Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм йе стыр хорзӕхы фӕрцы

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм йе стыр хорзӕхы фӕрцы

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм йе стыр хорзӕхы фӕрцы

«[Мах] Йегъовӕйы стӕм» (РОМ. 14:8).

1, 2. а) Цавӕр стыр кад нӕм ӕрхауд? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

ИЗРАИЛЫ адӕммӕ цӕй стыр кад ӕрхауд, Йегъовӕ сын афтӕ куы загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр сымах суыдзыстут мӕ адӕм, уыдзыстут мын, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм» (Рац. 19:5). Абон дӕр чырыстӕттӕм ахӕм стыр кад ӕрхауд – уыдон дӕр сты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ (1 Пет. 2:9; Рарг. 7:9, 14, 15). Уыцы кад нын гӕнӕн ис, ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ ’рхӕсса.

2 Кӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын стыр кад у, уӕддӕр ма ныл уый цавӕрдӕр хӕс ӕвӕры. Чи зоны исчи хъуыды кӕна: «Мӕ бон суыдзӕн Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын? Мыййаг, тӕригъӕд куы саразон, уӕд ма мӕ йӕ лӕггадгӕнӕгыл нымайдзӕн? Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнон, уӕд мӕ сӕрибардзинад нӕ фесафдзынӕн?» Ахӕм фарстатыл ӕнӕмӕнг хъӕуы ахъуыды кӕнын. Фӕлӕ уал уый размӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм ӕндӕр фарстамӕ: Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы пайда у?

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын – амондджын хъуыддаг

3. Раавы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уый йын цы пайда уыд?

3 Цымӕ Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕн уый исты пайда у? Ӕркӕсӕм хӕтаг сылгоймаг Раавы хабармӕ, цард рагон Иерихоны. Раав схъомыл, Ханааны хуыцӕуттӕн кувгӕйӕ ӕлгъаг митӕ чи кодта, уыцы адӕмы ’хсӕн. Фӕлӕ израилӕгтӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй бирӕ адӕмтыл кӕй фӕуӕлахиз сты, уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд бамбӕрста, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ Раав Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмӕн кӕй ӕххуыс кодта, уымӕй йӕхи фыдбылызы ӕппӕрста, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ фидӕн уыдоны бар бакодта. Библи дзуры: «Афтӕ хӕтаг сылгоймаг Раав дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, ӕрвыст лӕгты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕндӕр фӕндагыл куы арвыста, уӕд?» (Иак. 2:25). Уый бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын, Хуыцауы сыгъдӕг адӕмӕй куы сси, уӕд – уыцы адӕмӕн Хуыцау радта Закъон ӕмӕ сӕ ахуыр кодта уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинадыл. Куыд амондджын уыдаид Раав, йӕ раздӕры цард кӕй ныууагъта, уый тыххӕй! Раав йӕ цард баиу кодта израилагимӕ ӕмӕ йын райгуырд фырт, Вооз. Уый уыд Хуыцауы уарзон адӕймаг (Йес. Н. 6:25; Руф 2:4–12; Матф. 1:5, 6).

4. Руфы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уый йын цы пайда уыд?

4 Моавитаг Руфы дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Цалынмӕ не смой кодта, уӕдмӕ, ӕвӕццӕгӕн, куывта моавитаг хуыцау Хамосӕн ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн. Фӕлӕ базыдта удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы ӕмӕ, йӕ бӕстӕмӕ цӕрынмӕ чи ӕрцыд, уыцы израилагимӕ йӕ цард баиу кодта. (Бакӕс Руф 1:1–6.) Фӕстӕдӕр Руф ӕмӕ йӕ файнуст Орфӕ се ’фсин Ноеминимӕ Моавӕй ацыдысты Вифлееммӕ. Ноемин дыууӕ ӕрыгон сылгоймагӕн дзырдта, цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕгатмӕ аздӕхтаиккой, уымӕн ӕмӕ сын Израилы ӕнцон нӕ уыдаид. Орфӕ йӕм байхъуыста ӕмӕ аздӕхт «йӕ адӕммӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕм», фӕлӕ Руф нӕ бакуымдта. Руф архайдта йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ фидарӕй зыдта, лӕггад кӕнын ӕй кӕмӕн фӕндыд, уый. Руф Ноеминӕн загъта: «Ма мын дзур, цӕмӕй дӕ ныууадзон ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхон. Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн, ӕмӕ ӕхсӕв ды кӕм ӕрлӕууай, уым ӕрлӕудзынӕн ӕз дӕр. Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр» (Руф 1:15, 16). Руфы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йын уый пайда уыд – Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ идӕдзтӕ, мӕгуыртӕ ӕмӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕн хъуыд ӕххуыс кӕнын. Руф йӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакодта ӕмӕ амондджынӕй цард.

5. Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй цы зӕгъӕн ис?

5 Ӕвӕццӕгӕн, зоныс, Йегъовӕйӕн йӕхи чи снывонд кодта ӕмӕ йын дӕсгай азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕмы. Бафӕрс-ма сӕ, сӕ лӕггад сын цы пайда у, уымӕй. Кӕд се ’ппӕт дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр разы сты псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Амондджын уыцы адӕм сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у!» (Пс. 144:15).

Йегъовӕ нӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы

6. Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕххӕст кӕнынмӕ нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ хӕссӕм?

6 Чи зоны дӕ ныфс нӕ хӕссыс, Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕххӕст кӕнынмӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагмӕ ӕнцон хъуыддаг ма фӕкӕса Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йӕ номӕй дзурын. Зӕгъӕм, Хуыцау Моисейы израилӕгтӕм ӕмӕ Египеты паддзахмӕ куы ’рвыста, цӕмӕй семӕ аныхас кодтаид, уӕд йӕ ныфс нӕ хаста. Фӕлӕ дзы Хуыцау ӕгӕр бирӕ нӕ домдта. Йегъовӕ Моисейӕн амыдта, цы кӕнын ӕй хъуыд, уый. (Бакӕс Рацыд 3:11; 4:1, 10, 13–15.) Хуыцау ын цы ’ххуыс лӕвӕрдта, ууыл кӕй сразы, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕндон ӕхсызгонӕй ӕххӕст кодта. Раст афтӕ махӕй дӕр Йегъовӕ ӕгӕр бирӕ нӕ домы. Ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, ӕмӕ йӕ фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын (Пс. 103:14). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын уаргъ нӕу, фӕлӕ нын хӕссы удӕнцой, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр райын кӕнӕм. Йесо загъта: «Уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» (Матф. 11:28, 29).

7. Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕххӕст кӕнынӕн дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл цӕмӕн ӕууӕндыс?

7 Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд нӕ алкӕддӕр фидар кӕндзӕн. Зӕгъӕм, Йереми, ӕвӕццӕгӕн, дзырдарӕхст нӕ уыди. Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕй куы равзӕрста, уӕд ын Йереми загъта: «Нӕ, нӕ, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Ӕз нырма ӕрыгон дӕн, ӕмӕ дзурын дӕр нӕ зонын». Фӕстӕдӕр ма суанг афтӕ дӕр загъта: «Йӕ номӕй нал дзурдзынӕн» (Йер. 1:6; 20:9). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы Йереми 40 азы бӕрц адӕмӕн хъусын кодта, сӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, уыцы хабар. Йегъовӕ йын бирӕ хӕттыты бавӕрдта зӕрдӕ: «Ӕз демӕ дӕн, цӕмӕй дӕ ирвӕзын кӕнон» (Йер. 1:8, 19; 15:20).

8. Йегъовӕйыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

8 Йегъовӕ Моисейы ӕмӕ Йеремийы куыд фидар кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Уый тыххӕй сӕйраджыдӕр хъӕуы Хуыцауыл ныфс дарын. Библийы фыст ис: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6). Йегъовӕйыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ Ныхас ӕмӕ нын ӕмбырды уылты цы ӕххуыс дӕтты, уымӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд. Нӕ цард Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд нӕ ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм.

Йегъовӕ йӕ адӕмӕй алкӕуыл дӕр тыхсы

9, 10. Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕндзӕн 91 псаломы ныхӕстӕм гӕсгӕ?

9 Йегъовӕйӕн йӕхи снывонд кӕныныл чи хъуыды кӕны, уыдонӕй исчи чи зоны мӕт кӕна, зӕгъгӕ, тӕригъӕд куы ракӕнон, уӕд Йегъовӕйы аккаг лӕггадгӕнӕг нал уыдзынӕн ӕмӕ мыл йӕхи атигъ кӕндзӕн. Нӕ амондӕн, Йегъовӕ махӕн алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй йемӕ хорз хӕлӕрттӕ уӕм. Ӕркӕсӕм, 91 псаломы уый тыххӕй цы фыст ис, уымӕ.

10 Ацы псалом райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынаты чи цӕры, уый Ӕппӕтхъомысджын йӕ базыры аууон бакӕндзӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн Йегъовӕйӕн: „Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг, ды дӕ мӕ Хуыцау, дӕуыл дардзынӕн мӕ зӕрдӕ“. Уый дӕ фервӕзын кӕндзӕн цъиуахсӕджы къӕппӕгӕй» (Пс. 91:1–3). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, чи йӕ уарзы ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны кӕй хъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 91:9, 14.) Куыд сӕ хъахъхъӕндзӕн? Раджы заманты-иу Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иуты мӕлӕтӕй бахызта. Хатт-иу сӕ уымӕн бахъахъхъӕдта, цӕмӕй, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ цы хӕдзарвӕндагӕй рацыдаид, уый ма аскъуыдаид. Фӕлӕ бирӕ ӕндӕр иузӕрдион адӕмы ахӕстӕтты ӕппӕрстой, хъизӕмӕрттӕ сын ӕвзарын кодтой ӕмӕ сӕ фыдмард кодтой, цӕмӕй сӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтаиккой (Дзут. 11:34–39). Йегъовӕ сын сӕ уырнындзинад кӕй хъахъхъӕдта, уый фӕрцы фидар фӕлӕууыдысты ӕмӕ иузӕрдионӕй баззадысты. Уӕдӕ 91 псалом афтӕ ӕмбарӕн дӕр ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ уырнындзинад нын кӕй хъахъхъӕндзӕн.

11. «Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынат» цы у ӕмӕ дзы Хуыцау кӕй бааууон кӕны?

11 «Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынат» ӕнӕуи цавӕрдӕр бынат нӕу. Уый амоны, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй цы аразы, уымӕ. Уыцы ӕмбӕхсӕн бынаты Хуыцау кӕй суазӕг кодта, уыдонӕн сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ уарзондзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй ӕмӕ никӕмӕй у (Пс. 15:1, 2; 121:5). Ӕмбӕхсӕн бынат уымӕн хуыйны, ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕ не ’мбарынц, уый цы у, уый. Уым Йегъовӕ кӕй бааууон кӕны, уыдон цыма афтӕ дзурынц: «Ды дӕ мӕ Хуыцау, дӕуыл дардзынӕн мӕ зӕрдӕ». Ӕдзухдӕр уыцы ӕмбӕхсӕн бынаты куы уӕм, уӕд ӕнӕхъуаджы нӕ мӕт кӕндзыстӕм, Сайтаны, «цъиуахсӕджы» къӕппӕджы кӕй бахаудзыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы хорзӕх кӕй фесафдзыстӕм, ууыл.

12. Хуыцауӕй нӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ адард кӕндзысты?

12 Хуыцауӕй нӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ адард кӕндзысты? Цалдӕры тыххӕй дзы загъта псаломзарӕггӕнӕг. Зӕгъӕм, «талынджы чи рацу-бацу кӕны, уыцы фыднизы» ӕмӕ «адӕм ӕмбисбон цӕмӕй цагъды кӕнынц, уый» тыххӕй (Пс. 91:5, 6). «Цъиуахсӕг» бирӕты ӕрцахста, сӕ хиуарзон фӕндӕй – сӕхи зондӕй цӕрын сӕ кӕй фӕнды, уымӕй (2 Кор. 11:3). Иннӕтӕн та къӕппӕг свӕййы кӕрӕфдзинад, сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ мулк. Кӕйдӕрты та фӕсайы алыхуызон философитӕй, зӕгъӕм, патриотизм, эволюци ӕмӕ мӕнг динтӕ (Кол. 2:8). Бирӕтӕ та бахаудтой ӕнӕгъдаудзинады къӕппӕджы. Ахӕм «фыднизты» аххосӕй милуантӕ Хуыцауӕй адард сты ӕмӕ йӕ нал уарзынц (Бакӕс Псалом 91:7–10; Матф. 24:12).

Дӕ уарзондзинад ма ӕруазал уӕд

13. Нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг чи у, ахӕм къӕппӕджытӕй нӕ Йегъовӕ куыд хъахъхъӕны?

13 Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг чи у, уыцы къӕппӕджытӕй? Псаломы фыст ис: «Йӕ зӕдтӕн [дӕ] бафӕдзӕхсдзӕн, цӕмӕй дын дӕ алы къахдзӕф дӕр хъахъхъӕной» (Пс. 91:11). Зӕдтӕ нӕ хъахъхъӕнынц ӕмӕ нын разамынд дӕттынц, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм (Рарг. 14:6). Стӕй ма нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъахъхъӕнынц мӕнг ахуырӕдтӕй, Фыстадыл фидар кӕй хӕцынц ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй ахуыр кӕнынц, уый фӕрцы. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ма сӕ бон у ӕххуыс кӕнын, йе ’взӕр миниуджытимӕ чи тох кӕны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр (Тит. 1:9; 1 Пет. 5:2). Уымӕй уӕлдай ма нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цӕмӕй ныл эволюцийы ахуырад ма бандава, ӕнӕгъдау фӕндтӕ ныл ма фӕтых уой, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кадмӕ ма бӕллӕм, стӕй ма бирӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи бахизӕм (Матф. 24:45). Ды та ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕхи куыд хъахъхъӕныс?

14. Хуыцау нын нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй цы дӕтты, уымӕй нӕ бон пайда кӕнын куыд у?

14 Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы «ӕмбӕхсӕн бынаты» уӕм? Ӕдзух нӕхи куыд хъахъхъӕнӕм, зӕгъӕм, бӕллӕхтӕй, фыдгӕнджытӕй кӕнӕ хӕцгӕ низтӕй, раст афтӕ хъуамӕ хъахъхъӕнӕм нӕ уырнындзинад, тӕссаг ын чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи цух макуы уадзӕм, Йегъовӕ нын нӕ публикацитӕ, ӕмбырды фембӕлдтӕ ӕмӕ конгрессты уылты цы разамынд дӕтты, уымӕй. Уынаффӕтӕ фӕкурӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. Стыр ӕххуыс ма нын сты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты хорз миниуджытӕ дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи ӕмбырдыл кӕй бӕттӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зондджындӕр уӕм (Ӕмб. 13:20; бакӕс 1 Петры 4:10).

15. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, йӕ хорзӕх ын цы хъуыддӕгты аххосӕй ис фесафӕн, уыдонӕй?

15 Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, йӕ хорзӕх ын цы хъуыддӕгты аххосӕй ис фесафӕн, уыдонӕй (Ром. 8:38, 39). Хуыцау ӕмбырд хъахъхъӕдта, стыр бартӕ кӕмӕ уыди, уыцы знӕгтӕй – сауджынтӕй ӕмӕ политиктӕй. Уыдон-иу нӕ марынмӕ нӕ хъавыдысты, фӕлӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сыгъдӕг Хуыцауӕн мауал лӕггад кодтаиккам. Йегъовӕ сӕххӕст кодта йӕ зӕрдӕвӕрд: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17).

Чи нын дӕтты сӕрибардзинад?

16. Дуне нын сӕрибардзинад цӕуылнӕ ратдзӕн?

16 Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ма сӕрибар уыдзыстӕм? Нӕ сӕрибардзинад уӕд фесафдзыстӕм, дунейӕн куы лӕггад кӕнӕм. Ацы дуне йӕ хуыцауыл Йегъовӕйы нӕ нымайы. Йӕ хицау у ӕгъатыр хуыцау ӕмӕ адӕмӕй цагъартӕ аразы (Иоан. 14:30). Зӕгъӕм, Сайтаны дуне экономикон уавӕртӕй афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй адӕмӕн сӕ сӕрибардзинад байса. (Абар Раргомад 13:16, 17.) Стӕй ма адӕм сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый дӕр сӕ цагъартӕ аразы (Иоан. 8:34; Дзут. 3:13). Суанг ма ӕнӕуырнӕг адӕм дӕр, гӕнӕн ис, сӕрибардзинадӕй зӕрдӕ ӕвӕрой, Йегъовӕйы ныхмӕ чи у, ахӕм цардмӕ куы фӕразӕнгард кӕнынц, уӕд. Фӕлӕ сӕ зондыл чи цӕуы, уыдон уайтагъд тӕригъӕды цагъартӕ свӕййынц ӕмӕ сӕ цардыуаг фӕфыддӕр вӕййы (Ром. 1:24–32).

17. Йегъовӕ нын цавӕр сӕрибардзинад дӕтты?

17 Йегъовӕйыл нӕ ныфс ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы дарӕм, уӕд нӕ ссӕрибар кӕндзӕн, цыдӕриддӕр нын зиан хӕссы, уымӕй. Нӕ уавӕр цӕмӕйдӕр у, йӕ цард фӕлтӕрдджын хирургы бар чи бакӕны, уыцы адӕймаджы уавӕры хуызӕн. Хирургӕн йӕ бон у, ӕмӕ йын йӕ цард фервӕзын кӕна. Мах не ’ппӕт дӕр тӕссаг уавӕры стӕм – нӕ туджы тӕригъӕд рахастам. Фӕлӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕхи Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, ӕрмӕстдӕр нӕ уӕд уыдзӕн ныфс, тӕригъӕдӕй кӕй фервӕздзыстӕм ӕмӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм (Иоан. 3:36). Хирургы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Раст афтӕ Йегъовӕйыл нӕ ныфс тынгдӕр дардзыстӕм, хуыздӕр ӕй куы базонӕм, уӕд. Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас дарддӕр дӕр лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнын ма тӕрсӕм (1 Иоан. 4:18).

18. Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

18 Йегъовӕ сӕрибардзинад дӕтты ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат, цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы» (Дык. з. 30:19, 20). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм нӕ уарзондзинад равдисӕм, кӕй йын лӕггад кӕндзыстӕм, уый нӕхӕдӕг кӕй ӕвзарӕм, уымӕй. Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ сӕрибардзинад нӕ байсдзӕн, фӕлӕ алкӕддӕр амондджын уыдзыстӕм.

19. Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый йе стыр хорзӕхыл дзурӕг цӕмӕн у?

19 Мах, тӕригъӕдджын адӕм, уый аккаг не стӕм, цӕмӕй алцӕмӕй ӕххӕст Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ уӕм. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы ис уымӕн гӕнӕн (2 Тим. 1:9). Павел дӕр ныффыста: «Цӕргӕ кӕнӕм,– цӕрӕм Йегъовӕйӕн, мӕлгӕ кӕнӕм,– мӕлӕм Йегъовӕйӕн. Гъемӕ уӕдӕ цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм» (Ром. 14:8). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй бафӕндыд, ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзыстӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый нын цы пайда у?

• Нӕ бон цӕмӕн у Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын?

• Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд хъахъхъӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Иннӕты бафӕрс, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый сын цы пайда у

[Ныв 10 фарсыл]

Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕны?