Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи фӕзынд Стыр сырх сакъадахыл

Библи фӕзынд Стыр сырх сакъадахыл

Библи фӕзынд Стыр сырх сакъадахыл

МАДАГАСКАР – ӕппӕты стырдӕр сакъадахтӕй цыппӕрӕм – ис Африкӕйы хуссар-скӕсӕн денджызы былгӕронӕй иу-400 километры дарддӕр. Малагасиӕгтӕ рагӕй зонынц Йегъовӕйы ном, уымӕн ӕмӕ 170 азӕй фылдӕр се ’взагыл ис Библи ӕмӕ дзы ис Хуыцауы ном. Малагасиаг ӕвзагмӕ Библи куыд тӕлмац кодтой, уымӕй бӕрӕг у, чи йыл куыста, уыдон ӕппӕт тыхтӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ кӕй архайдтой.

Малагасиаг ӕвзагмӕ Библи фыццаг хатт тӕлмац кӕнын райдыдтой Мадагаскармӕ ӕввахс Маврикийы сакъадахыл. 1813 азы Маврикийы бритайнаг губернатор Роберт Фаркуары бафӕндыд, цӕмӕй малагасиаг ӕвзагмӕ Евангелитӕ ратӕлмац кодтаиккой. Фӕстӕдӕр Фаркуар аныхас кодта Мадагаскары паддзах Радамӕ I, цӕмӕй Лондоны миссионерты ӕхсӕнадӕй ахуыргӕнджыты фӕхуыдтаид Стыр сырх сакъадахмӕ – Мадагаскар арӕх афтӕ фӕхонынц.

1818 азы 18 августы Маврикийӕ горӕт Туамасинӕмӕ ӕрцыд дыууӕ уэльсаг миссионеры, Дейвид Джоунз ӕмӕ Томас Беван. Уым цард, Хуыцауыл тынг чи ӕууӕндыд, ахӕм адӕм. Малагасиӕгтӕ табу кодтой сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ ӕххӕст кодтой алыхуызон ӕгъдӕуттӕ. Уыцы ӕгъдӕуттӕ лӕвӕрдтой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Малагасиӕгтӕ дзырдтой тынг рӕсугъд ӕвзагыл, уыцы ӕвзаг хауы малайаг-полинезийаг ӕвзӕгты мыггагмӕ.

Джоунз ӕмӕ Беван Туамасинӕйы гыццыл скъола куы бакодтой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Маврикийӕ сӕ устытӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты ӕрластой. Фӕлӕ се ’ппӕт дӕр фӕрынчын сты тӕфсӕгӕй (малярия) ӕмӕ 1818 азы декабры Джоунзӕн йӕ ус ӕмӕ йӕ чызг амардысты. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ та амардысты Беван ӕмӕ йӕ бинонтӕ. Удӕгасӕй баззад ӕрмӕстдӕр Дейвид Джоунз.

Фӕлӕ уыцы зиӕнтты фӕстӕ дӕр Джоунзӕн йӕ ныфс нӕ асаст – тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй малагасиӕгтӕн сӕ бон уыдаид Хуыцауы Ныхас кӕсын. Джоунз аздӕхт Маврикимӕ йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ. Уым райдыдта малагасиаг ӕвзаг ахуыр кӕнын, ӕмӕ уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Цасдӕры фӕстӕ Иоанны Евангели тӕлмац кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта.

1820 азы октябры Джоунз фӕстӕмӕ Мадагаскармӕ ӕрыздӕхт. Сӕйраг горӕт Антананаривуйы ӕрцард ӕмӕ дзы цасдӕры фӕстӕ байгом кодта миссионерты ног скъола. Сӕ уавӕртӕ уыдысты тынг ӕвзӕр: нӕдӕр сын чингуытӕ уыд, нӕдӕр фыссӕн фӕйнӕг, нӕдӕр стъӕлттӕ. Фӕлӕ сӕ ахуыргӕнӕн программӕ уыди тынг хорз, ӕмӕ сывӕллӕттӕ зӕрдӕргъӕвдӕй ахуыр кодтой.

Джоунз авд мӕйы бӕрц иунӕгӕй куы бакуыста, уӕд ӕм Беваны бӕсты ӕрӕрвыстой ног ӕмкусӕджы, миссионер Дейвид Гриффитсы. Ӕмӕ уыцы дыууӕ лӕджы сӕ тыхтӕ сарӕзтой, цӕмӕй малагасиаг ӕвзагмӕ Библи ратӕлмац кодтаиккой.

Тӕлмац кӕнын райдыдтой

1820 азты онг Мадагаскары фыстой сурабе-йыл – малагасиаг дзырдтӕ араббаг дамгъӕтӕй. Уыцы дамгъӕтӕ стӕмтӕ йеддӕмӕ кӕсын ничи зыдта. Уымӕ гӕсгӕ миссионертӕ аныхас кодтой паддзах Радамӕ I, ӕмӕ сын бар радта, цӕмӕй сурабе-йы бӕсты пайда кӕнын райдыдтаиккой латинаг алфавитӕй.

Тӕлмац кӕнынмӕ бавнӕлдтой 1823 азы 10 сентябры. Джоунз тӕлмац кодта Райдиан ӕмӕ Матфейы Евангели, Гриффитс та – Рацыд ӕмӕ Лукайы Евангели. Сӕ дыууӕ дӕр тынг кусаг уыдысты. Кӕд фылдӕр рӕстӕг тӕлмац кодтой, уӕддӕр ма-иу райсомӕй ӕмӕ фӕссихор скъолайы лӕвӕрдтой уроктӕ. Стӕй ма-иу аргъуаны ӕртӕ ӕвзагыл бацӕттӕ кодтой ӕмӕ-иу ауагътой службӕтӕ. Фӕлӕ сын уӕддӕр тӕлмац кӕныны куыстӕй сӕйрагдӕр ницы уыд.

Дыууӕ миссионерӕн ӕххуыс кодта дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, ӕмӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ратӕлмац кодтой Грекъаг Фыстытӕ ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ Дзуттаг Фыстытӕй бирӕ чингуытӕ. Иннӕ аз Библийы тӕлмац ӕнӕхъӕнӕй фесты. Фӕлӕ ма йын хъуыд йӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнын ӕмӕ сбӕлвырд кӕнын, йӕ хъуыды йын раст ралӕвӕрдтой ӕви нӕ. Уый тыххӕй сӕм Англисӕй ӕххуысмӕ ӕрӕрвыстой дыууӕ лингвисты, Дейвид Джонсы ӕмӕ Джозеф Фриманы.

Зындзинӕдтыл фӕуӕлахиз сты

Библи малагасиаг ӕвзагмӕ тӕлмац куы фӕци, уӕд Лондоны миссионерты ӕхсӕнадӕй ӕрӕрвыстой Чарлз Ховендены, цӕмӕй Мадагаскары фыццаг мыхуыргӕнӕн станок сӕвӕрдтаид. Ховенден ӕрцыд 1826 азы 21 ноябры. Фӕлӕ тӕфсӕгӕй фӕрынчын ӕмӕ иу мӕйы фӕстӕ амард, ӕмӕ уыцы станок чи скусын кодтаид, уый нал уыд. Иннӕ аз иу хорз мастер Шотландийӕ, Джеймс Камерон, станок ӕрӕмбырд кодта, станоккимӕ цы амындты чиныг уыд, уымӕ гӕсгӕ. Бирӕ фыдӕбоны фӕстӕ 1827 азы 4 декабры Камерон ныммыхуыр кодта Райдианы чиныджы фыццаг сӕрӕй скъуыддзаг *.

1828 азы 27 июлы Радамӕ I куы амард, уӕд миссионертӕ сӕмбӕлдысты ӕндӕр зындзинадыл. Паддзах Радамӕ тынг ӕххуыс кодта тӕлмац кӕныны куыстӕн. Иухатт Дейвид Джоунз загъта: «Паддзах Радамӕйы хуызӕн хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уӕздан нӕй. Ахуырад тынг ахсджиаг кӕй у, уый сӕрыл хӕцгӕйӕ йӕ уд дӕр ратдзӕн, фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ адӕм, иннӕ адӕмты къухы ногӕй ӕмӕ хорзӕй цы бафтыди, уымӕй фӕстейӕ ма зайой. Ӕмӕ йын уый сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй дӕр зынаргъдӕр у». Фӕлӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ ус Ранавалунӕ I, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы рабӕрӕг, уый йӕ лӕгау тӕлмац кӕныны куыстӕн кӕй не ’ххуыс кӕндзӕн.

Ранавалунӕ I бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд ӕм Англисӕй иу лӕг бацыд, цӕмӕй йемӕ тӕлмац кӕныны куыстыл аныхас кодтаид. Фӕлӕ йӕ ус-паддзах рарвыста. Ӕндӕр хатт йемӕ миссионертӕ куы ныхас кодтой, уӕд ын загътой, нырма сӕ адӕмы бирӕ цӕуылдӕрты кӕй хъӕуы сахуыр кӕнын, уыимӕ грекъаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгтыл. Ӕмӕ сын ус-паддзах загъта: «Мӕн ӕппындӕр грекъаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгты мӕт нӕй. Фӕлтау мын мӕ адӕмы сахуыр кӕнут, пайдадӕр цы уа, ууыл, зӕгъӕм, сапӕттӕ аразын». Камерон ӕмбӕрста, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй рарвитой, цалынмӕ Библи тӕлмац нӕ фӕуа, уӕдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ус-паддзахӕн загъта, йӕ ныхӕстыл ын кӕй ахъуыды кӕндзӕн ӕмӕ йӕм иу къуырийы фӕстӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн.

Иннӕ къуыри Камерон ус-паддзахӕн барвыста дыууӕ сапоны. Сарӕзта сӕ, сӕ бӕстӕйы ӕнцон ссарӕн чи уыд, ахӕм ӕрмӕгӕй. Миссионертӕ сапӕттӕ кӕй скодтой ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кӕй сарӕзтой, уымӕй ус-паддзахы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кодтой, ӕмӕ сын фадат фӕзынд, цӕмӕй Библи ӕнӕхъӕнӕй ныммыхуыр кодтаиккой. Ӕрмӕст ма сын Дзуттаг Фыстытӕй цалдӕр чиныджы баззад.

Сӕ цин мастӕй раивта

Кӕд райдианы ус-паддзах миссионертӕм хорз цӕстӕй нӕ ракаст, уӕддӕр 1831 азы майы диссаджы уынаффӕ рахаста – йӕ адӕмӕн бар радта, цӕмӕй донаргъуыд истаиккой ӕмӕ чырыстӕттӕ суыдаиккой. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг бирӕ нӕ ахаста. Иу чиныджы фыст ис: «Бирӕтӕ чырыстон дин кӕй истой, уый, паддзахы галуаны стыр бынат чи ахста, уыдоны мӕты бафтыдта. Се ’гъдӕуттыл фидар кӕй хӕцыдысты, уымӕ гӕсгӕ ус-паддзахы баууӕндын кодтой, зӕгъгӕ, аргъуаны литургия бритайнӕгтӕн ард бахӕрынӕй уӕлдай нӕу» («История Мадагаскара»). Уымӕ гӕсгӕ донаргъуыд исыны бар куы радтой, уымӕй ӕхсӕз мӕй йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы бардзырд 1831 азы кӕрон аивтой.

Ранавалунӕ I йӕ уынаффӕтӕ кӕй раив-баив кодта ӕмӕ йыл хицауад тынгдӕр кӕй ӕндӕвта, уымӕ гӕсгӕ миссионертӕ фӕтагъддӕр кодтой, цӕмӕй Библи мыхуыры рауагътаиккой. Уӕдмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ уыдысты цӕттӕ, ӕмӕ мингай чингуытӕ апарахат кодтой. Фӕлӕ 1835 азы 1 мартъийы Ранавалунӕ I бардзырд радта, цӕмӕй чырыстон аргъуантӕ сӕхгӕдтаиккой ӕмӕ чырыстон чингуытӕ иууылдӕр хицауадмӕ бахастаиккой.

Ус-паддзахы бардзырд ма нысан кодта, малагасиӕгтӕй Библи мыхуыр кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, уыдонӕн уыцы куыст кӕныны бар кӕй нал уыд. Уымӕ гӕсгӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кодтой ӕрмӕст цалдӕр миссионеры. Уыдон куыстой ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ 1835 азы июны Библи ӕнӕхъӕнӕй рацыд. Афтӕмӕй Библи малагасиаг ӕвзагыл рухс федта!

Бардзырд йӕ тыхы кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Библитӕ тагъд апарахат кодтой, 70 чиныджы та бамбӕхстой, цӕмӕй сын сӕ ма байстаиккой. Уый хорз уынаффӕ уыд, уымӕн ӕмӕ иу аз дӕр нӕ рацыд, афтӕ сакъадахыл баззад ӕрмӕстдӕр дыууӕ миссионеры. Фӕлӕ уӕддӕр Стыр сырх сакъадахыл Хуыцауы Ныхас апарахат.

Малагасиӕгтӕ Библи уарзынц

Куыд тынг цин кодтой Мадагаскары цӕрджытӕ, сӕ бон кӕй уыд Хуыцауы Ныхас сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын! Уыцы тӕлмацы ис рӕдыдтытӕ ӕмӕ, цы ӕвзагыл фыст ӕрцыд, уый ныр нымад у зӕрондыл. Фӕлӕ стӕм хӕдзарӕй фӕстӕмӕ Библи алкӕмӕ дӕр ис, ӕмӕ йӕ бирӕтӕ ӕдзухдӕр фӕкӕсынц. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы тӕлмацы Дзуттаг Фыстыты тынг арӕх ӕмбӕлы Хуыцауы ном Йегъовӕ. Фыццаг цы чингуытӕ рацыд, уым Грекъаг Фыстыты дӕр Хуыцауы ном ис. Уымӕ гӕсгӕ малагасиӕгтӕн сӕ фылдӕр зонынц, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у.

Грекъаг Фыстытӕй фыццаг чингуытӕ куы ныммыхуыр кодтой, уӕд малагасиӕгтӕн сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Мыхуыргӕнӕг Бейкер уый куы федта, уӕд загъта: «Пехуымпар нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ нӕ уырны, ацы бӕстӕйы Хуыцауы Ныхас искуы ферох кӕной!» Ӕмӕ ӕцӕгдӕр раст загъта. Мадагаскары Хуыцауы Ныхас апарахат кӕнын ницы бахъыгдардта, кӕд-иу тӕлмацгӕнджытӕ тӕфсӕгӕй фӕрынчын сты, зын сын уыди ӕвзаг сахуыр кӕнын ӕмӕ хицау уыцы куыст ӕрлӕууын кӕныныл архайдта, уӕддӕр.

Абон уавӕр бирӕ хуыздӕр у. 2008 азы малагасиаг ӕвзагыл рацыд «Сыгъдӕг Фыстад – Ног дунейы тӕлмац». Уый стыр ӕнтыстдзинад у, уымӕн ӕмӕ ацы тӕлмац у хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Библийӕн Стыр сырх сакъадахыл тынгдӕр аргъ кӕнынц (Ис. 40:8).

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Фыццаг хатт малагасиаг ӕвзагыл мыхуыры рацыд Дӕс фӕдзӕхсты ӕмӕ Чырыстийы куывд. Ныммыхуыр сӕ кодтой Маврикийы 1826 азы апрель-майы. Фӕлӕ сӕ байуӕрстой ӕрмӕстдӕр паддзах Радамӕйы бинонтыл ӕмӕ хицӕуттӕй иуӕй-иутыл.

[Ныв 31 фарсыл]

«Ног дунейы тӕлмац» малагасиаг ӕвзагыл кад хӕссы Хуыцауы ном Йегъовӕйӕн