Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау кӕм уыди?

Хуыцау кӕм уыди?

Хуыцау кӕм уыди?

2001 азы 11 сентябры Америкӕйы террористты аххосӕй ӕрцыд цалдӕр бӕллӕхы. Фыццаг бӕллӕх ӕрцыд Нью-Йорчы, райсомӕй 9 сахатмӕ ’ввахс: террористтӕ хӕдтӕхӕг комкоммӕ сарӕзтой, адӕм кӕм куыстой, уыцы бирӕуӕладзыгон хӕдзармӕ. 102 минутмӕ дзы ӕдӕппӕтӕй фӕмард 3 000 адӕймаджы бӕрц.

2004 азы 26 сентябрь

Индийы океаны ӕрцыди зӕххӕнкъуыст, йӕ тых уыди 9 баллы. Уыцы зӕххӕнкъуыстӕй денджызы фӕзынд стыр уылӕнтӕ. Уыцы уылӕнтӕ зиан ӕрхастой 11 бӕстӕйӕн, зӕххӕнкъуыст кӕм уыд, уымӕй ма суанг 5 000 километры дарддӕр – Африкӕйы. Иу бонмӕ фӕмард ӕмӕ фесӕфт 150 000 адӕймаджы, милуанӕй фылдӕр та баззадысты ӕнӕ хӕдзарӕй.

2009 азы 1 августы, 42 азы кӕуыл цыд, ахӕм нӕлгоймаг йӕ 5-аздзыд лӕппуимӕ цы хӕдтӕхӕгыл бадт, уый ӕрхауд ӕмӕ ныппырх. Лӕг дзыхъмард фӕци, лӕппу та ма иу бон ахаста, ӕмӕ стӕй уый дӕр амард. Сӕ хӕстӕджытӕй иу загъта: «Нӕхицӕн ныфсытӕ бӕргӕ ӕвӕрдтам, исты диссаг кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ лӕппу кӕй аирвӕздзӕн, фӕлӕ дзӕгъӕлы».

Террористты фыдракӕнды, ӕрдзон бӕллӕхы кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй искӕй мӕлӕты тыххӕй куы фехъусӕм, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау кӕм уыди, зӕгъгӕ, кӕнӕ нӕ цӕмӕн ныууагъта? Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, Библи уый фӕдыл цы дзуры.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

© Dieter Telemans/​Panos Pictures

PRAKASH SINGH/​AFP/​Getty Images

© Dieter Telemans/​Panos Pictures