Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыдоны?

Чи фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыдоны?

Чи фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыдоны?

«О Хуыцау, бацамон паддзахӕн дӕ тӕрхӕттӕ... Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры» (ПС. 72:1, 12).

1. Давиды хабарӕй цы ис базонӕн Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй?

АЦЫ ныхӕстӕ загъта рагон Израилы паддзах Давид. Ӕмӕ адӕймаджы зӕрдӕйы цӕй стыр ныфс уадзынц! Куы сӕ ныффыста, уымӕй бирӕ азты размӕ Давид Вирсавимӕ куы фӕрӕдыд ӕмӕ йӕхи фӕсмонӕй хордта. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ мын ныххатыр кӕн мӕ фыдракӕндтӕ... Мӕ тӕригъӕд ӕдзухдӕр мӕ разы ис... Ӕз тухитимӕ райгуырдтӕн тӕригъӕды. Тӕригъӕды мидӕг сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны» (Пс. 51:1–5). Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕ хорз ӕмбары, нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый.

2. Цы ис базонӕн 72 псаломӕй?

2 Йегъовӕ йӕ ӕмбары, иууылдӕр кӕуинаг уавӕры кӕй стӕм. Ӕмӕ Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцауы сӕрст Паддзах «фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны. Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн» (Пс 72:12, 13). Цымӕ сӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн? Уый базонӕн ис 72 псаломӕй. Ацы зарӕг ныффыста Давид, йӕ фырт Соломон паддзах куы сси, уӕд. Ӕмӕ дзы базонӕн ис, Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти, адӕмы фидӕны сӕ тухитӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый.

Чырысти Паддзах куы уа

3. Соломон Хуыцауӕй цы ракуырдта ӕмӕ йын Хуыцау цы радта?

3 Давид бардзырд куы радта, цӕмӕй Соломоны паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой, уӕд ын уый фӕстӕ фӕдзӕхстытӕ радта ӕмӕ сӕ уый дӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кодта (1 Пад. 1:32–35; 2:1–3). Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Соломонмӕ фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Зӕгъ, цы дын раттон». Ӕмӕ дзы Соломон иу хъуыддаг ракуырдта: «Ратт дӕ цагъарӕн коммӕгӕс зӕрдӕ, цӕмӕй дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕна ӕмӕ хорз ӕвзӕрӕй иртаса». Соломон ахӕм сӕрныллӕг кӕй разынд, уый тыххӕй йын Хуыцау радта, цы дзы куырдта, уымӕй ноджы фылдӕр (1 Пад. 3:5, 9–13).

4. Соломонӕн цы бантыст, уый тыххӕй Савӕйы ус-паддзах цы загъта?

4 Йегъовӕйы фӕрцы паддзах Соломон йӕ адӕмӕн ахӕм сабыр ӕмӕ хъӕздыг цард скодта, ӕмӕ абоны онг дӕр уый иу хицауадӕн дӕр нӕ бантыст (1 Пад. 4:25). Соломонӕн цы бантыст, уый уынынмӕ чи ӕрцыд, уыдонӕй иу уыд Савӕйы ус-паддзах йӕ лӕггадгӕнджытимӕ. Йемӕ куы ныхас кодта, уӕд ын загъта: «Мӕ бӕстӕйы дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ зонды тыххӕй цы фехъуыстон, уый ӕцӕг разынд... Ӕмӕ йӕ ныр уынын, се ’мбис дӕр кӕй нӕ радзырдтой. Дӕ зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕппындӕр ницы сты, цы федтон, уыимӕ абаргӕйӕ» (1 Пад. 10:1, 6, 7). Ноджы стырдӕр зонд та уыди Йесо Чырыстимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди йӕхи тыххӕй афтӕ зӕгъын: «Ам та ис, Соломонӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Матф. 12:42).

Стырдӕр Соломоны рӕстӕг адӕм сулӕфдзысты

5. Цы ӕргом кӕны 72 псалом ӕмӕ фидӕны тыххӕй цы дзуры?

5 Лӕмбынӕг ӕркӕсӕм 72 псаломмӕ, ӕмӕ фенӕм, Стырдӕр Соломон, Йесо Чырысти, бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый. (Бакӕс Псалом 72:1–4.) Ацы псалом ӕргом кӕны, Йегъовӕ йӕ Фырты, «Фарны Кънйазы», Йесо Чырыстийы, «кънйазы бартӕм» цы цӕстӕй кӕсы, уый (Ис. 9:6, 7). Хуыцауы фӕрцы Стырдӕр Соломон рӕстӕй ӕвзардзӕн ӕфхӕрд адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ «мӕгуыр адӕймаджы фыртты фервӕзын кӕндзӕн». Чырысти хицау куы уа, уӕд зӕхмӕ ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг цы араздзӕн, уый (Рарг. 20:4).

6. Йесо Хуыцауы Паддзахады адӕмы тыххӕй цы сараздзӕн, уый куыд равдыста?

6 Ӕркӕсӕм Йесо Чырыстийы хъуыддӕгтӕй цалдӕрмӕ, ӕмӕ йӕ фендзыстӕм, 72 псаломмӕ гӕсгӕ, фидӕны адӕмы тыххӕй цы сараздзӕн, уый. Йесо ӕфхӕрд адӕмыл кӕй мӕт кодта, уый адӕймаджы зӕрдӕ тынг агайы (Матф. 9:35, 36; 15:29–31). Зӕгъӕм, иу хатт ӕм бацыд иу хъотырджын лӕг ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыцы лӕг сдзӕбӕх! (Марчы 1:40–42). Уый фӕстӕ Йесо фембӕлд, йӕ иунӕг хъӕбул кӕмӕн амард, иу ахӕм сидзӕргӕс сылгоймагыл. Йесо йӕ куы федта, уӕд йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст, ӕмӕ мардӕн загъта: «Сыст!», ӕмӕ йӕ лӕппу рабадт. Йӕ иунӕг хъӕбул райгас! (Лук. 7:11–15).

7, 8. Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта?

7 Йегъовӕ Йесойӕн радта тых, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаид. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, «дыууадӕс азы тугцыдӕй чи удхар кодта, ахӕм сылгоймаджы» кӕй сдзӕбӕх кодта, уымӕй. Уыцы сылгоймаг «фӕцыди алы дохтыртӕм ӕмӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уый схардз кодта», фӕлӕ фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци. Гъемӕ уыцы сылгоймаг адӕмы ’хсӕнмӕ бацыди ӕмӕ Йесойыл андзӕвыд – кӕд афтӕмӕй, Моисейы закъон сылгоймаджы тугцыды бонты тыххӕй цы дзуры, уый сӕрты ахызти, уӕддӕр (Лев. 15:19, 25). Йесо банкъардта, тых дзы кӕй рацыд ӕмӕ бафарста, чи мыл андзӕвыд, зӕгъгӕ. Уӕд ӕм сылгоймаг «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр радзырдта». Йесо куы бамбӕрста, Хуыцау уыцы сылгоймаджы кӕй сдзӕбӕх кодта, уӕд ын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ низӕй макуыуал схъӕрз» (Марчы 5:25–27, 30, 33, 34).

8 Йесо Хуыцауы хъаруйы фӕрцы рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта, уый адӕмы дисы бафтыдта. Дзырдӕн, Йесо хохыл йӕ зындгонд ныхӕстӕ куы загъта, уый размӕ рынчынты куы сдзӕбӕх кодта, уӕд бирӕтӕ стыр дисы бацыдысты (Лук. 6:17–19). Аргъауӕг Иоанн дыууӕ адӕймаджы Йесомӕ куы арвыста, цӕмӕй базыдтаиккой, Мессийӕ у ӕви нӕу, уӕд федтой «бирӕты [куыд] дзӕбӕх кодта сӕ низтӕй, суанг алы удхайраг низтӕй дӕр, ӕмӕ сӕ дӕлимонтӕй [куыд] фервӕзын кодта, стӕй бирӕ куырмытӕн [куыд] радта цӕстырухс». Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Ацӕут ӕмӕ Иоаннӕн радзурут, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ цӕстӕй уынынц, къуылыхтӕ цӕуынц, хъотырджынтӕ дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц ӕмӕ мӕгуыртӕн хъуыстгонд цӕуы хорз хабар» (Лук. 7:19–22). Уыцы ныхӕстӕ Иоанны ныфсыл ныфс куыннӕ бафтыдтаиккой!

9. Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый цӕуыл дзурӕг у?

9 Йесо адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй кӕй ирвӕзын кодта, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыди рӕстӕгмӕ. Кӕй сдзӕбӕх кодта ӕмӕ кӕй райгас кодта, уыдон фӕстӕдӕр амардысты. Йесо зӕххыл диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад куы ралӕууа, уӕд адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ араздзӕн, уыдон ӕнустӕм кӕй уыдзысты.

Разӕй Дзӕнӕт!

10, 11. а) Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтӕ цас рӕстӕг ахӕсдзысты ӕмӕ Йесо цавӕр Паддзах уыдзӕн? ӕ) Чырыстиимӕ Дзӕнӕты чи уыдзӕн ӕмӕ, цӕмӕй ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй йӕ цы кӕнын хъӕудзӕн?

10 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цавӕр цард уыдзӕн зӕххыл Дзӕнӕты. (Бакӕс Псалом 72:5–9.) Ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Дзӕнӕты цӕрдзысты, цалынмӕ хур ӕмӕ мӕй уой, уӕдмӕ, ома ӕнустӕм! Паддзах Йесо Чырысти адӕмы арфӕдзинӕдтӕй бафсаддзӕн, тӕрккъӕвда зӕхх куыд бафсады, афтӕ.

11 Ацы стихты фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый дын дӕ ныфс нӕ фидар кӕны, зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм кӕй цӕрдзынӕ, уый тыххӕй? Йесо, йӕ фарсмӕ йын цы фыдгӕнӕджы байтыгътой, уымӕн афтӕ куы загъта, «уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты», зӕгъгӕ, уӕд дзы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр ныфс бацыд (Лук. 23:43). Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы уыцы лӕг райгас уыдзӕн. Ӕмӕ Чырыстийы разамындмӕ куы хъуса, уӕд ӕнӕнизӕй ӕмӕ амондджынӕй зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзӕн.

12. Миназон хицаудзинады рӕстӕг, «фыдгӕнджытӕй» чи райгас уа, уыдонӕн цавӕр фадат уыдзӕн?

12 Стырдӕр Соломон, Йесо Чырысти, Паддзах куы уа, уӕд «рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн» – рӕстгӕнджытӕ фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты (Пс. 72:7). Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы йӕ уарзтӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы хъармӕй рӕдауӕй куыд тавта, афтӕ сӕ тавдзӕн уӕд дӕр. Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунейы райгас уыдзысты суанг «фыдгӕнджытӕ» дӕр. Йегъовӕ сын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ фадат ратдзӕн, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной ӕмӕ цӕрой (Ап. хъ. 24:15). Уыдонӕй Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дара, уыцы адӕмӕн ног дунейы цӕрыны бар нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дзы цы сабырдзинад ӕмӕ фарн уыдзӕн, уымӕн къуылымпыйы хос нӕ уыдзысты.

13. Хуыцауы Паддзахад йӕ къабӕзтӕ кӕуылты айваздзӕн ӕмӕ дзы цы фарн уа, уый цӕуылнӕ фехӕлдзӕн?

13 Стырдӕр Соломоны Паддзахад йӕ къабӕзтӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл кӕй айваздзӕн, уый бӕрӕг у ацы ныхӕстӕй: «Уыдзӕн ын дӕлбар адӕм иу денджызӕй иннӕ денджызы онг ӕмӕ Стыр цӕугӕдонӕй [Ефратӕй] зӕххы кӕрӕтты онг. Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты ӕнӕдон бӕстӕйы цӕрджытӕ, ӕмӕ йе знӕгтӕ сдӕрдзысты рыг» (Пс. 72:8, 9). Йесо Чырысти уыдзӕн ӕгас зӕххы Паддзах. Йӕ разамындмӕ йын чи хъуса ӕмӕ йын йӕ арфӕдзинӕдтӕн чи аргъ кӕна, уыдон ӕм зӕрдиагӕй хъусдзысты. Йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕна, уыдоны та фесафдзӕн, «сӕдӕ азы дӕр [сыл] куы цӕуа», уӕддӕр (Ис. 65:20). Уыдон «сдӕрдзысты рыг».

Чырысти у тӕригъӕдгӕнаг

14, 15. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Чырысти нӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыдоны кӕй фервӕзын кӕндзӕн?

14 Ӕнӕххӕст адӕм сты тынг мӕгуыр уавӕры ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы ӕххуыс. Ӕмӕ сын чи баххуыс кӕна, уый ис. (Бакӕс Псалом 72:12–14.) Стырдӕр Соломон, Йесо Чырысти, у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма, Чырысти рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста ӕмӕ йӕ Хуыцау бауагъта, цӕмӕй йӕ зындзинӕдты сӕрты йӕхӕдӕг хызтаид. Йесо афтӕ тынг тухӕн кодта ӕмӕ «йӕ хид туг фестад ӕмӕ калд зӕхмӕ» (Лук. 22:44). Фӕстӕдӕр, хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд йӕ Фыдмӕ сдзынӕзта: «Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?» (Матф. 27:45, 46). Фӕлӕ кӕд бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста ӕмӕ Хӕйрӕг тынг архайдта, цӕмӕй йӕ Йегъовӕйӕ адард кодтаид, уӕддӕр йӕ Фыдыл йӕ зӕрдӕ не сивта.

15 Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Чырысти нын нӕ рыст кӕй ӕмбары ӕмӕ «фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры, ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны». Чырысти йӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыдау фехъусдзӕн мӕгуырты ӕмӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны ӕмӕ сын бабӕтдзӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ (Пс. 69:33; 147:3). Чырысти нын нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмбары, уымӕн ӕмӕ «махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр» (Дзут. 4:15). Уӕдӕ нын куыд ӕхсызгон у, Йесо Чырысти ныр уӕлӕрвты Паддзах кӕй у ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕнды адӕмы сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕнын!

16. Соломон йӕ адӕмы зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕмбӕрста?

16 Соломон зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд кодта «ӕххуысхъуаг» адӕмӕн. Йӕ царды бирӕ маст ӕмӕ рыст бавзӕрста. Зӕгъӕм, йе ’фсымӕр Амнон йӕ хо Фамарыл тыхӕй ныххӕцыд ӕмӕ Соломоны ӕфсымӕр Авессалом уый тыххӕй Амноны амардта (2 Сам. 13:1, 14, 28, 29). Уый фӕстӕ Авессалом бацахста Давиды паддзахбадӕн, фӕлӕ йын бирӕ нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ йӕ Иоав амардта (2 Сам. 15:10, 14; 18:9, 14). Фӕстӕдӕр та Адони хъавыди паддзахы бынат бацахсын. Ӕмӕ йӕ фӕнд йӕ къухы куы бафтыдаид, уӕд Соломоны дӕр удӕгасӕй нӕ ныууагътаид (1 Пад. 1:5). Соломон ма адӕмы зындзинӕдтӕ кӕй ӕмбӕрста, уый бӕрӕг у, кувӕндон Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд куыд куывта, уымӕй. Уый йӕ адӕмы тыххӕй куывта: «Алчидӕр сӕ зоны йӕ рыст ӕмӕ йӕ маст... ӕмӕ-иу сын [Йегъовӕ] ныххатыр кӕн ӕмӕ-иу сӕ алкӕмӕн дӕр, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый ратт» (2 Аз. 6:29, 30).

17, 18. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ цӕуыл фӕмаст кӕнынц ӕмӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Нӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууынц, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕхи мастӕй фӕхӕрӕм. Иу Ӕвдисӕн, Марийӕ *, зӕгъгӕ, цӕуы йыл 30 азы бӕрц, афтӕ зӕгъы: «Мӕ бон у мӕхи амондджын схонын, фӕлӕ мӕ раздӕры хабӕрттӕ куы ӕрхъуыды кӕнын, уӕд мӕ цӕсгом ссудзы ӕмӕ мӕхицӕн фенад вӕййын. Мӕ зӕрдӕ суынгӕг вӕййы ӕмӕ мӕхицӕн фӕкӕуын, раст цыма уыцы хабӕрттӕ знон ӕрцыдысты, уыйау. Мӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ мӕ кӕй нӕ рох кӕнынц, уый тыххӕй мӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсын ӕмӕ мӕхи фӕсмонӕй фӕхӕрын».

18 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ахӕм ӕнкъарӕнтӕ бирӕтӕм сӕвзӕры. Фӕлӕ сын цы баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн? Марийӕ зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕ мын тынг фидар кӕнынц мӕ хорз ӕмбӕлттӕ, стӕй ӕмбырды иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр. Архайын ма, цӕмӕй мӕ хъуыдытӕ уой, Йегъовӕ фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттыл. Ӕмӕ мӕ фидар ныфс ис, мӕ дзыназын цинмӕ кӕй раивдзӕн» (Пс. 126:5). Нӕ ныфс хъуамӕ сӕвӕрӕм Хуыцауы Фыртыл, йе ’вӕрд Паддзахыл. Йӕ Фырты тыххӕй Йегъовӕ афтӕ загъта: «Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн, ӕмӕ мӕгуырты удтӕ фервӕзын кӕндзӕн. Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмийӕ, сӕ туг йӕ цӕсты уыдзӕн зынаргъ» (Пс. 72:13, 14). Ацы ныхӕстӕ цӕй стыр ныфсы хос сты!

Ног дунейы алцыдӕр уыдзӕн парахатӕй

19, 20. а) 72 псаломмӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахады цы нал уыдзӕн? ӕ) Чырысти Паддзах кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм, ӕмӕ йын цы бантысдзӕн, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

19 Дӕ цӕстытыл-ма ногӕй ауайын кӕн, Стырдӕр Соломон ног дунейы Паддзах куы уа, уӕд цард цавӕр уыдзӕн. Библийы фыст ис: «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Пс. 72:16). Хӕхты цъуппытыл хор кӕй нӕ фӕзайы, уымӕ гӕсгӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ зӕхх уыдзӕн тынг хъӕздыг. Зӕхх уыдзӕн, Соломоны рӕстӕг, «Ливаны хъӕд» куыд бӕркадджын уыд, ахӕм. Ахъуыды-ма кӕн: ног дунейы хӕринаг уыдзӕн парахатӕй, ӕххормаг ӕмӕ хӕринагцух ничиуал уыдзӕн! Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр «скӕндзӕн куывд» (Ис. 25:6–8; 35:1, 2).

20 Ӕппӕт ацы арфӕдзинӕдты тыххӕй бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм? Ӕнусон Паддзах ӕмӕ Дун-дунейы Хицау, Йегъовӕ Хуыцауӕй. Уый тыххӕй иууылдӕр хъӕлдзӕгӕй зардзыстӕм ацы рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕг: «Йӕ [Паддзах Йесо Чырыстийы] ном уӕд ӕнустӕм. Йӕ номы кад нӕрӕд, цалынмӕ хур уа, уӕдмӕ. Уый фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕуӕнт адӕм, ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хонӕнт амондджын. Табу Йегъовӕ Хуыцауӕн, Израилы Хуыцауӕн, иунӕг уый аразы диссаджы хъуыддӕгтӕ. Табу йӕ кадджын номӕн ӕнустӕм, ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр байдзаг уӕд йӕ кадӕй. Аммен, аммен» (Пс. 72:17–19).

[Фиппаинаг]

^ 17 абз. Ном ивд у.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

72 псаломы фидӕны тыххӕй цы фыст ис?

• Чи у Стырдӕр Соломон ӕмӕ йӕ Паддзахад кӕйонг аххӕсдзӕн?

72 псалом цы арфӕдзинӕдты кой кӕны, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ кӕцы фӕцыди?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Соломоны рӕстӕг адӕм хорз кӕй цардысты, уый цӕмӕ амоны?

[Ныв 32 фарсыл]

Дӕ тыхтӕ ма бавгъау кӕн, цӕмӕй Дзӕнӕты цӕрай