Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстӕтты иудзинад Хуыцауӕн хӕссы кад

Чырыстӕтты иудзинад Хуыцауӕн хӕссы кад

Чырыстӕтты иудзинад Хуыцауӕн хӕссы кад

«Зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл» (ЕФ. 4:3).

1. Фыццаг ӕнусы Ефесы ӕмбырд Хуыцауӕн кад куыд хаста?

РАГОН Ефесы чырыстон ӕмбырды иудзинад кӕй уыд, уый ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн хаста кад. Уыцы горӕт уыд тынг хъӕздыг, ӕмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, уыд цагъартӕ кӕмӕн уыди, ахӕм хъӕздыг ӕфсымӕртӕ. Уыди ма дзы, йӕхӕдӕг цагъар чи уыд ӕмӕ тынг мӕгуыр чи цард, ахӕм чырыстӕттӕ дӕр (Еф. 6:5, 9). Уыдис ма дзы дзуттӕгтӕ дӕр – уыдон рӕстдзинад фехъуыстой апостол Павелӕй, ӕмбырдгӕнӕнты ӕртӕ мӕйы дӕргъы куы хъусын кодта, уӕд. Иннӕтӕ та раздӕр куывтой Артемидӕйӕн ӕмӕ уыдысты кӕлӕнгӕнджытӕ (Ап. хъ. 19:8, 19, 26). Бӕрӕг у, раст дин кӕй баиу кодта алыхуызон адӕмы, кӕд сӕм раздӕр иумӕйагӕй ницы уыд, уӕддӕр. Павел ӕмбӕрста, ӕмбырдты иудзинад кӕй уыд, уый Йегъовӕйӕн кад кӕй хаста, ӕмӕ уый тыххӕй ныффыста: «Уымӕн ӕмбырды уылты... кад уӕд» (Еф. 3:21).

2. Ефесы ӕмбырды цы иудзинад уыд, уымӕн тӕссаг цӕмӕй уыди?

2 Фӕлӕ Ефесы ӕмбырды иудзинад уыди тӕссаг уавӕры. Уымӕ гӕсгӕ Павел сӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ныффыста: «Уе ’хсӕн... фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Ап. хъ. 20:30). Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ та, Павел куыд загъта, афтӕмӕй, «ӕгоммӕгӕс адӕм цы зондӕй архайдтой», уыцы зонд кӕронмӕ нӕ ныууагътой ӕмӕ иуты иннӕты ныхмӕ кодтой (Еф. 2:2; 4:22).

Павелы фыстӕг дзуры иудзинадыл

3, 4. Павел ефесӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым сӕйраджыдӕр иудзинады кой цӕмӕн кӕны?

3 Павел ӕмбӕрста, цӕмӕй чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй сӕ алчидӕр зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ архайа. Хуыцау Павелы Ефесӕгтӕм цы фыстӕг ныффыссын кодта, уым сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы иудзинадыл. Зӕгъӕм, Павел загъта, Хуыцаумӕ ахӕм фӕнд кӕй ис, цӕмӕй «ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна» (Еф. 1:10). Стӕй ма сӕрст чырыстӕтты абарста, хӕдзар амад кӕмӕй у, ахӕм алыхуызон дуртимӕ: «Уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр ис йемӕ иудзинады ӕмӕ дзы рӕзы рухс кувӕндон Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йӕ алы хай дӕр уыцы ӕмхуызонӕй хӕцы кӕрӕдзийыл» (Еф. 2:20, 21). Павел ма фыста, дзуттӕгтӕ ӕмӕ, ӕндӕр адӕмӕй чырыстон дин чи райста, уыдоны ’хсӕн иудзинад кӕй ис, ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, се ’ппӕты дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый. Павел Йегъовӕйы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый у нӕ «Фыд» ӕмӕ «арвыл ӕмӕ зӕххыл алы бинонтӕн дӕр номӕвӕрӕг» (Еф. 3:5, 6, 14, 15).

4 Ефесӕгтӕм 4 сӕрмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд ӕй базондзыстӕм, цӕмӕй чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй архайын кӕй хъӕуы. Базондзыстӕм ма, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ иудзинад хъахъхъӕнынӕн ӕмӕ нӕ цавӕр миниуджытӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ иудзинад ма фехӕла. Хорз нӕ уаид, уыцы сӕр ӕнӕхъӕнӕй куы бакӕсис, цӕмӕй дзы ноджы фылдӕр хорз хъуыдытӕ ссарай?

Иудзинадыл зӕрдиагӕй архайын цӕмӕн хъӕуы

5. Зӕдтӕ Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕй фӕрцы лӕггад кӕнынц ӕмӕ нӕ иудзинадӕн зиан цы хӕссы?

5 Павел ефесаг ӕфсымӕртӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй «архайой, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл» (Еф. 4:3). Иудзинадыл зӕрдиагӕй архайын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис уӕларвон зӕдты. Зӕххыл дыууӕ ӕмхуызон цӕрӕгойы кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йегъовӕ цы милуангай зӕдты сфӕлдыста, уыдон дӕр кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц (Дан. 7:10). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц, иууыл дӕр ӕм кӕй хъусынц ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый фӕрцы. (Бакӕс Псалом 103:20, 21.) Иузӕрдион зӕдтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц хорз миниуджытӕй, чырыстӕттӕ та сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй. Ӕмӕ уый иудзинадӕн зиан хӕссы.

6. Кӕд нӕм лӕмӕгъдзинӕдтӕ ис, уӕддӕр нын цы баххуыс кӕндзӕн нӕ иудзинад бахъахъхъӕнынӕн?

6 Ӕнӕххӕст адӕмӕн зын вӕййы иумӕ исты аразын. Зӕгъӕм, арӕх чи байрӕджы кӕны, ахӕм фӕлмӕн ӕфсымӕр лӕггад кӕны, афоныл чи ӕрбацӕуы, фӕлӕ тагъд чи рамӕсты вӕййы, ахӕм ӕфсымӕримӕ. Сӕ дыууӕ дӕр кӕрӕдзийӕ хъуыды кӕнынц, раст нӕу, зӕгъгӕ, фӕлӕ дыууӕйӕ дӕр раст кӕй не сты, уый та не ’мбарынц. Ахӕм ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнын? Стыр ӕххуыс сын фӕуыдзысты, Павел дарддӕр цы миниуджыты кой кодта, уыдон. Ӕркӕсӕм сӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, уыцы миниуджытыл куы кусӕм, уӕд не ’хсӕн иудзинад куыд уыдзӕн. Павел ныффыста: «Лӕгъстӕ кӕнын: цӕрут, цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут, уымӕн аккагӕй ӕмӕ алкӕддӕр ут сӕрныллӕг, фӕлмӕн, бирӕфӕразон, уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут, зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3).

7. Цӕмӕй нын не ’нӕххӕст ӕмчырыстӕттимӕ иудзинад уа, ууыл ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы архайын?

7 Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕныныл ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийыл буары уӕнгтау баст сты. Библи афтӕ зӕгъы: «Ис иу буар ӕмӕ иу сыгъдӕг тых, сымах цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут, уый дӕр иу куыд у, афтӕ. Ис иу Хицау, иу уырнындзинад ӕмӕ иу аргъуыд. Ис иу Хуыцау – се ’ппӕты Фыд» (Еф. 4:4–6). Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй хай кӕндзӕн ӕви нӕ, уый баст у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ нын иудзинад ис ӕви нӕй, ууыл. Уӕдӕ нӕ ӕмбырды исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд кӕдӕм хъуамӕ фӕцӕуӕм? Ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ ӕндӕр никуы фехъусдзыстӕм (Иоан. 6:68).

«Лӕвӕрттӕ – адӕймӕгтӕ» иудзинадӕн сты стыр ӕххуыс

8. Цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй Чырысти кӕмӕй пайда кӕны?

8 Цӕмӕй чырыстон ӕмбырды иудзинад уа, уый тыххӕй нын Чырысти радта «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты». Уыдон ацы хъуыддагӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый бамбарын кӕнынӕн Павел цӕвиттонӕн ӕрхаста рагон ӕфсӕддон ӕгъдау. Ӕфсӕддонтӕ-иу цы адӕмыл фӕуӕлахиз сты, уыдонӕй-иу сӕхицӕн цагъартӕ ракодтой ӕмӕ-иу сын сӕ устытӕн ӕххуыс кодтой хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн (Пс. 68:1, 12, 18). Афтӕ, Чырысти дӕр, дунейыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй йын фӕзынд бирӕ барвӕндон цагъартӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:7, 8.) Цымӕ Чырысти уыцы «цагъартӕй» куыд пайда кӕны? Павел ныффыста: «Ӕмбырдӕн кӕй радта, уыдонӕй иутӕ сты апостолтӕ, иннӕтӕ – пехуымпартӕ, чидӕртӕ – хорз хабар хъусынгӕнджытӕ, чидӕртӕ та – фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, цӕмӕй сыгъдӕджыты раст зондыл аразой, иннӕтӕн лӕггад кӕной ӕмӕ Чырыстийы буар фидар кӕной, цалынмӕ уырнындзинады... не ’ппӕт дӕр иу зондмӕ не ’рцӕуӕм, ... уӕдмӕ» (Еф. 4:11–13).

9. а) «Лӕвӕрттӕ – адӕймӕгтӕ» нӕ иудзинадӕн цы ӕххуыс сты? ӕ) Алы адӕймаг дӕр ӕмбырды иудзинад фидар кӕныныл цӕмӕн хъуамӕ архайа?

9 Уыцы «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгтӕ», нӕ уарзӕгой фыййӕуттӕ, архайынц, цӕмӕй нӕ иудзинад ма фехӕла. Куыд? Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг куы уына, дыууӕ ’фсымӕры, чи сӕ «хуыздӕр» у, ууыл быцӕу кӕнынц, уӕд сӕ алкӕмӕндӕр хицӕнӕй уынаффӕ ратдзӕн, ӕмӕ сӕ «раст зондыл сараздзӕн, ӕмӕ уый араздзӕн фӕлмӕнӕй» (Гал. 5:26–6:1). Уыдон сты нӕ ахуыргӕнджытӕ, ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынц. Ӕххуыс нын кӕнынц, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм. Павел уый тыххӕй ныффыста: «Уӕдӕ хъуамӕ сывӕллӕтты хуызӕн мауал уӕм ӕмӕ нӕ цыма уылӕнтӕ раппар-баппар кӕнынц, афтӕ дыууӕрдӕм мауал кӕнӕм ӕмӕ нӕ алыхуызон ахуырӕдты дымгӕтӕ куы иуырдӕм, куы иннӕрдӕм мауал рахӕсс-бахӕсс кӕной – хинӕй чи архайы, хинвӕндтӕ чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй чи сайы, уыдонмӕ мауал хъусӕм» (Еф. 4:13, 14). Алы чырыстон дӕр хъуамӕ архайа ӕмбырды иудзинад фидар кӕныныл, буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр ӕнӕхъӕн буар куыд фидар кӕны, афтӕ. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:15, 16.)

Ног миниуджытыл кусӕм

10. Адӕймаг ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм ӕмхиц куы уа, уӕд уый нӕ иудзинадӕн тӕссаг цӕмӕн у?

10 Дӕ хъус ӕрдардтай, Павел ефесӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым цыппӕрӕм сӕры афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ, фӕлтӕрдджын чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад уарзондзинады фӕрцы кӕй ис? Уыцы сӕр ма ӕмбарын кӕны, уарзондзинадмӕ цы хауы, уый дӕр. Зӕгъӕм, адӕймаг хӕлд митӕ ӕмӕ ӕнӕфсарм хъуыддӕгтӕ куы нӕ кӕна, уый. Павел йе ’фсымӕрты разӕнгард кодта: «Ацы дунейы адӕм сӕ афтид зондӕй цытӕ кӕнынц, сымах хъуамӕ афтӕ мауал кӕнат». Уыцы адӕм «се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой ӕмӕ хӕлд митыл бафтыдысты» (Еф. 4:17–19). Мах цы хӕлд дунейы цӕрӕм, уымӕй нӕ иудзинадӕн тынг тӕссаг у. Адӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгты тыххӕй хъазӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц, фӕзарынц, фӕкӕсынц сӕм ӕмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр фӕкӕнынц, кӕм сусӕгӕй, кӕм та – ӕргомӕй. Уымӕй уӕлдай ма, адӕймаг йӕ цард баиу кӕнын кӕимӕ нӕ хъавы, уымӕ йе ’ргом уӕлдай тынг куы здаха, уӕд Йегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕй дӕр адард уыдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕды ӕнцонтӕй бафтдзӕн. Стӕй ма, адӕймагӕн бинонтӕ куы уа, афтӕмӕй йе ’ргом ӕндӕр искӕмӕ куы здаха ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуа, уӕд фӕхицӕн уыдзӕн йӕ цардӕмбалӕй дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй дӕр. Афтӕмӕй бинонты цард фехӕлдзӕн. Уӕдӕ Павел дзӕгъӕлы нӕ фыста: «Сымах Чырыстийы ахӕмӕй нӕ базыдтат» (Еф. 4:20, 21).

11. Библи чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кӕны?

11 Павел загъта, цӕмӕй не ’взӕр хъуыдытӕ ныууадзӕм ӕмӕ кусӕм, иннӕтимӕ нын хӕларӕй цӕрынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы миниуджытыл: «Уӕдӕ, уӕ раздӕры митӕй бӕрӕг чи у ӕмӕ йӕ монцтӕ сӕ фӕдыл кӕй сайынц ӕмӕ кӕй халынц, уыцы зӕронд удыхъӕд хъуамӕ ныууадзат. Ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых ӕмӕ хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:22–24). Куыд хъуамӕ «ног кӕнӕм, нӕ зонд нын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых»? Хуыцауы Ныхас куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, фӕлтӕрдджын чырыстӕтты куы фӕзмӕм, уӕд нӕ удыхъӕд «Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» ногмӕ раивдзыстӕм.

Цы дзурыс, ууыл хъуыды кӕн

12. Ӕцӕг цы у, уый дзурын иудзинадӕн цы ӕххуыс у, ӕмӕ иуӕй-иутӕн зын цӕмӕн вӕййы, ӕцӕг цы у, уый дзурын?

12 Ӕцӕг цы у, уый дзурын ӕнӕмӕнг хъӕуы бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды дӕр. Ӕргом ӕмӕ фӕлмӕн ныхас адӕмы кӕрӕдзийыл бӕтты (Иоан. 15:15). Фӕлӕ адӕймаг куы сайа, уӕд та? Уӕд ыл ничиуал феууӕнды. Павел уый тыххӕй загъта: «Алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах иу буары уӕнгтӕ стӕм» (Еф. 4:25). Йӕ гыццылӕй нырмӕ сайыныл ахуыр чи уыд, уыцы адӕймагӕн зын уыдзӕн, ӕцӕг цы у, уый дзурын. Фӕлӕ уӕддӕр куы архайа, цӕмӕй мауал сайа, уӕд Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн ӕмӕ йын ӕххуыс кӕндзӕн йӕ удыхъӕд ивынӕн.

13. Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

13 Цӕмӕй бинонтӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй нӕ Йегъовӕ ахуыр кӕны, куыд ӕмӕ цы хъуамӕ дзурӕм, ууыл. Библи афтӕ зӕгъы: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд... Ныууадзут алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый» (Еф. 4:29, 31). Кӕд иннӕтӕн аргъ кӕнӕм, уӕд нӕхи хиздзыстӕм схуыст ныхасӕй. Йӕ цардӕмбалы чи фефхӕры, уыцы лӕг хъуамӕ фӕфӕлмӕндӕр уа, уымӕн ӕмӕ йын ӕнӕзонгӕ нӕу, Йегъовӕ сылгоймӕгтӕн кӕй аргъ кӕны. Хуыцау иуӕй-иу сылгоймӕгты йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта ӕмӕ сын радта фадат, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицӕуттӕ уой (Гал. 3:28; 1 Пет. 3:7). Кӕд сылгоймаг дӕр йӕ лӕджы хъӕрты бын фӕкӕны, уӕд афтӕ хъуамӕ мауал кӕна ӕмӕ Чырыстийы фӕзма. Чырыстийы куы ӕфхӕрдтой, уӕд-иу йӕхиуыл хӕцыд (1 Пет. 2:21–23).

14. Адӕймаг йӕ маст куы нӕ урома, уӕд уый тӕссаг цӕмӕн у?

14 Адӕймаг йӕ маст куы нӕ бауромы, уӕд дзы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дӕр схауы. Уый аххосӕй ӕввахс адӕм кӕрӕдзийӕ адард вӕййынц. Маст абарӕн ис артимӕ. Куы нӕ йӕ ахуыссын кӕнай, уӕд бӕллӕхмӕ ӕркӕндзӕн (Ӕмб. 29:22). Искӕмӕн истӕуыл хъуыр-хъуыр кӕнынӕн ӕфсон куы уа, уӕд хъуамӕ йӕ масты фӕдыл ма ацӕуа, цӕмӕй йе ’ввахс адӕмӕй ма адард уа. Чырыстӕттӕ хъуамӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕной, цы уыд, уый ферох кӕной ӕмӕ йыл мауал дзурой (Пс. 37:8; 103:8, 9; Ӕмб. 17:9). Павел ефесӕгтӕн ахӕм уынаффӕ радта: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд, Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут» (Еф. 4:26, 27). Исчи йӕ масты фӕдыл куы ацӕуа, уӕд Хӕйрӕг уымӕй спайда кӕндзӕн, ӕмӕ ӕмбырды адӕмы сызмӕнтдзӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ скӕндзӕн.

15. Искӕй дзаума куы райсӕм, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

15 Ӕмбырды иудзинад ма бахъахъхъӕндзыстӕм, иннӕтӕм цы ис, уымӕ куы не ’вналӕм, уӕд дӕр. Библийы фыст ис: «Чи давы, уый мауал давӕд» (Еф. 4:28). Йегъовӕйы адӕм кӕрӕдзийыл алы хъуыддаджы дӕр ӕууӕндынц. Фӕлӕ чырыстон искӕй дзаума куы райса, уӕд ыл нал ӕууӕнддзысты, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ иудзинад фехӕлдзӕн.

Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы не ’хсӕн ис иудзинад

16. Фидар чи кӕны, ахӕм ныхӕстӕ нын нӕ иудзинадӕн цы пайда сты?

16 Хуыцауы ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы чырыстон ӕмбырды ис иудзинад. Йегъовӕ нӕм хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый тыххӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайӕм: «Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой. Ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ уын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:29, 32). Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ зӕрдӕбынӕй хатыр кӕны. Уӕдӕ мах дӕр иннӕтӕн хъуамӕ ма хатыр кӕнӕм?

17. Иудзинадыл зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

17 Чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый Йегъовӕйӕн кад хӕссы. Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа. Ӕмӕ мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕнды сыгъдӕг тыхы разамынды ныхмӕ цӕуын. Павел уый тыххӕй афтӕ загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы маст ма уадзут» (Еф. 4:30). Нӕ иудзинад у хӕзна ӕмӕ йӕ хъӕуы хъахъхъӕнын. Афтӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты цинӕй йедзаг ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм. Библи афтӕ зӕгъы: «Уӕдӕ Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут ӕмӕ... цӕрут уарзгӕйӕ» (Еф. 5:1, 2).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Чырыстӕтты ’хсӕн иудзинад цавӕр миниуджыты фӕрцы ис?

• Цавӕр хъуыддӕгтӕ у нӕ бон аразын, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа?

• Цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй нӕ дзыхыныхас цавӕр хъуамӕ уа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 17 фарсыл]

Раст дин баиу кодта алыхуызон адӕмы

[Ныв 18 фарсыл]

Искӕмӕ де ’ргом уӕлдай тынгдӕр куы здахай, уӕд уый тӕссаг цӕмӕй у?