Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы фӕдыл «зӕрдиагӕй» цӕут?

Чырыстийы фӕдыл «зӕрдиагӕй» цӕут?

Чырыстийы фӕдыл «зӕрдиагӕй» цӕут?

«Уӕвгӕ сымах кӕнгӕ дӕр афтӕ кӕнут, ӕмӕ... афтӕ кӕнут ноджы зӕрдиагдӕрӕй» (1 ФЕС. 4:1).

1, 2. а) Йесойы рӕстӕджы бирӕтӕ цавӕр диссӕгтӕ федтой? ӕ) Мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

ИСКУЫ хъуыды кодтай, куыд хорз уыдаид, Чырысти зӕххыл куы уыд, уыцы рӕстӕг цӕрын? Чи зоны, хъуыды кодтай, исты низӕй дӕ куыд сдзӕбӕх кодтаид ӕмӕ, низты аххосӕй адӕймаг цы хъизӕмӕрттӕ бавзары, уыдонӕй куыд фервӕзтаис. Кӕнӕ, чи зоны, хъуыды кодтай, куыд ӕхсызгон уыдаид, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ хъусын ӕмӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон уынын (Марчы 4:1, 2; Лук. 5:3–9; 9:11). Ӕвӕдза, куыд хорз уыдаид, Йесо ахӕм хъуыддӕгтӕ куы арӕзта, уыцы рӕстӕг цӕрын! (Лук. 19:37). Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм ахӕм диссӕгтӕ никуыуал федтой ӕмӕ, Чырысти «йӕхи нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ» зӕххыл цы сарӕзта, уый никуыуал уыд ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн (Дзут. 9:26; Иоан. 14:19).

2 Мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый дӕр у ахсджиаг. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Фыстадмӕ гӕсгӕ мах цӕрӕм «кӕроны рӕстӕджы» кӕнӕ «фӕстаг бонты» (Дан. 12:1–4, 9; 2 Тим. 3:1). Кӕроны рӕстӕджы Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд. Тагъд ӕй Чырысти сбӕтдзӕн ӕмӕ йӕ «дӕлдзӕхмӕ» ныппардзӕн (Рарг. 12:7–9, 12; 20:1–3). Уымӕй уӕлдай ма нӕм абон ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ архайӕм, чи никуыуал уыдзӕн, уыцы хъуыддаджы – ӕгас зӕххыл дӕр «паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн дзурӕм, зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй (Матф. 24:14).

3. Йесо уӕлӕрвтӕм ссӕуыны хӕдразмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта ӕмӕ уымӕ цы хауди?

3 Йесо уӕлӕрвтӕм ссӕуыны хӕдразмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «[Сымах] мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Ап. хъ. 1:8). Хъусын кӕныны хъуыддаг хъуамӕ апарахат уыдаид ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Уыцы хъуыддагӕн йӕ нысан цы уыд? Чырыстӕттӕ хъуамӕ кӕроны размӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой, цӕмӕй ма ноджы фылдӕр адӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой (Матф. 28:19, 20). Кӕд нӕ фӕнды Чырыстийы хӕслӕвӕрд ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕнын, уӕд нӕ цы хъӕуы аразын?

4. а) 2 Петры 3:11, 12 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон цӕуыл дзурӕг сты? ӕ) Цӕмӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм нӕхи?

4 Дӕ хъус-ма ӕрдар, апостол Петр цы загъта, уымӕ: «Ахъуыды [ма] кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ уӕ зӕрдыл даргӕйӕ!» (2 Пет. 3:11, 12). Петры ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ ацы фӕстаг бонты лӕмбынӕг уӕм ӕмӕ нын ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуамӕ уа, Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уый. Уымӕ хауы хорз хабар хъусын кӕнын. Куыд ӕхсызгон нын у, ӕгас зӕххыл дӕр не ’фсымӕртӕ Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъусынц ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнынц! Фӕлӕ ма ӕмбарӕм, алы бон дӕр кӕй хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕджы дуне ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ма бахъыгдарой Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Цӕй уӕдӕ ’ркӕсӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл дарддӕр дӕр цӕуӕм.

Ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд хӕстӕ

5, 6. а) Павел Иерусалимы чырыстӕттӕй цӕй тыххӕй раппӕлыд ӕмӕ сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста? ӕ) Хуыцауӕй лӕвӕрд хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм?

5 Павел Иерусалимы чырыстӕттӕм цы фыстӕг ныффыста, уым сӕ раппӕлыд, фӕлварӕнты иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, уый тыххӕй: «Уӕ зӕрдыл дарут, раздӕр, Хуыцауы рухс куы федтат, уӕд, хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ стыр тохы куыд фидар фӕлӕууыдыстут, уый». Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нӕ ферох кодта, уыцы чырыстӕттӕ йын иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодтой, уый (Дзут. 6:10; 10:32–34). Павел сӕ афтӕ кӕй раппӕлыд, уый сӕ куыннӕ бафидар кодтаид. Фӕлӕ ма сӕ уыцы фыстӕджы фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, адӕймаг йӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтимӕ куы нӕ тох кӕна, уӕд Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ кӕй нал лӕггад кӕндзӕн. Павел загъта, чырыстӕттӕ кӕй хъуамӕ уой къӕрцхъус, цӕмӕй «афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, чи дзуры, уымӕ нӕ хъусынц», ома Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм ма хъусой, уымӕн сӕхицӕн ӕфсӕнттӕ ма агурой (Дзут. 12:25).

6 Павел йе ’мчырыстӕтты цӕмӕй бафӕдзӕхста, уый хауы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм абон дӕр. Ӕмбырды нын цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ зынг ахуыссын кӕнын ма бауадзӕм (Дзут. 10:39). Уымӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕй кӕнгӕ у нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр (1 Тим. 4:16).

7, 8. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн? ӕ) Кӕд раздӕрау зынгзӕрдӕ нал стӕм, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

7 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхицӕн ӕфсӕнттӕ ма агурӕм ӕмӕ ныл Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уыдон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм? Иу уый, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, Хуыцауӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, уый цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Мах Йегъовӕйӕн дзырд радтам, йӕ фӕндон ын нӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрдзыстӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды уыцы дзырд дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнын. (Бакӕс Матфейы 16:24.) Уымӕ гӕсгӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм: «Донаргъуыд куы райстон ӕмӕ Хуыцауӕн нывонддзырд куы радтон, уӕд уыцы дзырдмӕ гӕсгӕ куыд зӕрдиагӕй архайдтон, абон дӕр афтӕ у? Ӕви рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кӕнын?»

8 Уыцы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ куы бамбарӕм, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй нал лӕггад кӕнӕм, уӕд хорз уаид пехуымпар Софонийы ныхӕстӕ ӕрхъуыды кӕнын: «Дӕ къухтӕ ма ӕруадз. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ де ’хсӕн ис. Уый у хъомысджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕндзӕн. Дӕумӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ райдзӕн» (Соф. 3:16, 17). Ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ, фыццаджыдӕр, хаудысты рагон израилӕгтӕм, Вавилоны уацарӕй Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Фӕлӕ ма абон ныфс уадзынц Хуыцауы адӕмы дӕр. Мах аразӕм, Йегъовӕ нын цы куыст бахӕс кодта, уый ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо кӕй ӕххуыс кӕнынц нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн (Матф. 28:20; Фил. 4:13). Хуыцауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ куы архайӕм, уӕд нын арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн.

Зынгзӕрдӕ ут ӕмӕ «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад»

9, 10. Цы нысан кӕны Йесойы фӕсномыг ныхас стыр куывды тыххӕй ӕмӕ нын зондзонӕн цӕмӕй у?

9 Йесо фарисейты хистӕры хӕдзары куы минас кодта, уӕд радзырдта фӕсномыг ныхас, иу лӕг стыр куывд куыд скодта, уый тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхасӕй равдыста, алыхуызон адӕмӕн кӕй фӕзынд фадат уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуынӕн. Равдыста ма, куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ адӕймаг йӕхицӕн ӕфсӕнттӕ агурын райдайа, цӕмӕй йыл Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уыдон ма ӕххӕст кӕна. (Бакӕс Лукайы 14:16–21.) Йесойы фӕсномыг ныхасы уазӕгуаты кӕй фӕхуыдтой, уыдон ӕфсӕнттӕ агурын райдыдтой, цӕмӕй куывдмӕ ма ’рбацыдаиккой. Сӕ иу загъта, зӕгъгӕ, зӕхх балхӕдтон, ӕмӕ йӕ хъуамӕ фенон. Иннӕ та загъта, дӕс галы кӕй балхӕдта, ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ кӕй цӕуы. Иу та йын афтӕ бакодта: «Ус нырма гъеныр ракуырдтон, ӕмӕ мӕ бон ацӕуын нӕу». Уыдон ӕцӕг ӕфсӕнттӕ нӕ уыдысты. Галтӕ ӕмӕ уал хуымтӕ раздӕр уынгӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ стӕй та ӕлхӕнгӕ бакӕнынц, ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ фӕлварын ӕнӕмӕнг нӕу. Стӕй ус чи ракуырдта, уыцы адӕймаджы уый цӕмӕн хъуамӕ бакъуылымпы кодтаид, цӕмӕй ахӕм ахсджиаг куывдмӕ ма рацыдаид? Уӕдӕ диссаг нӕу, фӕсномыг ныхасы фысым тынг кӕй смӕсты, уый!

10 Хуыцауы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йесойы фӕсномыг ныхас у зондзонӕн. Цӕмӕй? Йесо цы хъуыддӕгты кой кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕ нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр макуы хъуамӕ суой. Чырыстон адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕ, цы бынаты ӕмбӕлы, уым куы не ’вӕра, уӕд гыццылгай йӕ зӕрдӕйы зынг ӕрмынӕг уыдзӕн. (Бакӕс Лукайы 8:14.) Цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрӕм Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матф. 6:33). Куыд ӕхсызгон у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр – ацы ныхӕстӕм кӕй хъусынц, уый! Бирӕтӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, цӕмӕй сӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын уа. Уыдон сӕхиуыл бавзӕрстой, ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын стыр циндзинад кӕй хӕссы.

11. Цавӕр хабарӕй зыны, Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ахсджиаг кӕй у?

11 Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый зыны Израилы паддзах Иоасы хабарӕй. Паддзах мӕт кодта, сириӕгтӕ израилӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, ууыл ӕмӕ Елисеймӕ хъарӕггӕнгӕ бацыд, зӕгъгӕ, ныр цы фӕуӕм. Пехуымпар ын загъта, цӕмӕй фат райстаид ӕмӕ йӕ рудзынгӕй Сирийырдӕм фехстаид. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сын Йегъовӕ уӕлахиздзинад хъуамӕ радтаид. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы хабар паддзахы кӕй бафидар кодта. Уый фӕстӕ йын Елисей загъта, цӕмӕй йӕ фаттӕ райстаид ӕмӕ сӕ зӕххыл ӕрцавтаид. Ӕмӕ сӕ Иоас ӕртӕ хатты ӕрцавта. Елисей йӕм рамӕсты, уымӕн ӕмӕ сӕ фондз кӕнӕ ’хсӕз хатты куы ӕрцавтаид, уӕд «сириӕгты бындзагъд фӕкодтаид». Фӕлӕ ныр Иоас фӕуӕлахиз уыдаид ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты. Уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй кӕй нӕ бакодта, уый тыххӕй йын бирӕ нӕ бантыст (2 Пад. 13:14–19). Цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы хабарӕй? Йегъовӕ нын арфӕ кӕндзӕн, йӕ хъуыддаг ын ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы аразӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд.

12. а) Зындзинӕдты дӕр Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ цӕй фӕрцы лӕггад кӕндзыстӕм? ӕ) Радзур, Хуыцауы хъуыддӕгты ӕдзухдӕр кӕй архайыс, уый дын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй.

12 Царды нын исты зындзинӕдтӕ куы фӕзыны, уӕд нын ӕнцон нӕ вӕййы Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ йын цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕтӕн цардамӕлттӕ кӕнын фӕзын вӕййы. Кӕмӕндӕрты та сӕ ныфс асӕтты, сӕ низы аххосӕй сӕ бон Йегъовӕйӕн бирӕ лӕггад кӕнын кӕй нал вӕййы, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕмӕн дӕр йӕ бон у архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл зӕрдиагӕй цӕуӕм. Дӕ хъус-ма ӕрдар, рамкӕйы, «Цы дын баххуыс кӕндзӕн Чырыстийы фӕдыл цӕуынӕн?», зӕгъгӕ, цы уынаффӕтӕ ӕмӕ Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдонмӕ. Ахъуыды-иу кӕн, куыд у дӕ бон уыцы уынаффӕтӕй спайда кӕнын. Хуыцауы хъуыддӕгты ӕдзухдӕр кӕй архайӕм, уый фӕрцы чырыстон фӕндагыл фидар къахдзӕфтӕй цӕуӕм, бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын стӕм ӕмӕ нын уый хӕссы ӕцӕг фарн ӕмӕ амонд (1 Кор. 15:58). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы йӕ «боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ нӕ зӕрдыл дарӕм» (2 Пет. 3:12).

Дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕс

13. Нӕ бон Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын куыд у, уый куыд сбӕлвырд кӕнӕм?

13 Хорз уаид зӕрдыл дарын, ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, цас фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй аразгӕ кӕй нӕу. Нӕ уавӕртӕ ӕмхуызон не сты. Кӕд адӕймаг, йе ’нӕниздзинад ын цас амоны, уыйас аразы, уӕд алы мӕй иу кӕнӕ дыууӕ сахаты дӕр куы хъусын кӕна, уӕддӕр дзы Йегъовӕ райгонд уыдзӕн. (Абар Марчы 12:41–44.) Уӕдӕ махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын куыд у, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ уавӕртыл ӕмӕ нӕ курдиӕттыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, уый куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:5; 1 Кор. 2:16.) Йесойӕн йӕ царды сӕйрагдӕр цы уыди? Уый базонӕн ис, Капернаумы адӕмӕн цы загъта, уымӕй: «[Мӕн] хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43; Иоан. 18:37). Чырысти куыд зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнӕг уыд, уый дӕ зӕрдыл дар ӕмӕ дӕ уавӕртыл ахъуыды кӕн, цӕмӕй базонай, дӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын у ӕви нӕ (1 Кор. 11:1).

14. Нӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын куыд у?

14 Нӕ уавӕртыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд, чи зоны, бамбарӕм, нӕ бон кӕй у фылдӕр хъусын кӕнын (Матф. 9:37, 38). Зӕгъӕм, ӕрыгӕттӕй минтӕ скъолайы фӕстӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сын уый абон хӕссы стыр циндзинад. Дӕу дӕр нӕ фӕнды афтӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын, цӕмӕй ды дӕр ахӕм циндзинад банкъарай? Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ сӕ уавӕртыл ахъуыды кодтой ӕмӕ сфӕнд кодтой, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын. Чидӕртӕ та сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг, цӕмӕй ӕрцӕуӕггӕгтӕн хорз хабар хъусын кӕной. Чи зоны нын фылдӕр лӕггад кӕнын ӕнцон ма уа, фӕлӕ нын уыцы хъуыддаг хӕссы бирӕ арфӕдзинӕдтӕ, стӕй афтӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, «ӕцӕгдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонынӕн» (1 Тим. 2:3, 4; 2 Кор. 9:6).

Библийы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм

15, 16. Цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, уый тыххӕй нӕ бон кӕй у фӕзмын?

15 Иуӕй-иу апостолтӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куыд систы? Библийы Матфейы тыххӕй фыст ис: «Уый... ӕппӕт дӕр ныууагъта, сыстад ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыд» (Лук. 5:27, 28). Петр ӕмӕ Андрей та уыдысты кӕсагахсджытӕ ӕмӕ Библийы уыдоны тыххӕй фыст ис: «Уыдон сӕ хызтӕ уайтагъд ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты». Уый фӕстӕ Чырысти фембӕлд Иаков ӕмӕ Иоанныл, сӕ фыдимӕ сӕ хызтӕ ӕмпъызтой, афтӕмӕй. Чырысти сын куы загъта, зӕгъгӕ, мӕ фӕдыл рацӕут, уӕд куыд бакодтой? «Уыдон дӕр уайтагъд сӕ бӕлӕгъ ӕмӕ сӕ фыды уым ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты» (Матф. 4:18–22).

16 Ӕндӕр хорз цӕвиттон та у Савл, апостол Павел чи сси, уый. Кӕд раздӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты карзӕй ӕфхӕрдта, уӕддӕр уый фӕстӕ фӕивта ӕмӕ йӕ Чырысти равзӕрста, цӕмӕй йын йӕ номы тыххӕй хъусын кодтаид. Павел «ӕвӕстиатӕй райдыдта ӕмбырдгӕнӕнты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, зӕгъгӕ, уый у Хуыцауы Фырт» (Ап. хъ. 9:3–22). Ӕмӕ кӕд уӕззау фӕлварӕнтыл ӕмбӕлд ӕмӕ ’фхӕрд ӕййӕфта, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы зынг никуы ахуыссыд (2 Кор. 11:23–29; 12:15).

17. а) Цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуай, уый тыххӕй дӕ цы фӕнды аразын? ӕ) Йегъовӕйы фӕндон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй кӕй ӕххӕст кӕныс, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй дӕ хайджын?

17 Дзырд дӕр ыл нӕй, кӕй нӕ фӕнды уыцы ахуыргӕнинӕгты фӕзмын ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл ӕнӕзивӕгӕй цӕуын (Дзут. 6:11, 12). Уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй кӕй аразӕм, уый нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы? Хуыцауы фӕндон ӕмӕ нын ӕмбырды цы кадджын хӕстӕ ис, уыдон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый нын у стыр цины хос. (Пс. 40:8; бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 4:1.) Ӕцӕгдӕр, Чырыстийы фӕдыл цӕуыныл ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы ис фарн ӕмӕ нӕ цардӕй стӕм райгонд. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын стӕм ӕмӕ нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (1 Тим. 4:10).

Бахъуыды кодтай?

• Цавӕр ахсджиаг куыст нын бахӕс кодта Хуыцау ӕмӕ йӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

• Нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

• Цӕуыл нӕ хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн Чырыстийы фӕдыл цӕуынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 27 фарсыл]

Цы дын баххуыс кӕндзӕн Чырыстийы фӕдыл цӕуынӕн?

▪ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕс ӕмӕ-иу цы бакӕсай, ууыл хъуыды кӕн (Пс. 1:1–3; 1 Тим. 4:15).

▪ Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна ӕмӕ дын йӕ сыгъдӕг уды уылты разамынд дӕтта (Зах. 4:6; Лук. 11:9, 13).

▪ Зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ лымӕн кӕн (Ӕмб. 13:20; Дзут. 10:24, 25).

▪ Дӕ зӕрдыл дар, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый (Еф. 5:15, 16).

▪ Адӕймаг йӕхицӕн ӕфсӕнттӕ кӕй фӕагуры, уый цӕмӕ ’ркӕны, уый дӕ зӕрдыл дар (Лук. 9:59–62).

▪ Ӕдзух хъуыды кӕн, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, ууыл, стӕй Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл зӕрдиагӕй кӕй цӕуыс, уый дын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, ууыл дӕр (Пс. 116:12–14; 133:3; Ӕмб. 10:22).