Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕтты цард фыццаг ӕнусы

Хъӕддӕсныйы куыст

Хъӕддӕсныйы куыст

«Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви?» (МАТФЕЙЫ 13:55).

ЙЕСОЙЫ ӕрмӕст «хъӕддӕсныйы фыртӕй» нӕ зыдтой, фӕлӕ йын йӕхи дӕр хуыдтой «хъӕддӕсны» (Марчы 6:3). Ӕвӕццӕгӕн Йесо ацы куыстыл йӕ зӕххон фыд Иосифӕй сахуыр.

Цымӕ йӕ цы хъуыди зонын ӕмӕ йӕм цавӕр кусӕнгӕрзтӕ хъуамӕ уыдаид, уыцы куыст куы кодта, уӕд? Назареты цӕрджытӕн цытӕ арӕзта ӕмӕ сын цӕмӕй ӕххуыс кодта? Хъӕддӕсныйы куыстыл йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ кӕй ахуыр кодта, уый цымӕ йӕ дарддӕры цардыл куыд фӕзынд?

Фыдӕй-фыртӕй – хъӕддӕснытӕ. Нывы бынӕй фенӕн ис, фыд йӕ хистӕр лӕппуйы ӕрдынджын бырауӕй архайын куыд ахуыр кӕны, уый. Кӕстӕр фырт та сӕм кӕсы ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг хъусы.

Лӕппу-иу исты куыстыл ахуыр кӕнын райдыдта, 12–15-аздзыдӕй. Арӕхдӕр-иу ӕй ахуыр кодта йӕ фыд. Ӕмӕ, уыцы куыст куыд кӕнын хъӕуы, уый йын-иу амыдта бирӕ азты дӕргъы. Лӕппу дӕр-иу зӕрдӕргъӕвдӕй архайдта, цӕмӕй дзы хорз кусӕг рауадаид. Ахъуыды-ма кӕн, Иосифӕн куыд ӕхсызгон уыдаид Йесоимӕ кусын, йемӕ ныхас кӕнын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын. Ӕмӕ куыд сӕрыстыр уыдаид йӕ арӕхстджын февнӕлдмӕ кӕсгӕйӕ!

Зонындзинӕдтӕ, хъару ӕмӕ арӕхстдзинад. Хъӕддӕсны хъуамӕ зыдтаид хъӕдӕрмӕджы миниуджытӕ. Йӕ бон уыд равзарын, сӕ хъӕдты цы бӕлӕстӕ зад, уыдонӕй, зӕгъӕм, кипарис, тулдз, кедр, сикоморбӕлас ӕмӕ оливӕбӕлас. Фыццаг ӕнусы, хъӕдӕрмӕг кӕм уӕй кодтой ахӕм дуканитӕ кӕнӕ, цӕттӕ фӕйнӕджытӕ кӕм уыд, ахӕм скълӕдтӕ нӕ уыд. Хъӕддӕсныйы хъуыди хъӕдмӕ ацӕуын, цӕмӕй бӕлӕстӕ равзӕрстаид, афӕлдӕхтаид сӕ ӕмӕ стӕй уыцы уӕззау хъӕдтӕ йӕ кусӕн бынатмӕ ӕрхӕццӕ кодтаид.

Цымӕ-иу хъӕддӕсны уыцы хъӕдтӕй цы сарӕзта? Арӕх-иу адӕмӕн ӕххуыс кодта хӕдзӕрттӕ аразынӕн. Зӕгъӕм, лыг кодта цары хъайвантӕ, стъарапилтӕ, арӕзта асинтӕ, дуӕрттӕ ӕмӕ рудзгуытӕ.

Уымӕй уӕлдай-иу арӕзта хӕдзары чи хъуыд, ахӕм дзауматӕ. Нывы дзы ӕвдыст сты иуӕй-иутӕ: скъӕппытӕ лӕгъзтимӕ, тӕрхӕджытимӕ ӕмӕ дуӕрттимӕ (1), гыццыл бандӕттӕ (2), къӕлӕтджын бандӕттӕ (3), алыхуызон стъӕлттӕ (4) ӕмӕ авдӕнтӕ. Хатт-иу уыцы дзауматыл скъахта рӕсугъд нывтӕ дӕр. Цӕмӕй фылдӕр фӕлӕууыдаиккой ӕмӕ рӕсугъддӕр уыдаикой, уый тыххӕй-иу сӕ байсӕрста мыдадзӕй, лакӕй кӕнӕ ӕндӕр исты сӕрдӕнтӕй.

Зӕххы куыст чи кодта, уыдонӕн дӕр-иу сарӕзта, кусынӕн сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, фидар бӕласӕй-иу скодта ӕфсондзтӕ (5), стӕй сагӕйттӕ, халамӕрзӕнтӕ ӕмӕ фыййӕгтӕ (6). Цы гутӕттӕ-иу (7) арӕзта, уыдон хъуамӕ уыдаиккой фидар, уымӕн ӕмӕ-иу ын йе ’фсӕйнаг бырынкъӕй хуым кодтой дурджын зӕхх. Хъӕддӕсны ма арӕзта уӕрдӕттӕ (8) ӕмӕ хъӕдын цӕлхытӕ – иутӕ дзы ӕнӕхъӕнӕй фӕйнӕгӕй конд уыдысты, иннӕтӕ та уыдысты дӕндӕгтимӕ. Уымӕй уӕлдай ма, цы дзуаматӕ, кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ сарӕзта, уыдонмӕ хъуамӕ зылдаид, ӕмӕ-иу дзы исты куы асастаид, уӕд та-иу сӕ бацалцӕг кодтаид.

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Йесо хъӕддӕсныйӕ кӕй куыста, уый йӕ бакастыл куыд фӕзындаид. Хурджын бӕстӕйы кӕй цард, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ буар рӕсугъд тархуыз сси, уӕззау куыстӕй йе уӕнгтӕ сфидар сты, фӕйнӕджытимӕ архайынӕй, стӕй фӕрӕт, дзӕбуг ӕмӕ хырхыл хӕцынӕй йӕ армытъӕпӕнтӕ сдӕрзӕг сты.

Йӕ куыстимӕ баст фӕсномыг ныхӕстӕ. Чырысти-иу адӕмӕн исты ахсджиаг хъуыддаг куы ӕмбарын кодта, уӕд-иу ӕрхаста диссаджы фӕсномыг ныхӕстӕ. Сбаста- иу сӕ, адӕмӕн зонгӕ чи уыд, ахӕм хуымӕтӕг хабӕрттимӕ. Цымӕ уыцы фӕсномыг ныхӕстӕй бӕрӕг нӕу, хъӕддӕсны кӕй уыд, уый? Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ. Иухатт адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ загъта: «Дӕхи цӕсты хъӕд куы нӕ уыныс, уӕд де ’фсымӕры цӕсты хъӕмпыхалмӕ цы кӕсыс?». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъӕддӕсны хорз зыдтаид, иуӕй-иу хъӕдтӕ цӕйас вӕййынц, уый (Матфейы 7:3). Ӕндӕр хатт та загъта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс чи кӕны, уый Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕу». Чырысти йӕхӕдӕг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, гутӕттӕ арӕзтаид (Лукайы 9:62). Кӕнӕ ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Чырыстийы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут... Ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матфейы 11:29, 30). Йесо куыннӕ зыдта, «ӕнцонхӕссӕн», бӕрзӕй чи нӕ риссын кӕны, ахӕм ӕфсондз куыд аразгӕ у, уый.

Йесойыл йе знӕгтӕ былысчъилтӕ кодтой, «хъӕддӕсныйы фырт», зӕгъгӕ. Фӕлӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау абоны чырыстӕттӕ дӕр сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, кӕддӕр сӕрныллӕгӕй хъӕддӕсныйы куыст чи кодта, уый фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты, уый.

[Рамкӕ/​Нывтӕ 26 фарсыл]

Хъӕддӕсныйы кусӕнгӕрзтӕ

Фыццаг ӕнусы Чырысти дӕр ӕмӕ иннӕ хъӕддӕснытӕ дӕр куыстой, нывы цы кусӕнгӕрзтӕ ӕвдыст ис, ахӕмтӕй. Уыди сӕм цӕхгӕрмӕ лыггӕнӕн хырх (1), къуымон (2) ӕмӕ уырдыгбарӕн (3). Стӕй сӕм уыди ӕмвӕзбарӕн (4), барӕн хъил (5), йӕ кард дӕлдӕр кӕнӕ уӕлдӕр кӕмӕн кӕны, ахӕм лӕгъзгӕнӕн (6) ӕмӕ фӕрӕт (7).

Хъӕддӕсны-иу ӕрдынджын зырнӕй (8) ӕмӕ ӕрдӕгтымбыл сартӕй (9) скодта, цы дзауматӕ-иу арӕзта, уыдонӕн сӕ хӕйттӕ. Кусӕнгӕрзты асыччы сӕр фенӕн ис хъӕдын дзӕбуг (10). Ахӕм дзӕбугӕй-иу архайдтой сартӕй кусгӕйӕ, кӕнӕ-иу хъӕдын къӕбӕлтӕ ныххойын куы хъуыд, уӕд. Ис ма дзы лыстӕг хырх (11), цъархафӕн (12) ӕмӕ цалдӕр зӕгӕлы (13). Асыччы раз та фенӕн ис ӕнӕуи дзӕбуг (14) ӕмӕ, хъӕдӕрмӕг кӕмӕй къахтой, ахӕм тадзин (15). Асыччы сӕр ма ис кард (16) ӕмӕ алыхуызон сартытӕ (17), йӕ фарсмӕ та – ӕрдынджын бырау (18).