Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ уавӕртӕ куы фӕивой, уӕддӕр Хуыцауы хорзӕх ма фесаф

Дӕ уавӕртӕ куы фӕивой, уӕддӕр Хуыцауы хорзӕх ма фесаф

Дӕ уавӕртӕ куы фӕивой, уӕддӕр Хуыцауы хорзӕх ма фесаф

ДӔ ЦАРДЫ уавӕртӕ арӕх фӕивынц? Ног уавӕртыл ахуыр кӕнын дын зын нӕ вӕййы? Бирӕтӕ нӕ ахӕм уавӕрты уыдысты кӕнӕ бахаудзысты. Ӕркӕсӕм, рагзаманты чи цард, уыцы адӕмы цӕвиттонтӕм ӕмӕ базонӕм, цавӕр миниуджытӕ нын баххуыс кӕндзысты уыцы хъуыддаджы.

Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Давидӕн-иу йӕ уавӕртӕ куыд фӕивтой ӕмӕ-иу куыд бакодта, уымӕ. Самуил Давиды куы байсӕрста, цӕмӕй паддзах уыдаид, уӕд Давид уыд ӕрыгон фыййау. Ӕрыгонӕй рацыд филистимаг богал Голиафы ныхмӕ (1 Сам. 17:26–32, 42). Ӕрыгон Давиды фӕхуыдтой паддзах Саулы хӕдзармӕ ӕмӕ йӕ ӕфсады сӕргъы сӕвӕрдтой. Давид уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йӕ цард афтӕ тынг фӕивдзӕн, стӕй йӕм разӕй цы ’нхъӕлмӕ каст, уый дӕр нӕ зыдта.

Давид ӕмӕ Саулы ’хсӕн къӕм бахауд (1 Сам. 18:8, 9; 19:9, 10). Цӕмӕй Давид йӕ цард бахъахъхъӕдтаид, уый тыххӕй йӕ бахъуыд цалдӕр азы йӕхи ӕмбӕхсын. Суанг Израилы паддзах куы уыд, уӕд дӕр-иу йӕ уавӕртӕ цӕхгӕр фӕивтой, уӕлдайдӕр та кӕйдӕр усимӕ куы фӕрӕдыд ӕмӕ йӕ тӕригъӕд басусӕг кӕныны тыххӕй адӕймаджы куы амардта, уӕд. Уыцы тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр бӕллӕхты хай фӕкодта. Зӕгъӕм, йӕ фырт Авессалом йӕ ныхмӕ рацыд (2 Сам. 12:10–12; 15:1–14). Фӕлӕ Давид йӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кодта, уӕд ын сӕ Йегъовӕ ныххатыр кодта ӕмӕ та йӕ фӕстӕмӕ йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта.

Дӕуӕн дӕр гӕнӕн ис дӕ уавӕртӕ фӕивой. Нӕ уавӕртӕ фӕивынц, не ’нӕниздзинад куы фӕцуды, цардыл куы нал феххӕссӕм, хӕдзары нын исты зындзинад куы фӕзыны ӕмӕ ма суанг нӕхӕдӕг исты раст куы нӕ саразӕм, уӕд дӕр. Цавӕр миниуджытӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ахӕм уавӕртӕ сфӕразӕм?

Сӕрныллӕгдзинад нын куыд ӕххуыс кӕны

Сӕрныллӕгдзинад нын ӕххуыс кӕны нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр раст цӕстӕй кӕсынӕн. Иннӕты миниуджытӕ ӕмӕ ӕнтыстдзинӕдтӕм уазал цӕстӕй куы нӕ кӕсӕм, уӕд сын сӕхицӕн дӕр ӕмӕ, цы аразынц, уымӕн дӕр тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, нӕ уавӕртӕ цӕмӕн фӕивтой ӕмӕ нӕ цы кӕнын хъӕуы, уый.

Саулы фырт Ионафан нын уыцы хъуыддаджы фӕзминаг у. Йӕ царды уавӕртӕ тынг фӕивтой, йӕхи бар сыл нӕ цыди, афтӕмӕй. Самуил Саулӕн куы загъта, Йегъовӕ дзы йӕ паддзахад кӕй байсдзӕн, уӕд ын афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, дӕ бӕсты Ионафан уыдзӕн паддзах (1 Сам. 15:28; 16:1, 12, 13). Хуыцау Ионафаны нӕ, фӕлӕ Давиды равзӕрста Израилы паддзахӕй. Саул ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый Ионафаны цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Кӕд Ионафан йӕ фыды тӕригъӕдты аххосджын нӕ уыд, уӕддӕр паддзах не сси (1 Сам. 20:30, 31). Ионафан ацы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй ракаст? Цымӕ уый тыххӕй Давидмӕ смӕсты ӕмӕ йӕм хӕлӕг кӕнын райдыдта? Нӕ. Кӕд дзы бирӕ хистӕр ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр уыди, уӕддӕр Давидӕн ӕнувыдӕй ӕххуыс кодта (1 Сам. 23:16–18). Ионафан уыд сӕрныллӕг ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕрста, Хуыцау кӕмӕн арфӕ кӕны, уый ӕмӕ цы уыд, йӕхицӕй уымӕй фылдӕр не ’нхъӕлдта (Ром. 12:3). Зыдта, Йегъовӕ йӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕмӕ йӕ фӕндоныл сразы.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн йӕ царды исты куы фӕивы, уӕд зын уавӕрты дӕр бахауы. Иуафон Ионафаны хъуыди равзарын, кӕй фарс слӕудзӕн. Иуырдыгӕй уыд йӕ хӕлар Давид, Йегъовӕ паддзахӕй кӕй равзӕрста, уый. Иннӕрдыгӕй та – йӕ фыд Саул, Йегъовӕ йӕхи кӕуыл атигъ кодта, фӕлӕ нырма паддзах чи уыд, уый. Ахӕм уавӕры йын ӕнцон нӕ уыдаид, фӕлӕ уӕддӕр архайдта, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй йӕхи ӕнӕхай ма фӕкодтаид. Махӕн дӕр нӕ уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд, чи зоны, фӕмӕт кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый куы ’мбарӕм, уӕд ын иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм цыфӕнды уавӕрты дӕр.

Бонзонгӕдзинад ахсджиаг у

Бонзонгӕ адӕймаг ӕмбары, йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Бонзонгӕдзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад иу не сты. Сӕрныллӕг адӕймаг гӕнӕн ис, ӕмӕ ма ӕмбара, йӕ бон алцы кӕй нӕу.

Давид уыд бонзонгӕ. Кӕд ӕй Йегъовӕ паддзахӕй равзӕрста, уӕддӕр ӕй бирӕ азтӕ бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ паддзах не сси, уӕдмӕ. Библийы никуы ис фыст, Йегъовӕ йын кӕй бамбарын кодта, цӕй тыххӕй фӕстиат кӕны, уый. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ мӕт кодта, зӕгъгӕ, дзӕгъӕлы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Давид ӕмбӕрста, йӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ Йегъовӕ кӕй зоны, кӕд цы хъӕуы аразын, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй дӕр Саулы амарыныл не сразы ӕмӕ йе ’мбал Авессӕйы дӕр нӕ бауагъта (1 Сам. 26:6–9).

Гӕнӕн ис, ӕмӕ хатт ма ’мбарӕм, ӕмбырды цыдӕр цӕмӕн фӕивта кӕнӕ нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕндӕрхуызон ис саразӕн. Цымӕ бонзонгӕ стӕм ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, ӕмбырды сӕр Йесо кӕй у ӕмӕ разамынд хистӕр нӕлгоймӕгты уылты кӕй дӕтты? Ӕмбарӕм ӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Чырыстийы уылты нын разамынд куы ратта, уымӕ? Ӕнцон нын куы нӕ уа, уӕд дӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм? (Ӕмб. 11:2).

Фӕлмӕн удыхъӕд ӕххуыс кӕны алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсынӕн

Фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕнӕ фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд фӕразон уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ исчи куы ’фхӕра, уӕд ӕм нӕ мӕсты кӕндзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст нӕ исдзыстӕм. Адӕймаг фӕлмӕн удыхъӕды хицау уа, уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр ууыл архайын хъӕуы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у... зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матф. 5:5). Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад баст у сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинадимӕ, фӕлӕ ма уымӕ хауы хӕларзӕрдӕдзинад дӕр. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг цӕттӕ вӕййы ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у уырнындзинады рӕзын.

Фӕлмӕн удыхъӕды хицау куы уӕм, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн, цӕмӕй царды ног уавӕртыл сахуыр уӕм? Ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдтай, бирӕтӕ кӕй фӕмаст кӕнынц, сӕ царды уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд. Фӕлӕ ног уавӕрты махӕн вӕййы фадат, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ дарддӕр дӕр ахуыр кӕна. Уый хорз зыны Моисейы цардӕй.

Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд ӕм уыд бирӕ хорз миниуджытӕ. Йӕ адӕмы зындзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст ӕмӕ уыдоны тыххӕй йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта (Дзут. 11:24–26). Фӕлӕ йын цалынмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы Египетӕй ракӕнын нӕ бахӕс кодта, уӕдмӕ йӕ царды цы ивындзинӕдтӕ ’рцыд, уыдоны фӕрцы ноджы тынгдӕр сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл. Египетӕй куы алыгъд ӕмӕ Мадиамы зӕххы куы ӕрцард, уӕд хызта фыстӕ ӕмӕ йын раздӕрау стыр бынат нал уыд. Уыцы уавӕрты цӕуыл сахуыр ис? Бирӕ хорз миниуджытӕ йӕм фӕзынд (Ным. 12:3). Стӕй ма сахуыр царды фыццаг бынаты Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ ӕвӕрын.

Моисей фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕй уыд, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Йегъовӕ загъта, йӕ адӕм ӕгоммӕгӕс кӕй систы, уый тыххӕй сӕ кӕй фесафдзӕн ӕмӕ Моисейы байзӕддӕгтӕй кӕй скӕндзӕн тыхджын адӕм (Ным. 14:11–20). Моисей адӕмы сӕрыл рахӕцыд. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, йӕхиуыл кӕй нӕ тыхсти, фӕлӕ цӕмӕй Хуыцауы ном ма фӕчъизи уыдаид ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ фыдбылызы ма бахаудаиккой. Разамонӕг ӕмӕ минӕвары хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн хъуыди Моисейы хуызӕн фӕлмӕн адӕймаг. Мариам ӕмӕ Аарон Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд сӕм не смӕсты, уымӕн ӕмӕ Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй зӕххыл «Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд» (Ным. 12:1–3, 9–15). Цымӕ Моисей сабыр адӕймаг, фӕлмӕн удыхъӕды хицау куы нӕ уыдаид, уӕд хабар куыд рауадаид?

Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу хабармӕ. Израилӕгтӕй чидӕртӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ пехуымпар-ныхас кӕнын райдыдтой. Навины фырт Йесомӕ, Моисейы лӕггадгӕнӕгмӕ, афтӕ каст, ӕмӕ уыцы лӕгтӕ сӕхи, куыд не ’мбӕлы, афтӕ дарынц. Фӕлӕ Моисей та уыцы хъуыддагмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй каст ӕмӕ нӕ мӕт кодта, йӕ бартӕ кӕй фесафдзӕн, ууыл (Ным. 11:26–29). Цымӕ Моисей фӕлмӕн удыхъӕды хицау куы нӕ уыдаид, уӕд сразы уыдаид, Йегъовӕ иннӕ нӕлгоймӕгтӕн дӕр пехуымпары бартӕ кӕй радта ӕмӕ уавӕртӕ афтӕ кӕй фӕивтой, ууыл?

Моисей сабыр адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ раст пайда кодта, Хуыцау ын цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕмӕ йыл цы хӕстӕ уыд, уыдон ӕххӕст кодта, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй Хоривы хохмӕ ссыдаид ӕмӕ адӕмы номӕй дзырдтаид. Хуыцау йемӕ ныхас кодта зӕды уылты ӕмӕ йӕ равзӕрста бадзырды минӕварӕй. Моисей фӕлмӕн удыхъӕды хицау кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сразы, фылдӕр бартӕ йын кӕй фӕзынд, ууыл, фӕлӕ ма архайдта, цӕмӕй йӕхи Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕкодтаид.

Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Цӕмӕй уырнындзинады рӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн кадджын хӕстӕ ӕмӕ бартӕ кӕмӕн ис, уыдон иууылдӕр хъуамӕ уой фӕлмӕн удыхъӕды хицау. Фӕлмӕн куы уӕм, уӕд сӕрбӕрзонд нӕ уыдзыстӕм, ӕмбырды исты куы фӕива, уӕд ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Ахсджиаг у, ахӕм уавӕры нӕхи куыд дардзыстӕм, уый. Уыцы уавӕрыл сразы уыдзыстӕм? Ахӕм цӕстӕй йӕм кӕсдзыстӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр кӕнын? Ног уавӕртӕ махӕн хорз фадат сты нӕ удыхъӕды фӕлмӕнзӕрдӕдзинад фидар кӕнынӕн.

Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ царды уавӕртӕ ивдзысты. Хатт нын зын вӕййы бамбарын, нӕ царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕрцӕуы, уый. Не ’нӕниздзинад куы фӕцуда, нӕ бинонтӕ исты зындзинӕдты куы бахауой, цардамӕлттӕ кӕнын нын куы фӕзын уа кӕнӕ истӕй тыххӕй нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нын гӕнӕн ис ӕнцон ма уа алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсын. Фӕлӕ сӕрныллӕг, бонзонгӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд уыцы ивындзинӕдтыл разы уыдзыстӕм ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй нӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзыстӕм.

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Сӕрныллӕгдзинад нын ӕххуыс кӕны нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Цӕмӕй уырнындзинады рӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ

[Ныв 5 фарсыл]

Моисей зындзинӕдты ноджы тынгдӕр сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл