Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

Мотоциклтӕ, наркотиктӕ ӕмӕ спорт чи уарзта, уыцы нӕлгоймаг ныр Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын цӕмӕн райдыдта? Ӕхцайыл чи хъазыд, уыцы лӕппу йе ’взӕр ахуыр куыд ныууагъта ӕмӕ йӕ бинонты дарыны тыххӕй ӕндӕр куыст цӕмӕн бацагуырдта? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн чи схъомыл, фӕлӕ Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ бафӕндыд, уыцы ӕрыгон сылгоймаг та ногӕй цӕмӕн сфӕнд кодта йӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын. Ӕркӕсӕм, ацы адӕм уый тыххӕй сӕхӕдӕг цы дзурынц, уымӕ.

 

ЙӔ НОМ ТЕРРЕНС О’БРАЙЕН

ЦӔУЫ ЙЫЛ 57 АЗЫ

ЦӔРЫ АВСТРАЛИЙЫ

РАЗДӔР УЫД НАРКОМАН, УАРЗТА МОТОЦИКЛТӔ

Ӕз райгуырдтӕн Брисбены, Квинсленды сӕйраг горӕты. Нӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ, фӕлӕ аргъуаны фӕстаг хатт уыдыстӕм, аст азы мыл куы цыди, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ хӕдзары дины кой никуыуал уыди. Дӕс азы мыл куы цыд, уӕд та алыгъдыстӕм горӕт Голд-Костмӕ. Цардыстӕм денджызы был ӕмӕ-иу гыццылӕй мӕхи надтон денджызы ӕмӕ уылӕнтыл фӕйнӕгыл ленк кодтон.

Фӕлӕ мӕ сабибонтӕ амондджын нӕй схонӕн. Аст азы мыл куы цыд, уӕд нӕ мӕ фыд ныууагъта. Мӕ мад ногӕй смой кодта. Йӕ лӕг расыггӕнаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу нӕм ӕдзух уыд хылтӕ ӕмӕ хъӕлӕба. Иу ӕхсӕв та куы фӕхыл сты, уӕд бацыдтӕн мӕ уатмӕ, мӕ хуыссӕныл сбадтӕн ӕмӕ расомы кодтон, ус куы ракурон, уӕд йемӕ кӕй никуы хыл кӕндзынӕн. Кӕд нӕ бинонтӕ – мӕ мад, йӕ лӕг ӕмӕ мах, ӕхсӕз сывӕллоны – зындзинӕдтӕй цух нӕ уыдыстӕм, уӕддӕр кӕрӕдзи уарзтам.

Куы фестырдӕр дӕн, уӕд ме ’мгӕрттӕ хистӕрты коммӕ нал кастысты. Дымдтой тамако, хъылма ӕмӕ ӕндӕр наркотиктыл бафтыдысты, стӕй ма нуазгӕ дӕр кодтой. Ӕз дӕр сӕ фӕстейӕ нӕ задтӕн. Уарзтон ма мотоциклы скъӕрын. Цалдӕр хатты авариты дӕр бахаудтӕн, фӕлӕ мӕ уӕддӕр ницы урӕдта. Фӕндыд мӕ ӕппӕт Австралийыл мотоциклыл ӕрзилын.

Кӕд ӕрмӕст мӕ уды дзӕбӕхӕн цардтӕн, уӕддӕр арӕх хъуыды кодтон дунейы уавӕрыл ӕмӕ йӕ адӕм кӕй ницӕмӕ дарынц, ууыл. Тынг мӕ фӕндыд базонын, динтӕй раст кӕцы у, чи у Хуыцау ӕмӕ цард ахӕм цӕмӕн у, уый. Фӕлӕ ацы хъуыддӕгты тыххӕй дыууӕ католикон сауджыны куы бафарстон, уӕд мын бӕлвырд дзуапп нӕ радтой. Бафарстон ма цалдӕр протестантон аргъуанты кусджыты дӕр, фӕлӕ уыдоны дзуаппытӕй дӕр райгондӕй нӕ баззадтӕн. Уый фӕстӕ мӕ ме ’мбал базонгӕ кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Эддиимӕ. Цыппар хатты йемӕ фӕмбӕлдтӕн ӕмӕ мын алы хатт дӕр дзуапп лӕвӕрдта Библийӕ. Фыццаг хатт куы аныхас кодтам, уӕд бамбӕрстон, рӕстытӕ кӕй дзуры. Фӕлӕ йӕ уӕд нӕма ӕмбӕрстон мӕ цард мӕ аивын кӕй хъӕуы, уый.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Австралийы мотоциклыл куы цыдтӕн, уӕд сӕмбӕлдтӕн ӕндӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл ӕмӕ йемӕ дӕр аныхас кодтон. Фӕлӕ фӕстӕмӕ Квинслендмӕ куы ’рыздӕхтӕн, уӕд сӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы никӕйуал федтон.

Иу бон, куыстӕй хӕдзармӕ цӕугӕйӕ уынджы федтон дыууӕ хӕрзконд нӕлгоймаджы пъартфелтимӕ ӕмӕ ахъуыды кодтон, мыййаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не сты, зӕгъгӕ. Куы сӕм бацыдтӕн, уӕд бамбӕрстон, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у ӕмӕ сын загътон, кӕй мӕ фӕнды Библи ахуыр кӕнын. Уайтагъд райдыдтон ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ ма суанг 1973 азы уыдтӕн се стыр конгрессы Сиднейы. Фӕлӕ мӕ бинонты, уӕлдай дӕр та мӕ мады зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕн, уый. Уый тыххӕй ӕмӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕмбырдтӕ ныууагътон. Уый фӕстӕ райдыдтон крикетӕй хъазын ӕмӕ ӕнӕхъӕн аз ӕндӕр ницӕуыл хъуыды кодтон.

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ бамбӕрстон, ӕцӕг амондджын кӕй уыдтӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи куы ахуыр кодтон, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ногӕй та сӕ ’рцагуырдтон ӕмӕ та ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон. Стӕй ныууагътон мӕ раздӕры ӕмбӕлтты.

Фӕлӕ мыл ӕппӕты тынгдӕр бандӕвта, Библийӕ Иовы тыххӕй цы базыдтон, уый. Библи мемӕ ахуыр кодта иу ацӕргӕ лӕг Билл. Уый уыд хӕларзӕрдӕ, фӕлӕ комкоммӕ дзураг адӕймаг. Иовы хабӕртты тыххӕй куы бакастыстӕм, уӕд мӕ бафарста, Хӕйрӕг ма кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн йӕхи пайдайы тыххӕй лӕггад кӕны (Иов 2:3–5). Ӕз ранымадтон, Библийӕ ма кӕй зыдтон, цалдӕр ахӕм адӕймаджы, фӕлӕ та-иу мын Билл афтӕ бакодта: «Раст у, фӕлӕ ма ӕндӕр кӕмӕй загъта?» Стӕй мын мӕ цӕстытӕм комкоммӕ ныккаст ӕмӕ загъта: «Хӕйрӕг дӕ кой дӕр кодта!» Уый куы фехъуыстон, уӕд мӕ бандонӕй фӕцӕйхаудтӕн. Уый размӕ дӕр ӕмбӕрстон, цы сахуыр кодтон, уыдон раст кӕй сты. Фӕлӕ мӕм ныр бахъардта, цы базыдон, уымӕ гӕсгӕ архайын дӕр кӕй хъӕуы. Цыппар мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Мӕ хъуын арц сбады, куы ахъуыды кӕнын, кӕм уаин ныр, Библимӕ гӕсгӕ куы нӕ цардаин, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн амардаин. Мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй бирӕтӕ амардысты, чи наркотиктӕй, чи та нозтӕй. Иннӕтӕ та сӕ бинонты цардӕй райгонд не сты. Мӕнӕн дӕр мӕ уавӕр хуыздӕр нӕ уыдаид.

Ныр мӕ бинойнаг Маргаретимӕ лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы, Австралийы. Мӕ хиуӕттӕй Йегъовӕйӕн ничи лӕггад кӕны. Мах Библи ахуыр кодтам бирӕ адӕмимӕ ӕмӕ се ’хсӕн уыди бинонтӕ дӕр. Уыдонӕн дӕр сӕ цард хорзӕрдӕм фӕивта. Бирӕтӕ сӕ ныр сты нӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Маргарет схъомыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн ӕмӕ мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕххӕст кӕнон, 40 азы размӕ мӕхицӕн цы дзырд радтон, уый – мӕ бинойнагимӕ кӕй никуы фӕхыл уыдзынӕн. Ныр 25 азы амондджынӕй цӕрӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ кӕрӕдзиимӕ алыхатт разы нӕ вӕййӕм, фӕлӕ ныронг иу хатт дӕр нӕ фӕхыл стӕм. Мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, уый афтӕ кӕй у Библийы фӕрцы.

 

ЙӔ НОМ МАСАХИРО ОКАБАЯШИ

ЦӔУЫ ЙЫЛ 39 АЗЫ

ЦӔРЫ ЯПОНЫ

РАЗДӔР ӔХЦАЙЫЛ ХЪАЗЫД

Ӕз райгуырдтӕн чысыл горӕт Иавакурӕйы, горӕт Нагойӕмӕ йӕм ӕрдӕг сахаты цыд у. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты тынг хӕларзӕрдӕ адӕм. Фӕстӕдӕр куыд базыдтон, афтӕмӕй мӕ фыд уыд япойнаг мафийы, якудзӕ, зӕгъгӕ. Адӕмы стыгъта ӕмӕ уымӕй дардта бинонты – фондз сывӕллоны. Тынг кӕй нуӕзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ игӕр фехӕлд ӕмӕ амард. Уӕд мыл цыд 20 азы.

Мӕ фыд корейаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ адӕм нӕ уарзтой. Уый тыххӕй дӕр, стӕй ма ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй мын ме ’рыгон бонтӕ ӕнад уыдысты. Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд-иу арӕх уроктӕй алыгъдтӕн, ӕппынфӕстаг та скъола бынтондӕр ныууагътон. Пъӕлицӕмӕ-иу арӕх кӕй бахаудтӕн, стӕй корейаг кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мын зын уыд куыст ссарын. Фӕлӕ уӕддӕр иу куыст ссардтон. Иуцасдӕр дзы куы акуыстон, уӕд мӕ уӕрджытӕ ныццавтон ӕмӕ дзы мӕ бон кусын нал уыд.

Уый фӕстӕ райдыдтон ӕхцайыл хъазын. Уыцы рӕстӕг иу чызгимӕ цардтӕн. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй хуыздӕр куыст ссардтаин ӕмӕ нӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ баиу кодтаиккам. Фӕлӕ мӕм ӕхцайыл хъазгӕйӕ бирӕ ӕхца ’фтыд ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд мӕ цард ивын.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Иу хатт нын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ дуар ӕрбахостой ӕмӕ мын радтой чиныг «Жизнь – как она возникла? Путем эволюции или путем сотворения?» Ацы фарстайыл раздӕр никуы хъуыды кодтон, фӕлӕ ацы чиныг куы бакастӕн, уӕд мӕ бафӕндыд Библийы тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕндыд ма мӕ базонын, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы. Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн Библийӕ дзуапп куы ссардтон, уӕд, цыма мӕ цӕстытӕ байгом сты.

Бамбӕрстон, Библийӕ цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ мӕ кӕй хъӕуы мӕ цард аразын. Цы сылгоймагимӕ цардтӕн, уыимӕ мӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ баиу кодтон, тамако дымын ныууагътон, мӕ даргъ, бурахуырст дзыккутӕ алвыдтон, мӕ дарӕс раивтон ӕмӕ ӕхцайыл дӕр нал хъазыдтӕн.

Ӕнцон мын нӕ уыд мӕ цард фӕивын, уӕлдайдӕр та тамако ныууадзын. Фӕлӕ зӕрдиагӕй куывтон Йегъовӕмӕ, мӕ ныфс ыл сӕвӕрдтон ӕмӕ уый фӕрцы мӕ тамако ныууагътон. Тынг зын ма мын уыд, ӕхцайыл хъазын куы ныууагътон ӕмӕ ӕндӕр куыст куы ссардтон, уӕд дӕр. Мӕ куыст уыд уӕззау ӕмӕ ’хца та истон дыууӕ хатты къаддӕр. Уыцы зын рӕстӕджы мын стыр ӕххуыс уыдысты Библийӕ Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕ: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый, ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уый, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд». Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый бирӕ хӕттыты бавзӕрстон мӕхиуыл.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд уый мӕ усы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ тынг куы фӕивтон, уӕд уый дӕр райдыдта мемӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Ныр нӕ дыууӕ дӕр стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕвӕдза, Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнынӕй ӕхсызгондӕр ницы ис!

Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтон, уӕдмӕ мӕхи амондджыныл нымадтон. Фӕлӕ ныр зонын, ӕцӕг амонд цы у, уый. Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу, фӕлӕ уый у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг.

 

ЙӔ НОМ ЭЛИЗАБЕТ ДЖЕЙН СКОУФИЛД

ЦӔУЫ ЙЫЛ 35 АЗЫ

ЦӔРЫ СТЫР БРИТАНИЙЫ

РАЗДӔР ЦАРД ӔРМӔСТДӔР ЙӔ УДЫ ДЗӔБӔХӔН

Ӕз схъомыл дӕн Глазгомӕ хӕстӕг гыццыл горӕт Хардгэйты (Шотланди). Авд азы мыл цыд, мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси ӕмӕ мын Библи амонын куы райдыдта, уӕд. Фӕлӕ мӕ 17-аздзыдӕй бафӕндыд ме ’мбӕлттимӕ рӕстӕг ӕрвитын. Цыдыстӕм ӕхсӕвыгон хиирхӕфсӕн клубтӕм, хъуыстам хеви металлмӕ ӕмӕ нуӕзтам. Цы мӕ фӕндыд, уый арӕзтон, фӕлӕ Хуыцау мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Цардтӕн ӕрмӕстдӕр мӕ уды дзӕбӕхӕн. Фӕлӕ мыл 21 азы куы сӕххӕст, уӕд мӕ цард цӕхгӕр фӕивта.

Иухатт ацыдтӕн мӕ хӕстӕджытӕм Цӕгат Ирландимӕ ӕмӕ дзы бахаудтӕн протестантты парадмӕ. Протестанттӕ ӕмӕ католиктӕ сӕ кӕрӕдзийӕ сӕ удхӕссӕг кӕй уынынц, уый куы федтон, уӕд арвыцӕфау фӕдӕн. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты, мӕ мад мын Библийӕ цы амыдта, уыдӕттӕ. Ӕз зыдтон, Хуыцауы закъӕттӕ уарзондзинадыл арӕзт кӕй сты ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уыцы закъӕттӕ чи халы, ахӕм адӕм. Бамбӕрстон, ӕрмӕст мӕхи уды дзӕбӕхӕн кӕй цӕрын ӕмӕ мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр кӕй нӕй Хуыцауы фӕндон. Уӕд сфӕнд кодтон фӕстӕмӕ Шотландимӕ аздӕхын ӕмӕ та ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдайын.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Нӕхимӕ куы ’рыздӕхтӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ куы бацыдтӕн уӕд тынг тыхстӕн. Хъуыды кодтон, цы цӕстӕй мӕм ракӕсдзысты уал азы фӕстӕ, фӕлӕ мыл иууылдӕр бацин кодтой. Библийӕ цы базыдтон, уыдон мӕ царды ӕххӕст кӕнын райдыдтон. Ӕмбырды мӕм иу сылгоймаг йӕ хъус уӕлдай тынгдӕр дардта ӕмӕ мын уый руаджы ӕмбырд мӕхи бинонты ад кӕнын райдыдта. Мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ та-иу мӕ хуыдтой, цӕмӕй нӕхи аирхӕфстаиккам, фӕлӕ сын ӕз бамбарын кодтон, Библимӕ гӕсгӕ цӕрын мӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ мӕ уӕд мӕхи бар ныууагътой.

Раздӕр мӕм афтӕ каст, цыма Библийы фыст ис, афтӕ бакӕн, афтӕ ма бакӕн, ӕндӕр ницы. Фӕлӕ мӕ хъуыды фӕивтон. Ӕз бамбӕрстон, Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ дӕр мӕн хуызӕн лӕмӕгъ, хуымӕтӕг адӕм кӕй уыдысты. Уыдон дӕр тӕригъӕдтӕ арӕзтой, фӕлӕ-иу сын Йегъовӕ ныххатыр кодта, куы-иу ӕрфӕсмон кодтой, уӕд. Ӕмӕ мӕн дӕр ныфс бацыд, кӕддӕр ӕй кӕй ныууагътон, уый мын кӕй ныббардзӕн, зӕрдиагӕй йын лӕггад кӕнын куы райдайон, уӕд.

Мӕ мады уаг ӕмӕ ’гъдау дӕр мыл тынг фӕзындысты. Кӕд ӕз Хуыцауы ныууагътон, уӕд ӕй уый никуы ныууагъта. Йегъовӕйы куыд тынг уарзы, уымӕ кӕсгӕйӕ бамбӕрстон, ӕз дӕр ын ӕппӕт хъарутӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнон. Гыццылӕй-иу мӕ мӕ мад йемӕ арӕх кодта адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Нӕ йӕ ӕмбӕрстон, куыд ис сахатгай Хуыцауы тыххӕй адӕмимӕ дзурӕн! Ныр та ма бафӕндын базонын, Матфейы 6:31–33 стихты фыст Чырыстийы ныхӕстӕ раст сты ӕви нӕ: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм... Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц. Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни». Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕмӕ, кӕд ӕнӕхъӕн бон куыстон, уӕд ныр та, ӕрдӕг бон кусын кӕм хъӕуы, ахӕм куыст ссардтон ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг мӕ бон у адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Ӕрыгондӕр ма куы уыдтӕн, уӕд ӕрмӕст мӕ уды дзӕбӕхӕн цардтӕн, фӕлӕ мын ахӕм цард циндзинад нӕ хаста. Мӕ цард уыд афтид. Ныр та мӕ цард радтон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ амондджын дӕн. Ныр ӕй зонын, цӕй тыххӕй цӕрын, уый. Ныртӕккӕ мӕ цардӕмбалимӕ алы къуыри дӕр бӕрӕг кӕнӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Ацы хъуыддаг ӕз мӕхицӕн стыр кадыл нымайын. Стыр бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, кӕй мын радта фадат, цӕмӕй та йын ногӕй лӕггад кӕнын райдыдтаин.

[Хицӕнгонд текст 19 фарсыл]

«Фыццаг хатт куы аныхас кодтам, уӕд бамбӕрстон, рӕстытӕ кӕй дзуры. Фӕлӕ йӕ уӕд нӕма ӕмбӕрстон, мӕ цард мӕ аивын кӕй хъӕуы, уый»

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

«Ӕнцон мын нӕ уыд... тамако ныууадзын. Фӕлӕ зӕрдиагӕй куывтон Йегъовӕмӕ, мӕ ныфс ыл сӕвӕрдтон ӕмӕ уый фӕрцы мӕ тамако ныууагътон»

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

«Раздӕр мӕм афтӕ каст, цыма Библийы фыст ис, афтӕ бакӕн, афтӕ ма бакӕн, ӕндӕр ницы. Фӕлӕ мӕ хъуыды фӕивтон. Ӕз бамбӕрстон, Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ дӕр мӕн хуызӕн лӕмӕгъ, хуымӕтӕг адӕм кӕй уыдысты»