Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Ӕркӕс-ма, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауаид.

• Аарон сызгъӕрин род кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ цӕуылнӕ бафхӕрдта?

Аарон фехӕлдта, Йегъовӕ гуымирытӕн кувыны тыххӕй цы закъон радта, уый (Рац. 20:3–5). Фӕлӕ Моисей Аароны тыххӕй Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта, ӕмӕ йӕ куывд «Хуыцаумӕ фехъуыст» (Иак. 5:16). Аарон алкӕддӕр Йегъовӕйыл уыди иузӕрдион. Ӕмӕ йын кӕд адӕм тыхӕй сызгъӕрин род саразын кодтой, уӕддӕр фӕстӕдӕр рабӕрӕг, йӕ зӕрдӕ семӕ кӕй нӕ уыд – Аарон Левийы фырттимӕ Йегъовӕйы фарс фидарӕй слӕууыд (Рац. 32:25–29) (15.5., 21 фарс).

• Чырыстон адӕймагыл йӕ цардӕмбал йӕ зӕрдӕ куы сива, уӕд ын цы баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн?

Кӕд, йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыцы адӕймаг Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрыныл архайы, уӕд йӕхи хъуамӕ ма аххосджын кӕна, ахӕм хабар ыл кӕй ’рцыд, уый тыххӕй. Хуыцау ӕмбары, йӕ зӕрдӕ йын кӕй хъӕуы ӕрсабыр кӕнын ӕмӕ йӕ бафидар кӕнын. Ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕндзӕн хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты уылты (15.6., 30, 31 фӕрстӕ).

• Рынчын адӕймагӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

Лӕмбынӕг ӕм хъус (Екк 3:1, 7). Йӕ зын ын ӕмбар ӕмӕ ӕрхъуыдыджын у (Ром. 12:15). Ныфсы хос ын у ӕмӕ йын ӕххуыс кӕн (Кол. 4:6; 1 Иоан. 3:18). Ма йӕ рох кӕн (Ӕмб. 17:17) (1.7., 10–13 фӕрстӕ).

• Хуыцауӕн райдиан кӕй нӕй, уый кӕцӕй зонӕм?

Уый бӕрӕг у Моисейы ныхӕстӕй (Пс 90:2). Уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ис схонӕн «ӕнусты Паддзах» (1 Тим. 1:17) (1.7., 28 фарс).

• Сывӕллӕттӕн куыд ис бауарзын кӕнӕн кӕсын?

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты сӕ уарзондзинадӕй куы тавой ӕмӕ сын сӕхӕдӕг цӕвиттон куы уой, уӕд сын бауарзын кӕндзысты кӕсын. Хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй дзы алкӕмӕндӕр уа йӕхи чиныг. Хъӕуы хъӕрӕй кӕсын. Хъуамӕ сӕ разӕнгард кӕной, иумӕ цы бакӕсынц, ууыл ныхас кӕнынмӕ. Архайын сӕ хъӕуы, цӕмӕй сын сӕ сывӕллӕттӕ хъӕрӕй кӕсой ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕной фарстатӕ дӕттынмӕ (15.7., 26 фарс).