Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕ, уый бӕрӕг уӕд

Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕ, уый бӕрӕг уӕд

Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг кӕй дӕ, уый бӕрӕг уӕд

«Алы хорз бӕласыл дӕр ӕрзайы хорз дыргътӕ, ӕвзӕр бӕласыл та – ӕвзӕр дыргътӕ» (МАТФ. 7:17).

1, 2. Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ мӕнг чырыстӕттӕй куыд хицӕн кӕнынц, уӕлдайдӕр ацы фӕстаг бонты?

ЙЕСО загъта, мӕнг чырыстӕттӕ ӕцӕг чырыстӕттӕй кӕй хицӕн кӕндзысты сӕ «дыргътӕй» – сӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ сӕ уагахастӕй (Матф. 7:15–17, 20). Дзырд дӕр ыл нӕй, адӕмыл кӕй бандавы, сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ цӕмӕй дзаг кӕнынц, уый (Матф. 15:18, 19). Мӕнг ахуырӕдтыл чи хӕцы, уыдон хӕссынц «ӕвзӕр дыргътӕ», рӕстдзинадыл чи ахуыр кӕны, уыдон та – «хорз дыргътӕ».

2 Ацы фӕстаг бонты тынгдӕр бӕрӕг сты, «хорз дыргътӕ» чи хӕссы ӕмӕ «ӕвзӕр дыргътӕ» чи хӕссы, уыдон. (Бакӕс Данел 12:3, 10.) Мӕнг чырыстӕттӕ Хуыцауы хорз нӕ зонынц ӕмӕ арӕх сӕхи афтӕ февдисынц, цыма йыл ӕнувыд сты. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ чи ӕмбары, уыдон та йын «кувынц сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» (Иоан. 4:24; 2 Тим. 3:1–5). Уыдон алцӕмӕйдӕр фӕзмынц Чырыстийы. Фӕлӕ махӕй та цы ис зӕгъӕн? Ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕмӕй бӕрӕг сты, уыцы фондз хъуыддагыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Мӕхи куыд дарын ӕмӕ, иннӕты цӕуыл ахуыр кӕнын, уый Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ у? Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдоны мӕнмӕ кӕсгӕйӕ рӕстдзинадмӕ ӕрбацӕуын бафӕнддзӕн?»

Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕр

3. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ уый ӕцӕг чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у?

3 Йесо загъта: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый» (Матф. 7:21). Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, йӕхи чырыстон ӕрмӕст хонгӕ чи кӕны, ахӕм адӕймаг, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ чи цӕры, уый. Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕн уый бӕрӕг у сӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр, зӕгъӕм, цы цӕстӕй кӕсынц ӕхца, куыст, ирхӕфсӕнтӕ, дунейы ӕгъдӕуттӕ, бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ бинонты цардмӕ, стӕй адӕмимӕ куыд цӕрынц, уымӕй дӕр. Фӕлӕ мӕнг чырыстӕттӕ та хӕст сты, ацы фӕстаг бонты фыддӕрӕй-фыддӕр чи кӕны, уыцы дунейы зондахаст ӕмӕ ӕгъдӕуттыл (Пс. 92:7).

4, 5. Нӕ бон куыд у цӕрын, Йегъовӕ Малахийы 3:18 цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ?

4 Пехуымпар Малахи ныффыста: «Уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18). Ацы ныхӕстыл ахъуыды кӕн ӕмӕ дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Ацы дунейы адӕмы хуызӕн дӕн ӕви сӕ хицӕн кӕнын? Ӕдзух ууыл фӕархайын, цӕмӕй иннӕтӕй ма хицӕн кӕнон, зӕгъӕм, ме ’мкъласонтӕ кӕнӕ ме ’мкусджытӕй, ӕви Библийы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцын ӕмӕ мын фадат куы фӕзыны, уӕд сын уыцы уагӕвӕрдты тыххӕй радзурын?» (Бакӕс 1 Петры 3:16.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕхи иннӕтӕй растдӕр нӕ хонӕм, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ хицӕн кӕнӕм, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй.

5 Кӕд дӕ цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, уӕд хорз уаид Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Уый дӕ къухы бафтдзӕн, ӕдзух Библи куы ахуыр кӕнай, куы кувай ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд. Цас фылдӕр архайай Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрыныл, уыйас фылдӕр хӕсдзынӕ «хорз дыргътӕ». Уымӕ ма хауы, «дӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн [Хуыцауы] ном» кӕй кадджын кӕндзынӕ, уый дӕр (Дзут. 13:15).

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕн

6, 7. Хъусын кӕныны хъуыддагӕй куыд зыны, ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг чырыстӕттӕй кӕй хицӕн кӕнынц?

6 Йесо загъта: «Иннӕ сахарты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43). Йесо сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цӕмӕн дзырдта? Уымӕн ӕмӕ зыдта, уыцы Паддзахады Паддзах кӕй уыдзӕн ӕмӕ йемӕ кӕй уыдзысты сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдон кӕрон скӕндзысты, адӕмы хъизӕмӕрттӕ кӕмӕй цӕуынц, уымӕн – Хӕйрӕгӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн (Ром. 5:12; Рарг. 20:10). Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕной, цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 24:14). Йӕхи чырыстон ӕрмӕст хонгӕ чи кӕны, уыдон уыцы хъуыддаджы нӕ архайынц – сӕ бон нӕу. Цӕуылнӕ? Ӕппынкъаддӕр, ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг, сӕ бон нӕу, цы не ’мбарынц, уый хъусын кӕнын. Дыккаг, сӕ фылдӕр афтӕ сӕрныллӕг ӕмӕ ныфсджын не сты, цӕмӕй фидар фӕлӕууой, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ сыл адӕм куы худой ӕмӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд (Матф. 24:9; 1 Пет. 2:23). Ӕмӕ ӕртыккаг, мӕнг чырыстӕттӕм Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕй (Иоан. 14:16, 17).

7 Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ та ӕмбарынц, цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый. Уымӕй уӕлдай ма сын уыцы Паддзахады хъуыддӕгтӕ царды сты фыццаг бынаты ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц ӕгас дунейы дӕр (Зах. 4:6). Ды дӕр ӕдзух хорз хабар фӕхъусын кӕныс? Архайыс, цӕмӕй хуыздӕр хъусынгӕнӕг уай, зӕгъӕм, уацамынды фылдӕр цӕуай кӕнӕ ӕнтыстджындӕр уай? Иуӕй-иутӕ хуыздӕр хъусын кӕнын райдыдтой, Библийӕ арӕхстджынӕй кӕй пайда кӕнынц, уый фӕрцы. «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых»,– ныффыста апостол Павел. Уый адӕмимӕ ӕдзухдӕр ныхас кодта Фыстадӕй (Дзут. 4:12; Ап. хъ. 17:2, 3).

8, 9. а) Цавӕр цӕвиттонтӕй зыны, Библийӕ уацамынды пайда кӕнын ахсджиаг кӕй у? ӕ) Нӕ бон куыд у Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнын?

8 Иу ӕфсымӕр йӕ усимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодта. Уыдон фембӕлдысты католикон диныл хӕст нӕлгоймагыл ӕмӕ йын ӕфсымӕр бакаст Данелы 2:44. Стӕй йын бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад. Нӕлгоймаг ын загъта: «Бузныг дын, дӕхи ныхӕстӕ мын кӕй нӕ кодтай, фӕлӕ Библийӕ кӕй кастӕ». Уый фӕстӕ та ныхас кодтой грекъаг православон диныл хӕст сылгоймагимӕ, ӕмӕ уымӕн дӕр Библийӕ бакастысты иу стих. Уыцы сылгоймаг сӕм радта цалдӕр фарстайы ӕмӕ бӕрӕг уыд, фылдӕр базонын ӕй кӕй фӕндыд. Ацы хатт дӕр та ӕфсымӕр ӕмӕ йӕ ус дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ. Фӕстӕдӕр сын сылгоймаг афтӕ бакодта: «Уемӕ цӕмӕн ныхас кодтон, уый зонут? Уымӕн ӕмӕ мын Библийӕ кастыстут».

9 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ литературӕ тынг ахсджиаг у ӕмӕ йӕ хъуамӕ уацамынды дӕттӕм. Фӕлӕ мах сӕйраджыдӕр пайда кӕнӕм Библийӕ. Кӕд дзы уацамынды арӕх нӕ фӕпайда кӕныс, уӕд хорз уаид, дӕ разы ахӕм нысан куы сӕвӕрис. Зӕгъӕм, дӕ бон у равзарын, Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ кӕм хъусын кӕныс, уым адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый чи ӕмбарын кӕны, цалдӕр ахӕм стихы. Стӕй-иу сӕ бакӕс, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кӕнай, уӕд.

Сӕрыстырӕй хӕсс Хуыцауы ном

10, 11. Йесо ӕмӕ, йӕхи йӕ фӕдылдзӕуӕг чи хоны, уыдон куыд хицӕн кӕнынц, Хуыцауы номӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕй?

10 «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕз та дӕн Хуыцау» (Ис. 43:12). Йегъовӕйы ӕппӕты номдзыддӕр Ӕвдисӕн Йесо Чырысти йӕхицӕн стыр кадыл нымадта Хуыцауы ном хӕссын ӕмӕ йӕ адӕмӕн дзурын. (Бакӕс Рацыд 3:15; Иоанны 17:6; Дзуттӕгтӕм 2:12.) Ӕцӕгдӕр, Йесо йӕ Фыды ном кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй йӕ схуыдтой «иузӕрдион Ӕвдисӕн» (Рарг. 1:5; Матф. 6:9).

11 Фӕлӕ афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты номӕй дзурӕм, уыдон Хуыцауы ном ницӕмӕ дарынц, суанг ма йӕ сӕ Библитӕй дӕр айсынц. Зӕгъӕм, ӕрӕджы католикон епископтӕн загъд уыд, цӕмӕй службӕты рӕстӕг «ӕппындӕр ма пайда кӕной кӕнӕ ма дзурой Хуыцауы ном тетраграмматонӕй фыст, ЙХВХ» *. Ӕвӕдза, куыд зыгъуыммӕ зондыл хӕст сты!

12. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕимӕ баст кӕй сты, уый 1931 азы ноджы тынгдӕр куыд сбӕлвырд?

12 Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр Чырысти ӕмӕ, уый размӕ чи цард, уыцы бирӕ «ӕвдисӕнтау» сӕрыстырӕй хӕссынц Хуыцауы ном (Дзут. 12:1). 1931 азы ноджы тынгдӕр сбӕлвырд, Йегъовӕ сӕ Хуыцау кӕй у, сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй схуыдтой, уымӕй. (Бакӕс Исай 43:10–12.) Афтӕмӕй Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ систы, Хуыцауы «ном... чи хӕссы», уыцы адӕм (Ап. хъ. 15:14, 17).

13. Нӕ бон куыд у, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын?

13 Нӕ бон куыд у, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм Хуыцауы тыххӕй. Павел ныффыста: «„Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн“. Фӕлӕ кӕуыл нӕ баууӕндыдысты, уымӕ куыд хъуамӕ кувой? Ӕмӕ кӕй тыххӕй нӕ фехъуыстой, ууыл куыд баууӕндой? Ӕмӕ куы ничи хъусын кӕна, уӕд хъусгӕ дӕр куыд фӕкӕндзысты? Ӕмӕ куыд хъусын кӕной, куы ничи сӕ арвита, уӕд?» (Ром. 10:13–15). Стӕй ма хъуамӕ адӕмӕн уӕзданӕй ӕргом кӕнӕм, не Сфӕлдисӕджы нын чи худинаг кӕны, уыцы мӕнгахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, зындоны тыххӕй ахуырад. Уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ Хӕйрӕджы ӕгъатыр миниуджытӕ уарзӕгой Хуыцаумӕ сты (Йер. 7:31; 1 Иоан. 4:8; абар Марчы 9:17–27).

14. Иуӕй-иутӕ Хуыцауы ном куы базонынц, уӕд сыл уый куыд бандавы?

14 Дӕ уӕларвон Фыды ном кӕй хӕссыс, уымӕй сӕрыстыр дӕ? Иннӕтӕн ӕххуыс кӕныс уыцы кадджын ном базонынӕн? Парижы (Франц) иу сылгоймаг фехъуыста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы ном кӕй зонынц. Фӕстӕдӕр фембӕлд иу хойыл ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йын йӕхи Библийы Хуыцауы ном равдыстаид. Нӕ хо йын бакаст Псалом 83:18 ӕмӕ сылгоймагӕн уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта. Сылгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта, сси нӕ хо ӕмӕ ныр иузӕрдионӕй лӕггад кӕны ӕндӕр бӕстӕйы. Австралийы католикон диныл хӕст сылгоймаг фыццаг хатт Хуыцауы ном Библийы куы федта, уӕд фырцинӕй йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдта. Уый дӕр сси Ӕвдисӕн ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы пионерӕй лӕггад кӕны. Хӕрзӕрӕджы Ямайкӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иу сылгоймагӕн йӕхи Библийы равдыстой Хуыцауы ном, ӕмӕ уымӕн дӕр фырцинӕй йӕ цӕстытӕ доны разылдысты. Уӕдӕ Хуыцауы ном сӕрыстырӕй хӕсс ӕмӕ йӕ Йесойау алкӕмӕндӕр дзур.

«Ма уарзут дуне»

15, 16. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дунемӕ цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ нӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

15 «Ма уарзут дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы» (1 Иоан. 2:15). Дуне ӕмӕ йӕ зондахаст сты Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ ӕрмӕст ууыл нӕ архайынц, цӕмӕй дунейӕ ма уой, фӕлӕ йӕ уарзгӕ дӕр ма кӕной. Уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарынц ахуыргӕнинаг Иаковы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый Хуыцауӕн йе знаг... у» (Иак. 4:4).

16 Иаковы ныхӕстӕм хъусын ӕнцон нӕу, ацы дунейы бирӕ цыбӕлтӕ кӕй ис, уый тыххӕй (2 Тим. 4:10). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй куывта: «Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Фыдбылызӕй хъахъхъӕнай. Ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоан. 17:15, 16). Ахъуыды-ма кӕн: «Цӕмӕй ацы дунейӕ ма уон, ууыл архайын? Иннӕтӕ зонынц, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ кӕй нӕ кӕнын, уый? Стӕй мӕнг динтимӕ баст чи нӕу, фӕлӕ дунейы зондахаст кӕм зыны, уыцы хъуыддӕгты дӕр кӕй нӕ архайын?» (2 Кор. 6:17; 1 Пет. 4:3, 4).

17. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы цӕмӕн бафӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй нӕм дуне хорз цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн. Фӕлӕ уый фӕрцы, чи зоны, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнда рӕстдзинад базонын. Библийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ уый нӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр кӕй зыны, уый куы уыной, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда Хуыцауы базонын, ӕмӕ уӕд цыма сӕрстытӕн афтӕ зӕгъдзысты: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Зах. 8:23).

Ӕцӕг чырыстон уарзондзинад дӕм уӕд

18. Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы уарзынмӕ цы хауы?

18 Йесо загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» ӕмӕ «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр» (Матф. 22:37, 39). Ахӕм уарзондзинад (грекъагау ага́пи) алкӕддӕр аразы, раст цы у, уый, йӕ хӕстӕ дзы рох не сты, ӕмбары, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ ӕмӕ архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕны. Фӕлӕ ма уыцы уарзондзинад арӕх фӕцӕуы зӕрдӕйы арфӕй дӕр, вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ тыхджын (1 Пет. 1:22). Ахӕм уарзондзинадӕн хиуарзондзинадимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис – йӕхи пайдайӕн ницы дзуры ӕмӕ ницы аразы. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:4–7.)

19, 20. Чырыстон уарзондзинад тыхджын кӕй у, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

19 Уарзондзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй иу. Уый фӕрцы ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ бон у аразын, иннӕтӕн сӕ бон цы нӕу, уый. Зӕгъӕм, уыдон нал кӕсынц, адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй ӕмӕ цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст у, уымӕ (Бакӕс Иоанны 13:34, 35; Гал. 5:22). Ахӕм уарзондзинад фысау сабыр адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ тынг бацагайы. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Израилы иу ӕрыгон дзуттаг нӕлгоймаг фыццаг хатт чырыстон ӕмбырдмӕ бацыд. Дзуттӕгтӕ ӕмӕ араббӕгтӕ иумӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый куы федта, уӕд тынг бадис кодта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ алы ӕмбырдмӕ дӕр цыд ӕмӕ сразы Библи ахуыр кӕныныл. Ды дӕр де ’фсымӕрты афтӕ тынг уарзыс? Паддзахады залмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацӕуы, уыдоныл зӕрдиагӕй бацин кӕныс, чифӕнды ма уой ӕмӕ цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр?

20 Мах, ӕцӕг чырыстӕттӕ, архайӕм, цӕмӕй алкӕйдӕр уарзӕм. Сальвадоры иу ӕрыгон хъусынгӕнӕг Библи ахуыр кодта 87-аздзыд сылгоймагимӕ. Уый уыд католик ӕмӕ тынг ӕнувыд уыд йӕ диныл. Иубон тынг ӕрбарынчын ӕмӕ йӕ рынчындоны сӕвӕрдтой. Сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕм нӕ хотӕ бацыдысты ӕмӕ йын хӕринаг бахастой. Афтӕ йӕм фӕцыдысты мӕйы бӕрц. Уыцы сылгоймаджы йӕ аргъуанӕй ӕппындӕр ничи абӕрӕг кодта. Сылгоймаг йӕ иконӕтӕ аппӕрста, йӕ аргъуан ныууагъта ӕмӕ Библи дарддӕр ахуыр кодта. Ӕцӕгдӕр, чырыстон уарзондзинад тыхджын у! Уый ныхӕстӕй тынгдӕр хъары адӕмы зӕрдӕтӕм.

21. Нӕ фидӕн ӕдас цӕй фӕрцы уыдзӕн?

21 Тагъд Йесо мӕнг чырыстӕттӕн зӕгъдзӕн: «Ӕз уӕ нӕ зонын! Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ» (Матф. 7:23). Цӕй уӕдӕ, Фыды ӕмӕ Фырты чи кадджын кӕна, ахӕм дыргътӕ хӕссӕм. Йесо загъта: «Мӕ ныхӕстӕ [мын] чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн» (Матф. 7:24). Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уый бӕрӕг куы уа, уӕд Хуыцауы хорзӕх ссардзыстӕм ӕмӕ нӕ фидӕн уыдзӕн ӕдас, раст цыма къӕдзӕхыл арӕзт у, афтӕ.

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Иуӕй-иу нырыккон католикон литературӕйы англисаг ӕвзагыл, уыимӕ «Иерусалимаг Библийы», ӕмбӕлы тетраграмматон «Йахве».

Бахъуыды кодтай?

• Ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг чырыстӕттӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

• Ранымай, ӕцӕг чырыстӕттӕ цавӕр «дыргътӕй» сты бӕрӕг, уыдонӕй иуӕй-иутӕ.

• Цӕмӕй дӕм чырыстон миниуджытӕ уа, уый тыххӕй дӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у ӕвӕрын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Уацамынды ӕдзухдӕр Библийӕ фӕпайда кӕныс?

[Ныв 15 фарсыл]

Иннӕтӕ зонынц, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, уыцы бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ кӕныс?