Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ ивынц адӕмы цард

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ ивынц адӕмы цард

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ ивынц адӕмы цард

«Капернаумӕй чи уыд, уыцы адӕймаг [Чырысти] ӕцӕгдӕр стыр зонды хицау кӕй уыд, уымӕн ӕппӕты стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн у, адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ зондыл ныронг дӕр кӕй ӕндавы, уый» * (ФЫССӔГ ГРЕГГ ИСТЕРБУК).

НЫХӔСТЫ ис стыр тых. Лӕмбынӕг кӕуыл ахъуыды кӕнынц, ахӕм зондджын ныхасӕн йӕ бон у зӕрдӕ бацагайын, ныфс бауадзын ӕмӕ адӕймаджы цард аивын дӕр. Нырма иу адӕймаг дӕр нӕ райгуырд, йӕ ныхасы Йесо Чырыстийау ахӕм стыр уӕз кӕмӕн уыд. Чырыстийы диссаджы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдонӕй иу фӕстӕдӕр ныффыста: «Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл» (Матфейы 7:28).

Абон дӕр ӕнӕхъӕн дунейы бирӕтӕ тынг хорз зонынц Чырыстийы зындгонд ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

«Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матфейы 6:24).

«Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12).

«Дӕхи цӕсты хъӕд куы нӕ уыныс, уӕд де ’фсымӕры цӕсты хъӕмпыхалмӕ цы кӕсыс?» (Матфейы 7:3).

«Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

Фӕлӕ Чырысти, адӕмы зӕрдӕты арф фӕд чи ныууагъта, ӕрмӕст ахӕм рӕсугъд ныхӕстӕ нӕ загъта. Йӕ ныхӕсты ахӕм стыр уӕз уымӕн уыд, ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта Хуыцауы тыххӕй. Ӕмбарын сын кодта, адӕймаг цӕмӕн цӕры ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдтӕн кӕрон Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Цы хабар хъусын кодта, уый тыххӕй иннӕ статьяты лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм, Йесо адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ зондыл ныронг дӕр цӕмӕн ӕндавы, уый.

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй Чырсти царди Галилейаг горӕт Капернаумы (Марчы 2:1).