Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ куывдтытӕ хуыздӕр кӕн

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ куывдтытӕ хуыздӕр кӕн

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ куывдтытӕ хуыздӕр кӕн

«О Йегъовӕ, курын дӕ, дӕ хъус ӕрдар дӕ цагъары куывдмӕ» (НЕЕМ. 1:11).

1, 2. Библийы цы куывдтытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕм ӕркӕсын хорз цӕмӕн у?

КУВЫН ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын тынг ахсджиаг сты ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ (1 Фес. 5:17; 2 Тим. 3:16, 17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи куывдтыты чиныг нӕу. Фӕлӕ дзы ис бирӕ куывдтытӕ, ӕмӕ сӕ фылдӕр сты Псаломты чиныджы.

2 Библи куы фӕкӕсыс ӕмӕ йӕ куы фӕахуыр кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, феныс, ды цы уавӕртыл сӕмбӕлыс, ахӕм уавӕрты чи уыд, уыдоны куывдтытӕ. Фыстады цы куывдтытӕ ис, уыдоны ныхӕстӕй куы пайда кӕнай, уӕд дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр уыдзысты. Цы ис зондӕн райсӕн, Хуыцау йӕ куывдӕн дзуапп кӕмӕн радта, уыцы адӕмӕй ӕмӕ куыд куывтой, уымӕй?

Агур Хуыцауы разамынд ӕмӕ йӕм хъус

3, 4. Авраам йӕ лӕггадгӕнӕджы кӕдӕм арвыста, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд куыд сӕххӕст кодта, уымӕй цы базыдтам?

3 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтам, ӕппынӕдзухдӕр Хуыцауӕй разамынд курын кӕй хъӕуы. Ӕркӕсӕм-ма, Авраам йӕ ацӕргӕ лӕггадгӕнӕджы, ӕвӕццӕгӕн, Елиезеры, Месопотамимӕ куы арвыста, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Елиезер ацыд, цӕмӕй Исахъӕн ӕркодтаид, Хуыцауы ’фсарм кӕмӕ уыд, ахӕм цардӕмбал. Сылгоймӕгты цъайӕ дон исгӕ куы федта, уӕд Елиезер Хуыцаумӕ скуывта: «Йегъовӕ, [...] уыцы чызджытӕй афтӕ кӕмӕн зӕгъон: „Дӕ хорзӕхӕй, ӕрис-ма дӕ дурын ӕмӕ дзы дон бануазон“, ӕмӕ чи зӕгъа: „Табуафси, ӕз дын дӕ теуатӕн дӕр ратдзынӕн дон“, уый уыдзӕн, дӕ лӕггадгӕнӕг Исахъӕн кӕй равзӕрстай, уыцы чызг. Афтӕмӕй базондзынӕн, мӕ хицауы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый» (Райд. 24:12–14).

4 Авраамы лӕггадгӕнӕг йӕ куывдӕн дзуапп райста, Ревеккӕ теуатӕн дон куы радта, уӕд. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Ревеккӕ йемӕ Ханаанмӕ ацыд ӕмӕ Исахъы уарзон бинойнаг сси. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон Хуыцау нӕ куывдтытӕн дзуапп дӕтгӕйӕ диссӕгтӕ нӕ февдисы. Фӕлӕ йӕм куы кувай ӕмӕ, сыгъдӕг уд куыд амоны, афтӕ куы кӕнай, уӕд дын разамынд дӕтдзӕн (Гал. 5:18).

Истӕуыл куы тыхсай, уӕд кув ӕмӕ дын фенцондӕр уыдзӕн

5, 6. Иаков Исавимӕ фембӕлыны размӕ куыд куывта, уым хъус ӕрдаринаг цы у?

5 Кувгӕйӕ адӕймаджы зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы. Иаков йӕ фаззон ӕфсымӕр Исавӕй куы тарст, уӕд куывта: «О Йегъовӕ, [...] ды мӕн, дӕ цагъары, де ’нувыд уарзтӕй куыд барӕвдыдтай ӕмӕ мыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн... Лӕгъстӕ дын кӕнын, ме ’фсымӕры къухӕй, Исавы къухӕй мӕ фервӕзын кӕн. Тӕрсын, куы ’рцӕуа ӕмӕ мын мӕхи дӕр ӕмӕ мадӕлты дӕр ӕд сывӕллӕттӕ куы амара. Ды мын дӕхӕдӕг куы загътай: „Ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ байзӕддӕгты афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн, денджызы был змисӕн куыд нӕй банымайӕн, афтӕ“» (Райд. 32:9–12).

6 Иаков бацархайдта, цӕмӕй йӕхи фыдбылызӕй бахызтаид, ӕмӕ йӕ куывдӕн дзуапп райста, Исавимӕ куы бафидыдта, уӕд (Райд. 33:1–4). Йӕ куывды ныхӕстӕ йын лӕмбынӕг куы бакӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, Иаков ӕрмӕст ӕххуыс кӕй нӕ куырдта. Бӕрӕг уыд, Хуыцау зӕрдӕ цы Байзӕддагӕй бавӕрдта, ууыл кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕн кӕй аргъ кодта. Мыййаг, ды дӕр истӕмӕй тӕрсыс? (2 Кор. 7:5). Кӕд о, уӕд дын Иаковы куывд дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, кувгӕйӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ кӕй ӕрсабыр вӕййы, уый. Фӕлӕ ӕрмӕст кургӕ хъуамӕ ма кӕнӕм. Хъуамӕ ма бӕрӕг уа, Хуыцау нын нӕ куывд кӕй фехъусдзӕн, ууыл кӕй ӕууӕндӕм.

Хуыцауӕй зонд кур

7. Моисей Йегъовӕйы фӕндӕгтӕ бамбарыны тыххӕй цӕмӕн куывта?

7 Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй дзы зонд курӕм. Моисей куывта, цӕмӕй Хуыцауӕн йӕ фӕндӕгтӕ бамбӕрстаид: «[Йегъовӕ] ды мын зӕгъыс: „Акӕн ацы адӕмы [Египетӕй]“... Уӕдӕ дын кӕд ӕцӕгдӕр ссардтон дӕ хорзӕх, уӕд дӕ курӕг дӕн, бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй... мӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕ хорзӕх уа» (Рац. 33:12, 13). Йегъовӕ дӕр ын йӕ фӕндӕгтӕ бацамыдта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд израилӕгтӕн разамынд дӕттын.

8. 1 Паддзӕхты 3:7–14 стихтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

8 Давид дӕр куывта: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, о Йегъовӕ» (Пс. 25:4). Давиды фырт Соломон Хуыцауӕй зонд куырдта, цӕмӕй Израилы адӕмӕн хорз паддзах уыдаид. Соломоны куывд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ йӕ ӕрмӕст зондӕй не схайджын кодта, фӕлӕ ма йын хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад дӕр радта. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 3:7–14.) Кӕд дӕуӕн дӕр ӕмбырды цыдӕр бахӕс кодтой ӕмӕ дӕм зынӕххӕстгӕнӕн кӕсы, уӕд зонд кур ӕмӕ сӕрныллӕг у. Ӕмӕ дын Хуыцау ратдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй дӕ бон уа дӕ хӕстӕ раст ӕмӕ уарзондзинадимӕ ӕххӕст кӕнын.

Зӕрдиагӕй кув

9, 10. Соломоны куывды ныхӕсты зӕрдӕйы кой кӕй ис, уымӕ нӕ хъус ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы?

9 Цӕмӕй нӕ Хуыцау фехъуса, уый тыххӕй хъӕуы зӕрдиагӕй кувын. Н. э. размӕ 1026 азы Иерусалимы Йегъовӕйӕн кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд Соломон зӕрдӕбынӕй скуывта. Йӕ куывды ныхӕстӕ фыст сты 1 Паддзӕхты 8 сӕры. Бадзырды чырын Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ куы бахастой ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар мигъӕй куы байдзаг, уӕд Соломон Хуыцауы скадджын кодта.

10 Соломоны куывды ныхӕстӕ бакӕс ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар, зӕрдӕйы тыххӕй дзы цы фыст ис, уымӕ. Соломон зыдта, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй зоны, алы адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр цы ис, уый (1 Пад. 8:38, 39). Уыцы куывдӕй ма бӕрӕг у, Хуыцаумӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи раздӕха, уыцы тӕригъӕдджынӕн кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Знаг Хуыцауы адӕмы уацары куы акӕна, уӕд сын сӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн, кӕд сӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн раттой, уӕд (1 Пад. 8:48, 58, 61). Уӕдӕ нӕ куывдтытӕ хъуамӕ зӕрдӕйӕ цӕуой.

Псаломты фӕрцы дӕ куывдтытӕ куыд фӕхуыздӕр уыдзысты

11, 12. Хуыцауы кувӕндонмӕ ацӕуыны фадат кӕмӕн нӕ уыд, уыцы левиты куывды ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Псаломтӕ куы кӕсай, уӕд дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр уыдзысты ӕмӕ ма дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсай, Хуыцау дын дзуапп кӕд ратдзӕн, уымӕ. Ӕркӕсӕм, уацары чи уыд, иу ахӕм левит фӕразонӕй куыд ӕнхъӕлмӕ каст. Кӕд йӕ бон нӕ уыд Йегъовӕйы кувӕндонмӕ цӕуын, уӕддӕр куывта: «Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр цӕмӕн сдӕ, мӕ уд, цӕуыл катай кӕныс мӕ мидӕг? Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы» (Пс. 42:5, 11; 43:5).

12 Уыцы левитӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Рӕстдзинады тыххӕй ахӕстоны куы бадай ӕмӕ дӕ бон ӕмбырдтӕм цӕуын куы нӕ уа, уӕд фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс Хуыцауы ӕххуысмӕ (Пс. 37:5). Хъуыды-иу кӕн, раздӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ куыд амондджын уыдтӕ, ууыл ӕмӕ кув, цӕмӕй ма фӕцудай «Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ» – йӕ адӕмимӕ лӕггад кӕныны фадат та дын куы ратта, уӕдмӕ.

Кув уырнӕгзӕрдӕйӕ

13. Иаковы 1:5–8 стихтӕм гӕсгӕ уырнӕгзӕрдӕйӕ кувын цӕмӕн хъӕуы?

13 Цыфӕнды уавӕрты ма уай – алы хатт дӕр кув уырнӕгзӕрдӕйӕ. Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу ахуыргӕнинаг Иаковы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архай. Йегъовӕмӕ-иу кув ӕмӕ-иу ма дызӕрдыг кӕн, зонд дын кӕй ратдзӕн, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууай. (Бакӕс Иаковы 1:5–8.) Хуыцау зоны, цыдӕриддӕр дӕ тыхсын кӕны, уый ӕмӕ дын йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы разамынд дӕр ратдзӕн ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ дӕр ӕрсабыр кӕндзӕн. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын ӕргом кӕн ӕмӕ дӕ кӕй фехъусдзӕн, ууыл «ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕн». Хъус, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ дын йӕ Ныхасы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ.

14, 15. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, Аннӕ уырнӕгзӕрдӕйӕ кӕй куывта ӕмӕ йӕ куывдмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта?

14 Иу левитӕн, Елхъан, зӕгъгӕ, уыд дыууӕ усы. Сӕ иу хуынди Аннӕ. Уый Хуыцаумӕ куывта уырнӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ йӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайдта. Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд, ӕмӕ йӕ Елхъаны иннӕ ус Феннанӕ мӕстӕй мардта, уымӕн та цалдӕр сывӕллоны уыд. Кувӕндоны Аннӕ ныхас радта, лӕппу йын куы райгуыра, уӕд ӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн кӕй ратдзӕн. Кувгӕйӕ йӕ былтӕ кӕй змӕлыдысты, уымӕ гӕсгӕ хистӕр сауджын Илий афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ расыг у. Фӕлӕ куы базыдта, афтӕ кӕй нӕу, уӕд загъта: «Израилы Хуыцау дын раттӕд, цы дзы куырдтай, уый». Кӕд Аннӕ нӕ зыдта, йӕ куывд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый, уӕддӕр ӕууӕндыд, йӕ куывдӕн дзуапп кӕй райсдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ «йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд», раздӕрау нал маст кодта (1 Сам. 1:9–18).

15 Аннӕйӕн Самуил куы райгуырд ӕмӕ йӕ дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд ӕй Йегъовӕйы кувӕндоны цатырмӕ акодта, цӕмӕй уым лӕггад кодтаид (1 Сам. 1:19–28). Аннӕйы куывды ныхӕстыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр уыдзысты ӕмӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фенай, цыфӕнды маст дӕр кӕй сфӕраздзынӕ, Йегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ дын дзуапп кӕй ратдзӕн, ууыл куы ’ууӕндай, уӕд (1 Сам. 2:1–10).

16, 17. Нееми уырнӕгзӕрдӕйӕ кӕй куывта ӕмӕ йӕ куывдмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый тыххӕй цы ’рцыд?

16 Нӕ эрӕйы размӕ 5 ӕнусы Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Нееми дӕр куывта уырнӕгзӕрдӕйӕ ӕмӕ йӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайдта. Нееми куывта: «О Йегъовӕ, курын дӕ, дӕ хъус ӕрдар дӕ цагъары куывдмӕ ӕмӕ дӕ цагъарты куывдмӕ, дӕ номӕй тӕрсын цины хос кӕмӕн у, уыдоны куывдмӕ. Курын дӕ, абон дӕ цагъарӕн раарфӕ кӕн ӕмӕ ацы адӕймаджы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй мын фӕтӕригъӕд кӕна». Нееми, «ацы адӕймаг», зӕгъгӕ, кӕй схуыдта? Персы паддзах Артаксерксы – Нееми сӕндарӕй кӕмӕ лӕггад кодта, уый (Неем. 1:11).

17 Нееми куы базыдта, Вавилоны уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгтӕ «тӕригъӕддаг ӕмӕ ӕгады уавӕры» кӕй сты ӕмӕ Иерусалимы къул пырхӕй кӕй лӕууы, уӕд алы бон дӕр уырнӕгзӕрдӕйӕ куывта (Неем. 1:3, 4). Нееми йӕ куывдтытӕн дзуапп райста ӕнӕнхъӕлӕджы, паддзах Артаксеркс ын Иерусалимы къултӕ саразыны бар куы радта, уӕд (Неем. 2:1–8). Цыбыр рӕстӕгмӕ къул арӕзт фесты. Неемийы куывдтытӕ сӕххӕст сты, уымӕн ӕмӕ йын сӕйрагдӕр уыдысты Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕууӕндыд, Хуыцау ӕй кӕй фехъусдзӕн. Ды дӕр ахӕм зӕрдӕйӕ фӕкувыс?

Ма рох кӕн Хуыцауӕн кад кӕнын ӕмӕ йын бузныг дзурын

18, 19. Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕн хъуамӕ кад кӕной ӕмӕ йын бузныг цӕмӕн хъуамӕ дзурой?

18 Кувгӕйӕ ма рох кӕн Йегъовӕйӕн кад кӕнын ӕмӕ йын бузныг дзурын. Афтӕ кӕнын бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ӕмбӕлы. Зӕгъӕм, Давид уарзта Йегъовӕйы паддзахад кадджын кӕнын. (Бакӕс Псалом 145:10–13.) Ды дӕр бузныг фӕдзурыс, цы кадджын куыст кӕныс, ома Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕныс, уый тыххӕй? Псаломтӕ чи фыста, уыдоны ныхӕстӕ ма дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй зӕрдиагӕй кувай ӕмӕ бузныг дзурай не ’мбырдты ӕмӕ конгрессты тыххӕй дӕр (Пс. 27:4; 122:1).

19 Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм зӕрдиагӕй афтӕ кувӕм: «Адӕмты ’хсӕн дӕ кадджын кӕндзынӕн, о Йегъовӕ. Адӕмыхӕттыты ’хсӕн дын зардзынӕн, уымӕн ӕмӕ стыр у де ’нувыд уарзт – суанг уӕлӕрвтӕм, де ’цӕгдзинад хӕццӕ кӕны арвы онг. О Хуыцау, дӕ кад уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр ссӕуӕд. Дӕ кад нӕрӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ» (Пс. 57:9–11). Диссаджы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ! Псаломты цы куывдтыты ныхӕстӕ ис, уыдон дын дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты.

Хуыцауӕн аргъ кӕн

20. Марийӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста?

20 Хуыцауӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуамӕ бӕрӕг уа дӕ куывдтытӕй. Марийӕ куы базыдта, Мессийӕйы мад кӕй уыдзӕн, уӕд цы кады ныхӕстӕ загъта, уыдон сты, Аннӕ йӕ гыццыл лӕппу Самуилы цатырмӕ куы ӕрбакодта, уӕд цы загъта, уый хуызӕн. Марийӕ Хуыцауӕн кӕй аргъ кодта, ууыл дзурӕг сты йӕ ныхӕстӕ: «Мӕ уд бӕрзонд кӕны Йегъовӕйы, ӕмӕ куыннӕ цин кӕна мӕ зӕрдӕ мӕ Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл!» (Лук. 1:46, 47). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у кувгӕйӕ де ’нкъарӕнтӕ афтӕ ӕргом кӕнын? Диссаг дӕр нӕу, Хуыцау Марийӕйы кӕй равзӕрста, цӕмӕй Йесойы, Мессийӕйы, мад суыдаид!

21. Чырысти Хуыцауӕн кӕй аргъ кодта ӕмӕ йыл йӕ ныфс кӕй дардта, уый йӕ куывдтытӕй куыд зыны?

21 Чырысти Хуыцауӕн кӕй аргъ кодта ӕмӕ йыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ ныфс кӕй дардта, уый бӕрӕг уыд йӕ куывдтытӕй. Зӕгъӕм, Лазӕры райгас кӕныны размӕ «Йесо арвмӕ скаст ӕмӕ загъта: „Мӕ Фыд, бузныг дын, кӕй мӕ фехъуыстай. Уӕвгӕ йӕ зыдтон, алкӕддӕр мӕ кӕй хъусыс“» (Иоан. 11:41, 42). Дӕуӕн дӕр дӕ куывдтытӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕн кӕй аргъ кӕныс ӕмӕ йыл дӕ ныфс кӕй дарыс? Ӕркӕсӕм, Йесо адӕмы кувын куы ахуыр кодта, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ. Уый сӕйраджыдӕр дзырдта, цӕмӕй Йегъовӕйы ном срухс уа, йӕ Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст уа (Матф. 6:9, 10). Ахъуыды-ма кӕн дӕ куывдтытыл. Бӕрӕг сӕ вӕййы, Йегъовӕйы Паддзахадыл кӕй тыхсыс, стӕй дӕ кӕй фӕнды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг ном рухс кӕнын? Уый тынг ахсджиаг у.

22. Йегъовӕ дын хорз хабар хъусын кӕнынӕн ныфс кӕй ратдзӕн, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндыс?

22 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлынц, уымӕ гӕсгӕ йӕм арӕх фӕкувынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна ӕмӕ йын ныфсджынӕй лӕггад кӕной. Петр ӕмӕ Иоанны Синедрионы куы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй макӕйуал ахуыр кодтаиккой, уӕд сӕм нӕ байхъуыстой (Ап. хъ. 4:18–20). Куы сӕ ауагътой, уӕд се ’муырнджытӕн радзырдтой, цы сыл ӕрцыд, уый. Уый фӕстӕ иумӕ Хуыцаумӕ скуывтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид йӕ ныхас ныфсджынӕй дзурынӕн. Куыд цин кодтаиккой, сӕ куывдӕн дзуапп куы райстой, уӕд! Уыдон «се ’ппӕт дӕр сыгъдӕг удӕй схайджын сты ӕмӕ Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой»! (Бакӕс Хъуыддӕгты 4:24–31.) Уый фӕрцы тынг бирӕ адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдта. Куы кувай, уӕд ды дӕр хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕндзынӕ.

Дӕ куывдтытӕ хуыздӕр кӕныныл архай

23, 24. а) Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ куывдтытӕ цӕй фӕрцы фӕхуыздӕр уыдзысты, уымӕн ӕндӕр цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс. ӕ) Цы араздзынӕ, цӕмӕй дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр уой?

23 Библи куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ куывдтытӕ кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты, уымӕн ма бирӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕссӕн ис. Зӕгъӕм, Ионӕйау дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ куывдтыты дзурын, ирвӕзындзинад Йегъовӕйӕ кӕй у, уый кӕй ӕмбарыс (Ионӕ 2:1–10). Уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзтай, уый тыххӕй дӕ зӕрдӕ дӕхиуыл куы худа ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс куы агурай, уӕд дӕ бон у кувын, ӕмӕ, Давид псаломты цы куывдтытӕ ныффыста, уыдоны фӕрцы равдисын, кӕй ӕрфӕсмон кодтай, уый (Пс. 51:1–12). Дӕ бон ма у Йеремийау Йегъовӕйы кадджын кӕнын дӕр (Йер. 32:16–19). Кӕд цардӕмбал агурыс, уӕд лӕмбынӕг ӕркӕс, Ездрӕйы 9 сӕры цы куывды ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ. Уый дӕ бафидар кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцаумӕ хъусай ӕмӕ «ӕрмӕст, Хицауыл чи ӕууӕнды, ахӕм» адӕймагимӕ дӕ цард баиу кӕнай (1 Кор. 7:39; Езд. 9:6, 10–15).

24 Дарддӕр дӕр Библи кӕс, ахуыр ӕй кӕн ӕмӕ йӕ иртас. Дӕ хъус дар, кувгӕйӕ цы хъуыдытӕй спайда кӕндзынӕ, уыдонмӕ. Дӕ бон у уыцы хъуыдытӕ дзурын, Хуыцауӕн цӕйдӕр тыххӕй куы лӕгъстӕ кӕнай, бузныг ын куы дзурай ӕмӕ йӕ куы кадджын кӕнай, уӕд. Библийы фӕрцы дӕ куывдтытӕ куы фӕхуыздӕр кӕнай, уӕд Йегъовӕ Хуыцаумӕ ноджы феввахсдӕр уыдзынӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕн хъӕуы Хуыцауы разамынд агурын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын?

• Хуыцауӕй зонд курынмӕ нӕ цы хъуамӕ разӕнгард кӕна?

• Псаломты фӕрцы нӕ куывдтытӕ куыд фӕхуыздӕр уыдзысты?

• Хуыцауӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый бӕрӕг цӕмӕн хъуамӕ уа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Авраамы лӕггадгӕнӕг Хуыцауӕй разамынд куырдта. Ды дӕр афтӕ фӕкӕныс?

[Ныв 10 фарсыл]

Дӕ бинонтимӕ иумӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр уыдзысты