Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мессийӕ – Хуыцауы ӕрвыст Ирвӕзынгӕнӕг

Мессийӕ – Хуыцауы ӕрвыст Ирвӕзынгӕнӕг

Мессийӕ – Хуыцауы ӕрвыст Ирвӕзынгӕнӕг

«Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 КОР. 15:22).

1, 2. а) Андрей ӕмӕ Филипп цы сарӕзтой, Йесойы куы ссардтой, уӕд? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, махӕн фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй ис, Йесо Мессийӕ кӕй у?

«МАХ ссардтам Мессийӕйы»,– загъта Андрей йе ’фсымӕр Петрӕн, назаретаг Йесо Хуыцауы Сӕрст кӕй у, уый куы базыдта, уӕд. Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл Филипп дӕр баууӕндыд, йе ’мбал Нафанаилы бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисей Закъоны кӕй тыххӕй фыста ӕмӕ Пехуымпарты чингуыты кӕй тыххӕй ис фыст, уыцы Йесойы, Иосифы фырты, Назаретӕй» (Иоан. 1:40, 41, 45).

2 Фидарӕй дӕ уырны, Йесо кӕй у зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, Йегъовӕ «кӕй фӕрцы ирвӕзын кӕны, уыцы Разамонӕг»? (Дзут. 2:10). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй уӕлдай, махӕн фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, Йесо Хуыцауы сӕрст кӕй у, уымӕн. Хуыцауы Ныхасы дзырд цӕуы, Йесойы райгуырдӕй йӕ райгасы онг цы хабӕрттӕ уыди, уый тыххӕй. Уыдон иууылдӕр бӕлвырд кӕнынц, Йесо Чырысти кӕй у, уый. (Бакӕс Иоанны 20:30, 31.) Библи ма дзуры, Йесо уӕлӕрвты дӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кодтаид, Мессийӕйыл цы хӕстӕ уыди, уыдон (Иоан. 6:40; бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:22). Библийӕ цы базыдтай, уый фӕрцы дӕуӕн дӕр дӕ бон у зӕгъын, «ссардтон Мессийӕйы», зӕгъгӕ. Фӕлӕ уал ӕркӕсӕм, фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ цӕй фӕрцы базыдтой, Мессийӕйы кӕй ссардтой, уый.

Мессийӕйы тыххӕй «сусӕгдзинад» сабыргай ӕргом кодта

3, 4. а) Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтӕ Мессийӕйы куыд «ссардтой»? ӕ) Дӕ бон цӕмӕн у зӕгъын, Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр Йесойыл кӕй сӕххӕст сты?

3 Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бон фидарӕй цӕмӕн уыди зӕгъын, Мессийӕ кӕй у? Йегъовӕ йӕ пехуымпарты уылты сабыргай ӕргом кодта, Мессийӕйы цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уый. Уыцы хабар бамбарын кӕнынӕн иу библииртасӕг ӕрхаста иу цӕвиттон: кӕрӕдзи чи нӕ зоны, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ иу ранмӕ ӕрбахастой мраморы лыггӕгтӕ. Уыцы лыггӕгтӕ куы баиу кӕнай ӕмӕ дзы ӕнӕхъӕн рӕсугъд цырт куы рауайа, уӕд ахъуыды кӕндзынӕ, уыцы цырт уый размӕ дӕр кӕй уыд, фӕлӕ йӕ стӕй чидӕр кӕй ныллыгтӕ кодта ӕмӕ сӕ нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕ дӕр кӕй радта. Уыцы цырты лыггӕгтимӕ абарӕн ис Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ – алкӕцы дӕр дзы ӕмбарын кӕны ахсджиаг хабар Мессийӕйы тыххӕй.

4 Цымӕ уый гӕнӕн уыд, цӕмӕй Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр иу адӕймагыл сӕххӕст уыдаиккой? Иу ахуыргонд загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ се ’ппӕт дӕр иу адӕймагыл ӕнӕнхъӕлӕджы сӕххӕст уыдаиккой, «уымӕн гӕнӕн нӕ уыд». «Ӕппӕт адӕмӕй ӕрмӕстдӕр Йесойӕн сси йӕ бон уый бакӕнын».

5, 6. а) Хуыцау Сайтанӕн цы тӕрхон рахаста, уый куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид? ӕ) Хуыцау сабыргай куыд ӕргом кодта, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» кӕй хӕдзарвӕндагӕй уыдзӕн, уый?

5 Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ сӕйраджыдӕр баст сты «сусӕгдзинадимӕ». Уыцы сусӕгдзинады лыстӕг хабӕрттӕ Дун-дунейы алкӕмӕдӕр хауынц (Кол. 1:26, 27; Райд. 3:15). Уымӕ хаудта, Хуыцау «рагон калмӕн», Сайтан Хӕйрӕгӕн, цы тӕрхон рахаста, уый. Хӕйрӕджы аххосӕй адӕм систы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ (Рарг. 12:9). Уыцы тӕрхон куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид? Йегъовӕ загъта, сылгоймаджы «байзӕддаг» Сайтанӕн йӕ сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзӕн. Зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» калмӕн йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд ничиуал цӕудзӕн Хуыцауы ныхмӕ, нал уыдзӕн низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Фӕлӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй Сайтан фӕхӕцыдаид сылгоймаджы «байзӕддаджы» «зӕвӕтыл».

6 Йегъовӕ сабыргай ӕргом кодта, зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг» чи уыдзӕн, уый. Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр» (Райд. 22:18). Моисей загъта, кӕй фӕзындзӕн йӕхицӕй стырдӕр «пехуымпар» (Дык. з. 18:18, 19). Давид фидарӕй зыдта, Мессийӕ кӕй уыдзӕн йӕ хӕдзарвӕндагӕй ӕмӕ Давиды паддзахбадӕныл ӕнустӕм кӕй баддзӕн. Уый тыххӕй дзырдтой, Давиды фӕстӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдон дӕр (2 Сам. 7:12, 16; Йер. 23:5, 6).

Йесо Мессийӕ кӕй у, уый бӕлвырд кодта

7. Йесо Хуыцауы «усӕй» куыд равзӕрд?

7 Хуыцау «йӕ усӕй», йӕ уӕларвон организацийӕ, зӕхмӕ рарвыста, фыццаг кӕй сфӕлдыста, уый – йӕ Фырты, цӕмӕй суыдаид зӕрдӕвӕрд «байзӕддаг». Уый тыххӕй Хуыцауы фыццаггуырд Фырт хъуамӕ уӕлӕрвтӕ ныууагътаид ӕмӕ зӕххыл райгуырдаид. Зӕххыл цӕргӕйӕ уыд алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг (Фил. 2:5–7; Иоан. 1:14). Хуыцау Марийӕйы йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй схайджын кодта ӕмӕ йӕ йӕ дӕлбазыр кӕй бакодта, уый фӕрцы, чи йын райгуырдаид, уыцы лӕппуйы схуыдтаиккой «Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт» (Лук. 1:35).

8. Йесо донаргъуыд райсынмӕ куы ӕрбацыд, уӕд ыл Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты?

8 Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын кодтой, Йесо кӕд ӕмӕ кӕм хъуамӕ райгуырдаид, уый. Куыд загъд уыд, афтӕ Йесо райгуырд Вифлеемы (Мих. 5:2). Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕйы ӕрцыдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ Аргъауӕг Иоанны тыххӕй фарстой: «Мыййаг, кӕд уый у Чырысти»? Фӕлӕ сын Иоанн загъта: «Ӕрбацӕуы мӕнӕй тыхджындӕр» (Лук. 3:15, 16). Н. э. 29 азы фӕззӕджы Йесо ӕрбацыд Иоаннмӕ донаргъуыд райсынмӕ, уӕд ыл цыд 30 азы. Уыцы рӕстӕг раргом, Йесо Мессийӕ кӕй у (Дан. 9:25). Уый фӕстӕ Йесо хъусын кӕнын райдыдта: «Ӕмгъуыды рӕстӕг фӕци, Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг» (Марчы 1:14, 15).

9. Кӕд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ алцы бӕстон не ’мбӕрстой, уӕддӕр сӕ фидарӕй цы уырныдта?

9 Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ сӕ сӕ зондахасты цыдӕр хъуыд фӕивын. Йесойы Паддзах кӕй хуыдтой, уый раст уыд, фӕлӕ Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ фидӕны уӕлӕрвты кӕй хъуамӕ райстаид, уый кӕронмӕ ӕрмӕстдӕр фӕстӕдӕр бамбӕрстой (Иоан. 12:12–16; 16:12, 13; Ап. хъ. 2:32–36). Фӕлӕ уӕддӕр Йесо куы бафарста: «Сымах та куыд хъуыды кӕнут, чи дӕн?» – уӕд ын Петр фидарӕй загъта: «Ды дӕ Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт» (Матф. 16:13–16). Петр ма ахӕм дзуапп радта, бирӕтӕ Йесойы ахуырӕдтӕй иу куы нӕ бамбӕрстой ӕмӕ йӕ уый тыххӕй куы ныууагътой, уӕд. (Бакӕс Иоанны 6:68, 69.)

Мессийӕмӕ хъусут

10. Йегъовӕ цӕмӕн загъта, йӕ Фыртмӕ йын хъусын кӕй хъӕуы?

10 Хуыцауы фыццаггуырд Фырт уӕлӕрвты уыд хъомысджын зӕд, зӕххыл та дзырдта йӕ «Фыды номӕй» (Иоан. 16:27, 28). Йесо загъта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй» (Иоан. 7:16). Йесо йӕ хуыз куы аивта, уӕд Йегъовӕ бӕлвырд загъта, йӕ Фырт Мессийӕ кӕй у, ӕмӕ бафӕдзӕхста: «Хъусут ӕм» (Лук. 9:35). О, Хуыцауы Ӕвзӕрстмӕ хъӕуы хъусын, кӕнӕ йӕ коммӕ кӕсын. Уый тыххӕй хъӕуы уырнындзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын. Уыдон ӕнӕмӕнг хъӕуынц, цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы зӕрдӕ ссара ӕмӕ ӕнустӕм цӕра (Иоан. 3:16, 35, 36).

11, 12. а) Йесо Мессийӕ кӕй уыд, ууыл фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ цӕуылнӕ баууӕндыдысты? ӕ) Йесойыл чи баууӕндыд?

11 Кӕд Йесо бирӕ хъуыддӕгтӕй сбӕлвырд кодта, Мессийӕ кӕй уыд, уый, уӕддӕр ыл фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыдон Мессийӕйы тыххӕй ӕндӕрхуызон хъуыды кодтой, зӕгъӕм, дзырдтой, Ромы паддзахады дӕлбарӕй сӕ чи фервӕзын кӕндзӕн, ахӕм хицау кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Иоанны 12:34.) Уымӕ гӕсгӕ Мессийӕйыл нӕ баууӕндыдысты, кӕд пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта, уӕддӕр. Пехуымпарӕдты та загъд уыди, адӕм ӕй кӕй ницӕмӕ дардзысты, сӕхи дзы дард кӕй ласдзысты, рыст ӕмӕ низ цы у, уый кӕй базондзӕн ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг кӕй амардзысты (Ис. 53:3, 5). Суанг ма йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр иуӕй-иутӕ фӕфыдӕнхъӕл сты, дзуттӕгты кӕй нӕ ссӕрибар кодта, уый тыххӕй. Фӕлӕ йыл уӕддӕр иузӕрдион уыдысты, ӕмӕ фӕстӕдӕр алцыдӕр бӕлвырд бамбӕрстой (Лук. 24:21).

12 Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, ууыл ма адӕм нӕ баууӕндыдысты иу хъуыддаджы тыххӕй – йӕ ахуырӕдтӕ сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты. Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадмӕ бацыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ «сӕхи тыххӕй мауал цардаиккой», Йесойы буар «хордтаиккой» ӕмӕ йын йӕ туг «нуӕзтаиккой», ногӕй райгуырдаиккой ӕмӕ ацы дунейӕ ма уыдаиккой (Марчы 8:34; Иоан. 3:3; 6:53; 17:14, 16). Уыдӕттӕ зынӕххӕстгӕнӕн уыдысты сӕрбӕрзонд, хъӕздыг ӕмӕ, цӕстмӕмитӕ чи кодта, уыцы адӕмӕн. Фӕлӕ сӕрныллӕг дзуттӕгтӕ, стӕй ма самариӕгтӕй дӕр чидӕртӕ баууӕндыдысты, Йесо Мессийӕ кӕй уыд, ууыл. Самариӕгтӕ загътой: «Уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр дунейы ирвӕзынгӕнӕг... у» (Иоан. 4:25, 26, 41, 42; 7:31).

13. Йесойӕн калм йӕ «зӕвӕтыл» куыд фӕхӕцыд?

13 Йесо загъта, сауджынты хистӕртӕ йын тӕрхон кӕй рахӕсдзысты, стӕй йӕ ӕндӕр адӕмыхӕттыты къухмӕ кӕй ратдзысты ӕмӕ йӕ уыдон хъӕдыл кӕй байтындздзысты, фӕлӕ ӕртыккаг бон кӕй райгас уыдзӕн (Матф. 20:17–19). Сӕйраг тӕрхондоны Йесо йӕхицӕй загъта, Чырысти кӕй у, Хуыцауы Фырт, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕаххосджын кодтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ (Матф. 26:63–66). Пилат Йесойӕн «мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахастаид», ахӕмӕй йӕм ницы ссардта. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ афтӕ кӕй дзырдтой, адӕмы «хицауады ныхмӕ» ардауы, уый тыххӕй Пилат дӕр «Йесойы хъуыддаг... алыг кодта, уыдоны куыд фӕндыд, афтӕ» (Лук. 23:13–15, 25). Кӕд бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, Йесо Хуыцауы ’рвыст кӕй уыд, уымӕн, уӕддӕр, «цардмӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕгыл» сӕ къух систой ӕмӕ йӕ марынвӕнд скодтой (Ап. хъ. 3:13–15). Пехуымпарады куыд загъд уыд, афтӕ Мессийӕйы амардтой – хъӕдыл ӕй байтыгътой н. э. 33 азы Куадзӕны бон (Дан. 9:26, 27; Ап. хъ. 2:22, 23). Ӕгъатыр мард ӕй кӕй акодтой, уымӕй сӕххӕст сты Райдианы 3:15 ныхӕстӕ, ома йын калм йӕ «зӕвӕтыл» фӕхӕцыд.

Мессийӕ цӕмӕн хъуамӕ амардаид?

14, 15. а) Йегъовӕ цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй бауагъта Йесойы амарын? ӕ) Йесо куы райгас, уӕд цы арӕзта?

14 Йегъовӕ Йесойы амарын бауагъта дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг, Йесо мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй сбӕлвырд «сусӕгдзинады» ахсджиаг хай: Сайтан цыфӕнды карзӕй ма архайа, уӕддӕр ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон у, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайа ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс уа (1 Тим. 3:16). Дыккаг, Йесо загъта, Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй кӕй ӕрцыд, цӕмӕй «йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Йесо Адамы байзӕддӕгты балхӕдта, сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы тӕригъӕдӕй. Афтӕмӕй ӕнустӕм цӕрыны фадат фӕзынд, Йесо Хуыцауы ’рвыст ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн (1 Тим. 2:5, 6).

15 Чырысти ӕртӕ боны уыд ингӕны, стӕй райгас. 40 боны дӕргъы-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ӕмӕ-иу сын бӕлвырд кодта, удӕгас кӕй у, ӕмӕ сын амындтӕ лӕвӕрдта (Ап. хъ. 1:3–5). Уый фӕстӕ ссыд уӕлӕрвтӕм, цӕмӕй йӕ нывонды аргъимӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдаид ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастаид, Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕд суыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ йӕ уӕдмӕ дӕр бирӕ цыдӕртӕ хъуыди саразын.

Мессийӕ йӕ хӕстӕ кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн

16, 17. Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ Мессийӕйы хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕны?

16 Йесо куы райгас, уӕдӕй фӕстӕмӕ разамынд дӕтты чырыстон ӕмбырдӕн. Цалдӕр ӕнусы дӕргъы Йесо ӕмбырдӕн у йӕ иузӕрдион Паддзах (Кол. 1:13). Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Хуыцауы Паддзахады Паддзах сси. Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдонӕй сбӕрӕг, 1914 азы кӕй сси Паддзах ӕмӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ» (Матф. 24:3; Рарг. 11:15). Уый хӕдфӕстӕ зӕдтимӕ уӕлӕрвтӕй раппӕрста Сайтаны ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты (Рарг. 12:7–10).

17 Нӕ эрӕйы 29 азы Йесо райдыдта хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг, ӕмӕ уыцы куыст тынг тагъд фӕуыдзӕн. Тагъд рӕстӕджы алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзӕн. Уый фӕстӕ, Йегъовӕйы ’рвыст Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, ууыл чи ӕууӕнды, уыцы фысау сабыр адӕмӕн зӕгъдзӕн: «Бынӕн райсут, дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ уын цӕттӕ чи у, уыцы паддзахад» (Матф. 25:31–34, 41). Йесо Паддзах кӕй у, ууыл чи нӕ разы кӕны, уыдоны та фесафдзӕн, йӕ уӕларвон ӕфсадимӕ фыдгӕнджыты ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд. Стӕй Йесо Сайтаны сбӕтдзӕн ӕмӕ йӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ «дӕлдзӕхмӕ» ныппардзӕн (Рарг. 19:11–14; 20:1–3).

18, 19. Йесо куыд сӕххӕст кӕндзӕн, Мессийӕйыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕмӕ коммӕгӕс адӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты?

18 Йесо Мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд цы араздзӕн, уымӕй равдисдзӕн, ӕцӕгдӕр кӕй у «Диссаджы уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын хуыцау, Ӕнусон фыд, Фарны кънйаз» (Ис. 9:6, 7). Паддзах куы уа, уӕд адӕм, уыимӕ ма кӕй райгас кодта, уыдон дӕр, суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст (Иоан. 5:26–29). Мессийӕ коммӕгӕс адӕмы «кӕндзӕн царды суадӕттӕм», ӕмӕ уыдон цин кӕндзысты, Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ кӕй сты, ууыл. (Бакӕс Раргомады 7:16, 17.) Фӕстаг фӕлварӕны фӕстӕ Хуыцауы ныхмӕ чидӕриддӕр уа, уыдон се ’ппӕт дӕр, семӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ дӕр, «ӕппӕрст ӕрцӕудзысты артӕй... судзгӕ цады». Афтӕмӕй «калмы» сӕр цъӕл ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:10).

19 Куыд хорз ӕххӕст кӕны Йесо Мессийӕйы хӕстӕ! Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ йыл ӕнустӕм ӕнӕнизӕй ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзысты, Йесо йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы адӕм. Йегъовӕйы кадджын номыл цъыф ничиуал калдзӕн ӕмӕ сбӕлвырд уыдзӕн, Дун-дунейы хицау кӕй у, уый. Цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, Хуыцауы Сӕрсты коммӕ чи кӕсы, уыдон се ’ппӕт дӕр!

Ды Мессийӕйы ссардтай?

20, 21. Иннӕтӕн Мессийӕйы тыххӕй радзурын хорз цӕмӕн уаид?

20 1914 азӕй фӕстӕмӕ мах цӕрӕм, Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уыцы рӕстӕг (паруси́а). Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уый кӕд ничи уыны, уӕддӕр уый бӕрӕг кӕны, пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй (Рарг. 6:2–8). Фӕлӕ фыццаг ӕнусы дзуттӕгтау абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр ницӕмӕ дарынц, Мессийӕ Паддзах кӕй у, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уыдоны дӕр фӕнды, цӕмӕй фӕзына, бартӕ йӕ къухмӕ чи райса, ахӕм мессийӕ-политик кӕнӕ политикты уылты чи архайа, ахӕм хицау. Фӕлӕ ды базыдтай, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у. Ууыл нӕ цин кодтай? Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтау ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, загътай: «Мах ссардтам Мессийӕйы».

21 Абон рӕстдзинады тыххӕй куы фӕдзурыс, уӕд адӕмы хъус ӕрдарыс, Йесо Мессийӕ кӕй у, уымӕ? Афтӕ куы кӕнай, уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ, Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзта, абон цы аразы ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уымӕн. Андрей ӕмӕ Филиппау ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ де ’мбӕлттӕн Мессийӕйы тыххӕй радзырдтай. Хорз нӕ уаид, ногӕй та сын куы радзурис, Йесо Чырысти зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, Хуыцауы ӕрвыст Ирвӕзынгӕнӕг, кӕй у?

Куыд бамбарын кӕнис?

• Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтӕ Мессийӕйы куыд ссардтой?

• Цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй амард Йесо?

• Йесо ма цы сараздзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 21 фарсыл]

Фыццаг ӕнусы адӕм куыд бамбӕрстой, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у?

[Ныв 23 фарсыл]

Адӕмы хъус ӕрдарыс, Йесо Мессийӕ кӕй у, уымӕ?