Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы хицаудзинад у ӕппӕты хуыздӕр!

Йегъовӕйы хицаудзинад у ӕппӕты хуыздӕр!

Йегъовӕйы хицаудзинад у ӕппӕты хуыздӕр!

«Иунӕг Стыр Хуыцау... у адӕмы паддзахӕдты Хицау» (ДАН. 4:17).

1, 2. Адӕмӕн сӕ хицаудзинадӕй цӕуылнӕ исты рауад?

РӔСТӔГ куыд равдыста, афтӕмӕй зӕххон хицӕуттӕн сӕ бон ницы у. Сӕйраджыдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ сӕм уыйбӕрц зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад нӕй, цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕной. Хицӕуттӕн сӕ бон кӕй ницы баци саразын, уый уӕлдай тынгдӕр зыны абон, уымӕн ӕмӕ сӕ фылдӕр сты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хъал, сӕрбӕрзонд, мӕнгард, зындзырд, иннӕты фыдкой кӕнынц, хиуыл хӕцын нӕ зонынц, сты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарзынц, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕуынц, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссынц (2 Тим. 3:2–4).

2 Нӕ рагфыдӕлты нӕ бафӕндыд, цӕмӕй Хуыцау сӕ хицау уыдаид. Афтӕ сӕм касти, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй сӕрибар уыдзысты. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та сӕ хицау сси Сайтан. Ӕхсӕз мин азы дӕргъы адӕм «ацы дунейы хицау» Сайтаны зондыл кӕй цӕуынц ӕмӕ афтӕмӕй кӕй хицауиуӕг кӕнынц, уый сӕ ’ркодта абоны уӕззау уавӕрмӕ (Иоан. 12:31). Абон адӕм цы уавӕры сты, уый тыххӕй 20 ӕнусы историйы чиныджы автортӕ фыссынц, зӕгъгӕ, «алцӕмӕй ӕххӕст дунемӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ницы пайда у». Уым ма фыст ис: «Ӕххӕст дуне ссарӕн нӕй, фӕлӕ йӕ саразыныл куы фӕархайынц, уӕд уый дӕр ӕркӕны бӕллӕхтӕ, тоталитаризм ӕмӕ ӕппӕты фыддӕр ӕмӕ ӕвирхъаудӕр хӕстытӕм» («The Oxford History of the Twentieth Century»). Куыд хорз ыл басастысты, адӕмӕн сӕ хицаудзинадӕй кӕй ницы рауад!

3. Адам ӕмӕ Евӕ коммӕгӕс куы уыдаиккой, уӕд Йегъовӕ зӕххыл куыд хицауиуӕг кодтаид?

3 Нӕ рагфыдӕлтӕ иунӕг раст хицаудзинады ныхмӕ – Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ – кӕй рацыдысты, уымӕй фыддӕр хабар ма цы хъуамӕ уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах бӕлвырд нӕ зонӕм, Адам ӕмӕ Евӕ коммӕгӕс куы уыдаиккой, уӕд Йегъовӕ зӕххыл куыд хицауиуӕг кодтаид. Фӕлӕ бӕлвырд у, ӕппӕт адӕм дӕр Хуыцауы хицаудзинады коммӕ куы кастаиккой, уӕд иууылдӕр кӕрӕдзи уарзтаиккой ӕмӕ ничи никӕй хъулон кодтаид (Ап. хъ. 10:34; 1 Иоан. 4:8). Хуыцау у ӕгӕрон зонды хицау. Уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм, адӕм Йегъовӕйы дӕлбар куы баззадаиккой, уӕд сӕхи кӕй бахызтаиккой, адӕмы хицаудзинады фарс чи хӕцы, уыдоны рӕдыдтытӕй. Хуыцауы хицаудзинад, теократи, ӕнтыстджын уыдаид ӕмӕ «алкӕмӕн дӕр раттаид, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16). Иудзырдӕй, уый уыдаид алцӕмӕйдӕр ӕххӕст хицаудзинад (Дык. з. 32:4). Хъыгагӕн ыл адӕм не сразы сты!

4. Хуыцау Сайтанӕн цавӕр бартӕ радта?

4 Фӕлӕ зӕрдыл дарын хъӕуы иу хъуыддаг: кӕд Йегъовӕ адӕмы сӕхицӕн разамынд дӕттын бауагъта, уӕддӕр йӕ бартыл йӕ къух нӕ систа – кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн хицауӕй баззад. Суанг ма Вавилоны хъомысджын паддзах дӕр басаст, «Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау» (Дан. 4:17). Ӕппынфӕстаг Хуыцау йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн (Матф. 6:10). Йегъовӕ цыбыр рӕстӕгмӕ Сайтаны бауагъта, цӕмӕй «ацы цардӕвӕрды хуыцау» уа. Уый фӕрцы Хуыцау бӕлвырд дзуапп ратдзӕн, йе знаг цы сдзырддаг кодта, уымӕн (2 Кор. 4:4; 1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ Йегъовӕ Сайтанӕн ӕгӕрон бартӕ нӕ радта (2 Аз. 20:6; абар Иов 1:11, 12; 2:3–6). Стӕй ма зӕххыл алкӕддӕр уыд, Хуыцауы коммӕ кӕсын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕм, кӕд Хуыцауы цыфыддӕр Знаджы дунейы цардысты, уӕддӕр.

Хуыцау уыд Израилы хицау

5. Израилы адӕм Хуыцауӕн цавӕр дзырд радтой?

5 Авелы бонтӕй Израилы адӕмы фӕзындмӕ уыди, Йегъовӕйӕн чи куывта ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кодта, бирӕ ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ (Дзут. 11:4–22). Моисейы рӕстӕг Йегъовӕ бадзырд скодта Иаковы байзӕддӕгтимӕ, ӕмӕ систы Израилы адӕм. Н. э. размӕ 1513 азы израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн дзырд радтой, сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ Хицауыл кӕй нымайдзысты. Уыдон загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм» (Рац. 19:8).

6, 7. Хуыцау Израилы адӕмыл куыд хицауиуӕг кодта, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

6 Йегъовӕ израилӕгты равзӕрста бӕлвырд хъуыддагӕн. (Бакӕс Дыккаг закъон 7:7, 8.) Хуыцау уыцы хъуыддаг ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ сарӕзта, цӕмӕй израилӕгтӕн арфӕ кодтаид, фӕлӕ ма цӕмӕй йӕ ном срухс кодтаид ӕмӕ сбӕлвырд уыдаид, Дун-дунейы хицау кӕй у – уымӕй ахсджиагдӕр та ницы уыд. Израил хъуамӕ ӕвдисӕн уыдаид, Йегъовӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уымӕн (Ис. 43:10; 44:6–8). Уымӕ гӕсгӕ сын Йегъовӕ загъта: «Сымах уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн стут сыгъдӕг адӕм. Зӕххы цъарыл цы адӕмтӕ ис, уыдонӕй Йегъовӕ сымах равзӕрста, цӕмӕй суат йӕ адӕм – уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм» (Дык. з. 14:2).

7 Хуыцау израилӕгтӕн разамынд дӕтгӕйӕ йӕ зӕрдыл дардта, ӕнӕххӕст кӕй сты. Фӕлӕ йӕ закъӕттӕ уыдысты ӕххӕст ӕмӕ сӕ чи радта, уый миниуджытӕ дзы бӕрӕг уыдысты. Йегъовӕ Моисейы уылты цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдонӕй хорз зынди, сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, рӕстдзинад кӕй уарзы, хатыргӕнаг ӕмӕ фӕразон кӕй у. Фӕстӕдӕр, Йесо Навины бонты ӕмӕ ма цалынмӕ йӕ фӕлтӕр цард, уӕдмӕ адӕм Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъуыстой ӕмӕ фӕрнӕй цардысты, стӕй бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдысты (Йес. Н. 24:21, 22, 31). Уыцы рӕстӕджы Израилы адӕм куыд цардысты, уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ хорз хицау кӕй у.

Адӕмы хицаудзинад хорзӕй ницӕмӕ ’ркодта

8, 9. Израил Хуыцауӕй цы ракуырдта ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

8 Израилӕгтӕ-иу Хуыцауы арӕх ныууагътой ӕмӕ-иу хъизӕмар кодтой, кӕй-иу сӕ нал хъахъхъӕдта, уый тыххӕй. Цасдӕры фӕстӕ пехуымпар Самуилӕн загътой, зӕгъгӕ нын Хуыцау адӕмӕй паддзах сӕвӕрӕд. Йегъовӕ Самуилӕн загъта, цӕмӕй сын сӕ фӕндон сӕххӕст кодтаид, фӕлӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уыдон дӕуыл нӕ систой сӕ къух, фӕлӕ мӕныл, цӕмӕй ӕз сӕ паддзах ма уон» (1 Сам. 8:7). Кӕд Йегъовӕ израилӕгтӕн уый бар радта, ӕмӕ сын зӕххон паддзах уыдаид, уӕддӕр сӕ бафӕдзӕхста, адӕймаджы хицаудзинад хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. (Бакӕс 1 Самуилы 8:9–18.)

9 Рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй сӕ Йегъовӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхста. Паддзӕхтӕ израилӕгтӕн бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кодтой, уӕлдайдӕр та-иу паддзах иузӕрдион куы нӕ уыд, уӕд. Израилы хабӕрттӕ зонгӕйӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, ӕнусты дӕргъы, Йегъовӕйы чи нӕ зыдта, уыцы хицӕуттӕ, бирӕ рӕстӕг пайда цы хастаид, ахӕмӕй кӕй ницы сарӕзтой. Политиктӕй чидӕртӕ Хуыцаумӕ кувынц, цӕмӕй сын сӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕна, ӕмӕ адӕм ӕдасӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрой. Фӕлӕ Хуыцау куыд хъуамӕ арфӕ кӕна, йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕн? (Пс. 2:10–12).

Хуыцау разамынд дӕтты ног адӕмӕн

10. Хуыцау израилӕгты бӕсты ӕндӕр адӕм цӕмӕн равзӕрста?

10 Израилӕгтӕн сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйӕн сӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын кӕй нӕ фӕндыд. Ӕппынфӕстаг Хуыцауы ’рвыст Мессийӕйы ныхмӕ рацыдысты. Йегъовӕ дӕр сӕ ныууагъта ӕмӕ сӕ бӕсты сфӕнд кодта ног адӕмы равзарын. Афтӕмӕй н. э. 33 азы фӕзынд Йегъовӕйы сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд. Уыцы ӕмбырд уыд, Йегъовӕ разамынд кӕмӕн лӕвӕрдта, уыцы ног адӕм. Павел сӕ схуыдта «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16).

11, 12. Израил ӕмӕ «Хуыцауы Израил» ӕмхуызон цӕмӕй сты?

11 Израилы адӕм ӕмӕ «Хуыцауы [ног] Израил» кӕрӕдзийӕ хицӕн дӕр кӕнынц ӕмӕ ӕмхуызон дӕр сты. Рагон Израилӕй уӕлдай чырыстон ӕмбырдӕн зӕххон паддзах нӕй, стӕй йӕ тӕригъӕдты тыххӕй фосы нывӕндтӕ хӕссын нӕ хъӕуы. Израилы адӕм ӕмӕ чырыстон ӕмбырд ӕмхуызон сты, Хуыцау сын хистӕр лӕгты, йе та хистӕр нӕлгоймӕгты кӕй сӕвӕрдта, уымӕй (Рац. 19:3–8). Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн сӕхи хицӕуттӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ Хуыцауы дзуг хизынц ӕмӕ чырыстон хъуыддӕгты сӕхимӕ разамынд ӕнӕзивӕгӕй исынц. Уыдон ӕмбырды алкӕйдӕр уарзынц ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр аргъ кӕнынц (2 Кор. 1:24; 1 Пет. 5:2, 3).

12 Хуыцау рагон Израилӕн куыд уыди, ууыл «Хуыцауы Израил» ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ йӕ хицаудзинадӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕнынц (Иоан. 10:16). Зӕгъӕм, историйӕ куыд зыны, афтӕмӕй израилӕгтыл сӕ хицӕуттӕ тынг ӕндӕвтой куыд хорзырдӕм, афтӕ ӕвзӕрырдӕм дӕр. Уымӕ гӕсгӕ чырыстон ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон кӕд рагон паддзӕхты хуызӕн нӕ хицауиуӕг кӕнынц, уӕддӕр хъуамӕ кӕддӕриддӕр сӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг уой (Дзут. 13:7).

Йегъовӕ абон куыд хицауиуӕг кӕны

13. 1914 азы цавӕр ахсджиаг хабар ӕрцыд?

13 Абон чырыстӕттӕ хъусын кӕнынц, тагъд рӕстӕджы адӕмӕн зӕххон хицӕуттӕ кӕй нал уыдзӕн. 1914 азы Йегъовӕ уӕлӕрвты сфидар кодта йӕ Паддзахад. Паддзахӕй та дзы сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы, ӕмӕ йын бар радта, цӕмӕй рацӕуа «уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй фӕуӕлахиз уа» (Рарг. 6:2). Ног Паддзахӕн загъта: «Бацу де знӕгты ’хсӕнмӕ ӕмӕ сӕ дӕ дӕлбар бакӕн» (Пс. 110:2). Фӕлӕ, хъыгагӕн, адӕмтӕ Йегъовӕйы сӕ хицауыл нӕ нымайынц ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ кӕсынц. Уыдон сӕхи афтӕ дарынц, цыма Йегъовӕ нӕй (Пс. 14:1).

14, 15. а) Абон нын Хуыцауы Паддзахад разамынд куыд дӕтты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? ӕ) Хуыцауы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй, уый абон дӕр цӕмӕй бӕрӕг у?

14 «Хуыцауы Израилӕй» нырма зӕххыл чидӕртӕ ис ӕмӕ, Чырыстийы ӕфсымӕртӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ йӕ бӕсты «сты минӕвӕрттӕ» (2 Кор. 5:20). Ӕвӕрд сты, цӕмӕй уой ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар. Йесо сын бахӕс кодта, цӕмӕй тыхсой ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттой сӕрст чырыстӕттӕн ӕмӕ, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы тынг бирӕ адӕмӕн – абон сты цалдӕр милуаны ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц (Матф. 24:45–47; Рарг. 7:9–15). Йегъовӕ уыцы хъуыддагӕн кӕй арфӕ кӕны, уый зыны, абон ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй фылдӕр кӕнынц ӕмӕ сын бирӕ кӕй ӕнтысы, уымӕй.

15 Хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Чырыстон ӕмбырды мыл цы хӕстӕ ис, уый хорз ӕмбарын? Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй хӕцын, уый алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг у? Йегъовӕйы Паддзахады дӕлбар кӕй дӕн, уымӕй сӕрыстыр дӕн? Мӕ бон цас у, уыйбӕрц архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурон?» Куыд организаци, афтӕ Разамонӕг советы коммӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕсӕм ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы хицаудзинадыл разы кӕй стӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.) Не ’ппӕт дӕр коммӕгӕс кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайӕм ӕмӕ уый стыр диссаг у, иудзинад кӕм нӕй, уыцы дунейы. Уый фӕрцы ма не ’хсӕн ис фарн, рӕстӕй цӕрӕм ӕмӕ кад хӕссӕм Йегъовӕйӕн. Уымӕй бӕрӕг у, йӕ хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй.

Йегъовӕйы хицаудзинад фӕуӕлахиз

16. Абон алы адӕймаг дӕр цавӕр уынаффӕ хъуамӕ рахӕсса?

16 Ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕны, Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уый куы аскъуыддзаг уа, уыцы рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы ныр хъӕуы уынаффӕ рахӕссын. Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс уыдзӕн ӕви зӕххон хицаудзинады фарс. Махӕн стыр кад у сӕрныллӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕссой. Тагъд Армагеддоны Йегъовӕ фесафдзӕн, Сайтаны зонд кӕуыл ӕндавы, уыцы зӕххон хицӕутты ӕмӕ йӕхӕдӕг хицау уыдзӕн ӕнустӕм (Дан. 2:44; Рарг. 16:16). Адӕм хицӕуттӕ нал уыдзысты ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн. Уӕд кӕронмӕ сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр хицау кӕй у. (Бакӕс Раргомад 21:3–5.)

17. Сӕрныллӕг адӕмӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хицаудзинады фӕдыл раст уынаффӕ рахӕссой?

17 Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нырма фидарӕй чи нӕ аскъуыддзаг кодта, уый хъӕуы скувын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, Хуыцауы хицаудзинад адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдоныл. Зӕххон хицӕуттӕн сӕ бон нӕу кӕрон скӕнын фыддзинадӕн, уыимӕ терроризмӕн дӕр. Хуыцауы Паддзахад та зӕххӕй фесафдзӕн фыдгӕнджыты се ’ппӕты дӕр (Пс. 37:1, 2, 9). Зӕххон хицӕутты аххосӕй бирӕ хӕстытӕ ’рцыд, фӕлӕ Хуыцауы хицаудзинад «зӕххы кӕрӕтты онг бауромдзӕн хӕстытӕ» (Пс. 46:9). Суанг ма адӕм ӕмӕ сырдтӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзысты! (Ис. 11:6–9). Мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕххормагдзинад алкӕддӕр уыдысты, фӕлӕ сын Хуыцау кӕрон скӕндзӕн (Ис. 65:21). Кӕд зӕххон хицӕутты хорзӕй цыдӕр саразын фӕндыд, уӕддӕр сӕ бон не сси низтӕ ӕмӕ мӕлӕт фесафын. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады рӕстӕг зӕрӕдтӕ ӕмӕ рынчынтӕ цин кӕндзысты, се ’рыгон бонтӕм кӕй ӕрыздӕхдзысты, ууыл (Иов 33:25; Ис. 35:5, 6). Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ ма суанг мӕрдтӕ дӕр райгас уыдзысты (Лук. 23:43; Ап. хъ. 24:15).

18. Нӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕйы хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕрыл кӕй нымайӕм?

18 Хуыцауы хицаудзинад сраст кӕндзӕн, Сайтан фыццаг адӕмы се Сфӕлдисӕджы ныхмӕ куы скодта, уӕд цыдӕриддӕр ӕвзӕрдзинадӕй сарӕзта, уый. Дӕ хъус-ма ӕрдар, ӕхсӕз мин азы бӕрц Сайтаны аххосӕй цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдонӕн Хуыцау Чырыстийы фӕрцы иу мин азмӕ сӕ фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. Куыд хорз зыны уымӕй, Хуыцауы хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у! Мах нӕ Хуыцауы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ нымайӕм нӕ Хицауыл. Цӕй уӕдӕ нӕ царды алы бонӕй дӕр, алы сахатӕй дӕр бӕрӕг уӕд, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, йӕ Паддзахады дӕлбар кӕй стӕм ӕмӕ йын йӕ ном сӕрыстырӕй кӕй хӕссӕм. Алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй алкӕмӕндӕр дзурӕм, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй.

Хуыцауы хицаудзинады тыххӕй цы базыдтам...

Дыккаг закъоны 7:7, 8?

1 Самуилы 8:9–18?

Дзуттӕгтӕм 13:17?

Раргомады 21:3–5?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Йегъовӕ йӕ бартыл йӕ къух никуы систа

[Ныв 31 фарсыл]

Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый фӕрцы не ’хсӕн ис фарн