Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй

Донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй

Донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй

«Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй» (МАТФ. 28:19).

1, 2. а) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы ’рцыд? ӕ) Уыйбӕрц адӕмы донаргъуыд райсын цӕмӕн бафӕндыд?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы Иерусалимы ӕрӕмбырд бирӕ адӕм, цӕмӕй Фӕндзайӕм бон сбӕрӕг кодтаиккой. Фӕлӕ дзы цавӕрдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, ӕмӕ уый фӕстӕ апостол Петр адӕмимӕ ныхас кӕнын райдыдта. Йӕ ныхӕстӕ сӕм афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ иу-3 000 дзуттаджы ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Афтӕмӕй уыдон дӕр ӕрбаиу сты, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы чырыстон ӕмбырдмӕ (Ап. хъ. 2:41). Уыйбӕрц адӕм, Иерусалимы алфамбылай цы дӕттӕ уыд, уым донаргъуыд кӕй райстой, уый, ӕвӕццӕгӕн, горӕты цӕрджытӕй ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззад.

2 Уыйбӕрц адӕмы донаргъуыд райсын цӕмӕн бафӕндыд? Уыцы хабарӕй гыццыл раздӕр, «цыма тыхджын дымгӕ сыстад, уыйау уӕларвӕй ӕрыхъуыст уынӕр». Хӕдзары уӕллаг уаты Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иу-120 куы ӕрӕмбырд, уӕд схайджын сты сыгъдӕг удӕй. Цасдӕры фӕстӕ, Хуыцӕуӕн чи куывта, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ фехъуыстой, ахуыргӕнинӕгтӕ «алыхуызон ӕвзӕгтыл» куыд дзурынц, уый ӕмӕ сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Петр семӕ куы ныхас кодта ӕмӕ сын Йесойы мӕлӕты тыххӕй бӕлвырд куы бамбарын кодта, уӕд йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕты ахызтысты. Цы сӕ хъуыди аразын? Петр загъта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номӕй донаргъуыд райсӕд... ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – сыгъдӕг уд» (Ап. хъ. 2:1–4, 36–38).

3. Фӕндзайӕм боны дзуттӕгтӕй ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыцы адӕмӕй чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоны цы аразын хъуыд?

3 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Петрмӕ чи хъуыста, уыцы дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыцы адӕм цы уавӕры уыдысты, ууыл. Уыдон Йегъовӕйы нымадтой сӕ Хуыцауыл. Стӕй Дзуттаг Фыстытӕй зыдтой, Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй, кӕнӕ йӕ архайгӕ тыхӕй, кӕй пайда кодта, дун-дуне куы фӕлдыста, уӕд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр (Райд. 1:2; Тӕрх. 14:5, 6; 1 Сам. 10:6; Пс. 33:6). Фӕлӕ ма сӕ хъуыд базонын, Хуыцау адӕмы Мессийӕйы, ома Йесойы, уылты кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ хъуамӕ уыцы хъуыддагыл сразы уыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ сын Петр бамбарын кодта, кӕй сӕ хъӕуы «Йесо Чырыстийы номӕй донаргъуыд райсын». Уымӕй цалдӕр боны раздӕр Йесо Петр ӕмӕ иннӕтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн дӕттой «донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй» (Матф. 28:19, 20). Уыцы хъуыддагӕн стыр нысаниуӕг уыди уӕд дӕр ӕмӕ абон дӕр. Цымӕ цӕмӕн?

Фыды номӕй

4. Йегъовӕ цы фӕивта, адӕм ын куыд хъуамӕ куывтаиккой, уыцы хъуыддаджы?

4 Куыд федтам, афтӕмӕй Петры ныхӕстӕм чи байхъуыста, уыцы адӕм уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйӕн куывтой. Уыдон ын йӕ Закъон ӕххӕст кодтой ӕмӕ алы бӕстӕтӕй Иерусалиммӕ дӕр уый тыххӕй ӕрцыдысты (Ап. хъ. 2:5–11). Фӕлӕ уымӕй гыццыл раздӕр, адӕм Хуыцауӕн куыд хъуамӕ куывтаиккой, уыцы хъуыддаг фӕивта. Хуыцау дзуттӕгты йӕ адӕмыл нал нымадта ӕмӕ кӕд Закъон ӕххӕст кодтой, уӕддӕр сӕ бон нал уыд Хуыцауы хорзӕх ссарын (Матф. 21:43; Кол. 2:14). Кӕд сӕ фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уыдаиккой, уӕд ма сӕ уый тыххӕй хъуыди ӕндӕр цыдӕр аразын.

5, 6. Фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕй бирӕтӕ цы арӕзтой, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уыдаиккой?

5 Уыцы адӕмы хъуыди Йегъовӕмӕ, сӕ Царддӕттӕгмӕ, се ’ргом раздахын (Ап. хъ. 4:24). Петры ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон ноджы хуыздӕр бамбӕрстой, Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ Фыд кӕй у. Уый зӕхмӕ Мессийӕйы ӕрӕрвыста, цӕмӕй сӕ фервӕзын кодтаид ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид, суанг ын йӕ Фырты чи амардта, уыдонӕн дӕр. Петр сын загъта: «Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах хъӕдыл кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти». Петры ныхӕстӕм чи байхъуыста, уыдон ныр хъуамӕ Хуыцауӕй ноджы тынгдӕр бузныг уыдаиккой. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕмы тыххӕй сарӕзта стыр хъуыддаг, ӕмӕ сын фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:30–36.)

6 Уӕдӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон бамбӕрстой, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уой, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ ӕууӕндой, Хуыцау адӕмы Йесойы фӕрцы кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл. Ныр ӕй ӕмбарӕм, цӕмӕн ӕрфӕсмон кодтой сӕ тӕригъӕдтыл, уыимӕ Йесойы мӕлӕты аххосджын кӕй уыдысты, ууыл дӕр. Ӕмбӕрстгонд ма у, «дарддӕр дӕр, апостолтӕ цы амыдтой, уымӕ зӕрдиагӕй [цӕмӕн] хъуыстой», уый дӕр (Ап. хъ. 2:42). Уыдонӕн сӕ бон уыд ӕмӕ сӕ фӕндгӕ дӕр кодта, цӕмӕй «баввахс уыдаиккой, стыр хорзӕх кӕцӕй цӕуы, уыцы паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ ныфсджынӕй куывтаиккой Хуыцаумӕ» (Дзут. 4:16).

7. Абон бирӕтӕ Хуыцауы тыххӕй сӕ хъуыды куыд фӕивтой ӕмӕ Фыды номӕй донаргъуыд цӕмӕн райстой?

7 Абон милуангай адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй Библийӕ Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад базыдтой (Ис. 2:2, 3). Иуӕй-иутӕ раздӕр уыдысты атеисттӕ ӕмӕ деисттӕ *, фӕлӕ сӕ уый фӕстӕ бауырныдта, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ сӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суой. Иннӕтӕ та куывтой Троицӕйӕн кӕнӕ ӕндӕр мӕнгхуыцӕуттӕн. Фӕлӕ ныр зонынц, иунӕг Йегъовӕ кӕй у ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурынц. Уый раст у, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ донаргъуыд кӕй хъуамӕ исой Фыды номӕй.

8. Адӕм сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый чи нӕ зоны, уыдоны цы хъӕуы базонын Фыды тыххӕй?

8 Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыцы адӕм ма базыдтой, Адамӕй сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой (Ром. 5:12). Уый уыд, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой ӕмӕ цӕуыл хъуамӕ сразы уыдаиккой, ахӕм хабар. Уыдоны ис абарӕн, йӕ низы тыххӕй чи нӕ зыдта, ахӕм адӕймагимӕ. Чи зоны-иу дзы хатт цыдӕр срыст, фӕлӕ рынчын кӕй уыд, уый бӕлвырд нӕ зыдта ӕмӕ йӕм афтӕ каст, цыма ӕнӕниз у. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хабар ӕндӕрхуызон уыд. (Абар 1 Коринфӕгтӕм 4:4). Зӕгъӕм, бӕлвырд диагноз ын сӕвӕрдтой. Цымӕ йӕ низы ныхмӕ хостӕ нӕ бацагуырдтаид ӕмӕ йын дохтыр куыд бацамыдтаид, афтӕ нӕ бакодтаид? Раст афтӕ бирӕтӕ, адӕм сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый Библийӕ куы базыдтой, уӕд уыцы «диагнозыл» сразы сты ӕмӕ бамбӕрстой, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй сӕ «сдзӕбӕх кӕна». О, Фыдӕй чи адард, уыдон ӕм иууылдӕр хъуамӕ раздӕхой, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕна (Еф. 4:17–19).

9. Цы сарӕзта Йегъовӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм?

9 Кӕд дӕ цард Йегъовӕ Хуыцауӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай, уӕд ӕй зоныс, цӕй стыр арфӕдзинад у, йӕ хӕлар уай, уый. Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уымӕн нӕ аргъ кӕныс? (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:8.) Кӕд Адам ӕмӕ Евӕ йӕ разы тӕригъӕд сарӕзтой, уӕддӕр Хуыцау афтӕ батыхст, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн сӕ бон у, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уой. Уый тыххӕй Хуыцау маст бавзӕрста, ома йӕ фырт куыд хъизӕмар кодта ӕмӕ куыд амард, уый федта. Цымӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды Хуыцауы нӕ хицауыл нымайын ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йӕ коммӕ кӕсын? Кӕд нырма Хуыцауӕн дӕхи не снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд нӕма райстай, уӕд уыцы къахдзӕф саразын фӕстиат ма кӕн.

Фырты номӕй

10, 11. а) Йесойы раз хӕсджын цӕмӕй стӕм? ӕ) Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

10 Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Петр адӕмӕн цы загъта, уый. Петр бӕлвырд бамбарын кодта, Йесойы Мессийӕйыл банымайын ӕмӕ Фырты номӕй донаргъуыд райсын кӕрӕдзиимӕ баст кӕй сты. Уый ахсджиаг цӕмӕн уыд уӕды рӕстӕджы дӕр ӕмӕ абон дӕр? Йесойы Мессийӕйыл банымайын ӕмӕ йӕ номӕй донаргъуыд райсын нысан кӕны иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын: Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм, уыцы хъуыддаджы Йесойӕн стыр бынат ис. Йесо хъуамӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл амардаид, цӕмӕй дзуттӕгты ссӕрибар кодтаид, Закъонмӕ гӕсгӕ сыл цы ӕлгъыст уыд, уымӕй. Фӕлӕ ма йӕ мӕлӕтӕн уыд стырдӕр нысаниуӕг (Гал. 3:13). Чырысти йӕ цард нывондӕн ӕрхаста алкӕй тыххӕй дӕр (Еф. 2:15, 16; Кол. 1:20; 1 Иоан. 2:1, 2). Ӕмӕ уый тыххӕй баййӕфта ӕфхӕрд, бавзӕрста хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Уӕдӕ дзы бузныг нӕ дӕ? 1912 азы стыр нау «Титаник» сӕмбӕлд их хохыл ӕмӕ фӕдӕлдон. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, ды кӕй дӕ 12-аздзыд лӕппу ӕмӕ фӕцӕуыс уыцы науыл. Ды архайыс, цӕмӕй ирвӕзынгӕнӕн бӕлӕгъы сбадай, фӕлӕ у йедзаг. Иу нӕлгоймаг йӕ бынат дӕуӕн радта, йӕ усӕн ахъӕбыс кодта, хӕрзбон ын загъта ӕмӕ фӕстӕмӕ наумӕ схызт. Цымӕ куыд кодтаис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр бузныг дзы фӕуыдаис. Ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон у бамбарын, ахӕм уавӕры ӕцӕгдӕр чи бахауд, уыцы лӕппу цы банкъардта, уый *. Фӕлӕ Йесо дӕу тыххӕй стырдӕр хъуыддаг сарӕзта. Уый йӕ цард радта, цӕмӕй дӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын.

11 Хуыцауы Фырт дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый куы баззыдтай, уӕд цы банкъардтай? (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15.) Ӕвӕццӕгӕн дзы тынг бузныг уыдтӕ. Уый дӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй дӕ цард Хуыцауӕн снывонд кӕнай ӕмӕ дӕхицӕн мауал цӕрай, фӕлӕ дӕу тыххӕй чи амард, уымӕн. Фырты номӕй донаргъуыд кӕй райстай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбарыс, Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый ӕмӕ йӕ нымайыс Хицауыл – «адӕмы цардмӕ чи кӕны, уыцы Разамонӕгыл» (Ап. хъ. 3:15; 5:31). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар куы нӕма уыдтӕ, уӕд дын ӕцӕг ныфс нӕ уыд. Йесо Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, ууыл кӕй баууӕндыдтӕ ӕмӕ донаргъуыд кӕй райстай, уый фӕрцы нӕ уӕларвон Фыды хӕлар сдӕ (Еф. 2:12, 13). Апостол Павел ныффыста: «Кӕддӕр сымах Хуыцауӕй уыдыстут дард ӕмӕ уыдыстут йе знӕгтӕ, уӕ хъуыдытӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ уӕ ныр [Хуыцау] йӕхиимӕ бафидауын кодта [Йесойӕн] йӕ зӕххон буары фӕрцы, йӕ мӕлӕты фӕрцы, цӕмӕй уӕ йӕ разы ӕрлӕууын кӕна сыгъдӕгӕй, ӕнӕфауӕй» (Кол. 1:21, 22).

12, 13. а) Фырты номӕй донаргъуыд кӕй райстай, уымӕ гӕсгӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай, чи дӕ фӕхъыг кӕны, уыдонмӕ? ӕ) Йесойы номӕй донаргъуыд кӕй райстай, уымӕ гӕсгӕ дыл цавӕр хӕс ис?

12 Кӕд Фырты номӕй донаргъуыд райстай, уӕддӕр ӕмбарыс, ӕнӕрӕдийгӕ кӕй нӕ дӕ. Уый дын алы бон дӕр ӕххуыс кӕндзӕн алыхуызон хъуыддӕгты. Зӕгъӕм, исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд дӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, уӕ дыууӕ дӕр ӕнӕххӕст кӕй стут? Уӕ дыууӕйы дӕр хъӕуы, цӕмӕй уын Хуыцау уӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕ кӕрӕдзийӕн хъуамӕ хатыр кӕнат (Марчы 11:25). Уыцы хъуыддаг ахсджиаг кӕй у, уый равдисынӕн Йесо ӕрхаста цӕвиттон: иу лӕг йӕ хицауӕй дардта дӕс мин таланты (60 000 000 динары) ӕмӕ йын сӕ йӕ хицау ныххатыр кодта. Уыцы лӕгӕй йӕ цагъар дардта 100 динарийы ӕмӕ йын сӕ уый та нӕ ныххатыр кодта. Стӕй Йесо загъта, зӕгъгӕ, йе фсымӕрӕн чи нӕ хатыр кӕны, уымӕн Йегъовӕ дӕр нӕ хатыр кӕндзӕн (Матф. 18:23–35). Уӕдӕ Фырты номӕй донаргъуыд райсынмӕ хауы Йесойы Хицауыл нымайын ӕмӕ йӕ фӕзмын, стӕй цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын, уыимӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтӕ хатыр кӕнын дӕр (1 Пет. 2:21; 1 Иоан. 2:6).

13 Ӕнӕххӕст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ бон нӕу Йесойы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ фӕзмын. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ цард ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй Йесойы фӕзмай. Уымӕ хауы зӕронд адӕймаджы удыхъӕд ногмӕ раивын. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:20–24.) Де ’мбалӕн куы аргъ кӕнай, уӕд архайдзынӕ, цӕмӕй йын йӕ хорз миниуджытӕ фӕзмай. Раст дӕ афтӕ Чырыстийы дӕр фӕнды фӕзмын.

14. Дӕ бон куыд у равдисын, Йесо уӕларвон Паддзах кӕй у, уый кӕй ӕмбарыс?

14 Фырты номӕй донаргъуыд райсын цы нысан кӕны, уый кӕй ӕмбарыс, уый ма дӕ бон у ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр равдисын. Хуыцау Йесойӕн «ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта йӕ къӕхты бын, ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕн ӕххуысӕн ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдта» (Еф. 1:22). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ аргъ кӕнай, Йесо ӕмбырдтӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕн. Уый разамынд дӕтты ӕнӕххӕст адӕмы уылты, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Уыдоны снысан кӕнынц, «цӕмӕй сыгъдӕджыты раст зондыл аразой... ӕмӕ Чырыстийы буар фидар кӕной» (Еф. 4:11, 12). Кӕд ӕмбырды иууылдӕр ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийгӕ дӕр кӕнынц, уӕддӕр Йесойӕн – уӕларвон Паддзахады паддзахӕн – йӕ бон у хъуыддӕгтӕ йӕхи афоныл, стӕй куыд ӕмбӕлы, афтӕ сраст кӕнын. Уый дӕ фидарӕй уырны?

15. Кӕд донаргъуыд нӕма дӕ, уӕд дӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

15 Фӕлӕ чидӕртӕ нырма сӕ цард Йегъовӕйӕн не снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстой. Кӕд ды дӕр нӕма райстай донаргъуыд, уӕд-ма ахъуыды кӕн: «Уӕлдӕр цӕй кой цыд, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарын, Чырыстийы мӕ Хицауыл куы нымайон, уӕд уый зондыл дзурӕг кӕй уыдзӕн, стӕй афтӕмӕй кӕй равдисдзынӕн, бузныг дзы кӕй дӕн?» Фырты номӕй донаргъуыд куы райсай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ. (Бакӕс Иоанны 10:9–11.)

Сыгъдӕг уды номӕй

16, 17. Сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд райсын дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

16 Цы нысан кӕны сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд райсын? Уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕй, Фӕндзайӕм боны Петрмӕ чи хъуыста, уыдон зыдтой, сыгъдӕг уд цы у, уый. Уыдон сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау раздӕрау йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй пайда кӕны. Петр дӕр уыд, сыгъдӕг удӕй чи схайджын ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын чи райдыдта, уыдоны ’хсӕн (Ап. хъ. 2:4, 8). Дзырд «номӕй», зӕгъгӕ, алы хатт удгоймӕгтӕм нӕ фӕамоны. Зӕгъӕм, абон бирӕ хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц хицауады «номӕй», фӕлӕ хицауад удгоймаг нӕу. Уыцы хъуыддӕгтӕ фӕаразынц хицӕутты ныхасмӕ гӕсгӕ. Афтӕ сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд чи райсы, уый дӕр фембары, сыгъдӕг уд удгоймаг кӕй нӕу, фӕлӕ Йегъовӕйы архайгӕ тых. Стӕй ма фӕзоны, Хуыцауы фӕндоны сыгъдӕг удӕн цавӕр бынат ис, уый.

17 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ды базыдтай, сыгъдӕг уд цы у, уый. Зӕгъӕм, бамбӕрстай, Фыстад сыгъдӕг уды фӕрцы фыст кӕй ӕрцыд (2 Тим. 3:16). Дӕ уырнындзинад куыд фидар кодта, афтӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтай, нӕ уӕларвон Фыд кӕй «дӕтты сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн» (Лук. 11:13). Ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр федтай, сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны, уый. Йесо дзырдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ сыгъдӕг удӕй кӕй хай кӕны. Уӕдӕ сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд куы райсай, уӕд райсдзынӕ сыгъӕдӕг уд ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ.

18. Сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд чи райста, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты?

18 Бӕрӕг у, Йегъовӕ абон дӕр чырыстон ӕмбырдӕн разамынд кӕй дӕтты йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы. Сыгъдӕг уд ма махӕй алкӕмӕндӕр ӕххуыс кӕны йе ’рвылбоны хъуыддӕгты дӕр. Сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд кӕй райстам, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ ’мбарӕм, нӕ царды йын ахсджиаг бынат кӕй ис, стӕй йын йӕ разамындмӕ кӕй хъусӕм, ууыл дӕр. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, исчи бафӕрса, зӕгъгӕ, куыд у мӕ бон, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ сыгъдӕг уд уыцы хъуыддаджы куыд ӕххуыс кӕны. Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Деистты хъуыдымӕ гӕсгӕ Хуыцау ис, фӕлӕ йе сфӕлдыстадыл ӕппындӕр нӕ тыхсы.

^ 10 абз. Кӕс 1981 азы 22 октябры «Райхъал ут!», 3–8 фф., англ.

Бахъуыды кодтай?

• Фыды номӕй донаргъуыд кӕй райстай, уый цы нысан кӕны?

• Цы нысан кӕны Фырты номӕй донаргъуыд райсын?

• Дӕ бон куыд у равдисын, Фыд ӕмӕ Фырты номӕй донаргъуыд райсын цы нысан кӕны, уый кӕй ӕмбарыс?

• Цы нысан кӕны сыгъдӕг уды номӕй донаргъуыд райсын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ног ахуыргӕнинӕгтӕ систы Хуыцауы хӕлӕрттӕ

[Барлӕвӕрдӕй]

By permission of the Israel Museum, Jerusalem