Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»

«Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»

«Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»

«Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады» (МАТФ. 13:43).

1. Йесо фӕсномыг ныхӕстӕй Паддзахады тыххӕй цавӕр лыстӕг хабӕрттӕ ’мбарын кодта?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ арӕх пайда кодта фӕсномыг ныхӕстӕй, цӕмӕй Паддзахадимӕ баст лыстӕг хабӕрттӕ ӕмбарын кодтаид. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ «адӕмӕн амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй. Ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй ницы дзырдта» (Матф. 13:34). Зӕгъӕм, радзырдта фӕсномыг ныхӕстӕ, паддзахады рӕстдзинад тыд куыд цӕуы, уый тыххӕй. Йесо бамбарын кодта, адӕймаг Паддзахады хабармӕ байхъусдзӕн ӕви нӕ, уый, йӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уымӕй кӕнгӕ кӕй у, ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн ӕви нӕ, уый та Йегъовӕйӕ аразгӕ кӕй у (Марчы 4:3–9, 26–29). Иннӕ цӕвиттонӕй та бӕрӕг у, Паддзахады хабармӕ чи байхъусы, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, кӕд уый фыццаг зынгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, уӕддӕр (Матф. 13:31–33). Уымӕй уӕлдай ма бамбарын кодта, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдон иууылдӕр кӕй нӕ уыдзысты, фидӕны Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕмы ’хсӕн (Матф. 13:47–50) *.

2. Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым хорз мыггаг цӕмӕ амоны?

2 Фӕлӕ Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй иуы дзырд цӕуы, йемӕ иумӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон ӕмбырд кӕныны тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхас у мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй ӕмӕ фыст ис Матфейы 13 сӕры. Кӕд иннӕ цӕвиттоны мыггаг «Паддзахады тыххӕй дзырдмӕ» амоны, уӕд ацы фӕсномыг ныхасы та хорз мыггаг амоны ӕндӕр цӕмӕдӕр – «паддзахады фырттӕм» (Матф. 13:19, 38). Уыдон не сты, Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм, фӕлӕ – Паддзахады фырттӕ, ома Паддзахады бынтӕ чи райсдзӕн, уыдон (Ром. 8:14–17; бакӕс Галатӕгтӕм 4:6, 7).

Фӕсномыг ныхас мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй

3. Радзур, Йесойы фӕсномыг ныхасы иу хицау цавӕр зындзинадыл сӕмбӕлд ӕмӕ куыд бакодта, уый тыххӕй.

3 Йесо радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Уӕларвон паддзахад у, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Адӕм фынӕй куы уыдысты, уӕд йе знаг бацыд, мӕнӕуы ’хсӕн хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта ӕмӕ ацыд. Мӕнӕу куы ссыди ӕмӕ ӕфсир куы рафтыдта, уӕд йӕ сӕр сдардта хӕмпӕлгӕрдӕг дӕр. Уый фенгӕйӕ цагъартӕ бацыдысты сӕ хицаумӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: „Хицау, дӕ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай, уӕд дзы хӕмпӕлгӕрдӕг та кӕцӕй фӕзынди?“ Уый сын дзуапп радта: „Уый знаг бакодта“. Ӕмӕ йын уӕд уыдон загътой: „Фӕнды дӕ, уӕд ацӕуӕм ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг стонӕм?“ Фӕлӕ сын уый загъта: „Нӕ, уадзут ӕй, кӕннод хӕмпӕлгӕрдӕгимӕ мӕнӕу дӕр куы стонат. Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой. Хуымгӕрдӕн афон та хуымгӕрдджытӕн зӕгъдзынӕн: ӕрӕмбырд уал кӕнут хӕмпӕлгӕрдӕг, куыристӕ дзы скӕнут ӕмӕ сӕ басудзут. Уый фӕстӕ та мӕнӕу бафснайут мӕ хордоны“» (Матф. 13:24–30).

4. а) Йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы лӕг кӕмӕ амоны? ӕ) Йесо хорз мыггаг тауын кӕд ӕмӕ куыд райдыдта?

4 Йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы лӕг кӕмӕ амоны? Йесо Чырысти ацы фарстайӕн дзуапп радта фӕстӕдӕр, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕсномыг ныхас куы ӕмбарын кодта, уӕд: «Хорз мыггаг чи байтыдта, уый у Адӕймаджы Фырт» (Матф. 13:37). Йесо, «Адӕймаджы Фырт», зӕххыл ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг куы лӕггад кодта, уӕд ӕрцӕттӕ кодта хуымтӕ (Матф. 8:20; 25:31; 26:64). Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ та тауын райдыдта хорз мыггаг – «паддзахады фырттӕ». Йесо Чырысти Йегъовӕйы номӕй архайгӕйӕ уыцы хъуыддаг райдыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгты сыгъдӕг удӕй куы схайджын кодта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй Хуыцауы фырттӕ куы скодта, уӕд * (Ап. хъ. 2:33). Хорз мыггагӕй равзӕрд мӕнӕу. Йесо уыцы хъуыддаг сарӕзта, цӕмӕй ӕппынфӕстаг ӕрӕмбырд кӕна, йӕ Паддзахады йемӕ иумӕ бынтӕ чи райсдзӕн ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр.

5. Фӕсномыг ныхасы знаг чи у ӕмӕ кӕмӕ амоны хӕмпӕлгӕрдӕг?

5 Чи у знаг ӕмӕ кӕмӕ амоны хӕмпӕлгӕрдӕг? Йесо загъта, знаг кӕй у «Хӕйрӕг», хӕпӕлгӕрдӕг та – «Фыдбылызы фырттӕ» (Матф. 13:25, 38, 39). Йесо цы хӕмпӕлгӕрдӕджы кой кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, у мӕгъӕлда. Ацы маргджын зайӕгой цалынмӕ нӕ сырӕзы, уӕдмӕ вӕййы мӕнӕуы хуызӕн. Уый амоны, йӕхи паддзахады фырттӕ чи хоны, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг кӕмӕн не сты, уыцы мӕнг чырыстӕттӕм. Уыдон сӕхи хонынц Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сты Сайтан Хӕйрӕджы «байзӕддаджы» хай (Райд. 3:15).

6. Хӕмпӕлгӕрдӕг кӕд фӕзынд ӕмӕ адӕм уыцы рӕстӕг куыд «бафынӕй сты»?

6 Кӕд фӕзындысты ацы мӕнг чырыстӕттӕ? Йесо загъта: «Адӕм фынӕй куы уыдысты, уӕд» (Матф. 13:25). Кӕд уыди уый? Дзуапп ссарӕн ис, апостол Павел Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕсты: «Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзӕн, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ. Уӕхи ’хсӕн дӕр фӕзындзӕн, ӕцӕгдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Ап. хъ. 20:29, 30). Стӕй сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уыдаиккой. Апостолтӕ ма ӕгас куы уыдысты, уӕд ӕмбырд хъахъхъӕдтой мӕнг ахуырӕдтӕй. Фӕлӕ сӕ чидӕртӕ куы бафынӕй, ома куы амардысты, уӕд чырыстӕттӕй дӕр бирӕтӕ бафынӕй сты – раздӕрау къӕрцхъус нал уыдысты ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. (Бакӕс 2 Фессалоникӕгтӕм 2:3, 6–8.) Уыцы рӕстӕг, раст дин чи ныууагъта, уыдон чырыстон ӕмбырды райдыдтой мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын.

7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕг кӕй не сси?

7 Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕг суыдзӕн, фӕлӕ хӕмпӕлгӕрдӕг мӕнӕуты ’хсӕн тыд кӕй ӕрцыд. Уымӕ гӕсгӕ ацы фӕсномыг ныхас нӕ амоны, раст дин чи ныууагъта, уыцы чырыстӕттӕм. Фӕлӕ амоны, Хӕйрӕг ууыл кӕй архайдта, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ахӕм адӕмы бакодтаид, ӕмӕ чырыстӕтты зыгъуыммӕ зондыл сарӕзтаиккой. Иоанн, апостолтӕй фӕстаг, куы базӕронд, уӕд, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, ахӕм адӕм сбирӕ сты (2 Пет. 2:1–3; 1 Иоан. 2:18).

«Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой»

8, 9. а) Фӕсномыг ныхасы хицау йӕ цагъартӕн цы фӕдзӕхст радта, уый Йесойы ахуыргӕнинӕгты цӕмӕн хъуыд бамбарын? ӕ) Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг иумӕ куыд сырӕзтысты?

8 Цагъартӕ сӕ хицаумӕ куы бацыдысты, уӕд ын хъуыддаг бамбарын кодтой ӕмӕ йӕ бафарстой: «Фӕнды дӕ, уӕд ацӕуӕм ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг стонӕм?» (Матф. 13:27, 28). Хицау сын цы загъта, уый искӕмӕ, чи зоны, диссаг фӕкӕса. Загъта сын, зӕгъгӕ, уадзут ӕмӕ мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕгимӕ иумӕ рӕзой хуымгӕрдӕнтӕм. Уыцы ныхӕстӕ хаудысты Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм дӕр. Уыдон хъуамӕ бамбӕрстаиккой, мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕгӕй хицӕн кӕнын зын кӕй у. Зӕххы куыст чи кӕны, уыдон дӕр ӕй зонынц, мӕгъӕлдайӕн йӕ уидӕгтӕ арӕх кӕй стыхсынц мӕнӕуы уидӕгтыл *. Уӕдӕ диссаг нӕу, хицау сын кӕй загъта, цӕмӕй банхъӕлмӕ кастаиккой.

9 Раст афтӕ чырыстон дины сектӕтӕ дӕр ӕнусты дӕргъы ӕрхастой стыр тыллӕг – фыццаг Ромаг католикон ӕмӕ Православон аргъуантӕ, фӕстӕдӕр та алыхуызон Протестантон къордтӕ. Уыцы рӕстӕг ма ӕппӕт дунейы тыд цыдысты мӕнӕуы мыггӕгтӕ дӕр. Фӕсномыг ныхасы хицау фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, мӕнӕу кӕд сырӕздзӕн ӕмӕ хуымгӕрдӕны афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ.

Хуымгӕрдӕны афон

10, 11. а) Хуымгӕрдӕны афон кӕд райдыдта? ӕ) «Мӕнӕу» Йегъовӕйы хордонмӕ ’фснайд куыд цӕуы?

10 Йесо загъта: «Хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы цардӕвӕрды кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та – зӕдтӕ» (Матф. 13:39). Ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонты Паддзахады фырттӕ ’взӕрст цӕуынц мӕнг чырыстӕтты ’хсӕнӕй ӕмӕ ’мбырдгонд цӕуынц иу ранмӕ. Апостол Петр дӕр загъта: «Ралӕууыд тӕрхоны сахат, ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд уыцы тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд, Хуыцауы хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕн та сӕ кӕрон цы уыдзӕн?» (1 Пет. 4:17).

11 «Ацы цардӕвӕрды» фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Хуыцау тӕрхон кӕнын райдыдта, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕн, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, «паддзахады фырттӕ» ӕмӕ сӕ «Фыдбылызы фырттӕ» чи сты, уый. Хуымгӕрдӕны райдианы «уал» фыццаг Хуыцау Стыр Вавилонӕн рахаста тӕрхон ӕмӕ «уый фӕстӕ та» ӕмбырдгонд ӕрцыдысты паддзахады фырттӕ (Матф. 13:30). Фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕдтӕ «мӕнӕу» Йегъовӕйы хордоны куыд ӕфснайынц? Паддзахады фырттӕй чи амард, уыдон сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райстой, зӕххыл сӕ чи баззад, уыдон та систы чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕ. Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ сын уый дӕр арфӕ кӕны ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны.

12. Хуымгӕрдӕны афон цас ахӕсдзӕн?

12 Тӕрхон цас рӕстӕг ахӕсдзӕн? Йесо цы хуымгӕрдӕны «афоны» кой кодта, уый цыбыр рӕстӕг нӕ вӕййы, фӕлӕ цасдӕр ахӕссы (Рарг. 14:15, 16). Сӕрст чырыстӕттӕ тӕрхонгонд цӕудзысты кӕроны рӕстӕджы, цалынмӕ сыл мыхуыр ӕвӕрд не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Рарг. 7:1–4).

13. «Хӕмпӕлгӕрдӕг» адӕмы куыд рӕдийын кӕны ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ куыд аразы?

13 Зӕдтӕ паддзахадӕй кӕй ӕмбырд кӕндзысты, уыдон чи сты, адӕмы куыд рӕдийын кӕнынц ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ куыд аразынц? (Матф. 13:41). Чырыстон дины сауджынтӕ ӕнусты дӕргъы милуангай адӕмы сайдтой. Амыдтой сын, чи сӕ «рӕдийын кӕны» ӕмӕ Хуыцауы чи худинаг кӕны, ахӕм ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, тӕригъӕдджын адӕм зындоны ӕнустӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау Троицӕ кӕй у, уый тыххӕй. Дины разамонджытӕй бирӕтӕ ’взӕр цӕвиттон сты, чи сӕм хъусы, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ ацы дунеимӕ лымӕн кӕнынц ӕмӕ сты ӕгъдаухӕлд (Иак. 4:4). Уымӕй уӕлдай ма куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц, сӕ аргъуантӕм чи цӕуы, уыцы адӕмы ӕнӕгъдау митӕм. (Бакӕс Иудӕйы 4.) Кӕд ахӕм хъуыддӕгтыл хӕст сты, уӕддӕр сӕхи афтӕ ’вдисынц, цыма Хуыцауыл ӕнувыд сты. Куыд амондджын сты паддзахады фырттӕ, иумӕйагӕй сын кӕй ницы ис, адӕмы чи рӕдийын кӕны ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кӕны, уыцы мӕнг чырыстӕттимӕ!

14. Мӕнг чырыстӕттӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын куыд цӕуы?

14 Мӕнг чырыстӕттӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын куыд цӕуы? (Матф. 13:42). «Фыдбылызы фырттӕ» хъизӕмар кӕнынц, «паддзахады фырттӕ» сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ хурмӕ кӕй калынц, уый тыххӕй. Уыдон ма мӕт кӕнынц, сӕ аргъуантӕм чи цӕуы, уыцы адӕм сын раздӕрау кӕй нал ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сыл сӕ бар кӕй нал цӕуы, уый тыххӕй. (Бакӕс Исай 65:13, 14.)

15. Хӕмпӕлгӕрдӕг куыд басудздзысты?

15 Хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ куыд басудздзысты? (Матф. 13:40). Ацы ныхӕстӕ амонынц, хӕмпӕлгӕрдӕг ӕппынфӕстаг цы фӕуыдзӕн, уымӕ. Судзгӕ пецмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕнустӕм фесӕфдзӕн (Рарг. 20:14; 21:8). Мӕнг чырыстӕттӕ «стыр бӕллӕхы» рӕстӕджы бындзарӕй тынд ӕрцӕудзысты (Матф. 24:21).

«Хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»

16, 17. Пехуымпар Малахи Хуыцауы кувӕндоны тыххӕй цы загъта ӕмӕ уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын кӕд райдыдта?

16 Ӕцӕг чырыстӕттӕ хурау тӕмӕнтӕ кӕд калдзысты? (Матф. 13:43). Хуыцау йӕ кувӕндон куыд сыгъдӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй Малахи загъта: «„Ӕцӕг Хицау, кӕй агурут, уый, йӕ кувӕндонмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн, ӕрцӕудзӕн бадзырды минӕвар дӕр, ӕхсызгонӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый. О, ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. „Фӕлӕ йе ’рцыды бон чи бафӕраздзӕн ӕмӕ куы фӕзына, уӕд фидар чи фӕлӕудзӕн? Уый уыдзӕн сызгъӕрин тайынгӕнӕджы арты хуызӕн ӕмӕ гӕрзтӕхсӕджы фӕныкдоны хуызӕн. Ӕвзист чи батайын кӕны ӕмӕ йӕ чи ссыгъдӕг кӕны, уыйау ӕрбаддзӕн ӕмӕ Левийы фыртты ссыгъдӕг кӕндзӕн. Ссыгъдӕг сӕ кӕндзӕн, сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист куыд ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ уыдон Йегъовӕйӕн суыдзысты, кувинӕгтӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи хӕсдзӕн, ахӕм адӕм“» (Мал. 3:1–3).

17 Мах рӕстӕджы ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта 1918 азы, Йегъовӕ Йесо Чырыстиимӕ, «бадзырды минӕваримӕ», йӕ кувӕндон ссыгъдӕг кӕнынмӕ куы ’рцыд, уӕд. Пехуымпар Малахи загъта, кувӕндон куы ссыгъдӕг уа, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй: «Уӕд та ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18). Ӕцӕг чырыстӕттӕ бонӕй-бонмӕ кӕй фылдӕр кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хуымгӕрдӕны афон райдыдта.

18. Данелы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ мах рӕстӕджы цы хъуамӕ ’рцыдаид?

18 Пехуымпар Данел мах рӕстӕджы тыххӕй загъта: «Ӕмбаргӕ чи у, уыдон арвау рухс кӕндзысты, бирӕты рӕстдзинадмӕ чи ’рбакӕны, уыдон стъалытау ӕрттивдзысты ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Дан. 12:3). Арвау чи рухс кӕны, уыдон чи сты? Уыдон сты сӕрст чырыстӕттӕ, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой кодта, уыцы мӕнӕу. Абон тынг бирӕ адӕм уынынц, мӕнг чырыстӕттӕ ӕмбырд кӕй цӕуынц, уый. Ныфс сӕ ис, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар кӕй цӕрдзысты. Тынг бирӕ адӕм сӕхи бӕттынц, уӕларвон Израилмӕ чи хауы, уыдоныл ӕмӕ афтӕмӕй уыдонӕн дӕр сӕ рухс кӕлы ацы талынг дунейы (Зах. 8:23; Матф. 5:14–16; Фил. 2:15).

19, 20. «Паддзахады фырттӕ» тынг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

19 Абон «паддзахады фырттӕ» тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг кӕд райсдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ (Ром. 8:18, 19; 1 Кор. 15:53; Фил. 1:21–24). Фӕлӕ уӕдмӕ хъуамӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной, хурау тӕмӕнтӕ калой ӕмӕ «Фыдбылызы фырттӕй» иуварс лӕууой (Матф. 13:38; Рарг. 2:10). Куыд амондджын стӕм мах ӕмӕ нӕм цӕй стыр кад ӕрхауд, нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмбырд куыд цӕуы ӕмӕ афтӕмӕй паддзахады фырттӕ хурау тӕмӕнтӕ куыд калынц, уый!

20 Фӕлӕ Паддзахады фырттӕн цы ис иумӕйагӕй, бонӕй-бонмӕ фылдӕр чи кӕны ӕмӕ зӕххыл Хуыцауы Паддзахады ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы тынг бирӕ адӕмимӕ? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Ацы фӕсномыг ныхӕсты тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 2008 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 12–21 фф.

^ 4 абз. Ацы фӕсномыг ныхасы хорз мыггаг тауын нӕ амоны хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ, ома сӕрст чырыстӕттӕ чи суыдаид, уыцы адӕмы ӕмбырд кӕнынмӕ. Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, хорз мыггаг амоны, «паддзахады фырттӕ» чи суыдзӕн, уыдонмӕ, фӕлӕ загъта: «Хорз мыггаг амоны паддзахады фырттӕ». Тауыны хъуыддаг хауы ӕгас зӕххыл дӕр Паддзахады фыртты сыгъдӕг удӕй хайджын кӕнынмӕ.

^ 8 абз. Мӕгъӕлдайы уидӕгтӕ мӕнӕуы уидӕгтыл стыхсынц ӕмӕ сӕ хуымгӕрдӕны афонӕй раздӕр куы стонай, уӕд мӕнӕуӕн дӕр стонынӕй тӕссаг вӕййы. (Кӕс «Фыстады ӕмбарынад» 1 том, 1178 ф., англ.)

Бахъуыды кодтай?

Йесойы фӕсномыг ныхасы мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цӕмӕ амоны...

• Хорз мыггаг?

• Мыггаг тауӕг?

• Мыггаг тауын?

• Знаг?

• Хӕмпӕлгӕрдӕг?

• Хуымгӕрдӕны афон?

• Хордон?

• Кӕуын ӕмӕ хъӕрзын?

• Судзгӕ пец?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны райдыдта хорз мыггаг тауыны хъуыддаг

[Ныв 23 фарсыл]

Абон «мӕнӕу» ӕфснайд цӕуы Йегъовӕйы хордоны

[Барлӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.