Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алы бон дӕр Хуыцауы кадджын кӕн

Алы бон дӕр Хуыцауы кадджын кӕн

Алы бон дӕр Хуыцауы кадджын кӕн

ПСАЛОМЗАРӔГГӔНӔГ Давид Йегъовӕмӕ куывта: «Райсомӕй мын фехъусын кӕн де ’нувыд уарзты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. Бацамон мын, цы фӕндагыл мӕ хъӕуы цӕуын, уый» (Пс. 143:8). Райсомӕй куы сыстыс ӕмӕ ног боны тыххӕй Йегъовӕйӕн бузныг куы фӕдзурыс, уӕд дзы ды дӕр Давидау фӕкурыс, цӕмӕй дын уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ разамынд дӕтта ӕмӕ дын ӕххуыс кӕна, куыд хуыздӕр уыдзӕн, афтӕ бакӕнынӕн? Дзырд дӕр ыл нӕй, афтӕ кӕй фӕкӕныс.

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, «хӕргӕ кӕнӕм, нуазгӕ кӕнӕм ӕви ӕндӕр исты аразӕм,– алцыдӕр аразӕм Хуыцауы кадӕн» (1 Кор. 10:31). Мах ӕмбарӕм, алы бон дӕр нӕ цардӕй Йегъовӕйы йе кадджын кӕнӕм, йе та – худинаг. Стӕй ма нӕ зӕрдыл дарӕм Библийы фыст ныхӕстӕ, Сайтан «ӕхсӕвӕй-бонӕй» фаутӕ кӕй ӕвӕры Чырыстийы ӕфсымӕртыл, зӕгъӕн ис, Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл ӕппӕт зӕххыл дӕр (Рарг. 12:10). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фидар фӕнд у Сайтаны мӕнг ныхӕстӕн дзуапп дӕттын ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, «ӕхсӕвӕй-бонӕй» йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй (Рарг. 7:15; Ӕмб. 27:11).

Цыбыртӕй ӕрныхас кӕнӕм, цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй ис алы бон дӕр Хуыцауы кадджын кӕнӕн. Фыццаг, ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ раст пълан кӕнын, дыккаг та иннӕтыл тыхсын.

Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм

Йегъовӕйӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, уымӕй йын равдыстам, ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ кӕй фӕнды лӕггад кӕнын. Стӕй ма йын дзырд радтам, йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстӕм «алы бон дӕр» – ӕнустӕм дӕр (Пс. 61:5, 8). Цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм? Алы бон дӕр ӕвдисӕм, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм, уый?

Хуыцауы Ныхас нын бӕлвырд дзуры, Йегъовӕ нын цы бахӕс кодта, уый тыххӕй (Дык. з. 10:12, 13). Уыцы хӕстӕй иуӕй-иутӕ фыст сты рамкӕйы  «Хуыцауы лӕвӕрд хӕстӕ», ис 22 фарсыл. Иууылдӕр сӕ Хуыцау радта ӕмӕ сты ахсджиаг. Уыциу рӕстӕг нӕ цалдӕр хъуыддаджы бакӕнын куы хъӕуа, уӕд куыд базонӕн ис, сӕйрагдӕр дзы кӕцы у, уый?

Сӕйрагдӕр нын сты нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтӕ: Библи ахуыр кӕнын, кувын, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын (Матф. 6:33; Иоан. 4:34; 1 Пет. 2:9). Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ ӕнӕхъӕн бон нӕ фӕкӕнӕм. Хъӕуы ма нӕ кусын, скъолайы ахуыр кӕнын ӕмӕ хӕдзары бирӕ алыхуызон куыстытӕ аразын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ куыст ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ фӕпълан кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ма хъыгдарой Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, зӕгъӕм, ӕмбырдтӕм цӕуын. Дзырдӕн, отпуск пълан кӕнгӕйӕ фӕархайӕм, цӕмӕй, районон цӕстдарӕг не ’мбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд алы фембӕлды дӕр уӕм, кӕнӕ ма фӕцух кӕнӕм иубонон, районон йе та облӕстон конгресс. Иуӕй-иу хатт нӕ бон вӕййы цалдӕр хъуыддаджы иумӕ бакӕнын. Зӕгъӕм, нӕ бинонтимӕ Паддзахады зал бафснайын, кӕнӕ сихорафон куысты йе та скъолайы хъусын кӕнын не ’мкусджытӕн кӕнӕ не ’мкъласонтӕн. Царды нӕ цыфӕнды ӕвзарын ма хъӕуа, куыст, ахуыр кӕнӕ ӕмбӕлттӕ, мах фӕнды, цӕмӕй нӕ уынаффӕтыл ӕндава, ӕппӕты сӕйрагдӕр нын цы у, уый – нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Еккл. 12:13).

Иннӕтыл тыхсӕм

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй иннӕтыл тыхсӕм ӕмӕ сын хорздзинад аразӕм. Хӕйрӕг та нӕ разӕнгард кӕны, ӕрмӕстдӕр нӕхи мӕт куыд кӕнӕм, уымӕ. Йӕ зондыл чи цӕуы, уыцы дунейы бирӕ ис, хиуарзон чи у ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ чи уарзы, стӕй «йӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн чи тауы», ахӕм адӕм (2 Тим. 3:1–5; Гал. 6:8). Бирӕтӕ хъуыды дӕр нӕ акӕнынц, сӕ хъуыддӕгтӕ иннӕтыл кӕй фӕзындзысты, ууыл. «Буары хъуыддӕгтӕ» чи аразы, уыдон алкӕмдӕр сты (Гал. 5:19–21).

Йегъовӕйы сыгъдӕг уд кӕуыл ӕндавы, уыдон бынтон ӕндӕрхуызон сты – иннӕты уарзынц, хӕларзӕрдӕ сты ӕмӕ хорздзинад аразынц (Гал. 5:22). Хуыцауы Ныхас нын дзуры, цӕмӕй сӕйраджыдӕр нӕхи мӕт ма кӕнӕм, фӕлӕ иннӕтыл дӕр хъуыды кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуыддагӕй ӕвдисӕм, кӕй сыл тыхсӕм, фӕлӕ сӕ царды нӕхи нӕ тъыссӕм (1 Кор. 10:24, 33; Фил. 2:3, 4; 1 Пет. 4:15). Мах уӕлдай тынгдӕр тыхсӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл. Стӕй ма архайӕм, цӕмӕй ӕнӕуырнджытӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм (Гал. 6:10). Дӕ бон у абон искӕмӕн хорздзинад саразын? (Кӕс рамкӕ  «Иннӕтыл тыхс», 23 фарс.)

Иннӕтыл ӕрмӕст цыбыр рӕстӕг кӕнӕ цавӕрдӕр уавӕрты нӕ тыхсӕм (Гал. 6:2; Еф. 5:2; 1 Фес. 4:9, 10). Фӕлӕ алы бон дӕр архайӕм, цӕмӕй иннӕты уавӕртӕ зонӕм ӕмӕ сын бахъуаджы сахат баххуыс кӕнӕм, суанг нын зын куы уа, уӕд дӕр. Мах не ’вгъау кӕнӕм нӕ рӕстӕг, нӕ исбон, нӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ нӕ зонд. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ’вӕры, рӕдау куы уӕм, уӕд нӕм уый дӕр рӕдау кӕй уыдзӕн (Ӕмб. 11:25; Лук. 6:38).

Лӕггад кӕнӕм «ӕхсӕв ӕмӕ бон»

Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕйӕн «ӕхсӕв ӕмӕ бон» лӕггад кӕнӕм? О, кӕд ӕдзухдӕр ӕмӕ зӕрдиагӕй аразӕм, нӕ лӕггадмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый (Ап. хъ. 20:31). Нӕ лӕггад нын сӕйрагдӕр уыдзӕн, алы бон дӕр Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, ӕдзух куы кувӕм, ӕмбырдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм ӕмӕ нын фадат куы уа, уӕд хорз хабар куы дзурӕм (Пс. 1:2; Лук. 2:37; Ап. хъ. 4:20; 1 Фес. 3:10; 5:17).

Цымӕ махӕй алчидӕр афтӕ лӕггад кӕны Йегъовӕйӕн? Кӕд о, уӕд нӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ нӕ Сайтаны ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн дзуапп дӕттын кӕй фӕнды, уый. Цыфӕнды ма аразӕм ӕмӕ цыфӕнды уавӕры ма бахауӕм, уӕддӕр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый бӕрӕг у нӕ ныхасӕй, нӕ уагахастӕй ӕмӕ цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдонӕй. Кӕй ныл тыхсы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ӕвдисӕм, нӕ ныфс ыл ӕгасӕй дӕр кӕй дарӕм ӕмӕ йын ӕппӕт тыхтӕй кӕй лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм ӕмӕ йӕ зондамындмӕ фӕхъусӕм, не ’нӕххӕстдзинады аххосӕй йын йӕ уагӕвӕрдтӕ куы фехалӕм, уӕд (Пс. 32:5; 119:97; Ӕмб. 3:25, 26; Кол. 3:17; Дзут. 6:11, 12).

Цӕй уӕдӕ алы бон дӕр Хуыцауы кадджын кӕнӕм. Афтӕмӕй удӕнцой ссардзыстӕм ӕмӕ алкӕддӕр уындзыстӕм, нӕ уӕларвон Фыд ныл кӕй тыхсы, уый (Матф. 11:29; Рарг. 7:16, 17).

[Рамкӕ/​Ныв 22 фарсыл]

 Хуыцауы лӕвӕрд хӕстӕ

• Ӕппынӕдзух кув (Ром. 12:12).

• Библи кӕс ӕмӕ йыл хъуыды кӕн ӕмӕ цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ цӕр (Пс. 1:2; 1 Тим. 4:15).

• Йегъовӕйӕн ӕмбырды лӕггад кӕн (Пс. 35:18; Дзут. 10:24, 25).

• Дӕ бинонты дар, сӕ уырнындзинадыл сын тыхс ӕмӕ сын се ’нкъарӕнтыл хъуыды кӕн (1 Тим. 5:8).

• Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн (Матф. 24:14; 28:19, 20).

• Де ’нӕниздзинадмӕ кӕс, дӕ уырнындзинад фидар кӕн, дӕ циндзинад ма саф ӕмӕ улӕфгӕ дӕр кӕн (Марчы 6:31; 2 Кор. 7:1; 1 Тим. 4:8, 16).

• Ӕмбырды дӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕн (Ап. хъ. 20:28; 1 Тим. 3:1).

• Дӕ хӕдзар ӕмӕ Паддзахады зал сыгъдӕг дар (1 Кор. 10:32).

[Рамкӕ/​Ныв 23 фарсыл]

 Иннӕтыл тыхс

• Ацӕргӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕрыл (Лев. 19:32).

• Цавӕрдӕр низӕй кӕнӕ нервыты низӕй рынчыныл (Ӕмб. 14:21).

• Ӕмбырды де ’ххуыс тынг кӕй хъӕуы, ууыл (Ром. 12:13).

• Дӕ бинонтӕй искӕуыл (1 Тим. 5:4, 8).

• Йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, ахӕм чырыстоныл (1 Тим. 5:9).

• Ӕмбырды бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймагыл (1 Фес. 5:12, 13; 1 Тим. 5:17).