Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ дзыхыныхас уӕд «ӕнувыд уарзты закъонмӕ» гӕсгӕ

Уӕ дзыхыныхас уӕд «ӕнувыд уарзты закъонмӕ» гӕсгӕ

Уӕ дзыхыныхас уӕд «ӕнувыд уарзты закъонмӕ» гӕсгӕ

«Йӕ дзыхӕй цӕуы зондджын ныхас, йе ’взагыл ис ӕнувыд уарзты закъон» (ӔМБ. 31:26).

1, 2. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр миниуӕгыл хъуамӕ кусой? ӕ) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

РАГЗАМАНТЫ паддзах Лемуилӕн йӕ мад зонд куы амыдта, уӕд ма йын загъта, хорз усмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый тыххӕй дӕр: «Йӕ дзыхӕй цӕуы зондджын ныхас, йе ’взагыл ис ӕнувыд уарзты закъон» (Ӕмб. 31:1, 10, 26). Ӕмбаргӕ сылгоймагӕн, стӕй Йегъовӕ Хуыцауы хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хъуамӕ йе ’взагыл уа ӕнувыд уарзт. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 19:22.) Ӕнувыд уарзт хъуамӕ бӕрӕг уа Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дзыхыныхасӕй дӕр.

2 Цы у ӕнувыд уарзт? Ахӕм уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм? «Ӕнувыд уарзты закъон» нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг цӕй фӕрцы уыдзӕн? Ӕмӕ уый куыд фӕзындзӕн, нӕ бинонтӕ ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дарӕм, ууыл?

Цы у ӕнувыд уарзт?

3, 4. а) Цы у ӕнувыд уарзт? ӕ) Ӕнувыд уарзт хӕларзӕрдӕдзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

3 Дзырдбаст «ӕнувыд уарзт» тӕлмац у дзуттаг дзырд хе́сед-ӕй. Ацы ныхасӕн бирӕ нисаниуджытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ иу дзырдӕй ратӕлмац кӕнын зын у. Арӕх ӕй ратӕлмац кӕнынц ахӕм дзырдтӕй: уарзондзинад, уарзондзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад, иузӕрдиондзинад, ӕнувыд, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Адӕймагмӕ ахӕм миниуӕг куы вӕййы, уӕд иннӕтыл фӕхъуыды кӕны ӕмӕ сыл фӕтыхсы, ӕмӕ уый бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй.

4 Искӕй ӕнувыд уарзтӕй уарзай, уый хицӕн кӕны, ӕрмӕст хорз адӕймаг уай кӕнӕ иннӕтӕм ӕнӕуи хӕларзӕрдӕ уай, уымӕй. Адӕймаг ахӕм миниуджытӕ равдисы, суанг кӕй нӕ зоны, уыдонмӕ дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павел ӕмӕ йемӕ науыл цы 275 адӕймаджы цыд, уыдонӕн сӕ нау куы ныппырх, уӕд сӕм Мальтӕйы сакъадахы цӕрджытӕ хӕларзӕрдӕдзинад равдыстой, зонгӕ дӕр сӕ нӕ кодтой, афтӕмӕй (Ап. хъ. 27:37–28:2). Кӕд уыцы адӕм ахӕм хӕларзӕрдӕ разындысты, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ ӕнувыд уарзт равдыстой, уымӕн ӕмӕ уыцы миниуӕг вӕййы хӕлӕртты ’хсӕн *. Дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй куы фӕуарзынц, уӕд кӕрӕдзиимӕ вӕййынц ӕнгом ӕмӕ сӕ хӕлардзинадӕн фехалӕн нӕ вӕййы. Афтӕ кенейтӕ дӕр, «Израилы фырттӕ Египетӕй куы цыдысты, уӕд сӕм... ӕнувыд уарзт равдыстой» (1 Сам. 15:6).

Ахсджиаг у лӕмбынӕг хъуыды кӕнын ӕмӕ кувын

5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн не ’взаджы рохтыл хӕцынӕн?

5 Не ’нувыд уарзт нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг уа, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ахуыргӕнинаг Иаков уый тыххӕй ныффыста: «Ӕвзаг никӕй бон у ӕрцахуыр кӕнын. Уый ахӕм фыдбылыз у, ӕмӕ йын бауромӕн нӕй, йӕ тӕккӕ дзаг у мӕлӕтхӕссӕг маргӕй» (Иак. 3:8). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’взаджы рохтыл хӕцын зонӕм, кӕд уый тынг зын у, уӕддӕр? Уый нӕ бон бамбарын у, Йесо йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дины разамонджытӕн цы ныхӕстӕ загъта, уымӕй: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Цӕмӕй ӕнувыд уарзт нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы уыцы миниуӕг нӕ удыхъӕды рӕзын кӕнын. Ӕркӕсӕм-ма, уыцы хъуыддаджы нын лӕмбынӕг хъуыды кӕнын ӕмӕ кувын цы ӕххуыс сты, уымӕ.

6. Йегъовӕ ӕнувыд уарзт куыд ӕвдисы, ууыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

6 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн «ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт» (Рац. 34:6). Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «О Йегъовӕ, де ’нувыд уарзтӕй байдзаг зӕхх» (Пс. 119:64). Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕм ӕнувыд уарзт куыд равдыста, уый тыххӕй. Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куы хицӕн кӕнӕм ӕмӕ дзы бузныг куы уӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй махмӕ дӕр ахӕм миниуӕг уа. (Бакӕс Псалом 77:12.)

7, 8. а) Йегъовӕ Лотмӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕнувыд уарзт куыд равдыста? ӕ) Хуыцау Давидмӕ ӕнувыд уарзт кӕй равдыста, уымӕ Давид цы цӕстӕй каст?

7 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ Авраамӕн йе ’фсымӕры фырт Лоты ӕмӕ йӕ бинонты куыд фервӕзын кодта, ууыл. Лот царди Содомы, Хуыцау цы горӕт фесафынмӕ хъавыд, уым. Уыцы рӕстӕг куы ’рхӕстӕг, уӕд дыууӕ зӕды Лотмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй фӕтагъд кӕна ӕмӕ йӕ бинонтимӕ горӕтӕй ацӕуа. Библийы фыст ис: «Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта, ӕмӕ уӕд [зӕдтӕ] Лотӕн ӕмӕ йӕ усӕн, стӕй йӕ дыууӕ чызгӕн дӕр сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Лотӕн фӕтӕригъӕд кодта». Йегъовӕ сӕ куыд фервӕзын кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдӕтӕ нӕ бацагайы ӕмӕ йӕ нӕ фембарӕм, Хуыцау афтӕмӕй йе ’нувыд уарзт кӕй равдыста, уый? (Райд. 19:16, 19).

8 Ӕркӕсӕм рагон Израилы паддзах Давиды хабармӕ дӕр. Давид загъта: «[Йегъовӕ] дын хатыр кӕны дӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр, дзӕбӕх дӕ кӕны де ’ппӕт низтӕй дӕр». Давид Вирсавиимӕ тӕригъӕд куы ракодта ӕмӕ йын ӕй Хуыцау куы ныххатыр кодта, уӕд дзы Давид куыд тынг бузныг уыдаид! Уый Йегъовӕйы кадджын кодта: «Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ стыр у йе ’нувыд уарзт, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ» (Пс. 103:3, 11). Ацы цӕвиттонтыл ӕмӕ ма Библийы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕ йе ’нувыд уарзты тыххӕй ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг вӕййӕм ӕмӕ йӕ фӕкадджын кӕнӕм. Ӕмӕ дзы цас тынгдӕр бузныг вӕййӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕфӕнды, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы фӕзмӕм (Еф. 5:1).

9. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр ӕнувыд уарзт цӕмӕн хъуамӕ уа бӕрӕг?

9 Библийӕ зыны, Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт кӕй ӕвдисы, йӕ хӕлар чи у, уыдонмӕ. Фӕлӕ удӕгас Хуыцауы хӕлар чи нӕу, уыдонӕй та цы зӕгъӕн ис? Цымӕ сӕм Йегъовӕ ӕвзӕр зӕрдӕ дары кӕнӕ сӕм тызмӕг у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Лукайы 6:35 стихы фыст ис: «[Хуыцау] хорздзинад чи не ’мбары ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у». «Уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:45). Рӕстдзинад куы нӕма базыдтам ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы нӕма цардыстӕм, уӕд нӕм Хуыцау уыд хӕларзӕрдӕ, ӕппӕт адӕммӕ дӕр куыд вӕййы, афтӕ. Фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ куы систӕм, уӕд нӕ йе ’нувыд уарзтӕй схайджын кодта. (Бакӕс Исай 54:10.) Уӕдӕ дзы куыд бузныг хъуамӕ уӕм уый тыххӕй! Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй махӕн дӕр не ’нувыд уарзт нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уа.

10. Цӕмӕй нӕм ӕнувыд уарзт уа, уый тыххӕй кувын цӕмӕн хъӕуы?

10 Цӕмӕй нӕм ӕнувыд уарзт уа, уый тыххӕй хъӕуы кувын, уымӕн ӕмӕ ӕнувыд уарзт баст у уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинадимӕ – Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонимӕ (Гал. 5:22). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд ӕнувыд уарзт нӕ зӕрдӕйы уидаг ауадздзӕн. Ӕмӕ цӕмӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй йӕм хъӕуы кувын (Лук. 11:13). Хъӕуы нӕ ӕдзухдӕр Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курын ӕмӕ йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайын. Уӕдӕ ахсджиаг у лӕмбынӕг хъуыды кӕнын ӕмӕ кувын, цӕмӕй ӕнувыд уарзты закъон нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг уа.

Лӕг ӕмӕ усӕн се ’нувыд уарзт сӕ дзыхыныхасӕй уӕд бӕрӕг

11. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, лӕгтӕ сӕ устыты ӕнувыд уарзтӕй уарзой, уый Йегъовӕйы кӕй фӕнды? ӕ) Ӕнувыд уарзты закъон лӕгтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн, сӕ устытимӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ дзурынӕн?

11 Апостол Павел лӕгты фӕдзӕхста: «Уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:25). Павел ма сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы загъта, уый: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Еф. 5:31). Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй лӕгтӕ сӕ устытыл алкӕддӕр ӕнувыд уой. Йӕ усы ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, ахӕм лӕг ын йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй адӕмы раз нӕ фӕдзуры кӕнӕ йын йӕ кад дӕлӕмӕ нӕ фӕкӕны. Ахӕм лӕгӕн ӕхсызгон вӕййы йӕ усӕй ӕппӕлын (Ӕмб. 31:28). Се ’хсӕн исты куы рауайы, уӕддӕр лӕг йӕ усы нӕ фефхӕры, ӕнувыд уарзтӕй йӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ.

12. Усӕн йӕ бон куыд у йӕ дзыхыныхасӕй ӕнувыд уарзты закъон ӕвдисын?

12 Усӕн дӕр йӕ дзыхынахас хъуамӕ уа ӕнувыд уарзты закъонмӕ гӕсгӕ. Хъуамӕ йӕхи хиза, цӕмӕй йын йӕ дзыхыныхасыл ацы дунейы зонд ма фӕзына. Ус «йӕ лӕджы [куы] нымайа», уӕд ын йӕ хорзы кой кӕндзӕн, ӕмӕ ма йын афтӕмӕй иннӕтӕ дӕр фылдӕр аргъ кӕндзысты (Еф. 5:33). Ус йӕ лӕгимӕ исты хъуыддаджы фӕдыл разы куы нӕ уа, уӕддӕр ын йӕ кад сӕ сывӕллӕтты раз нӕ дӕлӕмӕ кӕндзӕн ӕмӕ йын нӕ дзурдзӕн, раст нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Ахӕм хъуыддӕгтыл йемӕ ныхас кӕндзӕн хибарӕй. Библийы фыст ис: «Зондджын сылгоймаг хӕдзараразӕг у» (Ӕмб. 14:1). Ахӕм сылгоймагӕн йӕ бинонтӕй алчидӕр у зӕрдӕрухс ӕмӕ амондджын.

13. Ӕнувыд уарзт уӕлдай тынгдӕр кӕм хъӕуы ӕвдисын ӕмӕ уый куыд ис аразӕн?

13 Лӕг ӕмӕ ус иунӕгӕй дӕр куы уой, уӕд дӕр кӕрӕдзиимӕ хъуамӕ афтӕ ныхас кӕной, цӕмӕй бӕрӕг уа кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый. Павел ныффыста: «Ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: фыдӕх, маст, ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас, ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ӕнӕфсарм ныхас дӕр макуы схауӕд». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут уӕ кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон... уымӕй уӕлдай [ма уӕм] уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:8, 12–14). Ныййарджытӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ӕнувыд уарзт кӕй ӕвдисынц, уый сывӕллӕттӕ куы уыной, уӕд сыл уый ӕрмӕст хорзырдӕм нӕ фӕзындзӕн, фӕлӕ ма сӕхӕдӕг дӕр сӕ ныййарджыты фӕзмдзысты.

14. Бинонты хистӕртӕн сӕ бон куыд у сӕ бинонтимӕ афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй сын удӕнцойы хос уой?

14 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Де ’нувыд уарзт мын удӕнцойы хос фӕуӕд» (Пс. 119:76). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн удӕнцой дӕтты, зонд сын кӕй амоны ӕмӕ сын разамынд кӕй дӕтты, уый фӕрцы (Пс. 119:105). Бинонты хистӕртӕн сӕ бон куыд у нӕ уӕларвон Фыды фӕзмгӕйӕ сӕ бинонтимӕ афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй сын удӕнцойы хос уой? Уый сӕ къухы бафтдзӕн, сӕ бинонтӕн разамынд куы дӕттой ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куы ӕфтауой, уӕд. Бинонты ахуыры рӕстӕг диссаджы фадат вӕййы Библийӕ ахсджиаг хабӕрттӕ базонынӕн (Ӕмб. 24:4).

Не ’мчырыстӕтты ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм

15. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у се ’мчырыстӕтты сӕ дзыхыныхасӕй «хъахъхъӕнын»?

15 Паддзах Давид Йегъовӕмӕ куывта: «Ӕдзухдӕр мӕ хъахъхъӕнӕнт де ’нувыд уарзт ӕмӕ дӕ рӕстдзинад» (Пс. 40:11). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы фӕзмын? Нӕ дзыхыныхас уымӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн не ’нувыд уарзтыл (Ӕмб. 17:17).

16, 17. Ӕнувыд уарзты закъонмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг?

16 Зӕгъӕм, не ’мчырыстӕттӕй чидӕр, Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, ахӕм хъуыддӕгтыл бафтыд. Уӕд цы хъуамӕ саразӕм? Ӕнувыд уарзтӕй йӕ кӕй уарзӕм, уый нӕ хъуамӕ сразӕнгард кӕна, цӕмӕй йын йӕ рӕдыдмӕ бацамонӕм (Пс. 141:5). Не ’мчырыстон уӕззау тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый куы базонӕм, уӕд ӕй сразӕнгард кӕндзыстӕм, цӕмӕй «ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн» зӕгъа, ӕмӕ уый тыххӕй «скувой ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдой» (Иак. 5:14). Хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ йӕ ныхас кӕнын куы нӕ бафӕнда ӕмӕ йӕ мах дӕр куы басусӕг кӕнӕм, уӕд уый нӕдӕр нӕ уарзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн, нӕдӕр нӕ хӕларзӕрдӕдзинадыл. Хатт нӕ, чи зоны, искӕмӕн йӕ ныфс асӕтты, афтӕ йӕм фӕкӕсы, цыма никӕй хъӕуы кӕнӕ ницӕмӕн бӕззы, йе та истӕй тыххӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййы. Нӕ дзыхыныхас ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ кӕй у, уый ӕппӕты хуыздӕр нӕ бон у равдисӕн «ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй [куы] рӕвдауӕм», уымӕй (1 Фес. 5:14).

17 Хуыцауы знӕгтӕ не ’мчырыстӕтты фыдкой куы кӕной, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм? Не ’фсымӕрты иузӕрдиондзинадыл нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм ӕмӕ уыцы мӕнг ныхӕстӕ ницӕмӕ дардзыстӕм. Стӕй нын не ’фсымӕры чи аххосджын кӕны, уый кӕд ӕмбаргӕ у, уӕд ӕй бафӕрсдзыстӕм, цы дзуры, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у ӕви нӕ. Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ не ’мчырыстӕтты тыххӕй исты базоныныл куы архайой, цӕмӕй сын зиан ӕрхӕссой, уӕд сын ницы радзурдзыстӕм, ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй (Ӕмб. 18:24).

«Ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард»

18, 19. Не ’мчырыстӕтты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый цӕмӕн хъуамӕ уа бӕрӕг?

18 Не ’мчырыстӕтты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый хъуамӕ ӕвдисӕм нӕ алы хъуыддагӕй дӕр. Суанг зын уавӕрты дӕр нӕ дзыхыныхасӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, ӕнувыд уарзты закъонмӕ гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый. Израилӕгтӕн се ’нувыд уарзт, «уайтагъд чи ӕрбайсӕфы, уыцы ӕртӕхӕй уӕлдай» куы нал уыд, уӕд сӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ нал ради (Ос. 6:4, 6). Ӕнувыд уарзт кӕмӕ ис ӕмӕ уыцы уарзт ӕдзух чи ӕвдисы, уыдон та йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнынц. Аныхас кӕнӕм, уымӕ чи тырны, уыдонӕн Хуыцау куыд арфӕ кӕны, ууыл.

19 Ӕмбисӕндты 21:21 фыст ис: «Рӕстдзинадмӕ ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард, рӕстдзинад ӕмӕ кад». Ахӕм адӕймаг цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу у цард – цыбыр рӕстӕгмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнусон цард. Йегъовӕ йын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «фидар ныххӕца ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:12, 19). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм «кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзыныл»! (Зах. 7:9).

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Ӕнувыд уарзты тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 2002 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, 8, 9, 14, 15 фӕрстӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цы у ӕнувыд уарзт?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕнувыд уарзты закъон нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг уа?

• Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у ӕнувыд уарзт ӕвдисын кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнгӕйӕ?

• Не ’мчырыстӕтты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Давид Йегъовӕйы кадджын кодта йе ’нувыд уарзты тыххӕй

[Ныв 24 фарсыл]

Уӕ бинонтимӕ ӕдзух Библи фӕахуыр кӕнут?