Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сыгъдӕг уды коммӕ кӕс ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕр

Сыгъдӕг уды коммӕ кӕс ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕр

Сыгъдӕг уды коммӕ кӕс ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕр

«Сыгъдӕг уды коммӕ кӕсут, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзыстут» (ГАЛ. 5:16).

1. Фӕндзайӕм боны адӕм цавӕр аргъуыд райстой?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы Фӕндзайӕм боны Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ сыгъдӕг удӕй аргъуыд куы райстой, уӕд алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Афтӕмӕй рабӕрӕг, сыгъдӕг уд сыл кӕй ӕрцыд (1 Кор. 12:4–10). Ацы диссаджы хабар ӕмӕ Петры раныхас адӕмыл куыд бандӕвтой? «Уыцы ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕты ахызтысты». Ӕмӕ сын Петр куыд загъта, афтӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой. Библийы фыст ис: «Йӕ ныхӕстӕ [йын] йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон донаргъуыд райстой. Ӕмӕ уыцы бон ахуыргӕнинӕгтыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц» (Ап. хъ. 2:22, 36–41). Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ хъуамӕ донаргъуыд райстаиккой Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй (Матф. 28:19).

2, 3. а) Бамбарын кӕн, цӕмӕй хицӕн кӕнынц сыгъдӕг удӕй ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй аргъуыд райсын. ӕ) Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ донаргъуыд цӕмӕн исынц?

2 Фӕлӕ цымӕ сыгъдӕг удӕй ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй аргъуыд райсын истӕмӕй хицӕн кӕнынц? О. Сыгъдӕг удӕй аргъуыд чи райста, уыдон ногӕй райгуырдысты ӕмӕ Хуыцауы фырттӕ систы (Иоан. 3:3). Хуыцау сӕ равзӕрста, цӕмӕй фидӕны уой уӕларвон Паддзахады паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ сты Чырыстийы «буары» уӕнгтӕ (1 Кор. 12:13; Гал. 3:27; Рарг. 20:6). Фӕндзайӕм боны дӕр апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг удӕй аргъуыд райстой ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ ’взарын райдыдта, Чырыстиимӕ иумӕ бынтӕ чи райсдзӕн, уыдоны (Ром. 8:15–17). Фӕлӕ абон конгрессты адӕм сыгъдӕг уды «номӕй» донаргъуыд кӕй райсынц, уый цы нысан кӕны?

3 Ӕцӕг чырыстӕттӕ донаргъуыд кӕй райсынц, уымӕй равдисынц, сӕ цард ӕгасӕй дӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтой. Афтӕ кӕнынц, уӕларвон цардмӕ хуынд чи у, уыдон. Фӕлӕ ма донаргъуыд райсын хъӕуы, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, ӕппӕт уыдоны дӕр. Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы хорзӕх ссара, уый тыххӕй йӕ хъӕуы донаргъуыд райсын «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй», цавӕрфӕнды ныфс ын ма уа, уӕддӕр. Ахӕм донаргъуыд чи райста, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсой». (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:16.) Ды дӕр сыгъдӕг уды коммӕ кӕсыс ӕмӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрыс?

Цы нысан кӕны «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын»

4. Цы нысан кӕны «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын»?

4 «Сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын» нысан кӕны, цы нын амоны, уый аразын ӕмӕ йын бар дӕттын, цӕмӕй ныл ӕндава. Ӕндӕр дзырдӕй, алы хъуыддаджы дӕр йӕ разамындмӕ хъусын. Галатӕгтӕм 5 сӕрӕй хорз зыны, сыгъдӕг уд нын цы амоны, уый куыд тынг хицӕн кӕны, нӕ тӕригъӕдджын буар нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны, уымӕй. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:17, 18.)

5. Адӕймагыл сыгъдӕг уд куы ӕндава, уӕд йӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хиздзӕн?

5 Сыгъдӕг уд дыл куы ӕндава, уӕд дӕхи хиздзынӕ тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй. Уыцы хъуыддӕгтӕм хауы «хӕтын, чъизи митӕ, хӕлд хъуыддӕгтӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, хинтӕ-кӕлӕнтӕ, искӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, хылтӕ, ӕдзӕстуарзон, мӕстыгӕр, загъд, иуты иннӕты ныхмӕ кӕнын, сектӕтыл дихтӕ кӕнын, хӕлӕг, фыднозт, минас уарзын» (Гал. 5:19–21). Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг уды фӕрцы... мардзынӕ» (Ром. 8:5, 13). Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ма цӕуай, фӕлӕ ӕдзухдӕр хъуыды кӕнай сыгъдӕг уды хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕ разамындмӕ хъусай.

6. Цӕмӕй нӕм, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ уой, уый тыххӕй цы хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Сыгъдӕг уды разамындмӕ куы хъусай, уӕд дӕм уыдзӕн, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ (Гал. 5:22, 23). Фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын. Зӕгъӕм, цӕмӕй зӕхкусӕг тыллӕг райса, уый тыххӕй йӕ хъӕуы хур ӕмӕ дон. Сыгъдӕг уд абарӕн ис хуры рухсимӕ. Сыгъдӕг уд нӕм куы нӕ уа, уӕд нӕм нӕ фӕзындзӕн, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, ахӕм миниуджытӕ. Цымӕ зӕхкусӕг куы нӕ бафыдӕбон кӕна, уӕд исты райсдзӕн? (Ӕмб. 10:4). Дӕ зӕрдӕ куыд хуым кӕныс, кӕнӕ йӕ куыд цӕттӕ кӕныс, ууыл баст у, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ куыд ӕвдисдзынӕ, уый. Уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын ӕмӕ йын афтӕмӕй бар дӕттын, цӕмӕй мын мӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ тауа?»

7. Цӕмӕй дӕм, сыгъдӕг удӕй чи гуыры, уыцы миниуджытӕ уой, уый тыххӕй цӕмӕн хъӕуы Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын?

7 Цӕмӕй зӕхкусӕг хорз тыллӕг райса, уый тыххӕй ма йӕ хъӕуы йӕ хуымтыл дон кӕнын дӕр. Раст афтӕ, цӕмӕй сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон дӕм фӕзыной, уый тыххӕй дӕ хъӕуы, Библийы ӕмӕ чырыстон ӕмбырды ссарӕн кӕй ис, уыцы рӕстдзинады дӕттӕ (Ис. 55:1). Ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр адӕмӕн сӕ хъус ӕрдарыс, Фыстад сыгъдӕг уды фӕрцы фыст кӕй ӕрцыд, уымӕ (2 Тим. 3:16). Уымӕй уӕлдай ма нын ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар фембарын кӕны Библийы сыгъдӕг дӕттӕ, ома рӕстдзинад (Матф. 24:45–47). Бӕлвырд у, цӕмӕй ныл сыгъдӕг уд ӕндава, уый тыххӕй кӕй хъӕуы Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Афтӕ куы кӕнай, уӕд фӕзмдзынӕ рагон пехуымпарты – уыдон лӕмбынӕг иртӕстой, Хуыцау сын кӕй ӕргом кодта, уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ сӕ бамбарыныл архайдтой. Бафиппайын ма хъӕуы уый, ӕмӕ суанг зӕдты дӕр фӕнды базонын рӕстдзинадимӕ баст хабӕрттӕ, зӕгъӕм, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты тыххӕй. (Бакӕс 1 Петры 1:10–12.)

Сыгъдӕг уд нын разамынд куыд дӕтты

8. Цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕйӕ сыгъдӕг уд курын?

8 Фыстад ӕнӕуи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын фаг нӕу. Хъӕуы ма Йегъовӕйӕ ӕххуыс ӕмӕ разамынд курын дӕр. Уымӕн йӕ бон у, «цы дзы курӕм, йе та ӕрмӕст хъуыды цӕуыл акӕнӕм, уымӕй дзӕвгар фылдӕр» саразын (Еф. 3:20; Лук. 11:13). Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, исчи бафарста: «Кӕд Хуыцау рагацау фӕзоны, цы хъуаг дӕн, уый, уӕд ма йӕм цӕмӕн фӕхъӕуы ӕххуысы тыххӕй кувын?» Цавӕр дзуапп ын раттис? (Матф. 6:8). Иу уый, ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй куы кувай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйыл дӕ ныфс кӕй дарыс. Зӕгъӕм, исчи дӕ ӕххуыс куы курид, уӕд ын, дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй нӕ баххуыс кӕнис, йӕ ныфс дыл кӕй дары, ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр? (Абар Ӕмбисӕндтӕ 3:27.) Йегъовӕйӕн дӕр ӕхсызгон вӕййы, йӕ сыгъдӕг уд дзы куы фӕкурыс, уӕд, ӕмӕ дын ӕй ӕнӕмӕнгдӕр дӕтдзӕн (Ӕмб. 15:8).

9. Ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд дыл сыгъдӕг уд куыд ӕндавдзӕн?

9 Цӕмӕй ныл сыгъдӕг уд ӕндава, уымӕн ма нын баххуыс кӕндзысты ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ дӕр. Ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ дзы цы дзурынц, уымӕ лӕмбынӕг хъусын тынг ахсджиаг у. Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн «Хуыцауы арф хъуыддӕгтӕ» ӕмбарынӕн (1 Кор. 2:10). Ӕмбырды ӕдзухдӕр дзуаппытӕ куы дӕттӕм, уӕд нын уый дӕр уыдзӕн стыр ӕххуыс. Ӕрхъуыды-ма кӕн, фӕстаг цыппар къуырийы дӕргъы фембӕлдты дӕ уырнындзинад равдисыны тыххӕй цал дзуаппы радтай? Уыцы хъуыддаг фӕхуыздӕр кӕныныл архайыс? Кӕд о, уӕд дӕхицӕн аскъуыддзаг кӕн, хӕстӕгдӕр рӕстӕг цы сараздзынӕ, уый. Йегъовӕ уындзӕн, зӕрдиагӕй дӕ кӕй фӕнды ӕмбырды архайын ӕмӕ дӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕндзӕн, цӕмӕй дын фембӕлдтӕ фылдӕр пайда хӕссой.

10. Сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын ма цы нысан кӕны?

10 Сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын ма нысан кӕны, Раргомады 22:17 цы фыст ис, уымӕ хъусын дӕр: «Сыгъдӕг уд ӕмӕ чындз дзурынц: „Ӕрцу!“ Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: „Ӕрцу!“ Ӕмӕ дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ кӕй фӕнды, уый царды дон лӕвар айсӕд». Сыгъдӕг уд чындзы къорды уылты адӕмы хоны царды дон райсынмӕ. Кӕд ды дӕр ацы ныхӕстӕм байхъуыстай, уӕд дӕ нӕ фӕнды иннӕты хонын, «Ӕрцу!», зӕгъгӕ? Цӕй стыр кад у ацы цардирвӕзынгӕнӕн хъуыддаджы архайын!

11, 12. Сыгъдӕг уд хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд ӕххуыс кӕны?

11 Абон уыцы хъуыддаг арӕзт цӕуы сыгъдӕг уды разамындӕй. Библийы фыст ис, фыццаг ӕнусы сыгъдӕг уд миссионертӕн куыд ӕххуыс кодта ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты хъусын кӕнынӕн. Сыгъдӕг уд Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты «нӕ бауагъта Азийы Хуыцауы ныхас дзурын», стӕй Вифинимӕ ацӕуынвӕнд куы скодтой, уӕд дӕр сын бар нӕ радта. Мах ӕй нӕ зонӕм, куыд сӕ нӕ бауагъта уыцы бӕстӕтӕм ацӕуын, фӕлӕ бӕлвырд у, сыгъдӕг уд Павелы кӕй арвыста Европӕйы ӕндӕр бӕстӕтӕм. Павел цӕстылуайӕны федта, иу македойнаг лӕг ын куыд лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сӕм ӕххуысмӕ ’рцыдаид (Ап. хъ. 16:6–10).

12 Абон дӕр Йегъовӕйы сыгъдӕг уд хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕгас зӕххыл дӕр дӕтты разамынд. Уый тыххӕй Йегъовӕ цӕстылуайӕнтӕ не ’вдисы, фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕн разамынд дӕтты йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы. Сыгъдӕг уд ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты разӕнгард кӕны, цӕмӕй хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕной ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной. Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ацы ахсджиаг хъуыддаджы архайыс. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын хъусын кӕнын фылдӕр циндзинад хӕсса?

13. Дӕ бон куыд у сыгъдӕг уды разамындмӕ хъусын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Сыгъдӕг уды разамындмӕ хъусдзынӕ, Хуыцау йӕ адӕмӕн цы амындтӕ дӕтты, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд. Ӕркӕсӕм хо Михокойы хабармӕ, цӕры Японы. Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ дыккаг бацыдтӕ аразынмӕ нӕ сарӕхсдзӕн, стӕй йӕ бон нӕ бауыдзӕн адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайын. Уыцы рӕстӕг «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы уыд хорз уынаффӕтӕ, куыд ис цыбыр дыккаг бацыдтӕ аразӕн. Цасдӕры фӕстӕ мыхуыры рацыд брошюрӕ «Как найти удовлетворение в жизни». Ацы брошюрӕ уӕлдай пайда фӕци Японы. Михоко спайда кодта, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ы цы уынаффӕтӕ уыд, уыдонӕй – куыд ис брошюрӕ дӕттӕн ӕмӕ цыбыр дыккаг бацыдтӕ аразӕн. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Михоко райдыдта Библи ахуыр кӕнын, раздӕр чи нӕ разы кодта, уыцы адӕмимӕ. Михоко дзуры: «Ӕз райдыдтон 12 адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын. Фӕлӕ ма бирӕты фӕндыд ахуыр кӕнын, ӕмӕ сын загътон, зӕгъгӕ, куыддӕр мӕ равдӕла, афтӕ уемӕ дӕр райдайдзынӕн». Ӕцӕгдӕр, сыгъдӕг уды коммӕ куы кӕсай ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы разамынд дӕтты, уымӕ куы хъусай, уӕд дын бирӕ бантысдзӕн.

Хуыцауы сыгъдӕг удыл дӕ ныфс дар

14, 15. а) Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон куыд у, Хуыцауӕн цы дзырд радтой, уымӕ гӕсгӕ цӕрын? ӕ) Дӕ бон куыд у хорз ӕмбӕлттӕ ссарын?

14 Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дыл ис хӕс, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнай (Ром. 10:14). Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ сарӕхсдзынӕ. Фӕлӕ Хуыцауы фӕрцы уый дӕ къухы бафтдзӕн, сӕрст чырыстӕттӕн куыд бафты, афтӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 3:5.) Ӕппӕт тыхтӕй куы архайай ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг удыл дӕ ныфс куы дарай, уӕд Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕ.

15 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый аххосӕй нын ӕнцон нӕу, Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Гӕнӕн ис, дӕ зонгӕтӕй дыл исчи дис кӕна, ацы фӕндагыл цӕмӕн ӕрлӕууыдтӕ, уый тыххӕй ӕмӕ дӕ «алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕна» (1 Пет. 4:4). Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, кӕй дын ис ӕппӕты хуыздӕр хӕлӕрттӕ – Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти. (Бакӕс Иаковы 2:21–23.) Тынг ахсджиаг ма у, цӕмӕй зонай де ’мбырды хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты – уыдон дӕр сты, ӕгас зӕххыл нын цы бинонтӕ ис, уыдонӕй (1 Пет. 2:17; Ӕмб. 17:17). Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дыл хорзырдӕм чи фӕзындзӕн, ахӕм ӕмбӕлттӕ ссарай.

16. Дӕ бон Павелау цӕмӕн у зӕгъын, зӕгъгӕ мын «ӕхсызгон у, лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм кӕй ис»?

16 Кӕд дын ӕмбырды хорз хӕлӕрттӕ ис, уӕддӕр дын, чи зоны, ӕнцон нӕу дӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Гӕнӕн ис, уыцы зындзинӕдты тыххӕй дӕ ныфс дӕр асӕтты, ӕмӕ дӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сын кӕрон дӕр нӕй. Растдӕр уыцы рӕстӕг фӕхъӕуы Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг уд курын. Апостол Павел ныффыста: «Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:7–10; 12:10.) Павел зыдта, Хуыцауы сыгъдӕг уд адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны сӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн, цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр. Уӕдӕ Хуыцауы архайгӕ тых дӕуӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын дӕ хъарутыл хъарутӕ ’фтаудзӕн. Павел загъта, зӕгъгӕ мын «ӕхсызгон у, лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм кӕй ис». Павел-иу сыгъдӕг уды тых йӕхиуыл бавзӕрста, лӕмӕгъ-иу куы уыд, уӕд. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у уыцы тых дӕхиуыл бавзарын! (Ром. 15:13).

17. Сыгъдӕг уд дын раст фӕндаг куыд амондзӕн?

17 Цӕмӕй, Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы сыгъдӕг уды ӕххуыс. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, ды кӕй дӕ пӕлӕзджын науы капитан, ӕмӕ дӕ нысан у Йегъовӕйӕн ӕнустӕм лӕггад кӕнын. Сыгъдӕг уд абарӕн ис дымгӕимӕ, ӕмӕ цӕмӕй дӕ бынатмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ уай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы уыцы дымгӕ науы пӕлӕзӕй ӕрцахсын. Дӕу нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ Хӕйрӕджы дунейы зондахаст дыууӕрдӕм раппар-баппар кӕна (1 Кор. 2:12). Ды хъуамӕ базонай, дымгӕ кӕцырдӕм дымы, уый ӕмӕ дӕ нау раст саразай. Уыцы дымгӕ у сыгъдӕг уд. Уый дын раст фӕндаг амондзӕн Библи ӕмӕ Хуыцауы организацийы уылты.

18. Дӕ фидар фӕнд цы у ӕмӕ цӕмӕн?

18 Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныс ӕмӕ ’мбырдтӕм цӕуыс, фӕлӕ дӕ цард Йегъовӕйӕн нӕма снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд нӕма райстай, уӕд-ма ахъуыды кӕн: «Цӕмӕ ма фӕстиат кӕнын?» Абон Йегъовӕ сыгъдӕг уды фӕрцы йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, уый кӕд ӕмбарыс ӕмӕ йын аргъ кӕныс, уӕд, Библийӕ цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай. Йегъовӕ дын арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ дӕ йӕ сыгъдӕг удӕй рӕдауӕй хайджын кӕндзӕн. Кӕд донаргъуыд раджы райстай, уӕд дӕхиуыл банкъардтаис, сыгъӕг уд куыд архайы, ӕмӕ федтаис, Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы куыд фидар кӕны, уый. Хуыцау дӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕндзӕн дарддӕр дӕр, ӕнустӕм дӕр. Цӕй уӕдӕ дӕ фидар фӕнд уӕд сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын!

Бахъуыды кодтай?

• Цы нысан кӕны «сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын»?

• Цы дын баххуыс кӕндзӕн сыгъдӕг уды коммӕ кӕсынӕн?

• Куыд у дӕ бон, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Зӕрдӕ «хуым кӕнынӕн» хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын

[Нывтӕ 16, 17 фарсыл]

Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ хъусыс?