Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг

Петр Чырыстийы фӕрцы сси фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг

Петр Чырыстийы фӕрцы сси фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг

ПЕТРЫ бон нӕ уыд ферох кӕнын, Чырыстиимӕ куыд фемдзаст сты, уый. Цымӕ Йесойы цӕстӕнгас куы ацахста, уӕд, мыййаг, афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ фӕхудти кӕнӕ йын бауайдзӕф кӕнынмӕ хъавыд? Уый бӕрӕг нӕу. Библийы ӕрмӕстдӕр фыст ис, «Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст», зӕгъгӕ (Лукайы 22:61). Фӕлӕ уыцы иу бакастӕй Петрыл йе стыр рӕдыд тынг ӕруӕз кодта. Бамбӕрста йӕ, Чырыстийы ныхӕстӕ йыл кӕй сӕххӕст сты. Петр уыцы ӕнамонд бон никуыуал ферох кодта. Чи зоны, афтӕ дӕр ахъуыды кодта, фӕлтау гуыргӕ дӕр куы нӕ ракодтаин, зӕгъгӕ.

Фӕлӕ Петры хабар бынтон ӕвзӕр нӕ уыд. Хуыцауыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд йӕ рӕдыдтытӕ сраст кӕнын ӕмӕ бамбарын, йӕ Ахуыргӕнӕг ӕй цы ахсджиаг хъуыддагыл хъуамӕ сахуыр кодтаид, уый. Чырысти йын равдыста, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад цы у, уый. Мах не ’ппӕт дӕр хъӕуы ахуыр кӕнын уыцы миниуӕгыл. Цӕй уӕдӕ базонӕм, Петрыл цы ’рцыди, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕй цӕуыл сахуыр, уый.

Петры хъуыди йӕ зондахаст фӕивын

Уыцы хабарӕй иу-ӕхсӕз мӕйы размӕ Петр йӕ райгуырӕн горӕт Капернаумы Чырыстийы бафарста: «Хицау, ме ’фсымӕрӕн йӕ рӕдыд цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты?» Ӕвӕццӕгӕн Петр йӕхимӕ тынг фӕлмӕнзӕрдӕ касти. Уыцы рӕстӕг сауджынтӕ афтӕ амыдтой, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты ис хатыр кӕнӕн. Йесо Петрӕн дзуапп радта: «Зӕгъын дын: авд хатты нӕ, фӕлӕ ӕвдай авд хатты» (Матфейы 18:21, 22).

Цымӕ Чырыстийы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ-иу Петр хъуамӕ йӕхимӕ фыстаид, йӕ ныхмӕ чи цал хатты фӕрӕдыд, уый? Нӕ, афтӕ йын кӕй загъта, 7 хатты нӕ, фӕлӕ-иу 77 хатты ныххатыр кӕн, уымӕй йын бамбарын кодта, адӕймагӕн йӕ рӕдыд цал хатты ныббарстай, уый нымайын кӕй нӕ хъӕуы. Чырыстийы дзуаппӕй бӕрӕг уыд, Петрыл кӕй фӕзынд дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр дины разамонджыты зондахаст. Уыдон адӕмы хъӕндзинӕдтӕ нымадтой хорз бухгалтертау. Фӕлӕ Хуыцауы та фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн зӕрдиагӕй хатыр кӕнӕм.

Петр Чырыстиимӕ быцӕу нӕ кодта. Фӕлӕ йын цымӕ йӕ Ахуыргӕнӕг цы зонд амыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ айста? Хатыр кӕнын кӕй хъӕуы, уый иуӕй-иу хатт хуыздӕр бамбарӕм, нӕхицӕн ныххатыр кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд. Ныр та нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырыстийы мӕлӕты размӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон. Уыцы уӕззау рӕстӕг Чырысти Петрӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ныххатыр кодта.

Петры тӕригъӕдтӕ

Чырыстийы мӕлӕты хӕдразмӕ ’хсӕв бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ ’рцыд. Нырма йӕ бирӕ цыдӕртӕ хъуыди йӕ апостолтӕн бамбарын кӕнын, зӕгъӕм, сӕрныллӕгдзинад цы у, уый. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, цы зондыл хӕст хъуамӕ уыдаиккой ӕмӕ сын уый тыххӕй сӕ къӕхтӕ ныхсадта. Уыцы куыст та уыди, лӕггадгӕнджытӕй ныллӕгдӕр чи уыд, уый хӕс. Петры фыццаг нӕ бауырныдта, Йесо сын ӕцӕгдӕр сӕ къӕхтӕ ӕхсынмӕ кӕй хъавы ӕмӕ йӕ нӕ бауагъта. Фӕлӕ йын уый фӕстӕ та йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй йын, ӕрмӕст йӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ ма йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ сӕр дӕр ныхсадтаид! Чырысти йӕм не смӕсты, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, уыцы хъуыддаг цӕмӕн бакодта, уый (Иоанны 13:1–17).

Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ апостолтӕ, ӕфсӕрмы дӕр нӕ фӕкодтой, афтӕмӕй быцӕу кӕнын райдыдтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Петр дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕстейӕ нӕ баззад. Чырысти сын фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта, ӕмӕ сӕ суанг ӕппӕлгӕ дӕр ракодта, йӕ фӕлварӕнты рӕстӕг йӕ фарсмӕ кӕй уыдысты. Фӕлӕ сын уӕддӕр комкоммӕ загъта, иууылдӕр ӕй кӕй ныууадздзысты. Уӕд ын Петр расомы кодта, иннӕтӕ йӕ куы ныууадзой, уӕддӕр ыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн, суанг ӕй амӕлын куы бахъӕуа, уӕддӕр. Фӕлӕ йын Чырысти загъта, зӕгъгӕ, растдӕр уыцы ’хсӕв, уасӕг дыууӕ хатты нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ мӕ зоныс, зӕгъгӕ. Петр ма суанг хи ӕппӕлӕгау дӕр афтӕ бакодта, се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн, зӕгъгӕ (Матфейы 26:31–35; Марчы 14:27–31; Лукайы 22:24–28).

Ӕвӕццӕгӕн ахъуыды кодтай, Чырысти Петрӕн кӕдмӕ хъуамӕ хатыр кодтаид, зӕгъгӕ? Фӕлӕ уыцы уӕззау рӕстӕг дӕр Чырыстийӕн сӕйрагдӕр уыдысты йӕ тӕригъӕдджын апостолты хорз миниуджытӕ. Кӕд ӕй зыдта, Петр ӕй ныууадздзӕн, уӕддӕр загъта: «Ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесӕфа. Ӕмӕ куы раздӕхай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн» (Лукайы 22:32). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Йесо кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, Петр йӕ рӕдыдыл кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн ӕмӕ дарддӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн. Ӕцӕгдӕр, Чырысти уыди хатыргӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ!

Фӕстӕдӕр Гефсиманы дыргъдоны Петрӕн цалдӕр хатты бахъуыд йӕ рӕдыдмӕ бацамонын. Чырысти Петрӕн, Иаковӕн ӕмӕ Иоаннӕн цалдӕр хатты загъта, цӕмӕй-иу ма бафынӕй уыдаиккой, цалынмӕ кувгӕ кодтаид, уӕдмӕ, фӕлӕ та-иу ногӕй бафынӕй сты, кӕд Йесо тынг зын уавӕры уыди ӕмӕ йӕ ’ххуыс хъуыди, уӕддӕр. Фӕлӕ сын Чырысти бамбӕрста сӕ уавӕр ӕмӕ сын ныххатыр кодта. Уый бӕрӕг уыд йӕ ныхӕстӕй: «Уд бӕргӕ фидар у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ у» (Марчы 14:32–38).

Уӕдмӕ фӕзынд тынг бирӕ адӕм, сӕ къухты цырӕгътӕ, хъаматӕ ӕмӕ хъилтӕ, афтӕмӕй. Уыцы рӕстӕг хъуыди хиуыл фӕхӕцын ӕмӕ уӕззау зондӕй архайын. Фӕлӕ Петр йӕхи нӕ баурӕдта, йӕ кӕрддзӕмӕй кард сласта ӕмӕ дзы хистӕр сауджыны цагъар Малхы хъус ахауын кодта. Чырысти фӕлмӕнӕй Петрӕн йӕ рӕдыдмӕ бацамыдта, стӕй цагъары хъусмӕ бавнӕлдта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хӕцӕнгарз сӕ къухмӕ кӕй хъуамӕ ма исой, ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст абоны онг дӕр ӕххӕст кӕнынц (Матфейы 26:47–55; Лукайы 22:47–51; Иоанны 18:10, 11). Чырысти Петрӕн уыцы хабары размӕ дӕр цал ӕмӕ цал хатты ныххатыр кодта. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, «не ’ппӕт дӕр арӕх [кӕй] рӕдийӕм» (Иаковы 3:2). Цымӕ ахӕм адӕймаг ис, ӕмӕ Хуыцауы раз алы бон дӕр чи нӕ рӕдийы? Фӕлӕ Петры бӕллӕхтӕ ууыл нӕ фесты. Разӕй ма йӕм «ӕнхъӕлмӕ каст» ноджы стырдӕр рӕдыд.

Петры ’ппӕты стырдӕр рӕдыд

Чырысти адӕмы размӕ рацыд ӕмӕ йӕ апостолтӕм бацамонгӕйӕ загъта, кӕд мӕн агурут, уӕд адоны ауадзут, зӕгъгӕ. Петры бон Йесойӕн ницӕмӕй уыд баххуыс кӕнын ӕмӕ ӕнцад касти, куыд ӕй бӕттынц, уымӕ. Уый фӕстӕ Петр дӕр иннӕ апостолтау алыгъд.

Петр ӕмӕ Иоанн иуцасдӕры фӕстӕ ӕрлӕууыдысты раздӕры хистӕр сауджыны хӕдзары раз. Чырыстийы уал фыццаг уырдӕм бакодтой, цӕмӕй йӕ ӕрфарстаиккой. Стӕй йӕ уырдыгӕй куы ракодтой, уӕд Петр ӕмӕ Иоанн сӕ фӕдыл цыдысты, фӕлӕ «дӕрддзӕфгомау» (Матфейы 26:58; Иоанны 18:12, 13). Петр тӕппуд адӕймаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕуынӕн дӕр лӕгдзинад хъуыди – уыцы адӕм уыдысты хӕцӕнгарзимӕ, стӕй дзы иуы та уыйразмӕ цӕвгӕ дӕр ныккодта. Фӕлӕ уӕддӕр, Петрӕй афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ йӕ Ахуыргӕнӕджы ӕнувыдӕй уарзта ӕмӕ бахъуаджы сахат цӕттӕ уыд йӕ цард раттынмӕ дӕр, кӕд уыйразмӕ уый тыххӕй сомы кодта, уӕддӕр (Марчы 14:31).

Петрау абон дӕр бирӕтӕ Чырыстийы фӕдыл «дӕрддзӕфгомау» цӕуынц, ома тӕрсынц, исчи сӕ куы базона, уымӕй. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Петр йӕхӕдӕг загъта, Чырыстийӕн йӕ къахвӕдтыл цӕуын кӕй хъӕуы. Уый та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕ хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмӕм, цыфӕнды зындзинӕдтӕ нӕ бавзарын ма бахъӕуа, уӕддӕр (1 Петры 2:21).

Петр адӕмы фӕдыл хъавгӕйӕ цыди, цалынмӕ иу хӕдзармӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ. Уыцы хӕдзар уыди Иерусалимы хъӕздыгдӕр хӕдзӕрттӕй иу. Царди дзы, стыр бартӕ кӕй къухы уыд, уыцы хистӕр сауджын. Уӕд-иу хӕдзӕрттӕ арӕзтой кӕрты алыварс, дуар та-иу уыд кӕрты акомкоммӕ. Петры мидӕмӕ нӕ бауагътой, фӕлӕ Иоанн уӕдмӕ кӕрты кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дуаргӕсӕн загъта, цӕмӕй йӕ ’рбауагътаиккой. Кӕртмӕ куы бацыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Иоаннимӕ нӕ баззад, стӕй мидӕмӕ хӕдзармӕ дӕр нӕ бацыд, цӕмӕй уыцы уӕззау рӕстӕг йӕ Ахуыргӕнӕджы фарсмӕ ӕрбалӕууыдаид. Петр бацыд лӕггадгӕнджыты цурмӕ, уыдон та сӕхи артмӕ тавтой, уымӕн ӕмӕ уыди уазал ӕхсӕв. Петр уыдта, Чырыстийы ныхмӕ цы мӕнг ӕвдисӕнты ссардтой, уыдон дыууӕрдӕм куыд кодтой, уый (Марчы 14:54–57; Иоанны 18:15, 16, 18).

Петры мидӕмӕ цы лӕггадгӕнӕг чызг ӕрбауагъта, уый йӕм арты рухсмӕ лӕмбынӕгдӕр куы бакаст, уӕд ӕй базыдта, ӕмӕ йын ӕртхъирӕн кӕнгӕйӕ загъта: «Ды дӕр галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ!» Петр ахӕм ныхасмӕ цӕттӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ стыхсти ӕмӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕхи, цыма ницы ’мбары, уый хуызӕн скодта. Уый фӕстӕ йӕхи дуармӕ хӕстӕгдӕр байста, цӕмӕй йӕ ма базыдтаиккой, фӕлӕ та йӕ уӕддӕр ӕндӕр чызг базыдта ӕмӕ йын уый дӕр афтӕ бакодта: «Ай дӕр назаретаг Йесоимӕ уыди». Фӕлӕ Петр расомы кодта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын!» (Матфейы 26:69–72). Ӕвӕццӕгӕн, дыккаг хатт куы загъта, Чырыстийы кӕй нӕ зоны, уӕд райхъуыст уасӕджы хъӕр. Фӕлӕ ӕгӕр тыхст кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдыл не ’рлӕууыд, цалдӕр сахаты размӕ Йесо цы загъта, уый.

Петр кӕд йӕхи бамбӕхсыныл архайдта, уӕддӕр ӕм, кӕрты цы адӕм лӕууыд, уыдон хӕстӕгдӕр бацыдысты. Сӕ иу уыди, хъамайӕ кӕй ныццавта, уыцы лӕджы хӕстӕг. Уыцы адӕймаг Петрӕн загъта: «Дыргъдоны дӕ йемӕ нӕ федтон?» Фӕлӕ Петр нӕ басаст. Карз сомы дӕр ма ракодта, зӕгъгӕ мыл ӕппӕт фыдбылызтӕ дӕр ӕрцӕуӕнт, кӕд сайгӕ кӕнын, уӕд. Куыддӕр расомы кодта, афтӕ уасӕг ныууасыд – уыцы ’хсӕв дыккаг хатт (Иоанны 18:26, 27; Марчы 14:71, 72).

Растдӕр уыцы рӕстӕг Чырыстийы балкъонмӕ ракодтой ӕмӕ кӕртмӕ акаст. Ӕмӕ статьяйы райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Петримӕ фемдзаст сты. Уӕд Петр бамбӕрста, йӕ Ахуыргӕнӕджы ныхмӕ куыд тынг фӕрӕдыд, уый. Уыцы уӕззау хъуыдытимӕ Петр ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ Иерусалимы уынгты фӕцӕйцыд. Цалхыдзаг мӕй йын йӕ фӕндаг рухс кодта, фӕлӕ йӕ размӕ ницы уыдта. Йӕ цӕстытӕ доны разылдысты ӕмӕ цудтытӕгӕнгӕ цыди. Стӕй йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ богъ-богъӕй ныккуыдта (Марчы 14:72; Лукайы 22:61, 62).

Адӕймаг уӕззау рӕдыд куы ӕруадзы, уӕд ӕм арӕх афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йын ныххатыр кӕнӕн нӕй. Петр дӕр, чи зоны, афтӕ хъуыды кодта. Фӕлӕ цымӕ йӕ рӕдыдӕн ӕцӕгдӕр ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд?

Цымӕ Чырысти Петрӕн ныххатыр кодта?

Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм: бон ӕрбацъӕх, фӕлӕ Петрӕн йӕ тар хъуыдытӕ ӕнцой нӕ дӕттынц. Йӕ хъустыл ногӕй ӕмӕ ногӕй айзӕлынц йӕ ныхӕстӕ, афтӕ кӕй загъта, Чырыстийы нӕ зонын, зӕгъгӕ. Ног бон та йын ӕрхаста ноджы стырдӕр маст. Ахъуыды-ма кӕнӕм, йӕхи куыд ӕфхӕрдтаид, Чырыстийӕн уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ куы бавзарын кодтой ӕмӕ йӕ сихорыл куы амардтой, уӕд! Йесойы кӕй ныууагъта ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ царды фӕстаг бон йӕ рыстыл кӕй бафтыдта, ууыл-иу, ӕвӕццӕгӕн, цал хатты ахъуыды кодта, уал хатты-иу йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕт кодта. Кӕд Петры мастӕн кӕрон нӕ уыд, уӕддӕр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста. Афтӕ уый тыххӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Библийы куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, уыцы хабӕртты фӕстӕ иннӕ апостолтимӕ иумӕ уыди (Лукайы 24:33). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, апостолтӕ тынг фӕсмон кодтой, уыцы ӕнамонд ӕхсӕв сӕхи куыд дардтой, ууыл ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ныфсытӕ ’вӕрдтой.

Кӕд Петр тынг зын уавӕры уыд, уӕддӕр лӕгдзинад равдыста. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг куы фӕрӕдийы, уӕд сӕйрагдӕр уый нӕ вӕййы, йӕ тӕригъӕд стыр уыд ӕви гыццыл, фӕлӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын ӕмӕ йӕ рӕдыд сраст кӕнын фӕнды ӕви нӕ (Ӕмбисӕндтӕ 24:16). Петры фидар уырнындзинад уымӕй рабӕрӕг, ӕмӕ иннӕ апостолты ӕрцагуырдта, кӕд ныфссаст уыд, уӕддӕр. Адӕймаг истӕуыл ӕнкъард куы вӕййы кӕнӕ йӕ ныфс куы асӕтты, уӕд йӕхи иннӕтӕй дард фӕласы, фӕлӕ уый тӕссаг у (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Хуыздӕр вӕййы, Хуыцауӕн иумӕ кӕимӕ лӕггад кӕнӕм, уыдонимӕ ӕнгом куы вӕййӕм ӕмӕ та нӕ уырнындзинад бафидар кӕныныл куы фӕархайӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн дарддӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

Петр иннӕ апостолтимӕ кӕй уыд, уый руаджы фехъуыста диссаджы хабар: Чырыстийы мард зӕппадзы нал ис. Петр ӕмӕ Иоанн уайтагъд уырдӕм азгъордтой. Иоанн Петрӕй фӕраздӕр ис, ӕвӕццӕгӕн дзы кӕстӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Зӕппадзы дуарыл мыхуыр ӕвӕрд уыд, фӕлӕ йӕ ныр гомӕй куы ӕрбаййӕфта, уӕд мидӕмӕ бацӕуын йӕ ныфс нӕ бахаста. Петр та ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ, йӕ лӕф-лӕф нӕма ссыд, афтӕмӕй мидӕмӕ бакъахдзӕф кодта. Зӕппадз разынд афтид! (Иоанны 20:3–9).

Цымӕ Петры бауырныдта, Чырысти кӕй райгас, уый? Фыццаг нӕ, кӕд сылгоймӕгтӕ апостолтӕн фехъусын кодтой, зӕдтӕ сӕм кӕй фӕзындысты ӕмӕ сын кӕй загътой, Йесо кӕй райгас, уӕддӕр (Лукайы 23:55–24:11). Фӕлӕ уыцы бон изӕрырдӕм Петры мастӕн ӕмӕ дызӕрдыггаг хъуыдытӕн сӕ кой дӕр нал уыд. Чырысти ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ ныр у зӕд! Цалынмӕ Йесо апостолтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр нӕ фӕзынд, уӕдмӕ уал сарӕзта иу ахсджиаг хъуыддаг. Уыцы бон апостолтӕ загътой: «Хицау ӕцӕгдӕр райгас ӕмӕ Симонмӕ фӕзынд!» (Лукайы 24:34). Фӕстӕдӕр апостол Павел дӕр загъта, Чырысти кӕй «фӕзынд Кифӕмӕ, стӕй дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:5). Петры ма хуыдтой Кифӕ ӕмӕ Симон дӕр. Уӕдӕ уал Чырысти фыццаг фӕзынд Петрмӕ.

Библийы фыст не ’рцыд, Чырысти Петрмӕ куы фӕзынд, уӕд кӕрӕдзийӕн цы загътой, уый. Фӕлӕ ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, Петрӕн куыд ӕхсызгон уыдаид Йесойы фенын. Ӕвӕццӕгӕн ын загъта, йӕ рӕдыдыл тынг кӕй фӕсмон кӕны. Уыцы рӕстӕг Петрӕн йӕ царды стырдӕр бӕллиц уыди, Чырысти йын куы ныххатыр кодтаид, уый. Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йесо йын зӕрдиагӕй кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чи фӕрӕдийы, уыдон хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой Петры хабар. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Хуыцау никуы ныххатыр кӕндзӕн. Чырысти ныххатыр кодта Петрӕн, ӕмӕ уымӕй бафӕзмыдта йӕ Фыды. Хуыцауы тыххӕй та Библийы фыст ис, «зӕрдиагӕй [кӕй] хатыр кӕны» (Исай 55:7).

Чырысти Петрӕн ӕцӕгдӕр ныххатыр кодта

Чырысти йӕ апостолтӕн загъта, кӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн Галилейы. Апостолтӕ уырдӕм куы ӕрцыдысты, уӕд Петры бафӕндыд Галилейы денджызмӕ кӕсаг ахсынмӕ ацӕуын. Апостолтӕй дӕр йемӕ цалдӕрӕй ацыдысты. Уӕдӕ та Петр ӕрбаздӕхт, йӕ царды фылдӕр ӕмбис кӕм арвыста, уыцы бынатмӕ. Цы удӕнцой йын ӕрхастаиккой бӕлӕгъы хъыррыст ӕмӕ денджызы уылӕнты хъӕр, стӕй цы ӕхсызгонӕй райстаид йӕ къухтӕм дӕрзӕг кӕсагахсӕн хыз. Цымӕ Чырыстийы зӕххон цард кӕй фӕци, уымӕ гӕсгӕ Петр, мыййаг, афтӕ ахъуыды кодта, дарддӕр мӕ цард куыд аразон, зӕгъгӕ? Цымӕ та йӕ ногӕй фӕндыд кӕсаг ахсыны куыст кӕнын? Куыдфӕнды ма уыдаид, уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой (Матфейы 26:32; Иоанны 21:1–3).

Сӕумӕ райсомӕй сӕм чидӕр былӕй ӕрбахъӕр кодта, цӕмӕй сӕ хыз бӕлӕгъы иннӕ фарс баппӕрстаиккой. Апостолтӕ йӕм байхъуыстой ӕмӕ ӕрцахстой 153 кӕсаджы! Петр уыцы адӕймаджы базыдта. Донмӕ ныггӕпп кодта ӕмӕ былмӕ аленк кодта. Се ’рбацыдмӕ сын Йесо цӕхӕртыл ӕрцӕттӕ кодта кӕсаг, стӕй райдыдта Петримӕ ныхас кӕнын.

Чырысти, ӕвӕццӕгӕн, Петрӕн бацамыдта, цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстой, уыдонмӕ ӕмӕ йӕ бафарста, «адонӕй мӕ фылдӕр уарзыс», зӕгъгӕ? Цымӕ Петр кӕсагахсыны куыст Йесойӕ фылдӕр уарзта? Уый размӕ Петр ӕртӕ хатты загъта, Чырыстийы нӕ зонын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕ ныр Йесо иннӕ апостолты раз ӕртӕ хатты бафарста, уарзы йӕ ӕви нӕ, ӕмӕ йын афтӕмӕй фадат радта, цӕмӕй йын ӕргом загътаид, куыд тынг ӕй уарзы, уый. Петр ӕртӕ хатты о, уарзын дӕ, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ын Чырысти бамбарын кодта, йӕ уарзондзинад цӕмӕй хъуамӕ бӕрӕг уыдаид, уый: Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй йын ахсджиагдӕр хъуамӕ мацы уыдаид, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ уӕрыччыты хызтаид, ома йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн разамынд лӕвӕрдтаид ӕмӕ сӕм йӕ хъус дардтаид (Иоанны 21:4–17).

Афтӕмӕй Чырысти Петрӕн бамбарын кодта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йын Хуыцау дӕр кӕй аргъ кӕнынц ӕмӕ нырма бирӕ пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Йесойы разамындӕй Петр хъуамӕ чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хъуыддаг ӕххӕст кодтаид. Уымӕй стырдӕр бӕлвырдгӕнӕн ма цы хъуамӕ уыдаид, ӕцӕгдӕр ын кӕй ныххатыр кодта. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Петры зӕрдӕйы ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад стыр фӕд кӕй ныууагъта.

Петр бирӕ азты ӕнувыдӕй ӕххӕст кодта, Чырысти йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йын куыд ныффӕдзӕхста, афтӕ бафидар кодта иннӕ апостолты. Петр фӕлмӕнӕй ӕмӕ фӕразонӕй «хызта» Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты. Симон сси, Йесо йын цы ном радта, уый хӕссыны аккаг. Чырысти йӕ схуыдта Петр, ома Къӕдзӕх. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Петр ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр сси фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, банцой кӕнӕн кӕуыл уыд, ахӕм къӕдзӕхы хуызӕн. Афтӕ кӕй уыд, уый бӕрӕг у, цы дыууӕ диссаджы фӕлмӕн фыстӕджы ныффыста, уыдонӕй. Нӕ бон сӕ ссарын у Библийы. Уыцы писмотӕй бӕрӕг у, Петр кӕй нӕ ферох кодта, ӕцӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, цы у, уый (1 Петры 3:8, 9; 4:8).

Уӕдӕ мах дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕм уыцы миниуӕг уа. Цымӕ алы бон дӕр Хуыцауӕй нӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр фӕкурӕм? Уырны нӕ, ӕцӕгдӕр нын кӕй хатыр кӕны? Нӕхӕдӕг та иннӕтӕн ныххатыр кӕнӕм? Кӕд ацы фарстатӕн нӕ бон «о» зӕгъын у, уӕд нӕ уырнындзинад Петры уырнындзинадау фидар уыдзӕн ӕмӕ Чырыстийау фӕлмӕнзӕрдӕ уыдзыстӕм.

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

Чырысти Петрӕн бирӕ хатт ныххатыр кодта, фӕлӕ цымӕ ахӕм адӕймаг ис, ӕмӕ Хуыцауы раз алы бон дӕр чи нӕ рӕдийы?

[Ныв 23 фарсыл]

«Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст»

[Ныв 24 фарсыл]

«Хицау... Симонмӕ фӕзынд!»