Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иу дзуг, иу фыййау

Иу дзуг, иу фыййау

Иу дзуг, иу фыййау

«Сымах дӕр, мӕ фӕдылдзӕуджытӕ, ӕрбаддзыстут дыууадӕс паддзахбадӕныл ӕмӕ тӕрхон кӕндзыстут Израилы дыууадӕс мыггагӕн» (МАТФ. 19:28).

1. Йегъовӕ Авраамы байзӕддӕгтӕм цы цӕстӕй каст ӕмӕ уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕн нӕ аргъ кодта?

ЙЕГЪОВӔ ӕнувыд уарзтӕй уарзта Авраамы ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕм дӕр раст ахӕм зӕрдӕ дардта. 15 ӕнусы дӕргъы Авраамы байзӕддӕгтӕ, израилӕгтӕ, уыдысты Йегъовӕйы ’взӕрст адӕм ӕмӕ сӕ нымадта, «уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕмыл». (Бакӕс Дыккаг закъон 7:6.) Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕн нӕ аргъ кодта? Нӕ. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй-иу Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уыдонӕн-иу сӕ бон уыд йӕ адӕмы ’хсӕн цӕрын. Хуыцау-иу сӕ банымадта йе ’взӕрст адӕмыл ӕмӕ-иу сӕ израилӕгтӕ хуыдтой се ’фсымӕртӕ (Лев. 19:33, 34). Уыдон дӕр-иу хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой Йегъовӕйы закъӕттӕ иууылдӕр (Лев. 24:22).

2. Йесо цавӕр диссаджы хабар фехъусын кодта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

2 Фӕлӕ Йесо, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыцы дзуттӕгтӕн фехъусын кодта ахӕм диссаджы хабар: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдонӕн» (Матф. 21:43). Уыцы ног адӕм чи хъуамӕ уыдаиккой ӕмӕ уыцы хъуыддаг афтӕ кӕй фӕивта, уый махыл абон куыд ӕндавы?

Ног адӕм

3, 4. а) Апостол Петр куыд бамбарын кодта, ног адӕм чи сты, уый? ӕ) Чи хауы ног адӕммӕ?

3 Апостол Петр бамбарын кодта, чи сты уыцы ног адӕм. Йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Сымах... стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцау йӕхи кӕй бакодта, уыцы адӕм, цӕмӕй алы рӕтты хъусын кӕнат“, талынгӕй уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ „рӕсугъд миниуджыты тыххӕй“» (1 Пет. 2:9). Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕмӕй уыцы ног адӕмӕй фыццӕгтӕ систы, Йесойы Мессийӕйыл чи банымадта, уыцы дзуттӕгтӕ (Дан. 9:27а; Матф. 10:6). Фӕстӕдӕр ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй дӕр бирӕтӕ баиу сты уыцы ног адӕммӕ. Петр уый тыххӕй дарддӕр ныффыста: «Сымах кӕддӕр иу адӕм нӕ уыдыстут, ныр та стут Хуыцауы адӕм» (1 Пет. 2:10).

4 Петр ацы ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдта? Йӕ фыстӕджы райдианы ныффыста: «[Хуыцау] мах ногӕй райгуырын кодта ӕмӕ нын радта удӕгас ныфс, Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый фӕрцы, цӕмӕй райсӕм, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ. Уыцы бынтӕ уын ӕвӕрдӕй лӕууынц уӕлӕрвты» (1 Пет. 1:3, 4). Уӕдӕ ног адӕммӕ хауынц сӕрст чырыстӕттӕ, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыдон. Библи сӕ хоны «Хуыцауы Израил» (Гал. 6:16). Иоанн цӕстылуайӕны федта, «Хуыцауы Израилмӕ» чи хауы, уыдон кӕй уыдысты 144 000 адӕймаджы. «Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн адӕмӕй фыццаг уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд», цӕмӕй Йесоимӕ иумӕ мин азы уой сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ (Рарг. 5:10; 7:4; 14:1, 4; 20:6; Иак. 1:18).

Израилы адӕм ма искӕмӕ амонынц?

5. а) «Хуыцауы Израилмӕ» чи хауы? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Израилы адӕм ӕрмӕст сӕрст чырыстӕттӕм нӕ амонынц?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Галатӕгтӕм 6:16 цы «Израилы» кой цӕуы, уымӕ хауынц ӕрмӕстдӕр сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕлӕ цымӕ Библийы искуы Израилы адӕм ӕндӕр искӕмӕ дӕр амонынц? Уый базонӕн ис, Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн цы загъта, уымӕй: «Ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд, афтӕ, цӕмӕй мӕ паддзахады мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат, ӕмӕ цӕмӕй паддзахбадӕнтыл ӕрбадат ӕмӕ Израилы дыууадӕс мыггагӕн тӕрхон кӕнат» (Лук. 22:28–30). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты, Чырысти мин азы Паддзах куы уа ӕмӕ «ӕппӕт дӕр ногӕй куы араза», уӕд. (Бакӕс Матфейы 19:28.)

6, 7. Кӕмӕ амонынц «Израилы дыууадӕс мыггаджы» Матфейы 19:28 ӕмӕ Лукайы 22:30?

6 Чырысти мин азы Паддзах куы уа, уӕд 144 000 сӕрст чырыстоны уыдзысты паддзӕхтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ (Рарг. 20:4). Кӕмӕн тӕрхон кӕндзысты ӕмӕ кӕмӕн уыдзысты паддзӕхтӕ? Матфейы 19:28 ӕмӕ Лукайы 22:30 стихтӕм гӕсгӕ «Израилы дыууадӕс мыггагӕн». Ацы ран дыууадӕс мыггаджы кӕмӕ амонынц? Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ – Йесойы нывондыл чи ӕууӕнды, фӕлӕ сауджынты къордмӕ чи нӕ хауы, уыдонмӕ (Левийы мыггаг Израилы 12 мыггаджы нымӕцмӕ нӕ хауди). Израилы 12 мыггаджы кӕмӕ амонынц, уыцы адӕм арфӕгонд ӕрцӕудзысты, 144 000 сӕрст чырыстоны сауджынтӕй куы лӕггад кӕной, уӕд. Хуыцау уыдоны дӕр нымайы йӕ адӕмыл ӕмӕ сӕ уарзы. Уӕдӕ сӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ бары Хуыцауы рагон адӕмимӕ.

7 Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, стыр бӕллӕхы размӕ «Хуыцауы Израилыл», 144 000 сӕрст чырыстоныл, мыхуыр ӕвӕрд кӕй ӕрцыд. Стӕй ма федта, банымайӕн кӕмӕн нӕ уыд, уыцы тынг бирӕ адӕмы «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй» дӕр (Рарг. 7:9). Уыдон стыр бӕллӕхы сӕрты ахиздзысты ӕмӕ Чырыстийы миназон Паддзахадмӕ бацӕудзысты. Уыцы рӕстӕг ма райгас уыдзысты миллиардгай адӕм дӕр (Иоан. 5:28, 29; Рарг. 20:13). Уыдон иууылдӕр иумӕ уыдзысты «Израилы дыууадӕс мыггаджы» ӕмӕ сын Йесо 144 000 паддзахимӕ тӕрхон кӕндзӕн (Ап. хъ. 17:31; 24:15; Рарг. 20:12).

8. Израилӕгтӕ Сыгъдӕггӕнӕн бон куыд бӕрӕг кодтой, уымӕй куыд зыны, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ иннӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ баст кӕй сты?

8 Израилӕгтӕ Сыгъдӕггӕнӕн бон куыд бӕрӕг кодтой, уый амыдта, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ иннӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, уымӕ (Лев. 16:6–10). Хистӕр сауджын-иу, фыццаджыдӕр, хъуамӕ нывондӕн уӕныг ӕрхастаид, цӕмӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодтаид. Йесойы нывонд дӕр, фыццаджыдӕр, хауы йӕ «хӕдзаронтӕм» – йемӕ уӕлӕрвты сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонмӕ. Уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕджы ма нывондӕн хастой дыууӕ сӕгъы дӕр, цӕмӕй иннӕ израилӕгтӕн дӕр сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цыдаиккой. Ацы ран сауджынтӕ амонынц 144 000 сӕрст чырыстонмӕ, иннӕ израилӕгтӕ та – зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ «Израилы дыууадӕс мыггаджы» Матфейы 19:28 стихы кӕй амонынц, Йесоимӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыдонмӕ нӕ, фӕлӕ Чырыстийы нывондыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр *.

9. Йезекил цы цӕстылуайӕн федта, уым сауджынтӕ ӕмӕ Израилы иннӕ мыггӕгтӕ кӕмӕ амонынц?

9 Ӕркӕсӕм-ма ӕндӕр цӕвиттонмӕ дӕр. Йегъовӕ пехуымпар Йезекилӕн цӕстылуайӕны фенын кодта йӕ кувӕндон (Йез. 40–48 сӕртӕ). Йезекил федта, сауджынтӕ кувӕндоны куыд лӕггад кодтой, уый – адӕмӕн лӕвӕрдтой разамынд, ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд дзырдта, афтӕ сӕ ахуыр кодтой ӕмӕ сын зонд амыдтой (Йез. 44:23–31). Кувӕндонмӕ цыдысты Израилы иннӕ мыггӕгтӕ дӕр ӕмӕ нывӕндтӕ хастой (Йез. 45:16, 17). Ацы ран дӕр сауджынтӕ амонынц сӕрст чырыстӕттӕм, Израилы иннӕ мыггӕгтӕ та – зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Уыцы цӕстылуайӕнӕй хорз зыны, абон дыууӕ къорды Хуыцауӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ «сауджынтӕ» иннӕтӕн Хуыцауы хъуыддаджы разамынд кӕй дӕттынц.

10, 11. а) Абон Йесойы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц? ӕ) Ӕндӕр фысты тыххӕй цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

10 Йесо «ӕндӕр фысты» тыххӕй куы дзырдта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, уыдон ацы «кӕртӕй» не сты, ома «гыццыл дзугмӕ», йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕм, кӕй нӕ хауынц (Иоан. 10:16; Лук. 12:32). Йесо загъта: «Уыдоны дӕр [мӕ] ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау». Ацы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Ӕцӕгдӕр, сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнынц. (Бакӕс Захари 8:23.) Ӕндӕр фыстӕ уӕларвон кувӕндоны мидӕггаг кӕрты нӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ кувӕндонӕн йе ’ддаг кӕрты.

11 Кӕд рагон Израилы адӕм, сауджынтӕй фӕстӕмӕ, иуӕй-иу хатт ӕндӕр фыстӕм фӕамонынц, уӕд цымӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хъуамӕ Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходой? Ныр та аныхас кӕндзыстӕм ацы фарстайыл.

Ног бадзырд

12. Йегъовӕ цавӕр бадзырды кой кодта?

12 Йегъовӕ Йеремийы уылты загъта, йӕ адӕмимӕ ног бадзырд кӕй скӕндзӕн: «Израилы адӕмимӕ уыцы бонты фӕстӕ скӕндзынӕн ахӕм бадзырд, ӕмӕ сын мӕ закъон бавӕрдзынӕн сӕ мидӕг, сӕ зӕрдӕйы сын ӕй ныффысдзынӕн... Ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та суыдзысты мӕ адӕм» (Йер. 31:31–33). Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый хъуамӕ диссаджы хуызы сӕххӕст уыдаид уыцы ног бадзырды фӕрцы (Бакӕс Райдиан 22:18.)

13, 14. а) Ног бадзырд кӕмӕ хауы? ӕ) Ног бадзырд ма пайда кӕмӕн хӕссы ӕмӕ йыл уыцы адӕм фидар куыд хӕцынц?

13 Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд уый дӕр ацы бадзырды тыххӕй загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, мӕ уыцы тугӕй» (Лук. 22:20; 1 Кор. 11:25). Цымӕ ацы бадзырд чырыстӕттӕй се ’ппӕтмӕ дӕр хауы? Нӕ. Уыцы изӕр сӕны къусӕй чи банызта, уыцы апостолтау, ацы бадзырды дӕр хайад исынц ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ *. Йесо семӕ сарӕзта ӕндӕр бадзырд, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой (Лук. 22:28–30). Уыдон Йесоимӕ уыдзысты йӕ Паддзахады (Лук. 22:15, 16).

14 Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдонӕн дӕр ног бадзырд пайда хӕссы (Гал. 3:8, 9). Кӕд уыцы бадзырды хайад нӕ исынц, уӕддӕр ыл фидар хӕцынц ӕмӕ йын йӕ домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц. Пехуымпар Исай Йегъовӕйы номӕй загъта: «Ӕндӕрбӕстӕгтӕй Йегъовӕмӕ чи ӕрбаиу, цӕмӕй йын лӕггад кӕна, Йегъовӕйы ном уарза ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг суа, сабаты тыххӕй цы закъон ис, уый чи ӕххӕст кӕны, цӕмӕй сабат хынджылӕггаг ма скӕна, ӕмӕ мын мӕ бадзырдыл фидар чи хӕцы, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕз скӕндзынӕн мӕ сыгъдӕг хохмӕ, ӕмӕ уыдон цин кӕндзысты мӕ кувӕн хӕдзары». Стӕй ма Йегъовӕ загъта: «Мӕ хӕдзар [мын] хондзысты кувӕн хӕдзар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» (Ис. 56:6, 7).

Чи хъуамӕ ахода нысӕнттӕй?

15, 16. а) Ног бадзырды хайад чи исы, уыдон Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты? ӕ) Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй цӕуылнӕ хъуамӕ аходой?

15 Ног бадзырд арӕзт кӕимӕ у, уыдонӕн «сыгъдӕг бынатмӕ сӕ бон ныфсджынӕй бацӕуын у». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:15–20.) Уыдон бацӕудзысты, «фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй, уыцы паддзахадмӕ» (Дзут. 12:28). Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ уӕлӕрвты сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдон хъуамӕ нуазой «сӕны къусӕй» – уый нысан кӕны ног бадзырд. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Уӕрыччы чындз кӕй уыдзысты (2 Кор. 11:2; Рарг. 21:2, 9). Иннӕ чырыстӕттӕ та Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй нӕ саходынц. Уыдон алы аз дӕр уыцы бӕрӕгбонмӕ ’рбацӕуынц, цӕмӕй равдисой, Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый.

16 Павел ма нын ӕмбарын кӕны, зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыдон Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй цӕуылнӕ аходынц, уый. Павел сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Алы хатт дӕр, ацы дзул куы фӕхӕрут ӕмӕ ацы сӕны къусӕй куы фӕнуазут, уӕд хъусын кӕнут нӕ Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (1 Кор. 11:26). Хицау кӕд хъуамӕ «’рцӕуа»? Чындзы къордӕй фӕстаг сӕрст чырыстӕтты акӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд (Иоан. 14:2, 3). Бӕрӕг у, Хицауы ӕхсӕвӕр ӕнустӕм бӕрӕг кӕнын кӕй нӕ хъӕудзӕн. Сылгоймаджы цотӕй ма зӕххыл «чи баззад», уыдон ацы ӕхсӕвӕры хайад исдзысты, цалынмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг нӕ райсой, уӕдмӕ (Рарг. 12:17). Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр уыцы нысӕнттӕй куы аходиккой, уӕд Ӕрымысӕн изӕр хъуыдаид ӕнустӕм бӕрӕг кӕнын.

«Уыдон... суыдзысты мӕ адӕм»

17, 18. Йезекилы 37:26, 27 цы пехуымпарад ис, уый куыд ӕххӕст кӕны?

17 Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ адӕм ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй цӕрдзысты: «Ӕз семӕ скӕндзынӕн фарны бадзырд. Семӕ конд ӕрцӕудзӕн ӕнусон бадзырд. Сӕ зӕххыл сӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ мӕ кувӕндон ӕнустӕм се ’хсӕн сӕвӕрдзынӕн. Мӕ цатыр уыдзӕн сӕ сӕрмӕ, ӕмӕ ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та суыдзысты мӕ адӕм» (Йез. 37:26, 27).

18 Ацы диссаджы зӕрдӕвӕрд, фарны бадзырд, куы сӕххӕст уа, уӕд Хуыцауы адӕм се ’ппӕт дӕр хорзӕхджын ӕрцӕудзысты. О, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕрдӕ ’вӕры, фӕрнӕй кӕй цӕрдзысты. Абон йӕ адӕм хайджын сты, йӕ сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕй. Йӕ кувӕндон ис се ’хсӕн – лӕггад кӕнынц иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн. Уыдон мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй нал кувынц ӕмӕ сӕ Хуыцауыл ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы кӕй нымайынц, уый тыххӕй ӕцӕгдӕр систы йӕ адӕм.

19, 20. Йегъовӕ «йӕ адӕм» кӕй хоны, уыдонмӕ чи хауы ӕмӕ ног бадзырд цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

19 Куыд ӕхсызгон у, ацы дыууӕ къорды иумӕ кӕй архайынц, уый кӕй уынӕм! Тынг бирӕ адӕм бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ сын кӕд уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕй, уӕддӕр сӕрыстыр сты, уыцы ныфс кӕмӕн ис, уыдонимӕ иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц. Тынг бирӕ адӕм сӕхи бӕттынц Хуыцауы Израилыл. Афтӕмӕй свӕййынц, Йегъовӕ «йӕ адӕм» кӕй хоны, уыдонӕй. Абон уыдоныл ӕххӕст кӕны мӕнӕ ацы пехуымпарад: «Йегъовӕмӕ бирӕ адӕмтӕ ӕрбаиу уыдзысты ӕмӕ мӕ адӕм суыдзысты, ӕмӕ ӕз де ’хсӕн цӕрдзынӕн» (Зах. 2:11; 8:21; бакӕс Исай 65:22; Раргомад 21:3, 4).

20 Ӕппӕт адӕттӕ Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн ног бадзырды фӕрцы. Милуангай адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй систы, Йегъовӕ кӕмӕн арфӕ кӕны, уыцы адӕмӕй (Мих. 4:1–5). Уыдоны фӕнды ног бадзырдыл фидар хӕцын ӕмӕ йын йӕ домӕнтӕ ’ххӕст кӕнын (Ис. 56:6, 7). Афтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй Хуыцауы Израилимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрынц ӕмӕ сын уый хӕссы стыр арфӕдзинӕдтӕ. Уӕдӕ ды дӕр уыдонау арфӕгонд у ныр дӕр ӕмӕ ’нустӕм дӕр!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 8 абз. Библи сӕрст чырыстӕтты хоны «ӕмбырд» (Дзут. 12:23). Фӕлӕ дзырд «ӕмбырдӕн» ис ӕндӕр нысаниуӕг дӕр, фӕамоны ма чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, цавӕрфӕнды ныфс сын ма уа, уӕддӕр. (Кӕс 2007 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 9–11 фф., ирон.)

^ 13 абз. Йесо уыцы бадзырды Минӕвар кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, нысӕнттӕй йӕхӕдӕг нӕ саходыдта.

Бахъуыды кодтай?

• 144 000 сӕрст чырыстоны кӕмӕн тӕрхон кӕндзысты, уыцы «Израилы дыууадӕс мыггаджы» чи сты?

• Ног бадзырдмӕ сӕрст чырыстӕттӕ цы бар дарынц ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн пайда куыд хӕссы?

• Цымӕ Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ аходой?

• Хуыцау зӕрдӕ цавӕр фарнӕй бавӕрдта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Схемӕ/​Нывтӕ 25 фарсыл]

Абон Хуыцауы Израилимӕ иумӕ лӕггад кӕнынц тынг бирӕ адӕм

373 430

1 483 430

4 017 213

7 313 173

1950 1970 1990 2009