Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

РАСТАФАРИ * чи уыд, уыцы адӕймаджы цӕмӕн бафӕндыд йӕ даргъ сӕрыхъуынтӕ алвынын, ӕмӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй урс адӕмӕй йе сӕфт мауал уыдтаид? Раздӕр хылкъахӕг чи уыд, адӕмы чи стыгъта ӕмӕ наркотиктӕ уӕйгӕнджытимӕ баст чи уыд, уыцы лӕппуйы та цӕмӕн бафӕндыд йӕ цард фӕивын? Ӕркӕсӕм, сӕхӕдӕг цы дзурныц, уымӕ.

«Урс адӕмӕй ме сӕфт нал уынын» (ХАФЕНИ НГАМА).

ЦӔУЫ ЙЫЛ 34 АЗЫ

ЦӔРЫ ЗАМБИЙЫ

РАЗДӔР УЫД РАСТАФАРИ

Ӕз райгуырдтӕн Замбийы, ӕрлидзӕггӕгтӕ кӕм цардысты, уым. Хӕсты рӕстӕг мӕ мад алыгъди Намибимӕ ӕмӕ бацыд Хуссар-Ныгуылӕн Африкӕйы Адӕмон организацимӕ. Уыцы организаци тох кодта, цӕмӕй Намиби Хуссар Африкӕйы дӕлбар мауал уыдаид.

Куы райгуырдтӕн, уӕд фыццаг 15 азы цардыстӕм ӕрлидзӕггӕгты лагерты ӕмӕ иу бынатӕй иннӕ бынатмӕ рахау-бахау кодтам. Фӕсивӕды разӕнгард кодтой сӕ бартыл тох кӕнынмӕ. Нӕ сӕрызонды нын фидар кодтой алыхуызон хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ ахуыр кодтой, цӕмӕй урс адӕмӕй не сӕфт уыдтаиккам.

11 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ бафӕндыд чырыстон дин райсын. Кӕм цардыстӕм, уым уыди аргъуан, уырдӕм цыдысты католиктӕ, лютерантӕ, англикантӕ ӕмӕ иннӕтӕ. Фӕлӕ сауджынимӕ куы аныхас кодтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ Хуыцау нал уырныдта. 15-аздзыдӕй бауарзтон, регги кӕй хонынц, уыцы музыкӕ. Зӕрдиагӕй мӕ фӕндыд Африкӕйы сау адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй мауал хъизӕмар кодтаиккой. Уый тыххӕй сдӕн растафари. Рауагътон даргъ сӕрыхъуынтӕ, райдыдтон марихуанӕ дымын, нал хордтон дзидза ӕмӕ тох кодтон сау адӕмы бартыл. Фӕлӕ мӕ царды ӕппындӕр ницы фӕивтон: раздӕрау ӕнӕгъдау цард кодтон, тыхми кӕм ис, ахӕм кинонтӕм кастӕн ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. 1995 азы, 20 азы мыл куыд цыди, уӕд, райдыдтон хъуыды кӕнын цардыл. Растафаритӕн уыди сӕхи чингуытӕ ӕмӕ дзы мӕ къухы чи бафтыд, уыдон иууылдӕр бакастӕн. Иуӕй-иу чингуыты дзы Библийӕ дӕр цыдӕр ныхӕстӕ уыди, фӕлӕ сӕ не ’мбӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ мӕ бафӕндыд Библи бакӕсын.

Уый фӕстӕ мын ме ’мбал радта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты чингуытӕй иу. Ӕмӕ йӕ райдыдтон мӕхӕдӕг ахуыр кӕнын, стӕй кастӕн Библимӕ дӕр, цы фыст дзы ис, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр фембӕлдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ уӕд уыдон райдыдтой мемӕ Библи ахуыр кӕнын.

Кӕд мын тынг зын уыди, уӕддӕр ныууагътон мӕ тамако ӕмӕ мӕ нозт (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Мӕхимӕ базылдтӕн, мӕ даргъ сӕрыхъуынтӕ алвыдтон, нал кастӕн порнографимӕ ӕмӕ, тыхми кӕм ӕвдыстой, ахӕм кинотӕм, стӕй ӕвзӕр дзыхӕй нал дзырдтон (Ефесӕгтӕм 5:3, 4). Урс адӕмӕй дӕр ме сӕфт нал уыдтон (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Мӕ царды уыйбӕрц цыдӕртӕ уый фӕрцы фӕивтон, ӕмӕ нал хъуыстон, ӕндӕр адӕмы ныхмӕ чи ардыдта, ахӕм музыкӕмӕ, стӕй мӕ мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм чи ардыдта, уыцы «ӕмбӕлтты» ныууагътон.

Ӕз ссардтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады зал ӕмӕ райдыдтон ӕмбырдтӕм цӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ бафӕндынд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаин. Фӕлӕ уый мӕ хӕстӕджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Мӕ мад мын загъта: «Чырыстон динтӕй кӕцыфӕнды дӕр равзар, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фӕстӕмӕ». Мӕ мады ’рвадӕлтӕй иу стыр хицау у, ӕмӕ-иу мӕ ӕдзух ӕфхӕрдта, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуын, уый тыххӕй.

Фӕлӕ Чырысти адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый куы базыдтон ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын куы райдыдтон, уӕд мын афтӕ зын нал уыд, мӕ ныхмӕ кӕй цыдысты ӕмӕ мыл кӕй худтысты, уый. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхӕстӕ, Библийы цы фыст ис, уыимӕ куы абарстон, уӕд бамбӕрстон, раст дин кӕй ссардтон, уый. Зӕгъӕм, Библи куыд фӕдзӕхсы, афтӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй дзурынц (Матфейы 28:19, 20; Хъуыддӕгтӕ 15:14). Стӕй политикӕйӕ дард лӕууынц (Псалом 146:3, 4; Иоанны 15:17, 18).

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Библимӕ гӕсгӕ цӕрын куы райдыдтон, уӕд бамбӕрстон, йӕ уынаффӕтӕ царды куыд ӕххуыс кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, марихуанӕ кӕй нал дымдтон, уый фӕрцы алы мӕй дӕр сӕдӕгай доллӕры нал хардз кодтон. Мӕ зонд дӕр нал дзӕгъӕлтӕ кодта ӕмӕ ӕнӕуи дӕр мӕхи хуыздӕр хатын райдыдтон.

Ме ’рыгонӕй фӕстӕмӕ мӕ фӕндыд базонын, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый. Ӕмӕ ныр мӕ бон у зӕгъын, кӕй йӕ зонын. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Хуыцауы хуыздӕр базыдтон ӕмӕ йӕ бауарзтон (Иаковы 4:8).

«Мӕхиуыл хӕцын сахуыр дӕн» (МАРТИНО ПЕДРЕТТИ).

ЦӔУЫ ЙЫЛ 43 АЗЫ

ЦӔРЫ АВСТРАЛИЙЫ

РАЗДӔР УӔЙ КОДТА НАРКОТИКТӔ

Мӕ ныййарджытӕ-иу арӕх аивтой сӕ цӕрӕнбынат. Кӕм нӕ цардыстӕм, ахӕм ран нал баззад: гыццыл ӕмӕ стыр горӕтты, суанг ма аборигентимӕ дӕр. Уыцы рӕстӕг мысын мын ӕхсызгон вӕййы. Мӕ мады ’фсымӕртимӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ арӕх цыдыстӕм цуаны ӕмӕ кӕсаг ахсынмӕ, стӕй арӕзтам бумерангтӕ.

Мӕ фыд боксёр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕ мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кодта хыл кӕнын. Тынг мӕстыгӕр уыдтӕн. Уымӕй уӕлдай ӕрыгонӕй райдыдтон нуазын. Ме ’мбӕлттимӕ ӕдзух, хыл кӕм ракъахӕм, уый агуырдтам. Кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ нӕ бон уыди 20 адӕймагӕй фылдӕры ныхмӕ рацӕуын.

Ӕхца-иу куыстон наркотиктӕ ӕмӕ, денджызы порты кусджыты давӕггаг дзауматӕ кӕй уӕй кодтон, уымӕй. Стӕй-иу адӕммӕ хӕцӕнгарзӕй ӕртхъирӕн кодтон, цӕмӕй-иу сӕ ’хца байстаин. Ӕхца та-иу радтон, наркотиктӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн. Мӕ царды сӕйраг нысан уыди адӕмы ’хцайыл марын. Ахӕм зондыл хӕст уыдтӕн: «Дӕхӕдӕг амар кӕнӕ дын дӕхи амардзысты».

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хъуыстон. Иу-20 азы бӕрц мыл куы цыди, уӕд мӕ мады бафарстон, кӕм сӕ ссарон, зӕгъгӕ. Дыууӕ боны фӕстӕ нын нӕ дуар ӕрбахоста Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу, йӕ ном Диксон. Гыццыл аныхас кодтам ӕмӕ мӕ ’мбырдмӕ фӕхуыдта. Ӕз сразы дӕн, ӕмӕ уӕдӕй абонмӕ 20 азӕй фылдӕр цӕуын ӕмбырдтӕм. Мӕ алы фарстайӕн дӕр мын-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дзуапп лӕвӕрдтой Библийӕ.

Тынг ӕхсызгон мын уыд базонын, Йегъовӕ алы адӕймагыл дӕр кӕй тыхсы, суанг фыдгӕнӕгыл дӕр (2 Петры 3:9). Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтон, Хуыцау мыл фӕлмӕнзӕрдӕ фыдау кӕй тыхсы ӕмӕ мӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд, куы бамбӕрстон, куы ’рфӕсмон кӕнон, уӕд мын Хуыцау мӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныббардзӕн. Библийы, Ефесӕгтӕм 4:22–24 стихтӕ мын мӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагътой, ӕмӕ мӕн дӕр бафӕндыд мӕ «зӕронд адӕймаджы удыхъӕд» ныууадзын ӕмӕ йӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ногмӕ раивын.

Фӕлӕ мын мӕ цард фӕивын афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Къуырийы дӕргъы-иу ӕнӕ наркотиктӕй бафӕрӕзтон, фӕлӕ сабат ӕмӕ хуыцаубоны ме ’мбӕлттимӕ кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ та-иу ногӕй райдыдтон. Ӕмбӕрстон ӕй, кӕд мӕ мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууадзын фӕнды, уӕд хъуамӕ ме ’мбӕлттӕй мӕхи хизон, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтон ӕндӕр горӕтмӕ алидзын. Куы цыдтӕн, уӕд ме ’мбӕлттӕй чидӕртӕ мемӕ рацыдысты, цӕмӕй мӕ афӕндараст кодтаиккой. Фӕндагыл марихуанӕ дымын райдыдтой ӕмӕ дзы мӕнӕн дӕр лӕвӕрдтой. Ӕз сын нӕ бакуымдтон, фидарӕй сын загътон, наркотиктӕ кӕй ныууагътон. Иуцасдӕры фӕстӕ кӕрӕдзийӕн хӕрзбон загътам. Фӕстӕдӕр куыд фехъуыстон, афтӕмӕй ме ’мбӕлттӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ банкмӕ бабырстой ӕмӕ ’хца радавтой.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Куыддӕр ме ’мбӕлтты ныууагътон, афтӕ мын мӕ цард ивын фенцондӕр ис. 1989 азы сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Фӕстӕдӕр мӕ хо, мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.

17 азы размӕ ус ракуырдтон ӕмӕ нын ныр ис ӕртӕ сывӕллоны. Библийы фӕрцы мӕхиуыл хӕцын сахуыр дӕн, исчи мӕ куы фӕкъахы, уӕд дӕр. Адӕммӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон, ӕмӕ мын ныр уӕлдай нал у, чи цы адӕмыхаттӕй у, уый (Раргомад 7:9). Чырыстийы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый мӕхиуыл бавзӕрстон: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгдзинад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоанны 8:31, 32).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Растафари у, Ямайкӕйы чи фӕзынд, уыцы сектӕйы чи ис, ахӕм адӕймаг. Дарынц, лыстӕг бӕттӕнтау быд даргъ сӕрыхъуынтӕ. Сӕ хуыцауыл нымайынц Ефиопийы раздӕры паддзах Хайле Селассийы.

[Хицӕнгонд текст 30 фарсыл]

Нал хъуыстон, ӕндӕр адӕмы ныхмӕ чи ардыдта, ахӕм музыкӕмӕ

[Хицӕнгонд текст 31 фарсыл]

Ме ’мбӕлттимӕ ӕдзух, хыл кӕм ракъахӕм, уый агуырдтам. Кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ нӕ бон уыди 20 адӕймагӕй фылдӕры ныхмӕ рацӕуын