Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти цы хабар хъусын кодта, уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

Йесо Чырысти цы хабар хъусын кодта, уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

Йесо Чырысти цы хабар хъусын кодта, уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн?

«Ӕз та уый тыххӕй ӕрцыдтӕн, цӕмӕй сын уа цард ӕмӕ уыцы цардӕй бафсӕдой» (ИОАННЫ 10:10).

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ зӕхмӕ йӕхи пайдайы тыххӕй не ’рцыд, фӕлӕ цӕмӕй адӕмӕн стыр хордзинад ракодтаид: Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ ис, уый сын радзырдтаид. Чи йӕм хъусы, уыдон суанг абон дӕр амондджындӕр свӕййынц. Афтӕ кӕй у, уый милуангай ӕцӕг чырыстӕттӕ фидарӕй зӕгъдзысты *. Фӕлӕ Чырысти фыццаджыдӕр хъусын кодта, йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй ратдзӕн. Ӕмӕ уымӕй зынаргъдӕр лӕвар та нӕй. Чырысти адӕмы тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕн саргъ кӕндзыстӕм ӕви нӕ, ууыл баст у не ’нусон цард.

Хуыцау ӕмӕ нын Чырысти цавӕр лӕвар скодтой? Чырысти зыдта, йе знӕгтӕ йын стыр хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзарын кӕндзысты ӕмӕ йӕ стӕй кӕй амардзысты (Матфейы 20:17–19). Фӕлӕ уӕддӕр загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16). Чырысти ма загъта, уый тыххӕй кӕй ӕрцыд, цӕмӕй йӕ уд, ома йӕ цард, бирӕты балхӕныны тыххӕй радтаид (Матфейы 20:28). Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, мӕ цард ратдзынӕн зӕгъгӕ, байсдзысты мын ӕй нӕ, фӕлӕ?

Хуыцау йӕ иунӕг Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. Уый фӕрцы, адӕм сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕздзысты. Уымӕй равдыста, ӕнӕкӕрон уарзтӕй нӕ кӕй уарзы. Чырысти дӕр зӕрдиагӕй сразы йе ’ххӕст цард мах тыххӕй нывондӕн раттыныл. Уыцы нывонд, кӕнӕ ахӕстаргъ, махӕн у Хуыцауы ӕппӕты стырдӕр лӕвар *. Ӕмӕ йын чи саргъ кӕна, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм.

Мах цы кӕнын хъӕуы? Цымӕ Чырысти йӕхи нывондӕн махӕй алкӕй тыххӕй дӕр ӕрхаста? Уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Зӕгъӕм дын цыдӕр лӕвар кӕнынц. Фӕлӕ йӕ цалынмӕ дӕ къухтӕм нӕ райсай, уӕдмӕ уыцы лӕвар дӕу нӕма у. Раст афтӕ, Йегъовӕ дӕр Чырыстийы нывондӕн дӕу тыххӕй ӕрхаста, фӕлӕ дын йӕ нывонд пайда не ’рхӕсдзӕн, цалынмӕ йӕ нӕ «райсай», уӕдмӕ. Уый куыд ӕмбаргӕ у?

Чырысти загъта, чидӕриддӕр ыл ӕууӕнды, уыдон ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Уырнындзинад та бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй (Иаковы 2:26). Чырыстийыл ӕууӕндын ма нысан кӕны йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ йӕ фӕзмын. Уый тыххӕй та йын хъуамӕ йӕхи ӕмӕ йӕ Фыды хорз зонӕм. Йесо загъта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

Йесо Чырысти 2 000 азы размӕ цы хабар хъусын кодта, уый ӕнӕхъӕн дунейы милуангай адӕмы цард аивта. Фӕнды дӕ уыцы хабары тыххӕй фылдӕр базонын? Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕрмӕст абон нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр Хуыцауы хорздзинӕдтӕй хайджын уай? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын уыцы хъуыддаджы ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты.

Иннӕ статьятӕй ма бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм Йесо Чырыстийы тыххӕй. Цы хабар хъусын кодта, уый уын уӕ цард ӕнустӕм фӕивдзӕн.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй алчидӕр Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг нӕу. Йесо бирӕ хабӕрттӕ бамбарын кодта Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй. Уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, йе ’цӕг ахуыргӕнинаг дӕр уый у (Матфейы 7:21–23).

^ 5 абз. Библийы Чырыстийы нывонды тыххӕй цы фыст ис, уый фӕдыл фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.