Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕг ӕмӕ мӕнг хабӕрттӕ. Чырысти ӕцӕгдӕр чи уыд?

Ӕцӕг ӕмӕ мӕнг хабӕрттӕ. Чырысти ӕцӕгдӕр чи уыд?

КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС, АЦЫ НЫХӔСТӔ РАСТ СТЫ?

Чырысти райгуырд 25 декабры *.

Йесо Чырыстийы крестыл байтыгътой.

Чырыстийӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ уыд.

Чырысти уыди Хуыцау, фӕлӕ адӕймаджы хуызы.

Чырысти ӕрмӕст хорз адӕймаг нӕ уыд.

БИРӔТӔМ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы хъуыдытӕ раст сты. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, уыцы хабӕрттӕн сбӕрӕг кӕнӕн нӕй. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдӕттӕ зонын афтӕ ахсджиаг нӕу, сӕйрагдӕр у Чырыстийыл ӕууӕндын.

Фӕлӕ Библи ӕндӕр цӕуылдӕр ахуыр кӕны. Фыст дзы ис, цӕмӕй «Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй... базонӕм» (2 Петры 1:8). Ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй та бӕлвырд базонӕн ис Библийӕ. Ацы чиныджы руаджы базонӕн ис, Йесойы тыххӕй мӕнгӕй цы дзурынц ӕмӕ растӕй цы дзурынц, уый. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Чырыстийы тыххӕй уӕлдӕр цы фыст ис, уыдӕттӕ Библимӕ гӕсгӕ раст сты ӕви нӕ.

БИРӔТӔ ӔУУӔНДЫНЦ: Чырысти райгуырд 25 декабры.

РАСТ НӔУ.

Библийы никуы ис фыст, Чырысти цы бон ӕмӕ цы мӕй райгуырд, уый. Уӕдӕ йӕ 25 декабры цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц? Иу чиныгмӕ гӕсгӕ, сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдонӕй иуӕй-иуты «фӕндыд, цӕмӕй Чырыстийы гуырӕнбон ӕмӕ ромаг бӕрӕгбон, зымӕджы хурхӕтӕн (ома бон даргъдӕр кӕнын куы райдайы) иу рӕстӕгмӕ хауой» («The Encyclopædia Britannica»). Стӕй ма уыцы чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, Чырыстийы гуырӕнбоны номыл цы ӕгъдӕуттӕ кӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ равзӕрдысты «зӕххы куыст ӕмӕ хурӕн кувынимӕ баст бӕрӕгбӕттӕй».

Цымӕ Чырыстийы зӕрдӕмӕ фӕцыдаид, йӕ гуырӕнбон ын 25 декабры куы бӕрӕг кодтаиккой, уый? Ахъуыды-ма кӕнӕм: Чырыстийы гуырӕнбон бӕрӕг нӕу. Ӕмӕ Библийы дӕр никуы ис фыст, цӕмӕй йын йӕ гуырӕнбон бӕрӕг кӕнӕм, стӕй йӕ фыццаг чырыстӕттӕ кӕй бӕрӕг кодтой, уый дӕр. Фӕлӕ дзы бӕлвырдӕй фыст ис Чырыстийы мӕлӕты бон ӕмӕ кӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм * (Лукайы 22:19). Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг у, Йесойы кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаиккам, йӕ мӕлӕт йӕ райгуырӕн бонӕй ахсджиагдӕр кӕй у (Матфейы 20:28).

БИРӔТӔ ӔУУӔНДЫНЦ: Чырыстийы крестыл байтыгътой.

РАСТ НӔУ.

Чырысти зӕххыл куы нӕма райгуырд, уымӕй бирӕ раздӕр, крестӕй пайда кодтой рагон Вавилоны цӕрджытӕ, тыллӕджы хуыцау Таммузмӕ куы кувтой, уӕд. Крест ма зындгонд уыд Египеты, Индийы, Сирийы ӕмӕ Китайы. Ӕцӕг Хуыцауӕн кувгӕйӕ крестӕй никуы пайда кодтой.

Чырыстийы цӕуыл байтыгътой, уый Библимӕ гӕсгӕ хуыйны «ставрос» (Матфейы 27:40; Марчы 15:30; Лукайы 23:26). Грекъаг ныхас «ставрос» нысан кӕны ӕмраст хъӕд кӕнӕ мих. Хъуыддӕгты чиныджы 5:30 стихы апостол Петр спайда кодта, йӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ дзырд «ставросмӕ» хӕстӕг чи у, ахӕм ныхасӕй, «ксилон», зӕгъгӕ, ома «бӕлас». Уымӕй бӕрӕг у, дыууӕ хъӕдӕй арӕзт кресты кой дзы кӕй нӕ уыд, фӕлӕ ӕмраст хъӕд кӕнӕ цӕджындзы кой. Йесойы мӕлӕтыл иу-ӕртӕ сӕдӕ азы куы рацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд, сӕхи чырыстӕттӕ чи хуыдта, уыдон райдыдтой дзурын, крестыл ӕй байтыгътой, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый адӕм сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой. Ӕндӕр аххоссаг та уый у, ӕмӕ грекъаг ныхас «ставрос» раст не ’мбӕрстой. Чырыстийы крестыл кӕй нӕ байтыгътой, уымӕн ма ис ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕн: ис тынг зӕронд нывтӕ, ӕмӕ дзы ӕвдыст цӕуы, рагон Ромы-иу адӕмы ӕмраст хъӕдыл кӕнӕ бӕласыл куыд байтыгътой, уый.

Библи карзӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй адӕм Хуыцаумӕ нывтӕ ӕмӕ иконӕты руаджы ма кувой. Крестӕй пайда кӕнын дӕр уымӕ хауы (Рацыд 20:2–5; Дыккаг закъон 4:25, 26). Апостол Иоанн бӕлвырдӕй загъта, цӕмӕй чырыстӕттӕ «сӕхи хизой мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй» (1 Иоанны 5:21)

БИРӔТӔ ӔУУӔНДЫНЦ: Чырыстийӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ уыд.

РАСТ НӔУ.

Библийы бӕлвырд фыст ис, Чырыстийӕн кӕй уыд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Лукайы чиныджы афтӕ фыст кӕй ис, Йесо Марийӕйы «фыццаг хъӕбул» у, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма йын ноджыдӕр цот уыди * (Лукайы 2:7). Марчы чиныджы та фыст ис, Назареты чи цард, уыдонӕй иуӕй-иутӕ кӕй дзырдтой, Йесо йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕй кӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны. Уыдон загътой: «Иаков, Иосиф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр [нӕу]? Ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр мӕнӕ ам немӕ не сты?» (Марчы 6:3; Матфейы 12:46; Иоанны 7:5).

Кӕд Библи комкоммӕ дзуры, Чырыстийӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй уыд, уӕддӕр иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ сӕ хъуыдыйыл фидар лӕууынц, зӕгъгӕ, Марийӕйӕн иунӕг сывӕллон йеддӕмӕ нӕ уыд. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библи кӕй кой кӕны, уыдон йӕ хӕрз хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ уыдысты *. Иннӕтӕ та дзурынц, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты Марийӕйы лӕджы сывӕллӕттӕ. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕнӕм: кӕд Йесо Марийӕйы иунӕг сывӕллон уыд, уӕд цымӕ Назареты цӕрджытӕ йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты кой кодтаиккой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Стӕй Марийӕ сывӕрджын кӕй уыд, уый дӕр сӕхи цӕстӕй куыннӕ федтаиккой. Уӕдӕ уыдон зыдтой, Марийӕйӕн Йесойы йеддӕмӕ бирӕ сывӕллӕттӕ кӕй уыд.

БИРӔТӔ ӔУУӔНДЫНЦ: Чырысти уыди Хуыцау, фӕлӕ адӕймаджы хуызы.

РАСТ НӔУ.

Троицӕйы ахуырадӕн йӕ бындур у, Хуыцау зӕхмӕ адӕймаджы, ома Чырыстийы хуызы кӕй ӕрцыд, уый. Ацы ахуырадыл рагӕй фӕстӕмӕ ӕууӕндынц, фӕлӕ, Чырысти зӕххыл куы царди, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кодтой. Уый фӕдыл иу энциклопедийы фыст ис: «Ног Фӕдзӕхсты дзырд Троицӕ ӕмбӕлгӕ дӕр нӕ кӕны, стӕй уыцы ахуырады тыххӕй ӕппындӕр ницы дзуры...» («The Encyclopædia Britannica»). Уыцы ахуырады фӕдыл бирӕ быцӕутӕ уыди, ӕмӕ цалынмӕ ӕрфидар, уӕдмӕ ӕнустӕ рацыд.

Динтӕ афтӕ куы фӕдзурынц, зӕгъгӕ, Чырысти у Хуыцау адӕймаджы хуызы, уӕд уымӕй Чырыстийы кад дӕлӕмӕ кӕнынц *. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Зӕгъӕм, кусджытӕ сӕ хицауӕй цыдӕр ракуырдтой, фӕлӕ сын уый загъта, мӕнмӕ, дам, ахӕм бартӕ нӕй. Кӕд уыцы хицау сайгӕ нӕ кӕны, уӕд йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕй ӕмбары, алцӕуылдӕр йӕ бар кӕй нӕ цӕуы, уый. Фӕлӕ сын кӕд сӕ курдиат сӕххӕст кӕнын йӕ бон у, фӕлӕ йӕ не ’ххӕст кӕны, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ сӕ сайгӕ кӕны.

Цымӕ Чырысти цы цӕстӕй ракаст, йӕ апостолтӕй йын дыууӕйӕ куы загътой, цӕмӕй сӕ йӕ Паддзахады стыр бынӕтты сӕвӕрдтаид? Йесо сын загъта: «Мӕ рахиз фарс ӕмӕ мӕ галиу фарс чи ӕрбаддзӕн, уый мӕнӕй кӕнгӕ нӕу. Уыцы бынӕтты ӕрбаддзысты, мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон» (Матфейы 20:23). Кӕд Чырысти ӕцӕгдӕр Хуыцау уыди, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ сӕ сайгӕ акодта? Фӕлӕ ацы ныхӕстӕй Йесо скад кодта, йӕхицӕй бӕрзонддӕр чи у, уымӕн. Афтӕмӕй Чырысти равдыста, сӕрныллӕг кӕй уыд, стӕй бамбарын кодта, йӕ Фыдимӕ йын ӕмхуызон бартӕ кӕй нӕй.

БИРӔТӔ ӔУУӔНДЫНЦ: Чырысти ӕрмӕст хорз адӕймаг нӕ уыд.

РАСТ У.

Чырысти комкоммӕ загъта, «Хуыцауы Фырт дӕн», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй бамбарын кодта, хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕу (Иоанны 10:36). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй бон дӕр у зӕгъын, ӕз Хуыцауы Фырт дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, кӕд Чырысти сайгӕ кодта, уӕд йӕхицӕн цавӕр ном скодтаид? Цӕстфӕлдахӕджы ном!

Чырысти ӕцӕгдӕр чи уыд, уый Хуыцау йӕхӕдӕг бамбарын кодта. Дыууӕ хатты Чырыстийы тыххӕй загъта: «Ай у мӕ... Фырт» (Матфейы 3:17; 17:5). Ахъуыды-ма кӕн: Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй адӕм Хуыцауы хъӕлӕс цалдӕр хатты йеддӕмӕ нӕ фехъуыстой, ӕмӕ уыцы цалдӕр хаттӕй дыууӕ хатты, Хуыцау загъта, Йесо йӕ Фырт кӕй у, уый! Уымӕй хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн ма цы хъуамӕ уа, Чырысти ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт кӕй уыд?!

Ацы статьяйӕ исты ног хабӕрттӕ базыдтай Йесо Чырыстийы тыххӕй? Кӕд о, уӕд цӕуылнӕ ис Библимӕ ноджы лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕн? Уый дын пайда дӕр ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ дын ӕхсызгон дӕр уыдзӕн. Йесо йӕхӕдӕг загъта, «ӕнусон цард... уымӕй кӕнгӕ» кӕй у, цӕмӕй йын базоной йӕхи ӕмӕ йӕ Фыды тыххӕй (Иоанны 17:3).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Ӕндӕр нымадмӕ гӕсгӕ та 7 январы.

^ 13 абз. Чырысти амард 14 нисаны дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ, Куадзӕны (Матфейы 26:2).

^ 21 абз. Марийӕ диссаджы хуызы басывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд Йесо, фӕлӕ йе ’ннӕ сывӕллӕттӕ та йӕ лӕг Иосифӕй уыдысты (Матфейы 1:25).

^ 22 абз. Афтӕ дзырдта Иероним н. э. 383 азы. Ӕмӕ уыцы хъуыдыйыл хӕст уыдысты, афтӕ чи хъуыды кодта, Марийӕ цард-цӕрӕнбонты лӕгимӕ ӕмуат кӕй не ’рцыд. Иероним фӕстӕдӕр уыцы хъуыдыйыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта, фӕлӕ бирӕтӕ, суанг католикаг аргъуан дӕр, сӕ зондахаст нал фӕивтой.

^ 26 абз. Троицӕйы тыххӕй фылдӕр ныхас цӕуы брошюрӕйы «Следует ли верить в Троицу?» Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Рамкӕ/​Ныв 14 фарсыл]

Ацы хабӕрттӕ дӕ, чи зоны, дисы бафтауой

Йесо Чырысти цавӕр адӕймаг уыд? Мыййаг, тызмӕг ӕмӕ дурзӕрдӕ уыд, стӕй адӕмӕй йӕхи дард ласта? Чи зоны, кӕмӕ дӕр афтӕ кӕсы. Уӕдӕ дӕм Чырыстийы тыххӕй иуӕй-иу хабӕрттӕ диссаг фӕкӕсдзысты.

• Чындзӕхсӕвтӕм ӕмӕ уазӕгуаты цыди (Иоанны 2:1–11).

• Адӕймагӕй-иу зӕрдиагӕй раппӕлыд (Марчы 14:6–9).

• Сывӕллӕттимӕ йӕ рӕстӕг ӕрвитын уарзта (Марчы 10:13, 14).

• Йӕ цӕссыгтӕ-иу не ’мбӕхста (Иоанны 11:35).

• Адӕмӕн тӕригъӕд кодта (Марчы 1:40, 41).