӕнаххосӕй сӕ куы ’фхӕрой, уӕд?

Архай хӕларӕй цӕрыныл

Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, «фарны Хуыцау» кӕй у, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй «тырной иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынмӕ ӕмӕ ууыл архайой» (Дзуттӕгтӕм 13:20; 1 Петры 3:11). Цымӕ афтӕ кӕнын исты пайда у?

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрста: тутӕ йыл кодтай, ехсӕй йӕ фӕнадтой, йе знӕгтӕ йӕ фӕдыл зылдысты, йе ’мбал ӕй ауӕй кодта ӕмӕ йӕ суанг йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр ныууагътой (Матфейы 26:48–50; 27:27–31). Куыд дардта йӕхи Чырысти? Апостол Петр ныффыста: «Ӕлгъыстой йӕ, фӕлӕ уый никӕй ӕлгъыста. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста, фӕлӕ ӕртхъирӕн никӕмӕ кодта – раст тӕрхон чи кӕны, уый бар-иу бакодта йӕхи» (1 Петры 2:23).

«Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта,– бамбарын кодта Петр,– ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 Петры 2:21). Уӕдӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмой, суанг, ӕнаххосӕй хъизӕмартӕ куы ’взӕрста, уӕд йӕхи куыд дардта, уыцы хъуыддаджы дӕр. Чырысти хохыл адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд йӕхӕдӕг загъта: «Уарзут уе знӕгты дӕр ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ» (Матфейы 5:44, 45).

Чырыстийау адӕмы чи уарзы, уыдон та сӕхи куыд фӕдарынц, исты ӕвзӕрдзинад сын куы саразынц кӕнӕ сӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрынц, уӕд? Ӕмбисӕндты 19:11 стихы фыст ис: «Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны». Стӕй ма сӕ зӕрдыл дарынц ацы ныхӕстӕ: «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа – ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ромӕгтӕм 12:21). Куыд тынг хицӕн кӕны уый, абон дунейы цы зондахаст ис, уымӕй! Адӕмы ӕцӕгдӕр куы уарзӕм, уӕд нӕ маст нӕ исдзыстӕм, ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ «ницӕмӕ дардзыстӕм», уымӕн ӕмӕ уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уый нӕ нымайы» (1 Коринфӕгтӕм 13:5).

Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ исчи куы бафхӕра кӕнӕ нӕм куы ӕртхъирӕн кӕна, уӕд хъуамӕ уыцы хъуыддаг афтӕ ныууадзӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Павел афтӕ куы загъта, «ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнут», зӕгъгӕ, уӕд афтӕ нӕ дзырдта, чырыстонӕн йӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд йӕ бон кӕй нӕу йӕхи сӕрыл дзурын. Куы нӕм ӕртхъирӕн кӕной кӕнӕ нӕ нӕ исты байсынмӕ куы хъавой, уӕд нӕ бон у милицӕмӕ фӕдзурын. Куысты кӕнӕ скъолайы нӕ куы ’фхӕрой, уӕд та нӕ бон у хицауадмӕ бацӕуын (Ромӕгтӕм 13:3, 4).

Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, ацы дунейы ӕцӕг растдзинад ссарын зын кӕй вӕййы. Бирӕтӕ цӕрӕнбонты рӕстдзинад фӕагурынц, фӕлӕ дзӕгъӕлы.

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ сӕ удхӕссӕг уыной ӕмӕ кӕрӕдзийӕ сӕ маст исой (1 Иоанны 3:7, 8). Хорз уаид Библийы ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл куы дариккам: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут. Уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (Ромӕгтӕм 12:19). Алцыдӕр Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд нӕхи бахиздзыстӕм бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ фыддзинадӕй (Ӕмбисӕндтӕ 3:3–6).

[Хицӕнгонд текст 24 фарсыл]

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» ӕмӕ «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр»

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уый нӕ нымайы» (1 Коринфӕгтӕм 13:5)