Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмы цард чи аивта, уыцы адӕймаг

Адӕмы цард чи аивта, уыцы адӕймаг

Адӕмы цард чи аивта, уыцы адӕймаг

Зӕххыл тынг бирӕ адӕм цард, фӕлӕ сӕ фылдӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ историйы ницы фӕд ныууагътой. Иннӕтӕн та цы бантыст, уый тынг фӕзынд адӕмы цардыл, ӕмӕ уыдӕттӕй суанг алы бон дӕр пайда кӕнӕм.

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-ма ауайын кӕн: райсомӕй раджы фестадтӕ, цырагъ ссыгътай ӕмӕ дӕхи цӕттӕ кӕныс, цӕмӕй куыстмӕ ацӕуай. Дӕ зӕрдыл ма ’рлӕууыд, фӕндагыл дӕ исты акӕсынмӕ чиныг кӕнӕ журнал райсын кӕй хъӕуы, стӕй дын дохтыр цы хос рафыста, уый дӕр дӕ дзыппы авӕрдтай. Бон нӕма райдыдта, фӕлӕ, иуӕй-иу зындгонд адӕм цы ’рхъуыды кодтой, уыдӕттӕй цӕмӕйдӕрты спайда кодтай.

Майкл Фарадей. Ацы англисаг физик райгуырд 1791 азы. Фарадей ӕрхъуыды кодта электрон мотор ӕмӕ, динамо-машинӕ кӕй хонынц, уый. Уый фӕрцы адӕм базыдтой, электрон рухс цы у, уый.

Цай Лунь. Лӕггад кодта Китайы императормӕ. Ахуыргӕндтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Цай Лунь н. э. 105 азмӕ ’ввахс райдыдта гӕххӕтт аразын ӕмӕ уый руаджы гӕххӕтт ӕнӕхъӕн дунейы базыдтой.

Иоганн Гутенберг. Ацы немыцаг ахуыргонд 1450 азы ӕрхъуыды кодта мыхуыргӕнӕн станок. Уый руаджы чингуытӕ мыхуыр кӕныны хъуыддаг фӕасламдӕр, стӕй дзӕвгар фылдӕр адӕмӕн сӕ бон сси алыхуызон хабӕрттӕ базонын.

Александр Флеминг. Шотландиаг ахуыргонд Александр Флеминг 1928 азы ӕрхъуыды кодта антибиотик – пенициллин. Ацы хосӕй абон ӕнӕхъӕн дунейы пайда кӕнынц, цӕмӕй дзы бактериалон инфекцитӕ дзӕбӕх кӕной.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы цалдӕр адӕймагӕн цы бантыст, уыдӕтты фӕрцы миллиардгай адӕмӕн сӕ цард фенцондӕр ис, стӕй се ’нӕниздзинад дӕр фӕхуыздӕр.

Фӕлӕ зӕххыл царди, иннӕтӕй тынг чи хицӕн кодта, ахӕм адӕймаг. Нӕдӕр стыр ахуыргонд уыди, нӕдӕр зындгонд дохтыр. Уыцы адӕймаг схъомыл хуымӕтӕг бинонты ’хсӕн ӕмӕ амард иу-2000 азы размӕ. Адӕмӕн фехъусын кодта, стыр ныфс ӕмӕ удӕнцой чи дӕтты, ахӕм хабар. Куы ахъуыды кӕнӕм, уыцы хабар зӕххы цъарыл ӕппӕт адӕмы цардыл куыд фӕзынд, ууыл, уӕд бирӕтӕ сразы уыдзысты, уыцы адӕймаг ӕцӕгдӕр адӕмы цард кӕй аивта.

Уыцы адӕймаг уыд Йесо Чырысти. Цымӕ цавӕр хабар хъусын кодта? Ӕмӕ уыцы хабар дӕ цардимӕ куыд баст у?