Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн дӕхи снывонд кодтай?

Йегъовӕйӕн дӕхи снывонд кодтай?

Йегъовӕйӕн дӕхи снывонд кодтай?

«Ӕз кӕй цагъар дӕн... уыцы Хуыцауы зӕд мӕ разы [дысон] ӕрлӕууыд» (АП. ХЪ. 27:23).

1. Донаргъуыд чи фӕисы, уыдон уый размӕ цы саразынц ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ ’взӕры?

ДОНАРГЪУЫД чи фӕисы, уыдонмӕ раныхасы кӕрон раттынц дыууӕ фарстайы. Сӕ иу у ахӕм: «Йесо Чырыстийы нывонды бындурыл дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ Йегъовӕйӕн дзырд радтай, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзынӕ?» Чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн сӕхи цӕмӕн хъуамӕ снывонд кӕной? Хуыцауӕн дзырд раттын махӕн цы пайда у? Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы нӕ снывонд кӕна, уӕд йӕ лӕггад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕудзӕн? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базонӕм, уый тыххӕй уал ӕркӕсӕм, цы нысан кӕны Хуыцауӕн дзырд раттын, йе та йын цард снывонд кӕнын.

2. Адӕймаг Йегъовӕйӕн йӕхи кӕй снывонд кӕны, уый цы нысан кӕны?

2 Цы нысан кӕны, адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна, уый? Ӕркӕсӕм, апостол Павел Хуыцаумӕ куыд ӕввахс уыди, уый тыххӕй цы загъта, уымӕ. Дӕлдон кӕнынӕй тӕссаг кӕмӕн уыд, уыцы науыл Павел адӕмы раз загъта, Йегъовӕ Хуыцауы «цагъар» кӕй у. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 27:22–24.) Ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр сты Йегъовӕйы цагъартӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕ. Фӕлӕ «ӕгас дуне та ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоан. 5:19). Чырыстон Йегъовӕйы цагъар свӕййы, куы йӕм скувы ӕмӕ йын дзырд куы ратты, зӕгъгӕ дын дӕ фӕндон ӕххӕст кӕндзынӕн. Ахӕм дзырд алчидӕр йӕхӕдӕг ратты. Уый фӕстӕ адӕймаг райсы донаргъуыд.

3. Йесо донаргъуыд кӕй райста, уый цӕуыл дзурӕг уыди ӕмӕ йӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куыд фӕзмынц?

3 Йесо йӕхӕдӕг равзӕрста, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ нын уымӕй цӕвиттон ныууагъта. Чырысти Израилӕй – Хуыцауы ’взӕрст адӕмӕй кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыди Хуыцауы лӕггадгӕнӕг. Фӕлӕ донаргъуыд кӕй райста, уый уыди, Закъон цы домдта, уымӕй стырдӕр хъуыддаг. Хуыцауы Ныхасы фыст сты йӕ ныхӕстӕ: «О Хуыцау, ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ» (Дзут. 10:7; Лук. 3:21). Уӕдӕ Йесо донаргъуыд кӕй райста, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Хуыцауӕн дзырд радта, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр афтӕ бакӕнынц донаргъуыд райсыны размӕ. Фӕлӕ уыдон донаргъуыд кӕй райсынц, уымӕй иннӕтӕ базонынц, Хуыцаумӕ кӕй скуывтой ӕмӕ йын нывонддзырд кӕй радтой.

Дзырд раттын махӕн цы пайда у

4. Давид ӕмӕ Ионафаны хӕлардзинадӕй дзырд раттыны тыххӕй цы базыдтам?

4 Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн сӕхи кӕй снывонд кӕнынц, дзырд ын кӕй раттынц, уый хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу. Уый ӕнӕуи дзырд раттынӕй ахсджиагдӕр у. Фӕлӕ Хуыцауӕн дзырд раттын махӕн цы пайда у? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм, адӕм кӕрӕдзийӕн дзырд кӕй раттынц, уый цы пайда вӕййы, цалдӕр ахӕм цӕвиттонмӕ, зӕгъӕм, хӕлардзинадмӕ. Цӕмӕй дын ӕмбал уа, уый тыххӕй хъуамӕ цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнай – дӕхицӕн хӕсыл нымайай де ’мбалыл тыхсын. Библийы фыст ис, Давид ӕмӕ Ионафаны ’хсӕн цы диссаджы хӕлардзинад уыд, уый тыххӕй. Уыдон суанг бадзырд дӕр скодтой, ӕмбӕлттӕ кӕй уыдзысты, уый тыххӕй. (Бакӕс 1 Самуилы 17:57; 18:1, 3.) Кӕд абон ахӕм ӕмбӕлттӕ стӕм сты, уӕддӕр сӕ хӕлардзинад фидар вӕййы, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый куы феххӕст кӕнынц, уӕд (Ӕмб. 17:17; 18:24).

5. Цагъарӕн хорз хицау кӕй уыд, уый йын цы пайда уыди?

5 Хуыцау Израилӕн цы Закъон радта, уым фыст ис, адӕм-иу кӕрӕдзийӕн дзырд кӕй радтой, уый ма цы пайда уыд, уый тыххӕй. Цагъары-иу йӕ хорз хицауимӕ цӕргӕйӕ баззайын куы фӕндыд, уӕд-иу хъуамӕ йемӕ бадзырд скодтаид. Закъоны фыст ис: «Кӕд цагъар зӕгъа, ӕз уарзын мӕ хицауы, мӕ усы ӕмӕ мӕ сывӕллӕтты, ӕмӕ мӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сӕрибар адӕймаг суон, зӕгъгӕ, уӕд ӕй йӕ хицау ӕцӕг Хуыцауы размӕ ӕрбакӕнӕд, дуары кӕнӕ йӕ дуары тарвазы цур ӕрлӕууын кӕнӕд ӕмӕ йын йӕ хъус туасӕй ахуынкъ кӕнӕд. Ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм уыдзӕн йӕ цагъар» (Рац. 21:3–6).

6, 7. а) Адӕм дзырд кӕй раттынц, уый сын цы пайда вӕййы? ӕ) Дзырд кӕй радтам, уымӕй куыд зыны, Йегъовӕ нӕ царды цы бынат ахсы, уый?

6 Лӕг ӕмӕ усы дӕр фӕхъӕуы кӕрӕдзийӕн дзырд раттын. Уый ӕнӕуи бадзырды хуызӕн нӕ вӕййы. Дыууӕ адӕймаджы сӕ къухтӕ куы не ’рфыссынц ӕмӕ афтӕмӕй куы фӕцӕрынц, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕдас никуы вӕййынц. Фӕлӕ кӕрӕдзийӕн дзырд чи ратты ӕмӕ сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ чи баиу кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ усы Библи фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ зындзинӕдтӕ скъуыддзаг кӕной сабырӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй (Матф. 19:5, 6; 1 Кор. 13:7, 8; Дзут. 13:4).

7 Рагзаманты-иу адӕм ӕхцаимӕ ӕмӕ куыстимӕ баст хъуыддӕгты бадзырдтӕ кӕй кодтой, уый-иу уыди сӕ пайдайӕн (Матф. 20:1, 2, 8). Абон дӕр афтӕ у. Зӕгъӕм, мах дӕр бирӕ мӕстытӕй хызт уыдзыстӕм, куыстуат бакӕныны размӕ йе та куыстмӕ бацӕуыны размӕ гӕххӕттыл бадзырд куы скӕнӕм, уӕд. Кӕд дзырд раттын хӕлардзинад ӕмӕ ӕмкъайад фидар кӕны, стӕй куысты хъуыддӕгты дӕр пайда у, уӕд дын цас фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн, Йегъовӕйӕн дӕхи ӕгасӕй дӕр куы снывонд кӕнай, уый. Ныр та ӕркӕсӕм, ивгъуыд заманты Йегъовӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмӕн цы пайда уыд, сӕхи йын кӕй снывонд кодтой, уый ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕнӕуи дзырд раттынӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн уыд.

Израилӕгтӕ Хуыцауӕн дзырд кӕй радтой, уый сын цы пайда уыди

8. Израилӕгтӕ Хуыцауӕн дзырд кӕй радтой, уый цы нысан кодта?

8 Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн дзырд куы радтой, уӕд систы йӕ адӕм. Йегъовӕ сӕ Синайы хохы цур ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын загъта: «Кӕд ныр алы хъуыддаджы дӕр мӕ коммӕ кӕсат ӕмӕ мын мӕ бадзырд ӕххӕст кӕнат, уӕд ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъдӕр мын чи у, уыцы адӕм». Ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм» (Рац. 19:4–8). Израилӕгтӕ дзырд кӕй радтой, уымӕн уыди, цыдӕр аразыныл кӕй сразы уыдаиккой, уымӕй стырдӕр нысаниуӕг. Уыдон систы йӕ адӕм, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ нымадта, «уӕлдай зынаргъдӕр ын чи уыд, уыцы адӕмыл».

9. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы адӕм кӕй уыдысты, уый сын цы пайда уыд?

9 Израилӕгтӕ Йегъовӕйы адӕм кӕй уыдысты, уый сын пайда уыд. Хуыцау сыл ӕнувыд уыд ӕмӕ сыл тыхсти, уарзӕгой фыд йӕ сывӕллӕттыл куыд фӕтыхсы, афтӕ. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна? Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн» (Ис. 49:15). Йегъовӕ сын Закъоны уылты радта разамынд, йӕ пехуымпартӕ сӕ фидар кодтой ӕмӕ сӕ йӕ зӕдтӕ хъахъхъӕдтой. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Йӕ ныхас дзуры Иаковӕн, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ тӕрхӕттӕ – Израилӕн. Ӕндӕр никӕцы адӕмӕн дзуры уыдӕттӕ» (Пс. 147:19, 20; бакӕс Псалом 34:7, 19; 48:14). Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмыл куыд тыхсти, афтӕ тыхсы абон дӕр, йӕхи йын чи снывонд кӕны, уыдоныл.

Хуыцауӕн дӕ дӕхи цӕмӕн хъӕуы снывонд кӕнын

10, 11. Цымӕ мах Хуыцауы бинонтӕй стӕм? Бамбарын ӕй кӕн.

10 Хуыцауӕн нывонддзырд раттын ӕмӕ донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый чи зоны хъуыды кӕна: «Хуыцауӕн мӕхи куы нӕ снывонд кӕнон, уӕд ын мӕ бон лӕггад кӕнын цӕуылнӕ у?» Дзуапп базондзыстӕм, абон Хуыцауы раз цы уавӕры стӕм, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд. Адам тӕригъӕд кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ, куы райгуырӕм, уӕд Хуыцауы бинонтӕй нӕ вӕййӕм (Ром. 3:23; 5:12). Цӕмӕй Хуыцауы бинонтӕй уӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ нӕхи снывонд кӕнӕм. Ӕркӕсӕм, афтӕ цӕмӕн у, уымӕ.

11 Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ зӕххыл ахӕм фыд нӕй, йӕ сывӕллӕттӕн йӕ бон ӕнусон цард раттын кӕмӕн у (1 Тим. 6:19). Мах Хуыцауы фырттӕ не стӕм, уымӕн ӕмӕ фыццаг лӕг ӕмӕ ус тӕригъӕд куы ракодтой, уӕд ӕппӕт адӕм дӕр сӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ Сфӕлдисӕгӕй адард сты. (Абар Дыккаг закъон 32:5.) Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм Йегъовӕйы бинонтӕй нал сты.

12. а) Ӕнӕххӕст адӕм Хуыцауы бинонтӕй куыд свӕййынц? ӕ) Донаргъуыды размӕ нӕ цы хъӕуы саразын?

12 Кӕд афтӕ у, уӕддӕр махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй нӕ йӕ бинонтыл нымайа. Йӕ бинонтӕ та сты, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕны, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ *. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ мах хуызӕн тӕригъӕдджын адӕмы Хуыцау йӕ бинонтыл банымайа? Апостол Павел ныффыста: «Знӕгтӕ уӕвгӕйӕ, бафидыдтам Хуыцауимӕ йӕ Фырты мӕлӕты руаджы» (Ром. 5:10). Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, Хуыцауӕй кӕй фӕкурӕм, цӕмӕй нын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа ӕмӕ нӕ аккагыл банымайа (1 Пет. 3:21). Фӕлӕ нӕ донаргъуыды размӕ хъӕуы цалдӕр хъуыддаджы бакӕнын: хъуамӕ Хуыцауы базонӕм, нӕ ныфс дарын ыл сахуыр уӕм, ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард фӕивӕм (Иоан. 17:3; Ап. хъ. 3:19; Дзут. 11:6). Ӕмӕ цалынмӕ Хуыцауы бинонтӕй не суӕм, уӕдмӕ ма нӕ хъӕуы ноджыдӕр цыдӕр саразын. Цымӕ цы?

13. Цӕмӕй Хуыцау адӕймаджы йӕ бинонтыл банымайа, уый тыххӕй йӕ дзырд раттын цӕмӕн хъӕуы?

13 Ацы ӕнӕхуыцау дунейӕ искӕй куы бафӕнда, цӕмӕй Хуыцауы бинонтӕй суа, уӕд уал хъуамӕ Йегъовӕйӕн дзырд ратта. Уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ. Иу кадджын лӕджы фӕнды сидзӕр лӕппуйӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ дзы йӕхицӕн фырт зӕгъын. Ацы лӕджы иууылдӕр зонынц хорз фыдӕй. Фӕлӕ цалынмӕ лӕппуйы йӕ хӕдзармӕ ’рбакӕна, уӕдмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын дзырд ратта. Лӕг ын дзуры: «Цалынмӕ дӕ мӕхицӕн фырт зӕгъон, уӕдмӕ мӕ фӕнды базонын, кӕй мӕ уарздзынӕ, дӕ фыдыл мӕ кӕй нымайдзынӕ ӕмӕ мын кӕй аргъ кӕндзынӕ». Лӕг дзы йӕхицӕн фырт зӕгъдзӕн, лӕппу йын зӕрдиагӕй дзырд куы ратта, ӕрмӕстдӕр уӕд. Раст нӕ уыдзӕн? Афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ бинонтыл банымайы, дзырд ын чи ратты, ӕрмӕстдӕр уыдоны. Библи зӕгъы: «Уӕхи раттут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывондӕн» (Ром. 12:1).

Уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинадыл дзурӕг хъуыддаг

14. Хуыцауӕн дзырд раттын уарзондзинадыл дзурӕг куыд у?

14 Йегъовӕйӕн дзырд кӕй раттӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ кӕй уарзӕм. Уыцы дзырд цӕмӕйдӕр у, лӕппу ӕмӕ чызг сӕ чындзӕхсӕвы бон кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый хуызӕн. Лӕппу чызджы кӕй уарзы, уый равдисы, дзырд ын кӕй ратты, зӕгъгӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр дыл мӕ зӕрдӕ никуы сивдзынӕн. Уый ӕнӕуи исты хъуыддаджы фӕдыл дзырд раттын нӕу, фӕлӕ адӕймаджы раз ард бахӕрын. Чырыстон нӕлгоймаг ӕмбары, йӕ уарзонимӕ цӕрын ын кӕй не ’мбӕлы, дзырд ын куы нӕ ратта, уӕд. Афтӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн дзырд куы нӕ раттӕм, уӕд, йӕ бинонтӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты, уыдонӕй ӕххӕстӕй хайджын нӕ уыдзыстӕм. Уӕдӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Хуыцауӕн нӕхи уымӕн снывонд кӕнӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ уӕм ӕмӕ йыл цыфӕндыйӕ дӕр нӕ зӕрдӕ ма сивӕм (Матф. 22:37).

15. Йегъовӕйӕн дзырд раттын уырнындзинадыл дзурӕг куыд у?

15 Хуыцауӕн дзырд кӕй раттӕм, уый дзурӕг вӕййы нӕ уырнындзинадыл. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын нӕ пайдайӕн кӕй у (Пс. 73:28). Мах зонӕм, Хуыцауимӕ цӕуын нын алкӕд ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм «хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ адӕмы ’хсӕн». Фӕлӕ нӕ ныфс дарӕм, Хуыцау нын нӕ фыдӕбонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрдыл (Фил. 2:15; 4:13). Ӕмбарӕм, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, фӕлӕ нӕ ныфс ис, Йегъовӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн, куы фӕрӕдийӕм, уӕд дӕр. (Бакӕс Псалом 103:13, 14; Ромӕгтӕм 7:21–25.) Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Иов 27:5).

Хуыцауӕн дзырд раттын амондджын кӕны

16, 17. Адӕймаг йӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд амондджын цӕмӕн вӕййы?

16 Адӕймаг йӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд вӕййы амондджын, уымӕн ӕмӕ ма уымӕ хауы иннӕтӕн удуӕлдайӕ ӕххуыс кӕнын. Уый ахсджиаг хъуыддаг кӕй у, уый тыххӕй Йесо дӕр загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Ап. хъ. 20:35). Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын циндзинад хаста иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Цӕмӕй адӕмӕн царды фӕндаг ссарынӕн баххуыс кодтаид, уый тыххӕй-иу улӕфгӕ дӕр нӕ бакодта ӕмӕ-иу ӕххормагӕй дӕр баззад (Иоан. 4:34). Йесойӕн ӕхсызгон уыд йӕ Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ загъта: «Ӕз алкӕддӕр, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоан. 8:29; Ӕмб. 27:11).

17 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд» (Матф. 16:24). Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уый нӕ куыд уарзы ӕмӕ ныл куыд тыхсы, афтӕ ничи. Уӕдӕ нӕ цард ӕндӕр кӕуыл хъуамӕ баууӕндӕм?

18. Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ цӕмӕн хӕссы, истӕмӕн йе та искӕмӕн нӕ цард куы снывонд кӕнӕм, уымӕй?

18 Йегъовӕйӕн дӕхи куы снывонд кӕнай ӕмӕ йын йӕ фӕндон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дын уый фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, истӕмӕн йе та искӕмӕн дӕхи куы снывонд кӕнай, уымӕй. Зӕгъӕм, бирӕтӕ сӕ цард снывонд кӕнынц хъӕздыгдзинадӕн, фӕлӕ амондджын нӕ вӕййынц ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ нӕ фӕрайы. Йӕ цард Йегъовӕйӕн чи снывонд кӕны, уыдон та цӕрӕнбонты амондджын вӕййынц (Матф. 6:24). Амондджын сты Хуыцауимӕ кӕй кусынц, уый тыххӕй. Уыдон сӕхи цавӕрдӕр куыстӕн не снывонд кодтой, фӕлӕ нӕ бузныгзӕрдӕ Хуыцауӕн (1 Кор. 3:9). Сӕ удуӕлдай лӕггадӕн Йегъовӕйӕ тынгдӕр ничи аргъ кӕны. Уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты суанг се ’рыгон бонтӕм дӕр раздахдзӕн ӕмӕ сыл ӕнустӕм тыхсдзӕн (Иов 33:25; бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10).

19. Йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыдонӕн цавӕр диссаджы фадат ис?

19 Дӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр ӕввахс кӕндзынӕ. Библийы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8; Пс. 25:14). Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон фидарӕй зӕгъын цӕмӕн у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй равзӕрстам, уый раст хъуыддаг кӕй у.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Йесойы «ӕндӕр фыстӕ» Хуыцауы фырттӕ суыдзысты ӕрмӕстдӕр мин азы кӕрон. Фӕлӕ сӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у Хуыцауы сӕ «Фыд» хонын, ӕмӕ нымад цӕуынц Йегъовӕйы бинонтыл (Иоан. 10:16; Ис. 64:8; Матф. 6:9; Рарг. 20:5).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кӕны, уый цы нысан кӕны?

• Нӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтам, уый нын цы пайда у?

• Чырыстӕттӕ сӕхи Йегъовӕйӕн цӕмӕн хъуамӕ снывонд кӕной?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 6 фарсыл]

Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын у амондджын хъуыддаг