Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Марк – стыр ӕххуыс иннӕтӕн

Марк – стыр ӕххуыс иннӕтӕн

Марк – стыр ӕххуыс иннӕтӕн

АНТИОХИЙЫ ӕмбырды уыд цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ, фӕлӕ апостолтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы ’хсӕн цы быцӕу рауад, уый уыцы зындзинӕдты тыххӕй нӕ уыдис. Ацы нӕлгоймӕгтӕ фӕнд кодтой уацамындон балцы ацӕуын, фӕлӕ семӕ кӕй акӕной, ууыл куы ныхас кодтой, уӕд «се ’хсӕн быцӕу... рауад» (Ап. хъ. 15:39). Апостолтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕхи фӕндагыл ацыд. Павел ӕмӕ Варнавӕ кӕрӕдзиимӕ фӕбыцӕу сты ӕртыккаг миссионер Марчы тыххӕй.

Чи уыди Марк? Апостолтӕ уый тыххӕй кӕрӕдзиимӕ цӕмӕн фӕбыцӕу сты? Алчидӕр сӕ йӕ хъуыдыйыл фидарӕй цӕмӕн хӕцыд? Сӕ хъуыды искуы фӕивтой? Марчы хабарӕй цӕуыл сахуыр уыдзынӕ?

Иерусалимы хӕдзары

Марк схъомыл Иерусалимы ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыд хъӕздыг дзуттаг бинонтӕй. Марчы тыххӕй фыццаг бӕлвырд цы базондзыстӕм, уый баст у рагон чырыстон ӕмбырдимӕ. Н. э. 44 азы Ирод Агриппӕ I апостол Петры ахӕстоны бакодта. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы зӕд диссаджы хуызы куы ссӕрибар кодта, уӕд Петр «ацыд Марийӕтӕм (Марийӕ уыди, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад). Уыдонмӕ та уыцы рӕстӕг ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой Хуыцаумӕ» (Ап. хъ. 12:1–12) *.

Иерусалимы чырыстӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбырд кодтой Марчы мад Марийӕйы хӕдзары. «Бирӕ адӕм»-иу дзы кӕй ӕрӕмбырд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ хӕдзар стыр уыд. Марийӕйӕн уыд лӕггадгӕнӕг чызг Родӕ ӕмӕ «Петр кулдуар куы бахоста», уӕд ӕм уый рацыд. Ацы лыстӕг хабӕрттӕй бӕрӕг у, Марийӕ хъӕздыг сылгоймаг кӕй уыд. Библийы афтӕ фыст кӕй ис, Марийӕтӕм, зӕгъгӕ, йӕ лӕджы кой та дзы кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ, ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыд идӕдз ус, Марк та уыд хӕрзӕрыгон (Ап. хъ. 12:13).

Марк дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыд, сӕ хӕдзары чи куывта, уыдоны ’хсӕн. Уый хорз зыдтаид Йесойы ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ, Йесойы лӕггады тыххӕй чи хъусын кодта, уыцы чырыстӕтты дӕр. Библийы фыст ис, Йесойы куы ӕрцахстой, уӕд иу лӕппу йӕ кӕттаг дарӕс кӕй фӕуагъта ӕмӕ афтид хӕдоны мидӕг кӕй алыгъд. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыди Марк (Марчы 14:51, 52).

Ӕмбырды кадджын хӕстӕ

Марк фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ кӕй лымӕн кодта, уый йыл хорзырдӕм фӕзынд. Йӕ уырнындзинад фӕфидар, ӕмӕ уый бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты. Н. э. 46 азы скодта ӕххормаг рӕстӕг ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ Антиохийӕ Иерусалиммӕ ӕрцыдысты, ӕфсымӕртӕн сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй баххуыс кӕнынмӕ. Уым федтой, Марк куыд зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнӕг у, ӕмӕ фӕстӕмӕ Антиохимӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕй семӕ акодтой (Ап. хъ. 11:27–30; 12:25).

Ӕнӕуи кӕсӕг, чи зоны, ахъуыды кӕна, ацы ӕртӕ нӕлгоймаджы кӕрӕдзийӕн ӕмуырнджытӕ цы уыдысты, ӕндӕр се ’хсӕн иумӕйагӕй кӕй ницы уыд ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ Марчы ӕрмӕстдӕр йӕ курдиӕтты тыххӕй кӕй равзӕрстой. Фӕлӕ Павелы фыстӕджытӕй иуӕй зыны, Марк Варнавӕйы хӕстӕг кӕй уыд (Кол. 4:10). Уый нын баххуыс кӕндзӕн, фӕстӕдӕр цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон бамбарынӕн.

Иу-афӕдзы фӕстӕ сыгъдӕг уд Павел ӕмӕ Варнавӕйы сразӕнгард кодта сӕ уацамындон балц адарддӕр кӕнынмӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр Антиохийӕ Кипрмӕ араст сты. Иоанн Марчы та «семӕ ӕххуысгӕнӕгӕй акодтой» (Ап. хъ. 13:2–5). Марк сын, ӕвӕццӕгӕн, сӕ балцы рӕстӕг лӕггад кодта, ӕмӕ афтӕмӕй апостолтӕн сӕ бон уыди сӕ тыхтӕ сӕйраджыдӕр Хуыцауы хъуыддагӕн раттын.

Павел, Варнавӕ ӕмӕ Марк Кипры хорз хабар фехъусын кодтой ӕмӕ уырдыгӕй Къаннӕг Азимӕ ацыдысты. Уым Иоанн Марк ахӕм хъуыддаг сарӕзта, ӕмӕ йӕм Павел фӕхъыг ис. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Пергимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд сӕ «Иоанн ныууагъта ӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхт» (Ап. хъ. 13:13). Афтӕ цӕмӕн бакодта, уый бӕрӕг нӕу.

Дыууӕ азы фӕстӕ Павел, Варнавӕ ӕмӕ Марк ӕрыздӕхтысты Антиохимӕ. Дыууӕ апостолы хъуыды кодтой дыккаг уацамындон балцы ацӕуыныл, цӕмӕй, фыццаг балцы цы куыст райдыдтой, уый адарддӕр кодтаиккой. Варнавӕйы фӕндыд, цӕмӕй Марк дӕр семӕ рацыдаид, фӕлӕ сӕ Марк уымӕй размӕ кӕй ныууагъта, уый тыххӕй Павел нӕ разы кодта. Уый фӕдыл се ’хсӕн цы быцӕу рауад, уый кой цыд статьяйы райдианы дӕр. Варнавӕ Маркимӕ ацыд Кипрмӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ, Павел та араст Сиримӕ (Ап. хъ. 15:36–41). Бӕрӕг у, Павел ӕмӕ Варнавӕ ӕмхуызон цӕстӕй кӕй нӕ кастысты, Марк сӕ уый размӕ кӕй ныууагъта, уымӕ.

Павел ӕмӕ Марк бафидыдтой

Марк, ӕвӕццӕгӕн, тынг маст кодта уыцы хабарыл. Фӕлӕ уӕддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Уыцы хабарӕй иу 11–12 азы фӕстӕ та Библи ногӕй кӕны Марчы кой. Куыд хъуыды кӕныс, кӕимӕ уыди? Нӕ дӕ бауырндзӕн, фӕлӕ Павелимӕ!

Н. э. 60-61 азты Павел Ромы ахӕстоны куы уыди, уӕд цалдӕр фыстӕджы арвыста ӕмбырдтӕм (уыцы фыстӕджытӕ хаст ӕрцыдысты Библимӕ). Йӕ фыстӕджы колоссӕгтӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Салӕмттӕ уын ӕрвиты Аристарх, мӕнау ахст чи у, уый, ӕмӕ ма Варнавӕйы хӕстӕг Марк дӕр (уый тыххӕй уын фӕдзӕхстон, мыййаг уӕм куы ’рцӕуа, уӕд-иу ӕй суазӕг кӕнут, зӕгъгӕ)... Ӕрмӕстдӕр адон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы, адон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11).

Ӕвӕдза, куыд фӕивта хъуыддаг! Уый размӕ Павелы чи фӕхъыг кодта, уыцы Марк та ногӕй йемӕ лӕггад кӕнын райдыдта. Павел колоссӕгтӕн фӕхабар кодта, Марк сӕ кӕй абӕрӕг кӕндзӕн. Ӕмӕ сӕм кӕд Марк ӕцӕгдӕр ацыд, уӕд сӕм ацыдаид Павелы номӕй.

Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел Маркмӕ райдианы ӕгӕр тызмӕг уыди? Цымӕ Маркӕн уыцы хабар зонды хос фӕци? Чи зоны, дыууӕ хъуыдыйы дӕр раст сты. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр кӕй бафидыдтой, уымӕй бӕрӕг у, Павел дӕр ӕмӕ Марк дӕр кӕй уыдысты фӕлтӕрд чырыстӕттӕ. Уыдон ферох кодтой, раздӕр цы уыд, уый ӕмӕ та иумӕ лӕггад кодтой. Цӕй хорз цӕвиттон у уый, чырыстон ӕмбырды цӕйдӕр тыххӕй кӕрӕдзи чи нӕ бамбары, уыдонӕн!

Марчы балц

Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Марк бирӕ хӕттыты уыд уацамындон балцы. Йӕхӕдӕг уыд Иерусалимӕй, фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрцард Антиохийы. Уырдыгӕй ацыд Кипр ӕмӕ Пергимӕ, уый фӕстӕ та – Роммӕ. Павелы фӕндыд, цӕмӕй уырдыгӕй ацыдаид Колосстӕм. Ӕмӕ ма ноджы бирӕ ӕндӕр рӕтты дӕр уыди.

Апостол Петр йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста н. э. 62–64 азты. Йӕ фыстӕджы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Вавилоны чи ис... уый уын салӕмттӕ ӕрвиты. Салӕмттӕ уын ӕрвиты мӕ хъӕбул Марк дӕр» (1 Пет. 5:13). Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Марк ацыд Вавилонмӕ, цӕмӕй уым лӕггад кодтаид, бирӕ азты размӕ йӕ мады хӕдзармӕ ӕмбырдтӕм чи цыд, уыцы апостолимӕ.

Н. э. 65 азы Павел Ромы дыккаг хатт ахӕстоны куы уыд, уӕд Тимофеймӕ Ефесмӕ ныффыста: «Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр» (2 Тим. 4:11). Уӕдӕ бӕрӕг у, Марк уыцы рӕстӕг Ефесы кӕй уыд. Дзырд дӕр ыл нӕй, Марк Тимофеимӕ Роммӕ кӕй ацыд. Уыцы балц ӕнцон нӕ уыдаид, фӕлӕ Марк ӕнӕзивӕгӕй сразы.

Ӕндӕр кадджын хӕслӕвӕрд

Маркмӕ ахӕм стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндӕй ныффыста Евангелитӕй сӕ иу. Кӕд, дыккаг Евнгели чи ныффыста, уый ном чиныгӕн йӕхи мидӕг нӕй, уӕддӕр иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый уыд Марк ӕмӕ йын хабӕрттӕ та Петр радзырдта. Марк цы хабӕртты кой кӕны, уыдон Петр федта йӕхи цӕстӕй.

Марчы Евангели чи иртасы, уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, фыст ӕрцыд, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ дзы бӕстон ӕмбарын кӕны дзуттӕгты ӕгъдӕуттӕ (Марчы 7:3; 14:12; 15:42). Марк ратӕлмац кодта, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ кӕй нӕ бамбӕрстаиккой, ахӕм арамейаг ныхӕстӕ (Марчы 3:17; 5:41; 7:11, 34; 15:22, 34). Стӕй ма спайда кодта латинаг ныхӕстӕй ӕмӕ ма бамбарын кодта, ромӕгтӕ цы грекъаг ныхӕстӕй пайда кодтой, суанг уыдон дӕр. Дзуттаг ӕхцатӕ ромаг ӕхцатӕй цас уыдысты, уый ныффыста (Марчы 12:42, фип.). Ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Марк йӕ Евангели Ромы ныффыста.

«Мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс хъӕуы»

Марк Ромы ӕрмӕст Евангели нӕ ныффыста, фӕлӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр арӕзта. Дӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕн, Павел Тимофеймӕ цы ныффыста, уый: «Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр». Цымӕ цӕмӕн? «Мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс хъӕуы»,– загъта Павел (2 Тим. 4:11).

Библийы фӕстаг хатт Марчы кой цӕуы ацы фыстӕджы ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг сты. Марчы тыххӕй никуы ис фыст, зӕгъгӕ, у апостол, разамонӕг кӕнӕ пехуымпар. Уый уыд лӕггадгӕнӕг, ома иннӕтӕн лӕггад кодта. Дзырд дӕр ыл нӕй, апостол Павелӕн уыцы рӕстӕг, ома йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ, Марк стыр ӕххуыс кӕй уыд.

Марчы тыххӕй цы лыстӕг хабӕрттӕ зонӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, хорз хабар бирӕ бӕстӕты зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта ӕмӕ иннӕтӕн цингӕнгӕйӕ кӕй лӕггад кодта. Цӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын Марк, йӕ къухтӕ кӕй не ’руагъта ӕмӕ Хуыцауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй!

Мах дӕр Маркау фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Бирӕтӕн сӕ бон у ӕндӕр ранмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын, цӕмӕй уым хорз хабар хъусын кӕной. Кӕд нӕ фылдӕрӕн ахӕм фадат нӕй, уӕддӕр нӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон у Марчы фӕзмын ӕндӕр ахсджиаг хъуыддаджы. Марк ӕппӕт хъарутӕй куыд архайдта, цӕмӕй йе ’мчырыстӕттӕн лӕггад кодтаид, афтӕ мах дӕр фӕнды нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн алыхуызон хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уа Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕндзӕн (Ӕмб. 3:27; 10:22; Гал. 6:2).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Марчы рӕстӕг чи цард, уыдонӕй-иу бирӕтӕ сӕхицӕн райстой дыккаг ном – кӕнӕ дзуттаг кӕнӕ та фӕсарӕйнаг. Маркӕн йӕ дзуттаг ном уыд Иоханан кӕнӕ Иоанн. Йӕ ромаг ном та – Марк (Ап. хъ. 12:25).

[Картӕ/​Ныв 8, 9 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Марк цы горӕтты уыд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ

Ром

Ефес

Колосстӕ

Перги

Антиохи (Сирийы)

Кипр

ЗӔХХАСТАУ ДЕНДЖЫЗ

Иерусалим

Вавилон