Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийау ут коммӕгӕс ӕмӕ фидар

Чырыстийау ут коммӕгӕс ӕмӕ фидар

Чырыстийау ут коммӕгӕс ӕмӕ фидар

«Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (ИОАН. 16:33).

1. Йесо алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ куыд каст?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙӔН Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕ уыди. Йӕ уӕларвон Фыды коммӕ ма бакӕса, ахӕм хъуыды йӕм ӕвзӕргӕ дӕр никуы скодта (Иоан. 4:34; Дзут. 7:26). Фӕлӕ зӕххыл куы царди, уӕд ын ӕнцон нӕ уыди коммӕгӕсдзинад ӕвдисын. Йесо лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ йе знӕгты, стӕй Сайтаны дӕр, тынг фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ арӕзтой: архайдтой, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы дызӕрдыг хъуыдытӕ сӕвзӕрдаид, тыххӕй йын ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын кодтой кӕнӕ йыл хинӕй цыдысты (Матф. 4:1–11; Лук. 20:20–25). Знӕгтӕ Йесойӕн бирӕ маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кодтой. Ӕппынфӕстаг ӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл амардтой (Матф. 26:37, 38; Лук. 22:44; Иоан. 19:1, 17, 18). Кӕд Йесо стыр дудгӕбӕттӕ бавзӕрста, уӕддӕр «коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:8.)

2, 3. Йесо хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Хуыцауы коммӕ кӕй каст, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2 Йесо зӕххыл коммӕ кӕсыныл сахуыр ис тынг зын уавӕрты – ахӕм уавӕрты раздӕр никуы бахауд (Дзут. 5:8). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уӕлӕрвты бирӕ ӕнусты дӕргъы уыдысты хорз ӕмбӕлттӕ. Хуыцау дун-дуне куы фӕлдыста, уӕд ын ӕххуыс кодта, куыд «дӕсны кусӕг», афтӕ. Йесо тынг хорз зыдта, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый, ӕмӕ афтӕ зынди, цыма йӕ ахуыр кӕнын ницӕуылуал хъуыди (Ӕмб. 8:30). Фӕлӕ зӕххыл йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цыди, уӕд йе ’наипдзинад кӕронмӕ сбӕлвырд кодта. Йесо, Хуыцауы Фырт, йӕ Фыдмӕ ноджы тынгдӕр баввахс. Цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы хабарӕй?

3 Йесо Йегъовӕйы уарзта ӕнувыд уарзтӕй ӕмӕ, кӕд ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр йӕ ныфс йӕхиуыл никуы дардта. Цӕмӕй коммӕгӕс уыдаид, уый тыххӕй алкӕддӕр ӕххуыс куырдта Хуыцауӕй. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:7.) Цӕмӕй мах дӕр коммӕгӕс уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ ӕппынӕдзух Хуыцауӕй ӕххуыс курӕм. Апостол Павел дӕр чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй Йесо Чырысти – йӕхи чи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ мӕлӕты онг дӕр коммӕгӕс чи уыд, уый – «куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕной» (Фил. 2:5–8). Йесойы цардӕй рабӕрӕг, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Хуыцауы коммӕ кӕсын, фыдадӕмы ’хсӕн куы цӕра, уӕд дӕр. Раст у, Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди, фӕлӕ цы зӕгъӕн ис махӕй та, ӕнӕххӕст адӕмӕй?

Ӕнӕххӕстӕй дӕр – коммӕгӕс

4. Хуыцау нын сӕрибардзинад кӕй радта, уый цӕуыл дзурӕг у?

4 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы схайджын кодта зондӕй ӕмӕ сын радта сӕрибардзинад. Сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хайджын стӕм сӕрибардзинадӕй. Уый цӕуыл дзурӕг у? Мах нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, хорздзинад араздзыстӕм ӕви ӕвзӕрдзинад. Ӕндӕрдзырдӕй нын Хуыцау радта бар, цӕмӕй нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм ӕви нӕ. Хуыцау нын ахӕм стыр сӕрибардзинад кӕй радта, уый ма ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цы аразӕм, уый тыххӕй йӕ разы дзуапп кӕй дӕттӕм. Ӕцӕгдӕр, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард. Уыцы уынаффӕтӕ ма фӕзынынц, нӕ алыварс чи ис, уыцы адӕмыл дӕр.

5. Не ’ппӕт дӕр цӕимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон куыд у, цӕмӕй уӕлахиз кӕнӕм?

5 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ коммӕ кӕсын нӕ туджы нӕй. Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын дӕр нын ӕнцон уымӕн нӕ вӕййы. Афтӕ кӕй у, уый Павел дӕр хорз зыдта. Мӕнӕ цы ныффыста: «Ме уӕнгты цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ ӕмӕ мӕ кӕны, ме уӕнгты цы тӕригъӕды закъон цӕры, уый уацайраг» (Ром. 7:23). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕнцондӕр вӕййы, нӕхи нӕ цух кӕнын куы ницӕмӕй фӕхъӕуы ӕмӕ уый тыххӕй маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ куы нӕ бавзарӕм, уӕд. Фӕлӕ куыд бакӕнӕм, Хуыцауы коммӕ кӕсын нӕ куы фӕфӕнды, ӕмӕ нӕ нӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ [ӕмӕ] цӕстыты монцтӕ» куы фӕхъыгдарынц, уӕд? Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, стӕй ныл «ацы дунейы зонд» дӕр кӕй ӕндавы, уымӕ гӕсгӕ нӕм фӕзыны ахӕм тӕригъӕдджын монцтӕ, ӕмӕ уыдон та тыхджын сты (1 Иоан. 2:16; 1 Кор. 2:12). Цӕмӕй сӕ ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ рагацау бацӕттӕ кӕнӕм, цалынмӕ зын уавӕры йе та фӕлварӕны нӕ бахауӕм, уӕдмӕ. Стӕй ма хъуамӕ нӕхицӕн аскъуыддзаг кӕнӕм, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсдзыстӕм (Пс. 78:8). Библийы ис, йӕ зӕрдӕ рагацау чи бацӕттӕ кодта ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы раз йӕ сыгъдӕг ном чи бахъахъхъӕдта, бирӕ ахӕм адӕмы кой (Езд. 7:10; Дан. 1:8).

6, 7. Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн раст бакӕнынӕн?

6 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Фыстад, ӕмӕ йыл чи бындуриуӕг кӕны, уыцы литературӕ лӕмбынӕг иртасӕм. Райсӕм ахӕм цӕвиттон. Изӕрӕй ахуыр кӕныс Библи. Йегъовӕмӕ скуывтай ӕмӕ дзы ракуырдтай йӕ сыгъдӕг уды ӕххуыс, цӕмӕй, цы базыдтай, уымӕй дӕ бон уа царды пайда кӕнын. Дыккаг бон та дӕ фӕнды телевизоры киномӕ бакӕсын. Уыцы кинойӕ иууылдӕр тынг ӕппӕлынц, фӕлӕ дзы кӕмдӕр ӕнӕгъдау митӕ дӕр ис ӕмӕ тыхми дӕр.

7 Ды хъуыды кӕныс, Ефесӕгтӕм 5:3 стихы Павелы уынаффӕйыл: «Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕм хӕтынӕн ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн кӕнӕ зыддзинадӕн йӕ кой дӕр ма уӕд». Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууыди Филиппӕгтӕм 4:8 фыст уынаффӕ дӕр. (Бакӕс ӕй.) Хуыцауы ныхӕстыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕхимӕ ахӕм фарст дӕттыс: «Кӕд ахӕм программӕтӕм зонгӕ-зонын кӕсын, уӕд цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесойау алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсын?» Куыд бакӕндзынӕ? Уӕддӕр уыцы киномӕ бакӕсдзынӕ?

8. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

8 Раст нӕ уаид, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын куы райдаиккам ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕниккам, зӕгъгӕ, нӕ уырнындзинад фидар у ӕмӕ ныл ӕвзӕр ӕмбӕлтты зондахаст нӕ фӕзындзӕн, стӕй нын, фыддзинад ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад кӕм ис, ахӕм хиирхӕфсӕнтӕ дӕр ницы зиан ӕрхӕсдзысты. Зӕгъӕм, тӕссаг хӕцгӕ низ куы фӕзыны, уӕд адӕм бирӕ цыдӕртӕ фӕаразынц, цӕмӕй дзы сӕхи бахъахъхъӕной. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм ӕмӕ Сайтаны «хинмиты ныхмӕ фидар лӕууӕм» (Еф. 6:11).

9. Алы бон дӕр Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

9 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ алы бон дӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕхъӕуы скъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйы коммӕ бакӕсдзыстӕм ӕви нӕ. Цӕмӕй ирвӕзындзинад райсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Чырысти «мӕлӕты онг дӕр» коммӕгӕс куыд уыди, мах дӕр афтӕ коммӕгӕс куы уӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, фидар уырнындзинад нын кӕй ис. Йегъовӕ нын нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кӕндзӕн. Йесо дӕр загъта: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 24:13). Уый тыххӕй хъуамӕ Йесойау фидар уӕм (Пс. 31:24).

Йесойы хуызӕн хъӕбатыр ничи уыди

10. Цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ цы хъӕуы аразын?

10 Цӕмӕй ныл ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ зондахаст ма фӕзыной, уый тыххӕй нӕ хъӕуы алы бон дӕр сӕ ныхмӕ фидар лӕууын. Чырыстӕттӕ сӕмбӕлынц бирӕ цӕлхдуртыл. Гӕнӕн ис ӕмӕ сӕ иннӕтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ардауой, йе та сын мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ кӕнын кӕной. Цард бонвыддӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ сын чи зоны цардамӕлттӕ кӕнын фӕзын уа. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты аххосӕй гӕнӕн ис Йегъовӕйы раст фӕндагӕй дӕр ахизой. Бирӕтӕн сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ фӕцӕуынц. Иуӕй-иу бӕстӕты та студенттӕн эволюцийы теори фылдӕр амонын райдыдтой, стӕй адӕм тынгдӕр се ’ргом аздӕхтой атеизммӕ. Ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ мах хъуамӕ нӕхи афтӕ ма дарӕм, цыма уый махмӕ нӕ хауы, ӕмӕ ӕнцад ма бадӕм. Мах хъуамӕ дунейы ныхмӕ фидар лӕууӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм. Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн Йесойы цӕвиттон.

11. Йесойы цӕвиттоныл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый фылдӕр тых ӕмӕ ныфс куыд дӕтдзӕн?

11 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоан. 16:33). Йесо дунейы зондыл никуы ацыд. Уый дунейӕн уый бар никуы радта, цӕмӕй йӕ хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын бахъыгдардтаид, стӕй йӕ уаг ӕмӕ йе ’фсарм фехалын дӕр нӕ бауагъта. Мах дӕр хъуамӕ дунейӕн уый бар макуы радтӕм. Йесо йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй загъта: «Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоан. 17:16). Чырыстийы царды хабӕрттӕ лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ куыд хъӕбатыр уыд, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм уыйбӕрц тых ӕмӕ ныфс уыдзӕн, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгтӕй иуварс лӕууӕм.

Йесойӕ хъӕбатырдзинадыл ахуыр кӕнут

12–14. Йесо хъӕбатыр цавӕр хъуыддӕгты уыд?

12 Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ алы хъуыддаджы дӕр уыди хъӕбатыр. Хуыцауы Фырт кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй «бацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ дзы уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй чидӕриддӕр уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта се стъӕлттӕ, бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та – сӕ бандӕттӕ» (Матф. 21:12). Йесомӕ йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв ӕфсӕддонтӕ куы бацыдысты ӕрцахсынмӕ, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты бахъахъхъӕныны тыххӕй сӕ размӕ ныфсджынӕй рацыд ӕмӕ загъта: «Кӕд мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут» (Иоан. 18:8). Цасдӕры фӕстӕ Йесо Петрӕн загъта, цӕмӕй йӕ кард йӕ кӕрддзӕмы сӕвӕрдтаид ӕмӕ уымӕй равдыста, йӕ ныфс хӕцӕнгарзыл кӕй нӕ дардта, фӕлӕ Йегъовӕйыл (Иоан. 18:11).

13 Йесо нӕ тарст, йӕ рӕстӕджы чи царди, уыцы дурзӕрдӕ ахуыргӕнджытӕй ӕмӕ сын сӕ мӕнг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ хурмӕ калдта. Уый сын загъта: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Сымах адӕмӕн уӕларвон паддзахады дуар ӕхгӕнут [...] Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ та – рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дарут. [...] Къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ ныссыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та, кӕй бастигъат, ууыл стут ӕмӕ бӕрц ницӕмӕй зонут» (Матф. 23:13, 23, 25). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хъуамӕ афтӕ хъӕбатыр уыдаиккой, цӕмӕй мӕнг дины разамонджыты ныхмӕ фӕлӕууыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ уыдон ӕфхӕрдтой ӕмӕ сӕ кӕйдӕрты та маргӕ дӕр акодтой (Матф. 23:34; 24:9).

14 Йесо ма суанг хӕйрӕджыты ныхмӕ дӕр фидар лӕууыд. Иухатт сӕмбӕлд, дӕлимонтӕ уӕгъд кӕй нӕ уагътой, ахӕм нӕлгоймагыл. Уый ахӕм тыхджын уыди, ӕмӕ йӕ никӕй бон уыди рӕхыстӕй сбӕттын. Йесо ӕппындӕр нӕ фӕтарст ӕмӕ уыцы нӕлгоймагӕй бирӕ дӕлимонты расырдта (Марчы 5:1–13). Абон Хуыцау чырыстӕттӕн ахӕм диссӕгтӕ аразыны хъару нӕ дӕтты. Фӕлӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы мах дӕр хъуамӕ тох кӕнӕм Сайтаны ныхмӕ, «ӕнӕуырнджытӕн» «сӕ сӕрызонд [чи] бакуырм кодта», уый ныхмӕ (2 Кор. 4:4). Йесойау махӕн дӕр нӕ хӕцӕнгӕрзтӕ «адӕймаджы конд не сты, фӕлӕ сӕ тых ис Хуыцауы фӕрцы». Уыдоны фӕрцы басӕттӕм, «тынг цы ныффидар, уыдӕттӕ» – рагӕй фӕстӕмӕ кӕй амонынц, фӕлӕ раст чи не сты, уыцы ахуырӕдтӕ (2 Кор. 10:4). Хуыцау нын цы хӕцӕнгӕрзтӕ дӕтты, уыдонӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уымӕн нын стыр ӕххуыс у Йесойы цӕвиттон.

15. Йесойӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаид?

15 Йесо сонтӕй никуы ницы арӕзта, хъӕбатыр уымӕн уыди, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта Хуыцауыл. Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм (Марчы 4:40). Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын фидар уырнындзинад уа? Баххуыс та нын кӕндзӕн Йесойы цӕвиттон. Уый хорз зыдта Фыстад ӕмӕ йыл тынг ӕууӕндыд. Йесо йӕхи ӕнӕуи хъамайӕ не сифтонг кодта, фӕлӕ «сыгъдӕг уды лӕвӕрд хъамайӕ», ома Хуыцауы Ныхасӕй. Йӕ ахуырӕдтӕ раст кӕй уыдысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рхаста. Цалынмӕ-иу исты загъта, уӕдмӕ-иу арӕх афтӕ бакодта: «Фыст у», йӕ хъуыдыйы алкӕддӕр уыди, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый *.

16. Нӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр цӕй фӕрцы уыдзӕн?

16 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй арӕх сӕмбӕлӕм зындзинӕдтыл. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы зындзинӕдты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад ма фӕцуда, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм, чырыстон фембӕлдтӕм цӕуӕм, ӕмӕ нӕ зонд ӕфсадӕм, уырнындзинад кӕуыл ӕнцайы, уыцы ӕцӕгдзинӕдтӕй (Ром. 10:17). Стӕй ма хъуамӕ арф хъуыды кӕнӕм, цы базонӕм, ууыл, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕтӕм бахъара. Ӕрмӕстдӕр нӕ фидар уырнындзинад сразӕнгард кӕндзӕн хъӕбатырӕй архайынмӕ (Иак. 2:17). Хъуамӕ ма Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг уд дӕр курӕм, уымӕн ӕмӕ уырнындзинад у, сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй иу (Гал. 5:22).

17, 18. Иу ӕрыгон хо скъолайы хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

17 Иу ӕрыгон хо Китти йӕхиуыл бавзӕрста, фидар уырнындзинад адӕймаджы ныфс куыд уадзы, уый. Гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдта, скъолайы «хорз хабар хъусын кӕнынӕй» ӕфсӕрмы кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕ фӕндыд йе ’мкъласонтӕн Хуыцауы тыххӕй радзурын (Ром. 1:16). Ног ахуыры аз-иу куы ралӕууыд, уӕд та-иу йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ, ацы аз сын ӕнӕмӕнгӕй хорз хабар радзурдзынӕн, фӕлӕ та-иу йӕ ныфс нӕ бахаста. Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд ӕндӕр скъоламӕ ацыд. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодта: «Ныр иу фадат дӕр нал ауадздзынӕн». Китти Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй Чырыстийау хъӕбатырӕй ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ архайдтаид, стӕй йын йӕ дины тыххӕй дзурынӕн фадат фӕзындаид.

18 Скъоламӕ фыццаг бон куы бацыд, уӕд ахуыргӕнӕг скъоладзаутӕн загъта, цӕмӕй сӕхи тыххӕй истытӕ радзырдтаиккой. Чидӕртӕ сӕ сӕ дины тыххӕй дӕр ской кодта, фӕлӕ йӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй кӕсынц, ууыл дӕр басастысты. Китти бамбӕрста, Хуыцау ын йӕ куывд кӕй фехъуыста ӕмӕ йын дзурынӕн фадат кӕй фӕзынд. Йӕ рад куы ’рхӕццӕ, уӕд ныфсджынӕй загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕмӕ Библи куыд дзуры, афтӕ кӕнын динимӕ баст хъуыддӕгты дӕр ӕмӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауимӕ баст хъуыддӕгты дӕр». Йе ’мкъласонтӕй йыл чидӕртӕ сӕ былтӕ акъуырдтой, фӕлӕ йӕм иннӕтӕ та лӕмбынӕг байхъуыстой ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр цӕмӕйдӕрты фӕрсгӕ дӕр бакодтой. Китти йӕ дины сӕрыл афтӕ уӕндонӕй кӕй дзырдта, уый тыххӕй дзы ахуыргӕнӕг иннӕты раз раппӕлыд. Киттийӕн тынг ӕхсызгон у, Йесойы цӕвиттон ын кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй хъӕбатыр уа.

Чырыстийау ут хъӕбатыр ӕмӕ йын фӕзмут йӕ уырнындзинад

19. а) Цы у фидар уырнындзинад? ӕ) Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ райын кӕнын?

19 Апостолтӕ дӕр ӕмбӕрстой, фидар уырнындзинад сӕ кӕй хъӕуы, цӕмӕй хъӕбатырӕй архайой. Уыдон Йесомӕ бахатыдысты: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл». (Бакӕс Лукайы 17:5, 6.) Адӕймагӕн фидар уырнындзинад уа, уый, Хуыцау кӕй ис, ӕрмӕст ууыл ӕууӕндын нӕ нысан кӕны. Уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар суа, раст гыццыл сывӕллон йӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой фыдимӕ куыд вӕййы, афтӕ. Хуыцауы фӕндӕй Соломон ныффыста: «Мӕ хъӕбул, дӕ зӕрдӕ зондджын куы суа, уӕд цин кӕндзӕн мӕ зӕрдӕ дӕр. Дӕ дзыхӕй рӕстдзинад куы цӕуа, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нал уыдзӕн» (Ӕмб. 23:15, 16). Уӕдӕ Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уымӕй йӕ зӕрдӕ райы, ӕмӕ уый фӕрцы ноджы хъӕбатырдӕр кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ алкӕддӕр Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм!

[Фиппаинаг]

Куыд бамбарын кӕнис?

• Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы коммӕ кӕсӕм?

• Фидар уырнындзинад цӕуыл ӕнцайы ӕмӕ нын уый куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм?

• Цы нын бантысдзӕн, Чырыстийау коммӕгӕс ӕмӕ хъӕбатыр куы уӕм, уӕд?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай, уый тыххӕй дӕ зӕрдӕ цӕттӕ кӕныс?

[Ныв 15 фарсыл]

Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у хъӕбатырӕй архайын ӕмӕ фидар уырнындзинад ӕвдисын