Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ зӕхх искуы фесӕфдзӕн?

Цымӕ зӕхх искуы фесӕфдзӕн?

«БӔСТЫСӔФТ. Адӕм алыхатт дӕр дзурдзысты ацы хабарыл ӕмӕ исдзысты уый тыххӕй кинотӕ»,– загъта журналист Джон Скальци. Цымӕ ахӕм цымыдисӕй цӕмӕн фӕкӕсынц бӕстысӕфты тыххӕй кинотӕм? «Уымӕн ӕмӕ адӕм тӕрсынц, ӕцӕгдӕр куы ’рцӕуа, уымӕй»,– бамбарын кодта ацы журналист. Ды дӕр, мыййаг, афтӕ хъуыды кӕныс? Цымӕ зӕххӕн ӕцӕгдӕр фесӕфынӕй тӕссаг у?

Алы бон дӕр хъусӕм, ӕппӕт дунейы ӕрдзы бӕллӕхтӕ цы стыр зиӕнттӕ ӕрхӕссынц, уый тыххӕй. Ахӕм хабӕрттӕ ӕдзух февдисынц телевизоры ӕмӕ Интернеты. Бонӕй-бонмӕ куы фӕуынӕм, кӕмдӕр адӕм бӕллӕхты кӕй бахауынц ӕмӕ стыр зиӕнттӕ кӕй ӕрцӕуы, уӕд нӕ бауырны, уый кино кӕй нӕу, фӕлӕ ӕцӕгдӕр тӕссаг кӕй у, бӕстысӕфт кӕй уыдзӕн, уымӕй.

Стӕй ма ахуыргӕндтӕ дӕр ацы хъуыддаг ныддиссаг кӕнынц. Чидӕртӕ ма дзы суанг, зӕхх кӕд фесӕфдзӕн, уый дӕр фӕзӕгъынц. 2008 азы мартъийы иу журналы фыст уыд, зӕгъгӕ, дыууӕ астрономы нымадмӕ гӕсгӕ иу-7,59 миллиард азы фӕстӕ Хур афтӕ сзынг уыдзӕн, ӕмӕ Зӕхх цъыбыртты сыгъд бауыдзӕн («Monthly Notices of the Royal Astronomical Society»).

Цымӕ ӕцӕгдӕр зӕхх фесӕфдзӕн?

Зӕхх искуы фесӕфдзӕн?

Библи нын зӕрдӕ ’вӕры: «Фӕлтӕр фӕлтӕры ивы, зӕхх та лӕууы ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4). Йегъовӕ Хуыцау «зӕхх сӕвӕрдта фидар бындурыл». Афтӕ йӕ скодта, «ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (Псалом 104:5). Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст сты. Фӕлӕ дӕм мыййаг аргъауы хуызӕн кӕсынц? Цӕмӕн у нӕ бон ӕууӕндын, зӕхх кӕй никуы фесӕфдзӕн, кӕд иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ афтӕ зӕгъынц, уӕддӕр?

Зӕгъӕм, дуканиты хойрагыл фыст вӕййы, кӕдмӕ бӕззы, уый. Цымӕ уый хуыздӕр чи зоны, уӕйгӕнӕг ӕви йӕ чи скодта, уый? Кӕй зӕгъынӕй хъӕуы, чи йӕ скодта, уый. Уыцы фыстыл ничи фӕдызӕрдыг кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ аразӕгӕй хуыздӕр чи хъуамӕ зона, кӕдмӕ бӕздзӕн, уый. Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ ’ууӕндӕм зӕхх Сфӕлдисӕджы ныхӕстыл! Йӕ Ныхасы нын зӕгъы, зӕхх фидар кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ кӕй никуы фесӕфдзӕн (Псалом 119:90).

Фӕлӕ, мыййаг, сӕхицӕй дарддӕр чи ницӕуыл мӕт кӕны, уыцы адӕм зӕхх афтӕ фесафдзысты, ӕмӕ цӕрынӕн нал сбӕздзӕн? Уый никуы уыдзӕн! Адӕмӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр у (Иов 42:2). Йӕхи тыххӕй зӕгъы: «Мӕ дзыхӕй цы ныхас рацӕуа, уый... сӕххӕст кӕндзӕн, кӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уыцы хъуыддаг» (Исай 55:11). Нӕ бон у «не Скӕнӕджы» ныхасыл фидарӕй ӕууӕндын. Ницы йӕ бахъыгдардзӕн, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕнын (Псалом 95:6). Уӕдӕ цавӕр фӕнд ис Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн?

Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы

Библи ӕрмӕст уый нӕ зӕгъы, зӕхх нӕ фесӕфдзӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ ма зӕгъы, Хуыцау ӕй цӕрынӕн кӕй сфӕлдыста, уый дӕр (Исай 45:18). Ӕмӕ кӕд зӕххыл адӕм цалдӕр мин азы цӕрынц, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕндон сӕххӕст кодта.

Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» ӕмӕ «уарзы рӕстдзинад» (1 Тимофеймӕ 1:11; Псалом 37:28). Фӕнды йӕ, цӕмӕй адӕм дӕр ӕнӕмаст ӕмӕ амондджын уой. Йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй Хуыцау рагзаманты загъта, уӕларвыл Паддзахад кӕй сӕвӕрдзӕн, цӕмӕй ӕгас зӕххӕн разамынд дӕтта (Данел 2:44). Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд уый дӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, цӕмӕй куывтаиккой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, уымӕн ӕмӕ зыдта, адӕмӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн (Матфейы 6:9, 10; 24:14). Цавӕр хорздзинӕдтӕ?

Зӕххыл уыдзӕн фарн ӕмӕ ӕдасдзинад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, хӕстытӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Псалом 46:9).

Хӕринаг уыдзӕн алкӕй фаг (Псалом 72:16).

Дохтыр никӕйуал хъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ «уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

Адӕмы зӕрдӕ нал рисдзӕн, уымӕн ӕмӕ «нал уыдзӕн.. мӕлӕт» (Раргомад 21:4).

Хуыцау йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ’вӕры, сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ кӕй араздзысты ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрдзысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ӕнустӕм кӕй райдзӕн (Исай 65:17–24).

Дӕу дӕр куыннӕ фӕндид ахӕм уавӕрты цӕрын! Йегъовӕ тынг бӕллы, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст кӕнынмӕ (Исай 9:6, 7). Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъай: «Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон мингай азты размӕ фыст куы ’рцыдысты, уӕд нырмӕ цӕуылнӕ сӕххӕст сты?»

Хуыцауы фӕразондзинады фӕрцы нын ис фервӕзыны фадат

Ма дызӕрдыг кӕн: «Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны». Библи нын ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй нын кӕй быхсы. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ «Хуыцауы фӕразондзинад нымайӕм фервӕзыны фадатыл» (2 Петры 3:9, 15). Фӕлӕ Хуыцауы фӕразондзинад нӕ ирвӕзындзинадимӕ куыд баст у?

Фыццаджыдӕр Хуыцау, цалынмӕ раст адӕмӕн ӕдас ӕмӕ хорз цӕрӕнбынат ратта, уӕдмӕ уал хъуамӕ «зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафа» (Раргомад 11:18). Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмы уарзы ӕмӕ «йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа». Уымӕ гӕсгӕ нӕ уӕларвон Фыд фӕразон у ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй фыдгӕнӕг «йе ’взӕр фӕндаг ныууадза». Уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ӕппӕт дунейы дӕр хъусын кӕной йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар * (Иезекил 3:17, 18). Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ чидӕриддӕр байхъуса ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын чи райдайа, уыдон фервӕздзысты ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзысты.

Хуыцаумӕ раздӕх ӕмӕ фервӕзай

Библи нын хъусын кӕны «хорз хабар» (Матфейы 24:14). Фыст дзы ис, зӕхх кӕй никуы фесӕфдзӕн! Стӕй ма Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, «иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг [кӕй] нал уыдзӕн». Тагъд Хуыцау, растыл кӕй нымайы, уыдон «зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:9–11, 29; Матфейы 5:5; Раргомад 21:3, 4). Уӕдмӕ та Хуыцау фӕразонӕй дзуры: «Зӕххы кӕрӕттӕ, иууылдӕр мӕм раздӕхут ӕмӕ фервӕзат» (Исай 45:22). Ды дӕр байхъусдзынӕ ацы ныхӕстӕм?

Хорз нӕ уаид, Хуыцаумӕ куы раздӕхис? Псалом 37:34 стих нӕ разӕнгард кӕны: «Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ фӕндагыл цу, ӕмӕ дӕ сбӕрзонд кӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзынӕ». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фылдӕр базонай, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис ӕмӕ дӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дӕхи цӕстӕй фенай, уыцы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый.

[Фиппаинаг]

^ 21 абз. 7 милуанӕй фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕххӕст кӕнынц Матфейы 28:19, 20 стихты фыст Йесо Чырыстийы фӕдзӕхст, ӕмӕ 236 бӕстӕйы алы аз дӕр иу миллиард ӕмӕ ’рдӕг сахаты бӕрц адӕмӕн фӕдзурынц, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, ууыл.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 28 фарсыл]

NASA photo