Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти Хуыцауы тыххӕй цы дзырдта?

Чырысти Хуыцауы тыххӕй цы дзырдта?

Чырысти Хуыцауы тыххӕй цы дзырдта?

«Фыд чи у, уый... Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны» (ЛУКАЙЫ 10:22).

ЧЫРЫСТИ ӕнӕнымӕц азтӕ арвыста йӕ Фыдимӕ, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ. Кӕрӕдзиуыл тынг ӕнувыд уыдысты (Колоссӕгтӕм 1:15). Уый фӕрцы Чырысти хорз базыдта йӕ Фыды зондахаст, йе ’нкъарӕнтӕ, стӕй алы хъуыддагмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йесо фӕстӕдӕр зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй тынг фӕндыд адӕмӕн радзурын, Хуыцау ӕцӕгдӕр чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй. Чырысти цы дзырдта, уымӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн Хуыцауы тыххӕй.

Хуыцауы ном. Чырысти Хуыцауы номӕн стыр аргъ кодта. Тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр йӕ Фыды ном зыдтаиккой ӕмӕ йӕм йӕ номӕй куывтаиккой. Йесойӕн йӕхи ном нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад». Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв куывта Йегъовӕмӕ: «Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон» (Иоанны 17:26). Уӕдӕ, Чырысти Хуыцаумӕ йӕ номӕй кӕй куывта ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кодта, уым диссагӕй ницы ис. Цымӕ адӕм куыд хъуамӕ базыдтаиккой, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый, йӕ ном ӕмӕ цы нысан кӕны, уый куы нӕ зыдтаиккой, уӕд *?

Хуыцауы стыр уарзондзинад. Чырысти Хуыцаумӕ куывта: «Мӕ Фыд,... [ды] мӕ бауарзтай, дуне куы нӕма уыди, уӕд» (Иоанны 17:24). Йесо уӕлӕрвты куы уыд, уӕд хорз зыдта, Хуыцауы уарзондзинад цы у, уый. Ӕмӕ зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд архайдта, цӕмӕй адӕм дӕр фылдӕр базыдтаиккой уыцы диссаджы уарзондзинады тыххӕй.

Чырысти бамбарын кодта, Йегъовӕ адӕмы ӕнӕкӕрон уарзтӕй кӕй уарзы. Йесо загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16). Грекъаг ӕвзагӕй «дуне»-йӕ цы ныхас ратӕлмац кодтой, уый ацы ран «зӕхмӕ» нӕ, фӕлӕ адӕммӕ амоны. Хуыцау адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ зынаргъ Фырты нӕ бавгъау кодта, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой. Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уый нӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу (Ромӕгтӕм 8:38, 39).

Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, стыр ныфсы хос сын чи фӕци, ахӕм ныхӕстӕ: Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр уарзы. Йесо Йегъовӕйы абарста фыййауимӕ. Фыййау та хорз фӕзоны йӕ алы фысы дӕр ӕмӕ йын дзы алкӕцыдӕр зынаргъ вӕййы (Матфейы 18:12–14). Чырысти ма загъта, иу сырддонцъиу дӕр Хуыцауы ӕвастӕй зӕхмӕ кӕй не ’рхаудзӕн. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты» (Матфейы 10:29–31). Кӕд Йегъовӕ уыны, суанг иу сырддонцъиу дӕр йӕ ахстонӕй кӕй рахауы, уӕд йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр куыннӕ хъуамӕ уына ӕмӕ сыл куыннӕ хъуамӕ тыхса? Кӕд Йегъовӕйӕн нӕ сӕрыхъуынтӕй алкӕцыдӕр нымад у, уӕд нын цымӕ нӕ фӕлварӕнтӕ, стӕй цы хъуаг стӕм ӕмӕ цӕуыл тыхсӕм, уыддӕттӕ нӕ уыны?

Нӕ уӕларвон Фыд. Айразмӕ статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Чырысти у Хуыцауы «иунӕг» Фырт. Уӕдӕ диссаг нӕу, Хуыцауы уарзон Фырт Йегъовӕмӕ куы куывта ӕмӕ адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕй мӕ «Фыд», зӕгъгӕ, кӕй хуыдта. Зӕгъӕм, Йесо 12-аздзыдӕй кувӕндоны куы уыд, уӕд дӕр Йегъовӕйы «мӕ Фыд» схуыдта. Уыдон уыдысты, йӕ ныхӕстӕй Библийы фыст чи ’рцыд, уыдонӕй фыццӕгтӕ (Лукайы 2:49). Евангелиты дзырд «Фыд» ӕмбӕлы 190 хатты бӕрц. Чырысти Йегъовӕйы тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу ӕй схуыдта куы «уӕ уӕларвон Фыд», куы «нӕ уӕларвон Фыд» кӕнӕ та «мӕ уӕларвон Фыд», зӕгъгӕ (Матфейы 5:16; 6:9; 7:21). Ахӕм ныхӕстӕй афтӕ арӕх кӕй пайда кодта, уымӕй равдыста, тӕригъӕдджын адӕмӕн дӕр сӕ бон кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уой, ныййарӕг йӕ хъӕбулимӕ куыд ӕнгом вӕййы, афтӕ.

Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг. Чырысти зыдта, Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ куы нӕ хатыр кӕна, уӕд сын фидӕн кӕй нӕй. Сӕфт фырты тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо Йегъовӕйы абарста фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг фыдимӕ. Уыцы фӕсномыг ныхасы, фырт йӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ын фыд ныхъхъӕбыс кодта ӕмӕ йын ныххатыр кодта (Лукайы 15:11–32). Ацы хабар нын стыр ныфсы хос у. Чырысти нын бамбарын кодта, Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕй кӕсы тӕригъӕдджын адӕймаджы зӕрдӕмӕ, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна, кӕд гыццыл дӕр фӕивта, уӕд. Йегъовӕйы тынг фӕнды, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕймагӕн ныххатыр кӕнын. Чырысти загъта: «Зӕгъын уын: иу тӕригъӕдджын адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ууыл, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, уыцы нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй тынгдӕр цин кӕндзысты уӕлӕрвты» (Лукайы 15:7). Ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ фыды чи нӕ бауарздзӕн?

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ хъусы. Зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ Чырысти йӕхӕдӕг уыдта, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕм зӕрдиагӕй кӕй хъусы, уый (Псалом 65:2). Уымӕ гӕсгӕ зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, куыд ӕмӕ цӕй тыххӕй хъӕуы кувын, уый. Йесо сын загъта, цӕмӕй, «куы кувой, уӕд-иу... уыцы иу ныхӕстӕ ма дзурой». Хъуамӕ ма куывтаиккой, цӕмӕй Хуыцауы «фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр». Ис ма кувӕн, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхи фӕдарын, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна ӕмӕ фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм (Матфейы 6:5–13). Чырысти бамбарын кодта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл фыдау кӕй тыхсы ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ кӕй фехъусдзӕн, уырнындзинадимӕ йӕм куы кувой, уӕд (Матфейы 7:7–11).

Чырыстийы тынг фӕндыд, цӕмӕй адӕм базыдтаиккой, Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цы миниуджытӕ ис, уый. Фӕлӕ ма йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд Йегъовӕйы тыххӕй ноджы иу ахсджиаг хабар радзурын – зӕхх ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕндтӕ ис, уыдон куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Чырысти сӕйраджыдӕр ацы хъуыддаджы тыххӕй кӕй хъусын кодта.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Библи цы ’взӕгтыл ныффыстой, уым Хуыцауы ном Йегъовӕ ’мбӕлы 7000 хатты бӕрц. Йӕ ном нысан кӕны: «Ӕз суыдзынӕн, чи Мӕ бафӕнда, уый» (Рацыд 3:14). Ома, йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй Хуыцауы бон алцыдӕр саразын у. Ахӕм ном ын кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас никуы фӕсайдзӕн ӕмӕ цыдӕриддӕр загъта, уый ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст кӕндзӕн.