Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕлгоймӕгтӕ, Чырыстийы разамындмӕ хъусут?

Нӕлгоймӕгтӕ, Чырыстийы разамындмӕ хъусут?

Нӕлгоймӕгтӕ, Чырыстийы разамындмӕ хъусут?

«Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти» (1 КОР. 11:3).

1. Йегъовӕ фарны Хуыцау кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

«О ЙЕГЪОВӔ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд»,– фыст ис Раргомады 4:11. Йегъовӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ у Дунедарӕг ӕмӕ йе сфӕлдыстадыл йӕ бар цӕуы. Йегъовӕ «ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа, уый у фарны Хуыцау». Уый бӕрӕг у, зӕдтӕй алкӕйдӕр йӕхи бынаты кӕй сӕвӕрдта, уымӕй (1 Кор. 14:33; Ис. 6:1–3; Дзут. 12:22, 23).

2, 3. а) Йегъовӕ Хуыцау фыццаг кӕй сфӕлдыста? ӕ) Хуыцауӕн йӕ фыццаггуырд Фырт йӕ разы цавӕр бынат ахсы?

2 Хуыцау цалынмӕ дун-дуне не сфӕлдыста, уӕдмӕ йӕхӕдӕг царди ӕнӕнымӕц ӕнусты дӕргъы. Фыццаджыдӕр сфӕлдыста, «Дзырд» кӕй схуыдта, уыцы уӕларвон удгоймаджы. Уый дзырдта Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, алцыдӕр куы фӕлдыста, уӕд. Фӕстӕдӕр зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд уыд ӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ йӕ хуыдтой Йесо Чырысти. (Бакӕс Иоанны 1:1–3, 14.)

3 Хуыцау йӕ Фырты раз цы бынат ахсы, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Кор. 11:3). Чырысти у йӕ Фыды дӕлбар. Цӕмӕй зӕдтӕ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа, уый тыххӕй сӕ хъӕуы хицау ӕмӕ хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсой. Ӕппӕт дӕр кӕй фӕрцы фӕзынд, суанг уый дӕр хъӕуы Хуыцауы коммӕ кӕсын (Кол. 1:16).

4, 5. Йесо Йегъовӕйы раз цы бынат ахста, уымӕ цы цӕстӕй каст?

4 Йесо цы цӕстӕй каст, Йегъовӕйы коммӕ кӕй хъуамӕ кастаид ӕмӕ зӕхмӕ кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ? Библийы фыст ис: «[Йесо Чырысти] кӕд Хуыцауы хуызӕн уыди, уӕддӕр ӕм ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа. Фӕлӕ йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта, райста цагъары хуыз ӕмӕ сси адӕймаг. Уымӕй уӕлдай, адӕймаг куы уыди, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ коммӕгӕс уыд мӕлӕты онг дӕр – мӕлгӕ та акодта хъизӕмӕртты хъӕдыл» (Фил. 2:5–8).

5 Чырысти алкӕддӕр йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кодта. Уый загъта: «Мӕнӕн иу хъуыддаг дӕр мӕ бон нӕу мӕхи фӕндӕй саразын... Мӕ тӕрхон у раст, уымӕн ӕмӕ, мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый» (Иоан. 5:30). Стӕй ма загъта: «Ӕз алкӕддӕр, уымӕн [мӕ Фыдӕн] ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоан. 8:29). Йӕ зӕххон царды кӕрон йӕ Фыдмӕ скуывта: «Ӕз дӕ скадджын кодтон зӕххыл, цы хъуыддаг мын бахӕс кодтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтон» (Иоан. 17:4). Дзырд дӕр ыл нӕй, Чырысти кӕй ӕмбӕрста, йӕ хицау Йегъовӕ кӕй у, ӕмӕ ууыл разы уыд.

Фырт йӕ Фыды коммӕ кӕй кӕсы, уый тыххӕй арфӕгонд у

6. Чырыстимӕ цавӕр хорз миниуджытӕ уыд?

6 Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд ӕм уыд бирӕ хорз миниуджытӕ. Зӕгъӕм, йӕ Фыды бирӕ уарзта. Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоан. 14:31). Уымӕй уӕлдай ма адӕмы дӕр стыр уарзтӕй уарзта. (Бакӕс Матфейы 22:35–40.) Чырысти тызмӕг адӕймаг нӕ уыд, фӕлӕ иннӕтӕм хӕлар зӕрдӕ дардта ӕмӕ сыл тыхсти. Уый загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ ссардзыстут удӕнцой. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Фысау сабыр адӕм-иу Чырыстимӕ кӕй хъуыстой, уый-иу сын хаста стыр удӕнцой, цыфӕнды кары ма уыдаиккой, уӕддӕр. Чырысти стыр ныфсы хос уыд уӕлдайдӕр ӕфхӕрд адӕмӕн.

7, 8. Тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймагӕн Закъонмӕ гӕсгӕ цӕй бар нӕ уыд, фӕлӕ йын Чырысти куыд баххуыс кодта?

7 Ӕркӕсӕм, Чырысти сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй касти, уымӕ. Ӕнусты дӕргъы нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ сылгоймӕгты тынг ӕфхӕрдтой. Рагон Израилы дины разамонджытӕ дӕр сӕм раст ахӕм цӕстӕй кастысты. Фӕлӕ сын Йесо та аргъ кодта. Уый хорз зыны, 12 азы тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймагмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй. Сылгоймаг «фӕцыди алы дохтыртӕм ӕмӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уый схардз кодта», цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаид. «Фӕлӕ фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци». Уыцы сылгоймаг Закъонмӕ гӕсгӕ сыгъдӕг нӕ уыд. Ӕмӕ йыл исчи куы андзӕвыдаид, уӕд уый дӕр сыгъдӕг нал уыдаид (Лев. 15:19, 25).

8 Сылгоймаг куы фехъуыста, Чырысти рынчынты кӕй дзӕбӕх кӕны, уӕд «ӕм адӕмы ’хсӕнты» бацыд ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕвин, уӕд дӕр сдзӕбӕх уаин». Уый фӕстӕ йыл андзӕвыд ӕмӕ уайтагъд йӕ туг йӕ цӕуынӕй банцад. Йесо зыдта, уый бар ын кӕй нӕ уыд, цӕмӕй йын йӕ уӕлӕдарӕсмӕ бавнӕлдтаид, фӕлӕ йӕм уӕддӕр нӕ фӕхыл кодта. Чырысти йӕм хорз цӕстӕй ракаст, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, куыд зын ын уыдаид уыйбӕрц рӕстӕг ахӕм хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын. Стӕй ма ӕмбӕрста, йӕ низӕн хос кӕй нӕ ардта, уый тыххӕй ныфссаст кӕй уыд. Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ низӕй макуыуал схъӕрз» (Марчы 5:25–34).

9. Ахуыргӕнинӕгтӕ сывӕллӕтты Чырыстимӕ куы нӕ уагътой, уӕд сын цы загъта?

9 Суанг сывӕллӕттӕн дӕр ӕнцон уыд Чырыстиимӕ. Иухатт ӕм адӕм сӕ сывӕллӕтты куы ’рбакодтой, уӕд сыл апостолтӕ схъуыр-хъуыр кодтой. Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ каст, ӕмӕ Йесойы уыдонмӕ не ’вдӕлы. Фӕлӕ Чырысти афтӕ нӕ хъуыды кодта. Библийы фыст ис: «Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ сын [ахуыргӕнинӕгтӕ] загъта: „Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад ахӕмты у“. Стӕй сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта, йӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта» (Марчы 10:13–16).

10. Йесо цы миниуджытӕ ӕвдыста, уыдон ӕм куыд фӕзындысты?

10 Йесо зӕххыл цы миниуджытӕ ӕвдыста, уыдон ӕм куыд фӕзындысты? Уӕлӕрвты ӕнусты дӕргъы, йӕ Фыд куыд архайдта, уымӕ каст ӕмӕ дзы ахуыр кодта. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 8:22, 23, 30.) Стӕй уыдта, Йегъовӕ зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзгӕйӕ разамынд куыд лӕвӕрдта, уый ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ архайдта. Цымӕ Чырысти коммӕгӕс куы нӕ уыдаид, уӕд йӕ бон уыдаид уый аразын? Уый тынг зӕрдиагӕй хъуыста йӕ Фыды разамындмӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр ӕхсызгон уыд, ахӕм Фырт ын кӕй ис, уый. Йесо зӕххыл йӕ уӕларвон Фыды диссаджы миниуджытӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмыдта. Цӕй стыр кад у махӕн, Чырыстийы дӕлбар кӕй стӕм – Хуыцау уӕларвон Паддзахады паддзахӕй кӕй равзӕрста, уый дӕлбар!

Чырыстийы фӕзмут

11. а) Кӕй хъуамӕ фӕзмӕм? ӕ) Нӕлгоймӕгтӕ уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъуамӕ архайой Чырыстийы фӕзмыныл?

11 Ӕмбырды алчи дӕр, уӕлдайдӕр та нӕлгоймӕгтӕ, хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайой, цӕмӕй Чырыстийы фӕзмой. Уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕй Библийы фыст ис: «Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти». Чырысти йӕ хицауы, Хуыцауы, куыд фӕзмы, афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ фӕзмой сӕ хицауы – Чырыстийы. Апостол Павел чырыстон куы сси, уӕд уый дӕр ууыл архайдта. «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ»,– бафӕдзӕхста Павел йе ’мчырыстӕттӕн (1 Кор. 11:1). Апостол Петр дӕр загъта: «Хуынд дӕр ахӕм цардмӕ ӕрцыдыстут, уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 Пет. 2:21). Чырыстийы фӕзмын уӕлдай ахсджиаг у нӕлгоймӕгтӕн. Уымӕн ӕмӕ уыдоны снысан кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Йесойӕн Йегъовӕйы фӕзмын куыд ӕхсызгон у, афтӕ ӕхсызгон хъуамӕ уа нӕлгоймӕгтӕн дӕр Чырыстийы фӕзмын.

12, 13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзугмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарой?

12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уой. Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕдзӕхста: «Хизут Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй; Хуыцауы бынтыл уӕхи хицӕуттӕ ма кӕнут, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Пет. 5:1–3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бӕрны чи ис, уыдонмӕ тызмӕг ӕмӕ дурзӕрдӕ хъуамӕ ма уой ӕмӕ сын сӕхи хицӕуттӕ хъуамӕ ма кӕной, фӕлӕ сӕ Чырыстийау уарзой, тыхсой сыл ӕмӕ сӕм хӕлар зӕрдӕ дарой.

13 Ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдон сты ӕнӕххӕст ӕмӕ уый хъуамӕ ӕдзух сӕ зӕрдыл дарой (Ром. 3:23). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Чырыстийы хуыздӕр базоной ӕмӕ йын йӕ уарзондзинад фӕзмой. Стӕй хъуамӕ хъуыды кӕной, Хуыцау ӕмӕ Чырысти адӕммӕ цы зӕрдӕ дарынц, ууыл ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр афтӕ архайой. Петр нӕ фӕдзӕхсы: «Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Пет. 5:5).

14. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ аргъ кӕной?

14 Цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хизой, уый тыххӕй сӕм хъуамӕ уа хорз миниуджытӕ. Ромӕгтӕм 12:10 фыст ис: «Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау, фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ уӕ иу иннӕмӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсӕд». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмбырды иннӕтӕн аргъ кӕнынц. Уыдон ницы «аразынц загъдгӕнгӕйӕ кӕнӕ кадмондагӕй, фӕлӕ сты сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрынц» (Фил. 2:3). Уӕдӕ ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдон иннӕты афтӕ нымайӕнт, цыма сӕхицӕй уӕлдӕр сты. Афтӕ куы кӕной, уӕд хъусдзысты Павелы уынаффӕмӕ: «Уӕдӕ мах, тыхджынтӕ, хъуамӕ быхсӕм ӕдыхты лӕмӕгъдзинӕдтӕн ӕмӕ, нӕхицӕн куыд ӕнцондӕр у, ууыл ма хъуыды кӕнӕм. Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, фидардӕр ӕй цы фӕкӕндзӕн, ууыл. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кодта» (Ром. 15:1–3).

Уӕ устытӕн кад кӕнут

15. Лӕгтӕ сӕ устытӕн куыд хъуамӕ уой?

15 Ныр та ӕркӕсӕм, Петр лӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ: «Сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, цы зонут, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ, сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут» (1 Пет. 3:7). Искӕмӕн кад кӕнын нысан кӕны уыцы адӕймагӕн тынг аргъ кӕнын. Ды дӕр иннӕтӕн куы кад кӕнай, уӕд дӕ зӕрдыл дардзынӕ, цӕуыл хъуыды кӕнынц, цы сӕ тыхсын кӕны ӕмӕ сӕ цы фӕнды, уый. Стӕй бирӕ хъуыддӕгты дӕхи ныхасыл нӕ лӕудзынӕ. Лӕгтӕ дӕр хъуамӕ афтӕ кад кӕной сӕ устытӕн.

16. Хуыцауы Ныхас лӕгтӕн цы фӕдзӕхсы?

16 Петр лӕгтӕн куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ устытӕн кад кӕной, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Науӕд уын Хуыцау уӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн» (1 Пет. 3:7). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн ахсджиаг кӕй у, лӕгтӕ сӕ устытӕм цы зӕрдӕ дарынц, уый. Афтӕ куы нӕ кӕной, уӕд сын Хуыцау сӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн. Лӕгтӕ сӕ устытӕн куы фӕкад кӕнынц, уӕд сӕм уыдон дӕр хорз цӕстӕй фӕкӕсынц.

17. Лӕг йӕ усы куыд хъуамӕ уарза?

17 Лӕг йӕ усы цавӕр уарзтӕй хъуамӕ уарза, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты... Уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны, Чырысти дӕр ӕмбырдмӕ куыд зилы ӕмӕ йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ... Сымахӕй дӕр алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр» (Еф. 5:28, 29, 33). Лӕгтӕ сӕ устыты куыд хъуамӕ уарзой? Павел ныффыста: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:25). О, лӕг хъуамӕ цӕттӕ уа йӕ усы тыххӕй суанг йӕ цард раттынмӕ дӕр, Чырысти йӕ цард иннӕты тыххӕй куыд радта, раст афтӕ. Чырыстон лӕг ӕрмӕст йӕхиуыл куы нӕ фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ йӕ усыл дӕр куы фӕтыхсы ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй куы фӕныхас кӕны, уӕд усӕн ӕнцондӕр вӕййы йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын.

18. Лӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ устытӕн кад кӕной?

18 Цымӕ Йегъовӕ лӕгтӕй ӕгӕр бирӕ домы, сӕ устыты тыххӕй сӕ цард раттынмӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ сын афтӕмӕй кӕй хъуамӕ кад кӕной, уымӕй? Нӕ. Йегъовӕ сын ахӕмӕй никуы ницы саразын кӕндзӕн, сӕ бон цы не суа. Уымӕй уӕлдай ма йӕ лӕггадгӕнджыты хайджын кӕны дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр тыхӕй – йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Чырысти загъта: «Кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Лӕгтӕн сӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй сын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кӕна иннӕтӕм дӕр ӕмӕ сӕ устытӕм дӕр хорз цӕстӕй кӕсынӕн. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:32.)

19. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

19 Дзырд дӕр ыл нӕй, нӕлгоймӕгтӕ хӕсджын кӕй сты, цӕмӕй Чырыстийы коммӕ кӕсой ӕмӕ йӕ фӕзмой. Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн сылгоймӕгтӕй та, уӕлдайдӕр та устытӕй? Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, Йегъовӕйы раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Чырыстимӕ цавӕр миниуджытӕ уыд ӕмӕ йӕ куыд хъуамӕ фӕзмӕм?

• Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзугмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарой?

• Лӕг йӕ усӕн куыд хъуамӕ уа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Чырыстийау иннӕтӕн кад кӕнут