Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Дӕ паддзахад никуы фӕцуддзӕн»

«Дӕ паддзахад никуы фӕцуддзӕн»

2 САМУИЛЫ 7:1–16

ИСТОРИМӔ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, бирӕ хицӕутты кӕй систой сӕ бынӕттӕй. Иуӕй-иутӕ сӕ бынатӕй фӕхаудысты, адӕм сыл кӕй нал схъӕлӕс кодтой, уый тыххӕй, иннӕты та сӕ бынатӕй «ӕппаргӕ» ракодтой. Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Цымӕ Хуыцауӕй ӕвӕрд Паддзахӕн йӕ бынатӕй сисынӕй тӕссаг у? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, Йегъовӕ рагон Израилы паддзах Давидӕн цы загъта, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты 2 Самуилы чиныджы 7 сӕры.

Ацы сӕры райдианы куыд фыст ис, афтӕмӕй паддзах Давид тыхсти, Хуыцауы бадзырды чырын цатыры кӕй ис, йӕхӕдӕг та рӕсугъд галуаны кӕй цӕры, ууыл *. Давиды бафӕндыд саразын хӕдзар, кӕнӕ кувӕндон, цӕмӕй дзы адӕм Йегъовӕйы кадджын кодтаиккой (2 стих). Фӕлӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Нафаны уылты Давидӕн фехъусын кодта, уыцы кувӕндон йӕ фырт Соломон кӕй сараздзӕн (4, 5, 12 ӕмӕ 13 стихтӕ).

Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон уыд Давиды сыгъдӕгзӕрдӕ фӕнд. Афтӕ ӕнувыд ыл кӕй уыд, стӕй уый размӕ уый тыххӕй пехуымпарты уылты дӕр кӕй загъта, уымӕ гӕсгӕ йемӕ бадзырд скодта, дӕ байзӕддӕгтӕй иу ӕнустӕм паддзах уыдзӕн, зӕгъгӕ. Нафан Давидӕн фехъусын кодта Хуыцауы фидар зӕрдӕвӕрд: «Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, дӕ паддзахбадӕн фидар лӕудзӕн ӕнустӕм» (16 стих). Ӕнустӕм паддзах чи уыдзӕн, уыцы байзӕддаг чи хъуамӕ суыдаид? (Псалом 89:20, 29, 34–36).

Уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты Йесо Чырыстийыл. Зӕд Мӕрийӕйӕн куы фехъусын кодта, фырт ын кӕй райгуырдзын, уӕд загъта: «Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн. Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:32, 33). Уӕдӕ Хуыцау Давидӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Паддзах сси Чырысти. Уӕдӕ Йесо Чырысти цавӕрдӕр адӕймаджы фӕндмӕ гӕсгӕ нӕу Паддзах, фӕлӕ Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ – уый йын радта бартӕ, цӕмӕй ӕнустӕм Паддзах уа. Уӕдӕ макуы рох кӕнӕм, Хуыцау йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны (Исай 55:10, 11).

2 Самуилы чиныгӕй 7 сӕрӕй мах ахуыр кӕнӕм дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл. Фыццаг: нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Чырыстийы кӕй ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй йӕ Паддзахы хӕстӕ ӕххӕст кӕна. Йесо сӕххӕст кӕндзӕн, бартӕ йын цӕй тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыдысты, уыцы хъуыддаг ӕмӕ уӕд Хуыцауы фӕндон уыдзӕн зӕххыл дӕр, уӕлӕрвты куыд у, афтӕ (Матфейы 6:9, 10).

Дыккаг: Библийӕ цы хабарыл аныхас кодтам, уый нын стыр ныфсы хос у, уымӕн ӕмӕ нӕ бон у фылдӕр базонын Йегъовӕйы тыххӕй. Нӕ зӕрдыл ма ’рлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй федта Давиды зӕрдӕ. Ацы хабар ууыл дзурӕг у, Йегъовӕ кӕй аргъ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн. Иуӕй-иу хатт сӕмбӕлӕм, фӕивын нӕ бон кӕй нӕу, ахӕм уавӕртыл. Зӕгъӕм, не ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта ӕмӕ ныл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй нӕ бон нал вӕййы Хуыцауӕн, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнын. Кӕд мах дӕр ахӕм уавӕрты стӕм, уӕд-иу нӕ ма рох кӕнӕд, Йегъовӕ кӕй уыны суанг нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дӕр ӕмӕ нӕ куыд тынг фӕнды, цӕмӕй йын нӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Бадзырды чырын у Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы кӕмӕй пайда кодтой, ахӕм асыкк. Скодтой йӕ Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕмӕ уый куыд бацамыдта, афтӕ. Бадзырды чырын амыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уымӕ (Рацыд 25:22).